Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Цыппæрæм сценæ



Æ рмадзы дуарыл æ рбацæ уынц Шофыр, пъæ лицæ йы Инспектор формæ йы æ мæ Бухгалтер.

Инспектор (гæ ххæ тт хъæ сдарæ гыл райтындзы, ныггуыбыр æ м кæ ны, кæ сы йæ м, йæ сæ р нынкъусы, йæ хи сæ мраст кæ ны; шофырæ н). Фæ лæ уæ ддæ р мæ бон нæ у хъуыддаг рæ стмæ бамбарын. Нывыл куы цыдаис, уæ д дзы æ намонд хабарæ н бынат нæ уыдаид.

Шофыр (нымады дæ р æ м ницы у, мидбылхудгæ ). Мæ хæ дæ г дæ р ын ницы ’мбарын. (Йæ къух размæ раппары, фæ лæ йын фæ риссы æ мæ йæ фæ стæ мæ йæ чъылдымыл авæ ры. ) Ныр æ нæ хъæ н аст азы скъæ рын машинæ. Æ мæ мыл никуы ’рцыди ай хуызæ н хабар.

Æ рмадзмæ æ рбацæ уы ус æ мæ йæ хъус аивæ й дары ныхасгæ нджытæ м.

Инспектор. Гъеныр кæ д рулыл нæ афынæ й дæ, уæ д...

Шофыр. Цытæ дзурыс!

Инспектор. Уымæ н æ мæ лæ гъз фæ ндаг у. Раст зæ гъын хъæ уы, фæ зилæ ны машинæ кюветы ’рдæ м ауæ з кæ ны. Фæ лæ дæ уыйадыл фæ стæ мæ ахастаид, уымæ н уæ вæ н нæ й, мæ нмæ гæ сгæ. Гъер кæ д раззаг рахиз цалхы камерæ атыдта! Уæ д гæ нæ н ис æ мæ машинæ æ васт рахизæ рдæ м ныззылди æ мæ фæ зилæ ны фæ фæ лдæ хти.

Шофыр (йæ къух размæ раппары, фæ лæ та йæ фæ стæ мæ йæ фæ счъылдым амбæ хсы). Уæ вгæ дæ р раст афтæ уыди! Машинæ æ васт рахизæ рдæ м ныззылдис, раст цыма йæ цалх фæ хуынкъ и. Стæ й уæ д афæ лдæ хт æ мæ кюветы ныххаудта.

Инспектор. Омæ дæ хæ дæ г афтæ нæ загътай, камерæ тæ иууылдæ р æ нæ хъæ н уыдысты?

Ус. Æ з дæ р уымæ н æ вдисæ н.

Шофыр. Изæ ры мæ бон нал сси мæ машинæ бабæ рæ г кæ нын. (Йæ ныхмæ амоны. ) Фæ цæ ф дæ н! Фæ лæ мын дыккаг райсом мастер загъта, цæ лхытæ, дам, æ нæ хъæ н сты. Уый фæ стæ сæ мæ хæ дæ г дæ р федтон.

Инспектор. Кæ д, мыййаг, дæ уромæ нтæ нал скуыстой?

Шофыр. Нæ, нæ! Уæ д æ й фæ хатыдаин. Уромæ нтæ ницы хъуаг уыдысты.

Ус. Омæ, цымæ, уыцы тæ ссар фæ зилæ ны иучысыл змис акалын не ’мбæ лди? Боны фæ стагмæ, хъыгдаргæ уæ ддæ р ницы бакодтаид.

Инспектор. Фæ ндæ гты хицауадæ н фехъусын кæ ндзынæ н уыцы уайдзæ ф, кæ д дзы фæ ндаджы уавæ р æ ппындæ р ницы аххос у, уæ ддæ р... Хæ дзары хицау ам и?

Ус. Æ з æ м фæ дзурдзынæ н ныртæ ккæ. (Цырд змæ лы. ) Æ з фæ дзурдзынæ н ныртæ ккæ мæ лæ гмæ. (Кæ рты дуарыл рацæ уы. )

Инспектор. Ныртæ ккæ ам кусыс, æ рмадзы?

Шофыр. О, хæ дзары хицау мæ райста йæ химæ. Хорз, æ мæ ма гъе уымæ й уæ ддæ р ацыди мæ хъуыддаг. Кæ ннод ныртæ ккæ куыст ссарын ахæ м уæ ззау хабар у, æ мæ, чи зоны, цалдæ р азы фæ бадтаин æ гуыстæ й. Мæ раздæ ры хицау мæ уайтагъд федде кодта. Ацы бæ ллæ х куы ’рцыди, уæ дæ й нырмæ цæ угæ дæ р никæ дæ муал кæ ны. Машинæ дæ р æ м нал и.

Инспектор. Цы бамбарын æ й хъæ уы. Мæ гуыр, цыма йæ сæ рызонд дæ р фæ цудыдта уæ дæ й ардæ м.

Бухгалтер. Ныр уалæ уæ лейы цæ ры, хъæ ды цур. Уат дзы баххуырста афæ дзы æ мгъуыдмæ. Алы бон дæ р, дам, йæ машинæ йæ æ рхизы, йæ сывæ ллон кæ м бабын, уыцы бынаты. Лæ ууы æ мæ джихæ й кæ сы. Исчи куы фæ зыны фæ ндагыл, уæ д æ м хæ стæ г бацæ уы æ мæ йын йæ цæ сгоммæ бакæ сы. Хæ рз æ рыгон сылгоймаг нырма!

Шофыр. Æ з дæ р ыл фембæ лдтæ н знон. Нæ дæ р мын салам радта, нæ дæ р мын фæ ндараст загъта. Æ рмæ стдæ р мæ м комкоммæ ’рбакасти. Ме уæ нгтæ бауазал сты. Зонгæ дæ р мæ нæ бакодта. Афтæ мæ й йæ м æ ртæ азы фæ куыстон.

Бухгалтер. О, о. Уыцы æ намонд хабары фæ стæ йæ сæ рызонд фæ цудыдта. Æ ррадоны йæ сæ вæ рын хъæ уы.

Инспектор (шофырæ н). Ды уал сæ рибар дæ.

Бухгалтер (шофыримæ иуварс ацæ угæ йæ ). Æ нхъæ лдæ н та дæ хъуыддаг ацыдис, мæ лымæ н... Дæ уæ н æ нæ уый дæ р дæ амонд хæ рæ гыл бады. Куыстыл дæ р фæ хæ ст дæ æ виппайды! Стæ й цавæ р куыстыл! (Дæ лгоммæ ныхас кæ ны. ) Амæ й ма дæ хуыздæ р куыст цы хъæ уы. Цыдæ риддæ р дæ зæ рдæ зæ гъы, уыдон — дæ къухты!

Ацæ уынц. Лæ г æ мæ Ус рахиз дуарыл æ рбахизынц æ мæ уатæ й æ рмадзмæ бацæ уынц.

Инспектор (лæ гæ н). Уæ дæ, зæ гъыс, æ намонд хабар куы фехъуыстай, уæ д æ вæ стиатæ й ацыдтæ машинæ уынæ г?

Лæ г. О, господин Франц.

Инспектор. Æ мæ машинæ иунæ гæ й рафæ лдæ хтай, стæ й йæ фæ стæ мæ йæ цæ лхытыл дæ р иунæ гæ й слæ ууын кодтай?

Лæ г. Дамкъратимæ уый ахæ м зын хъуыддаг нæ у. Стæ й уырдыджы лæ ууыди машинæ.

Инспектор. Уæ дæ дын æ ххуыс дæ р ничи бакодта, нæ?

Ус. Шофырæ н йæ бон цæ уын нæ уыди. Йæ къæ хтыл ма тыххæ й лæ ууыди... Арахъхъы фæ рцы йæ æ рцæ уын кодтон йæ чемы.

Инспектор. Æ мæ цæ лхытæ й уагъд никæ цы уыди?

Лæ г (йæ сæ р æ руадзы). Машинæ дамкъратæ й хæ рдмæ куы систон, уæ д федтон сывæ ллоны... Йæ сæ р пырх уыди...

Ус. Мартин, господин Франц дæ уыдæ ттæ й нæ ма фæ рсы.

Лæ г (йæ хиимæ дзурæ гау). Цæ лхытæ уагъд нæ уыдысты.

Инспектор. Раззаг рахиз цалх дæ р?

Лæ г йæ сæ р æ руадзы, «о», зæ гъгæ.

Ус (хатыр курæ гау). Господин Франц, ацы бæ ллæ хы фæ стæ мæ лæ г æ ппындæ р йæ хи хуызæ н нал у. Уыцы сывæ ллоны гыццыл сæ р пырхæ й куы федта...

Инспектор. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы. Фæ лæ иу хъуыддаг нæ у мæ бон бамбарын: цæ лхытæ й иу дæ р куыннæ суагъта, машинæ йæ æ ппындæ р æ нæ хъæ нæ й куы ницыуал баззади, уæ д? Никуыма уыди ахæ м хабар.

Ус. Фæ лæ уæ ддæ р рауайы. Нæ хæ дæ г удæ гас æ вдисæ нтæ... дарддæ р цы уыди, уымæ та мах æ ппындæ р ницы бар дарæ м. Æ гæ р-мæ гуыр нын машинæ срæ вдз кæ ныны хæ рдзтæ дæ р нæ бафыстой.

Инспектор. Стæ й ма мæ м ноджыдæ р иу хъуыддаг кæ сы диссаг: уыцы фæ зилæ ны æ дзух исты фыдбылыз æ рцæ уы. Уæ лдайдæ р та ацы фæ стаг аз. Раст зæ гъын хъæ уы, ныры хуызæ н бæ ллæ х дзы никуыма ’рцыди. Цæ лхытæ дзы фæ хуынкъ вæ ййынц фылдæ р хатт. Мæ нæ дзы цементы заводы директорæ н дæ р йæ цалх фæ хуынкъ и, уымæ н дæ р уыцы бон.

Ус. Рауайы!

Инспектор. Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы.

Ус. Йæ цалх кæ мæ н нæ фæ хуынкъ вæ ййы, ахæ м шофыр та кæ м и!

Инспектор. Уый раст у. Кæ д ма исты зонын, уæ д цæ фхады зæ гæ лæ й фæ хуынкъ ис директоры цалх? Афтæ нæ у?

Лæ г. О, цæ фхады зæ гæ лæ й.

Инспектор (йæ чертеж тухы, хъавы ацæ уынмæ ). Уый, ома уый тыххæ й зæ гъын, æ мæ, дзырдæ н, цæ лхытæ й искæ цы уагъд куы уыдаид, уæ д дзы уæ лдай ракæ -бакæ нал хъуыдаид, бæ рæ г уыдаид, машинæ цæ мæ й афæ лдæ хт, уый. Фæ лæ кæ д афтæ зæ гъут, цæ лхытæ æ нæ хъæ н уыдысты... Цæ й, мах æ й сбæ рæ г кæ ндзыстæ м.

Ус (инспекторы фæ стæ цæ угæ йæ ). Æ рбауайут нæ м-иу, господин Франц, нæ цæ хх, нæ кæ рдзынæ й нын саходут. Не ’ртæ дæ р хорз куы зонæ м, машинæ цы у, уый. Чи зоны, æ мæ йæ фæ стагмæ равзарæ м, цæ й аххосæ й афæ лдæ хт, уый.

Инспектор. Аххос кæ й ссардзынæ н, ууыл æ з æ ппындæ р гуырысхо нæ кæ нын. Уый мæ нæ н мæ куыст у. Ноджыдæ р ма иу хатт машинæ мæ хъуамæ лæ мбынæ г æ ркæ сон. (Разилы. ) Дзæ бæ хæ й баззай, хорз лæ г.

Лæ г (йæ чемы нæ й). Фæ ндараст.

Инспектор. Бузныг, цæ хх-кæ рдзынæ й мын уæ здан кæ й загътай, уый тыххæ й. Æ рбауайдзынæ н æ нæ мæ нг. Сымахмæ æ з кæ ддæ риддæ р уæ лдай æ хсызгонæ й æ рбауайын. Мæ нмæ гæ сгæ, ды уый иттæ г хорз зоныс, Мартæ.

Ус. Афтæ у? Æ цæ г зæ гъыс? Уæ дæ -иу уæ д æ рбауай æ нæ мæ нг. Кæ д дæ фæ нды, уæ д мæ нæ ацы хуыцаубоны. Уый фæ стæ та горæ тмæ ацæ уиккам, кафæ н фæ змæ.

Инспектор. Бæ ргæ хорз уаид.

Сæ дыууæ дæ р ацæ уынц. Лæ г æ рбады æ мæ æ рхæ ндæ гæ й иу ранмæ ныджджих вæ ййы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.