Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ АРХАЙД. Фыццаг сценæ



Æ РТЫККАГ АРХАЙД

Фыццаг сценæ

Сæ рдыгон бон. Лæ г фæ лладуадзæ н боны уæ лæ дарæ сы лæ ууы йæ кусæ н тæ рхæ джы цур, йæ кусæ нгæ рзтæ радыгай тæ рхæ гæ й исы æ мæ сæ ауындзы сæ бынæ тты, йæ цуры цы гæ ххæ тт ис, ууыл цыдæ р фæ нысан кæ ны; æ вæ ццæ гæ н, бæ рæ г кæ ны, цы кусæ нгæ рзтæ ма йæ м баззад, уыдон.

Бухгалтер (тагъд нæ кæ нгæ йæ бахизы æ рмадзмæ; у хæ рзарæ зт, йæ уæ лæ хъæ мпын худ, ног костюм, йæ къухы даргъ зонтик). Куыд кæ сын, афтæ мæ й мастер йæ фæ ллад уадзы. (Акæ стытæ кæ ны. ) Æ мæ Мартæ кæ м и?

Лæ г (æ ппæ т сценæ йы дæ ргъы дæ р бæ рæ г у, стыр зæ рдæ низимæ кæ й дзуры, афтæ мæ й та йæ хи æ вдисы, цыма йæ м нымады дæ р ницы у). Дæ директормæ ацыди.

Бухгалтер. Абон, хуыцаубоны?

Лæ г. Сæ химæ йæ м ацыди.

Бухгалтер. А-а, уый зæ гъ! Кæ сут-ма, уæ хорзæ хæ й, нæ директор æ ппындæ р йæ хиуыл куыннæ ауæ рды — хуыцаубонты дæ р кусгæ кæ ны!

Лæ г. Дыууæ сахатыл æ м ацыди, фæ ссихор, ныр та фондз у. Цæ йбæ рц рæ стæ г хъæ уы, цæ мæ й нын нæ æ рмадзы куысты бæ рæ ггæ нæ нтæ м æ ркæ са, уымæ н?

Бухгалтер (хорзау нæ фæ ци). Æ мæ кæ д уырдыгæ й раджы раздæ хти, уæ д та?.. Чи зоны, искуы тезгъо кæ ны — дзæ бæ х бон скодта абон.

Лæ г. Кæ ннод та йын директор йæ фатер уынын кæ ны.

Бухгалтер. Уый дæ р уыдзæ н.

Лæ г. Уымæ н æ нæ мæ нг тынг хорз фатер уыдзæ н, фынæ йгæ нæ н уат хибар ран.

Бухгалтер. Цыдæ р æ нахуыр хъæ лæ сыуагæ й дзурыс. Цыма раст истæ уыл гуырысхо кæ ныс.

Лæ г. Уæ дæ мæ куыд дзурын кæ ныс? Дæ хæ дæ г æ й хуыздæ р куы зоныс, цы у дæ директор, уый.

Бухгалтер. Директорæ й зæ гъыс? Уый, æ вæ дза, нæ л сæ гъæ й дарддæ р ницы у. Фæ лæ Мартæ имæ... ахæ мыл дзы нæ амбæ лди... Æ мæ гæ ххæ ттытæ де ’ххуысгæ нæ гæ н цæ уыннæ арвыстай, кæ д дæ зæ рдæ истæ уыл къæ пп кæ ны, уæ д?

Лæ г. Æ мæ сæ мæ ус куы ахæ сса, уæ д та дзы цы ис ахæ мæ й? Ме ’ххуысгæ нæ г куы ацыдаид, уæ д уый дæ р æ ртæ сахатæ й къаддæ р нæ ныффæ стиат кодтаид. Гæ нæ н нæ й! Æ вæ ццæ гæ н, фыццаг бонæ й фæ стæ мæ ныхасгонд уыдысты, цæ мæ й йæ м алы хуыцаубон дæ р мæ ус гæ ххæ ттытæ хæ сса йæ хæ дзармæ. Æ мæ афтæ кæ м баныхас кодтой, уым та дзы гæ нæ н нал и.

Бухгалтер. Хынджылæ г мæ кæ ныс, æ ви? Никуыма дæ федтон ахæ мæ й. Цы дыл æ рцыдис абон? Фæ лæ уæ ддæ р де ’ххуысгæ нæ джы арвитын хъуыди, кæ д истæ уыл гуырысхо кодтай, уæ д.

Лæ г. Цæ мæ н уый зæ гъыс! Ныхас ныхас у. Дзырд радтай — сæ ххæ ст æ й кæ н! Гæ нæ н дзы нал ис. Ме ’ххуысгæ нæ г та... Ме ’ххуысгæ нæ г та нырæ й фæ стæ мæ æ хца нал исдзæ н мæ нмæ, атардтон æ й, æ мæ бар нал дары мæ гæ ххæ ттытæ м дæ р. Уый дæ р бирæ фæ ралæ с-балæ с кодта мæ усы фæ стæ... Æ ви мæ ус уый фæ стæ!

Бухгалтер. Цытæ дзурыс! Мартæ ахæ м сылгоймаг нæ у. Уымæ н уæ вæ н нæ й æ ппындæ р. Уыцы хуызы Мартæ йы хорз зонын æ з.

Лæ г. Уырны мæ. Ды дæ р ма йæ куы нæ зонис! Стæ й, æ вæ ццæ гæ н, рагæ й. Иунæ г хатт уæ ддæ р нæ загътай мæ нг ныхас... Фæ лæ мæ н нæ фæ нды æ ппындæ р зонын, уыцы хуызы мæ усы кæ дæ й нырмæ зоныс, стæ й йемæ цал нæ лгоймаджы — демæ æ ртæ — фæ хуыссыди, уый. Иу къаддæ р, иу фылдæ р — уый ныртæ ккæ мурдæ р уæ лдай нал у.

Бухгалтер. Цытæ дзурыс, цытæ! Мæ хицæ й куы зæ гъон, уæ д æ з йемæ... моймæ дзыд сылгоймагимæ!.. Хуыцау бахизæ д уымæ й! Уымæ н æ мæ ахæ м хъуыддæ гтæ сæ фæ стæ хорзæ й ницы сайынц.

Лæ г (йæ цæ стытæ ферттивынц). Ахæ м митæ сæ фæ стæ хорзæ й кæ й ницы сайынц, ууыл раздæ р ахъуыды кæ нын хъуыди, господин Эмиль..

Æ рмадзмæ æ рбацæ уы Ус, йæ уæ лæ сæ рдыгон сырх къаба.

Бухгалтер. Мæ нæ фæ зындис хæ дзары ’фсин фрау Мартæ дæ р. (Хъавы ацæ уынмæ. )

Лæ г. Æ васт лидзæ г цæ мæ н фæ дæ?

Бухгалтер (æ фсæ рмыгæ нгæ ). Мæ нæ н, æ вæ ццæ гæ н, мæ ацыд хуыздæ р уыдзæ н... Хорзæ й баззай, фрау Мартæ.

Ус уый æ рдæ м нæ дæ р кæ сгæ кæ ны, нæ дæ р ын дзуапп дæ тты.
Кæ сы æ рмæ стдæ р йæ лæ джы ’рдæ м;
тæ рсгæ дæ р кæ ны, цы акæ на, уый дæ р нæ зоны. Бухгалтер ацæ уы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.