Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыккаг сценæ



Ус (æ хцатæ æ вæ ры тæ рхæ гыл). Фæ ндзай маркæ йы, Мартин!

Лæ г (бакæ сгæ йæ бынтон сабыр). Уадз сæ дæ хицæ н, уыцы æ хцатыл ды, æ вæ ццæ гæ н, дæ сурхид фæ калдтай.

Ус (лæ гъстæ йаг хъæ лæ сæ й). Æ хца кæ ддæ риддæ р æ хца у. (Йæ къухтæ стымбыл кæ ны, архайы, цæ мæ й йыл баууæ нда. ) Мæ зонгуытыл æ рлæ ууыдтæ н директоры цур. Не ’хсæ н ахæ мæ й ницы уыдис, Мартин. Ныр дын цыфæ нды куыст дæ р ратдзæ ни æ нæ ракæ -бакæ йæ.

Лæ г (йæ ныхæ стæ йын ницæ мæ даргæ йæ, йæ пинджакы мидæ ггаг дзыппæ й сисы гæ ххæ ттытæ, æ вæ ры сæ стъолыл æ мæ сæ м амоны). Нæ исбон дæ у номыл скæ ныны тыххæ й документты мæ къух сæ вæ рдтон.

Ус (Артау судзы). Ницæ мæ н мæ хъæ уы де ’рмадз. (Гæ ххæ ттытæ апырх кæ ны. ) Мæ н ницы хъæ уы æ ппындæ р! (Йæ хъæ лæ с фæ лæ мæ гъ вæ ййы. ) Æ нæ дæ у...

Лæ г (æ нцад-æ нцойæ ). Байрæ джы кодтай. Къофе æ рæ вæ рын афон у. Дон æ з рафыхтон. Господин Францы ныртæ ккæ ардæ м хъæ уы.

Ус (катайгæ нгæ йæ йын лæ гъстæ кæ ны). Ды мæ цы домыс, уый æ з нæ бакæ ндзынæ н, нæ йæ бакæ ндзынæ н!

Лæ г. Кæ д дæ м ницыма бахъардта, уæ д мæ бамбар боны фæ стагмæ. Æ з дæ у тыххæ й амардтон сывæ ллон, æ мæ ныр равдис дæ бархъомыс нæ лгоймæ гты раз, иунæ г хатт ма дзы спайда кæ н мæ н тыххæ й, цæ мæ й дын господин Франц дæ лæ джы ахæ стоны ма бамидæ г кæ на. Уымæ н æ мæ ма цæ й охыл сбадон ныр ахæ стоны? Цыбыр дзырдæ й, зон: ды хъуамæ саразай афтæ, цæ мæ й мын мæ хъуыддаг судмæ ма бавдиса. Мæ н ныртæ ккæ æ ндæ р ницы æ ндавы.

Ус (уынгæ г хъæ лæ сæ й). Йемæ кæ й хуысдзынæ н, уый дæ р дæ м нæ у нымады?

Æ рмадзы дуарыл æ рбацæ уы спортсмен-автомобилист.

Лæ г. Куыд дæ фæ нды, афтæ йæ æ мбар... Æ з та къофе ацæ ттæ кæ нон. (Ацæ уы уатмæ æ мæ сæ хгæ ны дуар. )



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.