Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Фæндзæм сценæ



Æ рмадзмæ бацæ уы Мад, иу-фынддæ с æ мæ ссæ дзаздзыд, сау къаба йыл, сау дзабыртæ, сау цъындатæ, сау шляпæ, сау цæ сгомæ мбæ рзæ н. Цæ уы хъавгæ, æ виппайды фæ кæ лын æ мæ ахауынæ й цыма тæ рсы, уыйау.

Мад (фæ рсгæ -дзурæ гау). Мæ гыццыл чызг цæ лхыты бын куыд хуыссыди, уый федтай?

Лæ г (сыстгæ йæ ). О, мадам.

Мад. Улæ фгæ ма кодта?

Лæ г (хорзау нал у). Мард уыди дæ сывæ ллон.

Ус. О, фæ лæ йæ цæ стытæ? Йæ цæ стытæ гом уыдысты? Кæ сгæ дæ м кодта мæ сывæ ллон? Хъуамæ йæ бадардтаис дæ зæ рдыл. Зæ ххæ й йæ систай, хæ цыдтæ йыл дæ къухтæ й... Æ ви йын æ рæ хгæ дтай йæ цæ стытæ?

Лæ г (адæ ргæ й цы акæ на, уый нæ зоны). Гом уыдысты йæ цæ стытæ.

Мад. Æ мæ йын сæ ды сæ хгæ дтай?

Лæ г. Нæ, мадам.

Ус. Йæ цæ стытыл ын ничи æ рхæ цыд? Ничи? (Зондцухау. ) Ленк кæ нын куы сахуыр и æ рæ джы! Йæ гуыбыныл. Йæ гуыбыныл хуыссыди?

Лæ г (фæ сонтау, равдисынмæ хъавы, сывæ ллон куыд хуыссыди, уый, фæ лæ йæ хиуыл йæ хъару нæ цæ уы). О, йæ гуыбыныл! Йæ къухтæ та мæ нæ афтæ æ вæ рд уыдысты. Йæ сæ р... йæ гыццыл сæ р... (Йæ æ рмттæ й йæ къæ мисæ нтæ æ ууæ рды. ) Мæ нæ ацы ран... йæ сæ р...

Мад. Цы?

Лæ г. Пырх уыдис ацы ран.

Мад. Туг?

Лæ г (йæ хиимæ дзурæ гау). Йæ буар та ма хъарм уыди.

Мад (йæ хызыны цыдæ р агуры). Уый хæ дразмæ бон мæ нæ ацы фыстæ г райстон мæ чызгæ й. (Ссары фыстæ г. ) Уый хæ дразмæ бон æ й райстон. (Кæ сы. ) «Мæ дзæ бæ х гыцци, æ з базыдтон ленк кæ нын. Абон уыдыстæ м куыройы, банызтам дзы æ хсыр. Йæ цæ ст нæ м цы сылгоймаг дары, уый афтæ зæ гъы, Англисы сабитæ, дам, иууылдæ р ахуыр кæ нынц ленк кæ нын... » (Скæ уы. ) «Къуырисæ ры райдайдзыстæ м ахуыр кæ нын, афтæ мæ й ме ’рвхуыз къаба скъуыд у. Дæ русæ н дын ба кæ нын. Бахуыдтой къаба... » (Йæ цæ ссыгтæ згъалгæ йæ. ) «Æ з иудадзыг дæ р кæ сын бæ лæ стæ м. Цæ й рæ сугъд сты. Ам тынг бирæ бæ лæ стæ ис, къæ вда дзы куы нæ вæ ййы, уæ д. Куыдтæ цæ рыс дæ хæ дæ г? Æ з дзæ бæ х дæ н. Чи нæ м зилы, уыцы ус афтæ зæ гъы, тынг, дам, басыгътæ хурмæ. Стæ й ленк кæ нын дæ р базыдтон. Къуырисæ ры фендзыстæ м кæ рæ дзийы... » (Æ васт, зондцухау, йæ мидбылты бахуды. ) Къуырисæ ры йæ фендзынæ н. (Уыцы мидбылтыхудгæ ацæ уы. )

Лæ г сагъдауæ й баззайы. Зæ хмæ джихæ й кæ сы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.