Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Æртыккаг сценæ



Спортсмен-автомобилист. Салам, Мартæ... Раст мæ цыма зонгæ дæ р нал бакодтай?

Ус. Чердыгæ й йæ хъуамæ зонон, ды чи дæ, уый.

Спортсмен-автомобилист. Чысыл багъæ ц, æ з дын æ й дæ зæ рдыл æ рлæ ууын кæ ндзынæ н. Берлинæ й Венæ мæ цæ угæ йæ, мæ цалхы бауад цæ фхады зæ гæ л. Гъемæ уыцы бон уыдис нæ хабар дæ р. Цалынмæ дæ лæ г сосавæ ндагыл мæ нæ н мæ цалх ивта, уæ дмæ æ з æ мæ ды (мидбылхудгæ амоны. ) уæ ртæ уым уыдыстæ м, уаты... Уый фæ стæ æ з æ рцардтæ н, мæ нæ ам хъæ дмæ æ ввахс цы уазæ гуат ис, уым. Æ ртæ æ мбисонды боны! Нæ ма йæ æ рхъуыды кодтай?

Ус. Лæ ууы ма мæ зæ рдыл.

Спортсмен-автомобилист. Гъер федтай!.. Ныр та-ма мæ м æ рбайхъус! Мæ машинæ йы моторы телтæ й иу мæ хи къухтæ й стыдтон, барæ й... Æ мбарыс мæ?.. Цалынмæ уым ракъах-бакъах кæ на... (Сынтæ джы ’рдæ м сæ рæ й ацамоны. )

Æ рбацæ уы лæ г, къофе æ рбахæ ссы.

Дæ бон хорз, Мартин!

Лæ г. Æ гас цу.

Спортсмен-автомобилист. Цы, уый зоныс, Мартин, мæ машинæ цыдæ р кодта, мæ нæ ам, хæ стæ г, иу-фондз минуты цыд ардыгæ й. Фæ зилæ ны! Дæ хорзæ хæ й, ацу-ма æ мæ йæ фен, цы йыл æ рбамбæ лди. Æ з та дæ м ам банхъæ лмæ кæ сдзынæ н.

Ус (цыма дзуары бын дзуры). Ацы дзæ бæ х лæ гæ н йæ машинæ æ ппындæ р ницы хъуаг у. Барæ й йæ фехæ лдта йæ хæ дæ г. Фæ нды йæ, цалынмæ ды машинæ имæ архайай, уæ дмæ уартæ уым, уаты, мемæ... йæ рæ стæ г арвитын.

Спортсмен-автомобилист (фæ тæ рсы). О, фæ лæ... Цытæ дзурыс, цытæ?

Ус (уыцы ныхасыуагæ й). Ацы дзæ бæ х лæ г ма иу хатт уыдис ам, афæ дзы ’рдæ джы размæ. Цалынмæ ды фæ ндагыл цалх ивтай, уæ дмæ æ з ам фæ дæ н йемæ. Стæ й ма уый фæ стæ дæ р æ ртæ боны иумæ фестæ м.

Лæ г (ныхъхъус, адæ ргæ й цы зæ гъа, уый нæ зоны). Уæ дæ та ацархайон дæ машинæ имæ? (Уазæ гмæ кæ сы, стæ й йæ усмæ, ногæ й та уазæ гмæ. )

Спортсмен-автомобилист (фæ сæ лхæ рау). Нæ -нæ! Æ з... Мæ хæ дæ г. Хорзæ й баззайут. (Атындзы æ ддæ мæ. )

Лæ г (цыма ницы ’рцыди, уыйау). Раздæ р бæ гъдулæ г кодтай, чидæ риддæ р-иу дæ къухтæ м æ рбахаудта, уыдонимæ. Цалынмæ -иу æ з фæ ндаджы фæ зилæ ны цæ лхытæ ивтон, уæ дмæ ды ам цалимæ фæ дæ, уый мæ н нæ хъæ уы. Чи зоны, кæ й фæ ндыди, уыдонæ н се ’ппæ тимæ дæ р! Фæ лæ мæ ныр де ’ххуысы сæ р бахъуыди, дæ бон мæ у ахæ стонæ й фервæ зын кæ нын, æ мæ дæ нал фæ нды!.. Æ рмæ ст дæ инспекторимæ нæ фæ нды? Цы хуызы дæ бамбæ рстæ уа? Ныронг алкæ имæ дæ р цы кодтай, ууыл ныр дæ къух цы хуызы систай? Мурдæ р дын дзы зынæ й куы ницы ис, æ хсызгондзинад дæ р ма райсдзынæ, æ з та ахæ стонæ й фервæ здзынæ н.

Ус (лæ гъстæ гæ нгæ ). Æ мæ кæ д ныхас ме ’ппæ т цардыл цæ уы, Мартин, уæ д та? Уымæ н, æ мæ дæ у йеддæ мæ ничи хъæ уы мæ н!

Лæ г. Ома, куыд мæ н йеддæ мæ?

Ус. Ау, Мартин, куыннæ йæ уыныс, куыд фендæ рхуызон дæ н, уый? Ау, нæ йæ ’нкъарыс?

Лæ г (фæ сусæ й). Раздæ р хъуамæ фендæ рхуызон уыдаис.

Ус (фæ стаг ныфсы мур сгарæ гау). Зæ гъдзынæ н, зæ гæ лтæ мæ хæ дæ г акалдтон фæ ндагыл. Ды йын æ ппындæ р ницы зыдтай, сусæ гæ й сарæ зтон æ ппæ т дæ р.

Лæ г. Цы пайда ма у уый? Кæ д искæ й хъæ уы йæ тæ ригъæ дтæ ссыгъдæ г кæ нын, уæ д уый æ з дæ н!

Ус. О, фæ лæ уый ды бакодтай æ рмæ стдæ р мæ н сæ раппонд! Мæ н аххос сты æ ппæ т фыдбылызтæ дæ р, мæ н аххос æ рмæ стдæ р!

Лæ г. Уæ дæ æ з та æ ндæ р хатдзæ гмæ æ рцыдтæ н, æ ппæ т адæ ттыл хъуыды кæ нгæ йæ. Дæ у тыххæ й фыдракæ нд цæ мæ й саразон, уыйбæ рц арф бынат дын скæ нын нæ хъуыди мæ зæ рдæ йы... Цыбыр дзырдæ й, ды иунæ г зæ гæ л дæ р никуы аппæ рстай фæ ндагыл. Æ ндæ р дзы ныхасагæ й ницы ис.

Дзæ нгæ рæ г.

Лæ г. Господин Франц у уый... Ныр дæ уæ й аразгæ у æ ппæ т дæ р. Кæ д йæ коммæ кæ сай, уæ д ын цыдæ риддæ р зæ гъай, уый æ нæ мæ нг сараздзæ н. Рагæ й йæ уд хъары демæ хибар ран фембæ лынмæ. Уый æ гас горæ т дæ р зоны. Уæ дæ уæ лдай дзæ нгæ да дæ р нæ цæ гъддзæ н, йæ хи номыл уæ ддæ р хъуыды кæ ны, цæ мæ н æ й хъæ уы уæ лдай сæ рнизтæ.

Ногæ й та дзæ нгæ рæ г.

Ус. Омæ æ з та куыд кæ ндзынæ н?

Лæ г (тынг æ нкъардæ й). Нæ зонын, Мартæ. (Æ рмадзы дуар байгом кæ ны. )

Ус, цыма йын марыны тæ рхон рахастæ уыд, ахæ м уавæ ры рахиз дуарыл уатмæ бацæ уы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.