Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УАЗÆГ — ХУЫЦАУЫ УАЗÆГ



Изæ р æ мæ аргъау æ рбацæ уынц иумæ.

Изæ р æ рбахæ ссы... Æ мæ цынæ ’рбахæ ссы? Стъалытæ. Ван Гогы нывты стъалытæ й ставддæ ртæ. Раст тымбылкъухы йæ стæ. Мæ й. Алыхатт дæ р алыхуызон. Куы æ хсырфау лыстæ г. Куы доныхъазау æ рдæ гтымбыл. Куы та цæ лхыдзаг. Арвы æ взист рифтаг. Стъалытæ й куыд дзаг кæ ны, афтæ стырдæ р. Стъалыты чидæ р сисы æ мæ та рифтаг тæ бæ ккæ й аззайы...

Аргъау йемæ æ рхæ ссы... Нæ, фыццаг уал аргъау чи ’рхæ ссы, уый. Рагон у Дзыцца. Аргъæ уттæ й кæ цыфæ ндыйæ дæ р — хистæ р. Алкæ й райгуырд дæ р дзы хъуыды кæ ны йæ фондз къухы хуызæ н.

Дзыцца хистæ р у нæ дуармæ пæ лæ хсар сусхъæ д бæ ласæ й дæ р. Йæ цæ сгомыл цас æ нцъылдтæ ис! Уалдзæ г быдыры уыйбæ рц ауæ дзтæ нæ вæ ййы. Былтæ баихсыдысты. Æ вæ ццæ гæ н, аргъау кæ нынæ й. Æ мбисæ ндтæ та цас зоны! Цыма йæ ныхы æ мæ уадулты æ нцъылдты æ мбæ хст вæ ййынц. Уайтагъд сæ фæ цъортт ласы.

Аргъæ уттæ н сæ донгуырæ н, сæ райдайæ н вæ ййы иухуызон: «Раджыма-раджыма»... Иугæ р Дзыццайы дзыхы уыцы ныхæ стæ фегуырдысты, уæ д мæ нæ н мæ хорз арæ зт у. Сахуыр сыл дæ н, мæ нæ изæ ры æ рбалæ удыл куыд сахуыр дæ н, раст афтæ. Уыцы дзырдтæ й райдыдтой мæ абетæ. Раджыма-раджыма... Æ вæ дза, кæ д æ мæ кæ д уыдаид уыцы хабар. Аргъау æ мæ зæ рдæ зæ ронд нæ кæ нынц. Уæ вгæ та æ нæ мæ нг уыди. Хæ рзаг зæ гъут: аргъау кæ д уыди æ цæ г? Дзыццайы цур ма срæ дийут. Куы базона, йæ ныхасыл ын не ’ууæ ндут, уæ д аргъауæ й æ нæ хай фестут.

Аргъæ утты адæ ймæ гтæ æ мæ цæ рæ гойтæ вæ ййынц нæ хъæ уккæ гты хуызæ н. Аргъауы лæ г бæ зæ рхыг æ мæ хъæ батыр куы уа, уæ д Дзыцца фæ зæ гъы: уæ ртæ Джинойы ’нгæ с. Намæ, лæ г фæ литой, хиппæ лой, козбаугæ нæ г у, уæ д Дзыцца фæ кæ ны: раст Гагийы халдих.

Ныхас фæ цæ уы æ нгом. Мæ сыг амайæ гау. Дур дуры фарсмæ. Фæ лтæ р фæ лтæ рыл. Дзырд Дзыццайы дзыхы куы æ хсаргардау ферттивы, куы æ хсоныл æ ндоны лыггаг æ рцæ вæ гау цæ хæ р акалы. Науæ д уалдзыгон ауæ дзау йæ хъарм тæ ф амбæ лы зæ рдæ йыл. Кæ нæ суадоны дур куы ныппарай, уыйау æ нуд хъæ р ныккæ ны, масты таппузтæ хæ рдмæ æ ппаргæ йæ.

Иу æ мбисонд, иу таурæ гъ дæ р æ нæ хъуаджы никуыма ракодта. Цас уыдысты Дзыццайы таурæ гътæ æ мæ æ мбисæ ндтæ? Стъалытæ н нымайæ н ис? Фæ лæ дзы дард стъалыйы рухсау мæ зæ рдæ йы æ рттивы иу.

Зымæ г йæ тæ мæ ны уыд, фæ лæ зæ ххыл миты тæ пп нæ ма æ рхауди. Алы цъыфдзастæ й, алы галы фæ дæ й дæ р хъызт йæ авгхуыз ихын цæ стытæ й касти.

Иу изæ р нæ дуармæ фæ зынди мæ гуыргур. Йæ бызгъуырты алы хуынкъ дæ р мæ м комхæ лиуæ й касти æ ххормаг цъиуы лæ ппынау. Армыдзаг хор ыл бакал, уæ д дзы зæ хмæ иу гага дæ р не ’рхаудаид. Йæ хæ лафы уæ рджытæ ныпписи сты, æ ртхос ссудзæ н сыл и. Агуырдта æ хсæ виуат. Цыдæ р тæ ригъæ д æ м фæ зынди мæ зæ рдæ йы къуымы. Фæ лæ уайтагъд хæ ддзу уазæ гау æ рбасхъæ л æ ндæ р хъуыды: кæ д исты лæ гмар, кæ нæ давæ г у, уæ д та? Тæ ппуд хъуыды фæ уæ лахиз.

— Кæ м цы дзæ гъæ л хæ тæ г ис, уыдонæ н фысым куы уæ м, уæ д нæ сæ р куы бахъуыди...

Цы уыд мæ гуыргуры цæ стыты? Æ фхæ рд? Маст? Лæ гъстæ? Мæ нмæ гæ сгæ уыдон йæ хызынау уыдысты афтид. Æ з саби дæ н. Саби æ мæ куыдзмæ та мæ сты ничи кæ ны. Уазал æ мæ стонг æ й сæ фæ дыл ахæ р-хæ р кодтой цъыфдзæ стыты.

Мæ «сæ рæ ндзинад» Дзыццайæ н цæ уылнæ хъуамæ аппæ лыдаин!

Дзыцца ма уынгмæ бæ ргæ ратындзыдта, фæ лæ хæ тæ нхуаг бæ лццон тигъæ й фæ аууон. Чидæ р æ й суазæ г кодта.

Уазæ г хуыцауы уазæ г у.

Æ мæ райгуырди таурæ гъ...

— Ды Арвыкомы никуыма уыдтæ. Куы байрæ зай, уæ д æ й фендзынæ. Хæ хтæ сæ хи бæ рзонд систой. Кæ рæ дзи æ нцой лæ ууынц. Арв — цъæ х-цъæ хид. Раивылди комыл. Ахъардта айнæ джы скъуыдты. Арвыком дæ р æ й уый тыххæ й хонынц. Терк дæ р арвæ й кæ лы. Кæ мдæ р йæ рæ бын цы цъити ис, уырдыгæ й.

Уый дæ р ахæ м цъæ х. Йæ галиу фарс къахвæ ндаг айнæ джы цыргъытæ м лæ буры, тыхтæ -амæ лттæ й фæ лвары рагъмæ схизыныл. Куы фæ уæ ле вæ ййы, уæ д æ васт амбæ хсы пысырайы къутæ рты. Цыма йæ исчи сургæ фæ кæ ны. Пысыратæ й иугай дуртæ сæ цыргъ кæ мттæ сдардтой. Уый мæ сыджы бындзæ фхад у. Къахвæ ндаг базæ ронд. Искуы иу бæ лццонæ й дарддæ р ыл ничиуал цæ уы. Æ нкъард кæ ны. Æ лхынцъæ рфыг пысыраты астæ у нынныгъуылди.

Раджыма-раджыма...

Æ з бандзыг дæ н. Таурæ гъ йе ’цæ г донвæ дыл фæ хæ ст. Уымæ й размæ лыстæ г суадæ ттæ й згъордта.

— Раджыма-раджыма уыцы мæ сыджы царди иу лæ г Дудар. Æ мбисонды рæ сугъд уыди йæ иунæ г хо Зæ ри. Хуркъæ вдайау хъазыдысты йæ цæ стытæ. Кæ мдæ р сæ æ нæ бын сау æ рфытæ й æ ддæ мæ бырстой амонды тынтæ. Усгурты зæ рдæ тæ тавтой, цыдæ р æ нæ зонгæ лыстæ г уидæ гтæ й сæ хъыдзы кодтой. Тæ хгæ зæ рватыччы базыртау æ рфгуытæ — фæ йнæ рдæ м рог æ ппæ рст. Цыбыр сау дзыккутæ — хъæ бæ р быд. Цыма уыдоны дæ р цин бамбæ хсти. Хъуымбылæ й иу фæ пæ ррæ ст кодтой фæ сонтыл. Арæ х æ й къахвæ ндагыл цæ угæ йæ уыдтой бæ лццæ ттæ.

Иу бон та донгуырæ нмæ æ рцыди. Гогон байдзаг кодта зæ ххы сойау уæ ззау æ мæ сатæ г донæ й. Йе уæ хскмæ йæ систа. Æ васт райхъуысти гæ рах æ мæ дурты гыбар-гыбур. Чызг фестъæ лфыди. Фестъæ лфыди гогон дæ р. Йæ хъуырæ й атахти доны пырхæ ндæ г. Хурмæ æ хсоны цæ хæ рау ферттывта. Чызг фæ касти рындзмæ. Айнæ гыл бæ ласау лæ ууыди сау æ ндæ рг. Хур касти йæ фæ сонтæ м. Нæ дæ р цæ сгом зынди, нæ дæ р дарæ с. Цыма айнæ гимæ иу уыди. Сау бæ рæ г дардта арвы цъæ хыл. Стæ й фенкъуыст йæ бынатæ й. Къалиутæ базмæ лыдысты. Мæ нæ бæ лас æ рцæ уы Зæ римæ. Йæ къабæ зтæ — æ лвæ ст. Сау нымæ т уæ хсчытæ й цæ ргæ сы базырау стæ хынæ ввонг. Цуанон йæ хъыримаг саджы мардыл æ рæ ппæ рста. Зæ рийы цур фегуырди. Цæ стытæ — арты ’взæ гтæ. Сау цæ хæ р калынц. Цухъхъалвæ ст уæ нгтыл пиллон уадзынц фæ тæ н хъама æ мæ бæ рцытæ. Зæ рийæ н хъыг уыди лæ ппуйы къæ йныхдзинад. Æ нæ дзургæ йæ араст къахвæ ндагыл. Фæ лæ та сау цуанон февзæ рди йæ размæ.

— Чызг, хатыр. Сырд нæ дæ н, лидзгæ мæ кæ дæ м кæ ныс?

Зæ рийы зæ рдæ бæ рз уисау фæ тасыд. Уазæ джы уæ здан ныхас æ мæ ныфс домбайдæ р разындысты.

— Æ з дæ н Куырттатаг цуанон Арæ хдзау. Айфыццаг ма дæ федтон уæ лæ уыцы рындзæ й. Уæ дæ й нырмæ мæ мæ хивæ нд зæ рдæ ацы сагвæ ндæ гтæ м ласы. Кæ нæ сыл мæ амонд ардзынæ н, кæ нæ мæ адзал. Зæ гъ мын дæ ном æ мæ æ вгъау ма бакæ н иу мидбылхудт.

Уыцы ныхæ стæ ахæ м аив фидыдтой лæ ппуйы дзыхы, æ мæ сæ м дур дæ р базмæ лыдаид. Чызг бахудти, йæ ном загъта. Лæ ппу дæ р йæ амонд æ мæ йæ саджы мард йе ’ккой баппæ рста.

Дыккаг бон Арæ хдзауы зæ рдæ йы минæ вæ рттæ Арвыкомы балæ ууыдысты. Дудар чызджы фæ ндыл дыууæ нал загъта. Бафидыдтой. Чындзæ хсæ в снысан кодтой æ ртыккаг хуыцаубонмæ. Усгуры зæ рдæ бæ рзонд хохыл ис. Раздæ рау сагдзуан цыди. Арæ х æ мбæ лдис йæ амондыл суадоны был.

Раст ма къуыри баззади чындзæ хсæ вмæ, афтæ Дудармæ уазджытæ фæ зынди. Дард хъæ уккаг æ лдар. Уый рагæ й дзырдта Зæ рийыл. Фæ лæ йын ницы ком лæ вæ рдта. Уæ ддæ р архайдта чызджы йæ хирдæ м фæ кæ ныныл.

— Дудар, мæ хур, дæ хо зæ ды хуызæ н сылгоймаг у. Фæ лæ йæ уыцы хæ тæ гхуаг цуанон куы ахæ сса, уæ д доны къусы сæ фт фæ кæ ндзæ ни. Чи у Арæ хдзау? Цы йæ м ис? Кæ д искуы сæ гуыт, кæ нæ дзæ бидыр амары, уæ д хорз.

Дудары цæ стытæ æ рфгуыты бын арф аныгъуылдысты æ мæ хъуырдухæ н кодтой сæ хи мидæ г. Нæ й, лæ гæ н йæ дзырд сайын не ’мбæ лы. Цы зæ гъдзысты адæ м? Зæ рийæ н йæ хи фæ рсæ г нæ уаид, фæ лæ ма цы цæ сгом равдисдзынæ н хъæ убæ стæ м?

Æ лдар не ’нцад:

— Баууæ нд мыл, Дудар, фæ смонгонд нæ уыдзынæ. Мæ нæ й та дын — сызгъæ рин, дæ зæ рдæ цас зæ гъа, уыйбæ рц.

Сызгъæ рины коймæ Дудары æ рфгуытæ фестъæ лфыдысты, æ рдын куыд фестъæ лфы, афтæ. Сагъæ с фаты бырынкъыл атахт. Æ хца æ мæ хæ йрæ г рагон лымæ нтæ сты. Æ ууæ нк сыл нæ й.

Æ фсоны «нæ »-тæ ма фæ лвæ рдта Дудар. Зæ рдæ та сызгъæ риндоны бæ гъдулæ г кодта. Сæ ныхас алыг æ рæ джиау:

— Ахсæ в Хуыскъададжы æ нхъæ лмæ кæ с. Фыццаг кæ ркуасæ нтыл чызджы рахондзынæ н.

Ничи ницы базыдта Зæ рийы сæ фтæ н. Дзырдтой, æ нафоны йæ аскъæ фтæ уыди. Фыдгæ нæ г не сбæ рæ г...

Дудар æ нхъæ лмæ касти лæ вæ рттæ м. Цæ й сызгъæ рин æ мæ цæ й цыдæ р. Куыдзы комæ й стæ г... Æ лдараты мыггаг ахæ м у рагæ й дæ р. Йæ цæ ст бафсис нæ зоны, дзæ нæ ты быдыртæ дæ р ын къуындæ г сты.

Дудары зæ рды æ рæ фтыди маст райсын, Фæ лыгъд абырæ г. Цæ рддзуйæ æ рвыста бонтæ. Æ хсæ в-иу сæ фтыд йæ гæ нахмæ дæ р.

Зæ ри та, мæ гуырæ г, æ лдары хæ дзары хъизæ мæ рттæ кодта. Йæ цæ стырухс тади. Бон ын æ нусæ й даргъдæ р уыди. Æ хсæ вы æ рцыдмæ æ нхъæ лмæ касти. Æ хсæ в ын-иу æ рхаста адджын фын. Цагъайраг хорз фынтæ уыны. Йæ ныфсы мæ сыг-иу æ рцыди иухаттау суадоны былмæ. Йе уæ нгтæ й хъазыд, йæ цæ стыты — сау цæ хæ р. Уæ здан хъæ лæ с зæ рдæ йыл æ мбæ лди, тавта йæ арты базырау. Бафæ ллади Зæ рийы зæ рдæ, сагъæ свæ ндæ гтыл баихсыд. Сфæ нд кодта фæ лидзын. Иу æ хсæ в йæ хи æ ртыгъта басылыхъхъы, æ рбаппæ рста уæ йлаг нымæ т, хотыхрæ вдзæ й сбадти æ лдары бæ хыл æ мæ скуывта:

— О, ме скæ нæ г, фæ дзæ хсын дыл мæ сидзæ р уд.

Хуыцау ын йæ куывд фехъуыста. Æ лдары хъæ уæ й куы адард, уæ д мæ й быдыргæ ронæ й стылд æ мæ хæ хтæ м йæ фæ ндаг дардта. Зæ рийæ н æ мбæ лццон. Рухс ын кодта йæ развæ д. Цыди барæ г. Сау æ хсæ в æ мæ сау нымæ ты тыхтæ й хаста йæ фæ ллад уд. Фæ ндаг æ мæ йæ саулохы бæ рны бакодта. Йæ мæ нгард æ фсымæ рыл йæ зæ рдæ нæ дардта. Фæ лæ цыдис хæ хтæ м, йæ райгуырæ н гæ нахмæ. Мæ й арвы астæ у лæ ууыд, афтæ æ рбахæ ццæ Хуыскъададжы былмæ. Сау æ гуыппæ гдзинады ныгъуылынц уæ йыг къæ дзæ хтæ. Мæ й кæ дæ м не ’ххæ ссы, уыцы къуымтæ тар цæ стæ й кæ сынц Зæ римæ. Алчидæ р сæ æ мбæ хсы фыдгæ нд. Уартæ сæ иуæ й фæ хицæ н цыдæ р æ ндæ рг. Чызджы буары алы кæ рæ ттæ м фæ дисæ ттау азгъордтой тасы аууæ ттæ. Хойынц дзæ нгæ рджытæ. Зæ рдæ дзуры: «Ма кæ н, мауал цу дарддæ р! » Зонд дзуапп дæ тты: «Дæ фæ ндаг дар, дæ цæ стытæ дæ сайынц». Зæ рдæ йæ дуар хойы, хъæ р кæ ны: «Ды цæ уыс адзалы къæ хты бынмæ »... Зонд сабырæ й дзуапп дæ тты: «Æ нæ уи дæ р цæ рдтæ й мæ рдты ’хсæ н дæ н».

Змæ лы сау æ ндæ рг. Зæ рдæ æ мæ зонд хъуырдухæ н кæ нынц. Бафидауын сæ кодта нæ лгоймаджы бæ зджын хъæ лæ с.

— Æ рлæ уу! Кæ цы дæ?

Диссаг! Фыны мæ м-иу чи хъуысти, уыцы хъæ лæ с. Арæ хдзау? Нæ, дæ хи хъал кæ ныс. Арæ хдзау сæ фт у, æ ндæ р ныронг дæ фынтæ й исчи æ цæ г рауадаид.

— Æ рлæ уу!.. Зæ гъ, чи дæ, кæ цæ й цæ уыс? — анæ рыд ноджы фидардæ рæ й. Хъæ лæ с хъуысти хæ хтæ й дæ р.

Уый у.

— Арæ хдзау...

Хæ хтæ бафæ змыдтой Зæ рийы хъæ лæ с: «Арæ хдзау».

— Арæ хдзау...

— Зæ ри...

Ныр хохы алы скъуыд дæ р æ мыр хъæ лæ сæ й дзырдта уыцы нæ мттæ. Цин кодта ком æ гасæ й.

Ссыдысты сæ амонды суадонмæ. Нæ ма ферох иухатты зарæ г. Æ рмæ стдæ р æ й æ ртæ йæ æ мбæ рстой — Зæ ри, Арæ хдзау æ мæ суадон йæ хæ дæ г. Зарæ г цыдис зæ ххы бынæ й. Донимæ: «Мæ сæ фтдзаг хур... Мæ фынты адджындæ р... Мæ цæ ссыг мын хъыхъхъаг фæ здæ гау асырдтай. Ногæ й уынын мæ амонд... Дæ хъарм комулæ фт мæ царды уддзæ ф бауагъта. Хъусыс? Зæ рдæ тæ кæ рæ дзимæ хойынц. Цæ стыты рухс баиу æ нæ зынгæ судзгæ хæ лттæ й. Æ з агуырдтон дæ у хох æ мæ быдыры. Фæ ндæ гтæ кæ рæ дзиуыл ныссуйтæ сты. Зæ рдæ сыл æ ргъæ фст бæ лццонæ й батад. Æ з фарстон стъалытæ æ мæ хуры. Фæ лæ дзуапдæ ттæ г нæ уыд... »

Зарыдысты зæ рдæ тæ. Зарыд суадон. Мæ й рæ дзæ -мæ дзæ кодта лыстæ г уылæ нтыл. Суадон æ й дæ лæ мæ комы бынмæ ласта, фæ лæ йын ницы ’нтыст. Айнæ джы цыргъыл кæ м фæ дыдагъ суадон, уым хъизæ мар кодта. Æ ривæ зт дæ лæ мæ. Цыдæ р мæ нгæ фсон æ рдутыл ауындзæ гæ й аззад. Уылæ н-иу базмæ лыди. Мæ й-иу йæ хи дзедзыройгæ нгæ фехста айнæ джы сæ рмæ. Рухсы цæ гтæ кæ рæ дзиуыл тыхстысты. Исдуг-иу иппæ рдæ й удхар систой, стæ й та-иу зыланггæ нгæ баиу сты.

Зæ рдæ хъазыд зæ рдæ имæ...

Чи зоны, цас фæ цин кодтой кæ рæ дзиуыл. Зæ ри загъта:

— Æ з цæ уын гæ нахмæ. Мæ мæ нгард æ фсымæ ры бабæ рæ г кæ нон. Уæ ддæ р æ фсымæ р у. Дæ хæ дæ г зоныс, ацы мæ нг дунейыл мын уый йеддæ мæ ничи ис.

Уыйадыл саулохыл сбадт æ мæ фæ цагайдта. Арæ хдзау йæ хи айста адагмæ.

Зæ ри дуар бахоста.

— Чи дæ?

— Фæ ндаггон. Агурын фысымуат, — аразгæ хъæ лæ сæ й бадзырдта чызг.

— Цафоны уазæ г у! — райхъуысти Дудары хъуыр-хъуыр.

— Æ рмæ стдæ р иунæ г æ хсæ в... Хуыцауы хатырæ й... Мæ бæ х бастади.

— Дæ фæ ндаг дар! — ноджы тызмæ гдæ рæ й рахъæ р кодта лæ г.

— Гъе, уæ у-уæ й, гъе... Ирон лæ г... Йæ хойæ базар чи кæ ны. Уазæ г æ мгæ рон чи нæ уадзы...

Уыцы ныхæ стимæ Зæ ри бæ хы фæ рстæ басхуыста. Дударæ н æ нæ уи дæ р йæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с цыди.

Чи мæ хынджылæ г кæ ны, зæ гъгæ, топпæ ргъæ вдæ й разгъордта.

Стъалытæ фæ фæ лурс сты — бонмæ бирæ нал уыд. Æ хсæ рджын къохæ й уыджы уасын зæ рдæ саста. Галы фæ ллад улæ фтау комрæ бын не ’нцади Терчы уынæ р.

Дудар згъоры бæ хы къæ хты хъæ рмæ. Мæ нæ йæ м æ рбазынди барæ джы æ ндæ рг. Сæ ргъæ вта хотых.

— Æ рлæ уу! Чи куыдз, чи хæ рæ г бафхæ рдта мæ н?

— Дудар, мæ мæ нгард æ фсымæ р. Æ з дæ уæ й фылдæ р æ фхæ рдтæ зонын. Ды сайд æ мæ лæ гдыхæ й ауæ й кодтай дæ иунæ г хойы. Ныббарстон дын æ й. Фыдæ й-фыртмæ уазæ гæ й кадджындæ р ницы уыд Иры дзыхъхъы. Ды йæ ахсæ в аздæ хтай дæ кæ ртæ й. Дæ у басудздзæ н фыдæ лты азар...

Гæ рах. Фæ стаг ныхас баиу сылгоймаджы зæ рдæ халæ н цъæ хахстимæ:

— Ноджы ма иу фыдраконд... — хъæ рзгæ йæ сдзырдта Зæ ри... — Сылгоймагмæ къух сисын фыдæ лтæ н амæ лæ т уыди. Кæ м ис, Дудар, дæ лæ джыхъæ д?..

Гæ рах. Ацы хатт фехста барæ г. Нæ мыг. Дудары зæ рдæ йыл сæ мбæ лди. Хъыпп-сыпп дзы нал райхъуыст.

Арæ хдзау фæ фæ дис.

— Цы ми бакодтай? Дæ иунæ г æ фсымæ рмæ дæ къух...

Чызгæ н йæ сæ р саргъы гопмæ æ ркъул. Къуыбар цæ ссыгтæ хаудысты зæ рдæ йæ. Хæ къуырццæ й куыд баиу хъæ рзынимæ.

Арæ хдзау æ й хъавгæ райста. Ныскъæ фта йæ суадонмæ. Йæ хъæ дгом цонг ын бабиноныг кодта. Йæ армытъæ пæ нæ й йын дон дардта.

Чызг æ рчъицыдта.

Суадон кодта ног зарæ г...

Фæ ци Дзыццайы таурæ гъ...

Цымæ чи суазæ г кодта мæ гуыргуры? Йæ алы бызгъуырæ й дæ р мæ м кæ сы хъызт мæ йдар.

ЭПИЛОГ

Рагæ й-æ рæ гмæ афтæ уыди. Фæ ндаг мæ слæ ууын кодта къахыл. Рахуыдта мæ уынгмæ. Федтон Астæ удон. Фæ ндырдзæ гъдæ джы æ нгуылдзтау ыл æ ндзæ выдысты сæ ргуыбыр хæ ристы къалиутæ. Хур — хинайæ г. Тæ рсгæ -ризгæ йæ ныххызти донмæ. Аргъауы чызджы сызгъæ рин цокорайау йæ тынтæ рæ дзæ -мæ дзæ кæ нынц уылæ нтыл.

Фæ ндаг мæ сæ ргъæ вта нæ пæ лæ хсар тутамæ. Арвы цъæ х агурæ г йæ къабæ зтæ кæ дæ м нæ фæ хæ ццæ сты! Сыфтæ ртæ йæ м зараг цъиутау æ ртæ хынц уалдзæ г. Рохуаты цы къалиутæ аззайынц, уыцы гæ мтты та æ рбынат кæ ны арв. Къалиутæ й мын алчидæ р уыди фæ ндаг. Æ мæ йыл цыдтæ н бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р. Иннæ къалиутæ та мын фыды уæ хскау лæ ууыдысты æ нцой.

Фæ ндаг мæ ахуыдта Стырдонмæ. Къуыммалмæ. Уый цæ уы нæ хъæ уы галиувæ рсты. Хæ дзæ ртты йæ хъæ бысы æ рбакодта. Авдæ нгæ с усау зары. Кæ ддæ р ын чысылæ й, хæ хтæ бацамыдтой зарæ г. Хъусынц æ м донхæ ристæ, бæ гънæ г сабитæ, дæ рзæ гхал дзала, ривæ дгæ нæ г фос. Хæ хтæ та бæ рзонд сты. Уыцы зарæ г сын арв æ мæ стъалытæ кодтой.

Фæ ндагимæ фыццаг хатт ацыдтæ н хуыммæ. Мемæ уыдысты Сæ рæ гас æ мæ колхозы галтæ. Куыд хъæ лдзæ г уыдыстæ м уыцы бон! Æ рхауди нæ м нæ лгоймаджы куыст. Уый размæ нын-иу Джино хуым кодта нæ цæ хæ радон. Æ з хæ цыдтæ н галты сæ рбосыл. Галтæ — æ рхæ ндæ г æ мæ уæ здан. Кæ нынц æ хсыр æ мæ хуымгæ нæ джы тымбыл къухы тæ ф. Сæ комулæ фт — пецы дзыхау рæ вдаугæ андзæ вы салд æ нгуылдзтыл. Галтæ й иу цæ уы ауæ дзыл. Уымæ н уæ ззаудæ р у. Æ фсондз ууыл æ нцайы. Дзæ гъæ лы йыл не сбадти дæ ллаг галы ном. Адæ мæ й дæ р ис дæ ллæ гтæ. Хатгай йын, йæ дыууæ сыкъайы ’хсæ н цы дзыхъхъ ис, уый аныхын. Йæ хуылыдз мукъу æ рбаивазы. Цæ стытæ гæ зæ мæ барухс вæ ййынц, цыма бæ лæ сты бын æ мбæ хст суадоныл арвы цъæ х æ рхауы. Æ нгуылдзтæ тутайы уидæ гтау сырх. Кæ рæ дзи нал æ мбарынц. Фæ лæ сæ рбосæ н уадзæ н нæ й. Цы банхъæ лдзæ н Сæ рæ гас? Уымæ н зындæ р куы у. Ды сæ рбосыл иу къухæ й хæ цыс, иннæ та уæ дмæ дæ роны йæ хи фæ тавы. Уый та гутоны дыууæ къухыл дæ р хæ цы. Ноджы дзы иуæ н йæ хъæ дын хæ цæ н саст у. Айдагъ æ фсæ йнагыл æ нгуылдзтæ ныддæ вдæ г вæ ййынц. Уæ ддæ р ницы дзуры. Мæ нæ ацы галтау. Иу-æ ртæ зылды ма æ мæ аулæ фдзыстæ м. Хæ рзаг ма зæ гъа Сæ рæ гас, раздæ р йæ хи фæ лæ г кодта, ныр йæ базыртæ æ рхаудысты. Ауæ дз фæ лдæ хы ауæ дзыл. Афтæ бæ лас кæ лгæ йæ банцайы йæ сыхагыл. Уылæ нты уад куы фæ суры, уæ д тæ хгæ -тæ хыны афынæ й вæ ййынц кæ рæ дзи уæ лæ. Куывд æ мæ чындзхастæ й ирон зарæ г раивылы фæ лтæ ргай. Фæ лтæ р æ нцайы иннæ уыл.

Нæ фæ ллад суагътам.

Ныр та æ з хæ цын гутоныл. Йæ къухтæ ныппака сты, цыма мæ хъæ быс кæ нынмæ хъавы. Кæ ддæ р Джиномæ хæ лæ гæ й мардтæ н, гутоны фæ дыл-иу куы цыди, уæ д! «Цобе, уæ йгуытæ! » — тахти йæ хъæ лæ с ауæ дзæ й. Мæ нæ й сæ рыстырдæ р кæ м и! Дзывылдартæ, æ вæ ццæ гæ н, зæ ххы сауыл дис кæ нынц. Сыджыты къуыбарыл фæ цудынц, сæ къæ дзилты базмæ лдæ й сæ хи бауромынц. Къаннæ г чызджытæ хъазынц реуагæ нæ н фæ йнæ гыл. Цымæ мæ м Дзыцца никуыцæ й кæ сы? Хæ рзаг зæ гъы, мæ хъæ бул ныр лæ джы бындзæ фхад у.

Хуымгæ нды сау таг астæ умæ баирвæ зыныл йæ быцъынæ г тоны. Цыма фыййау йæ сау нымæ т йе уæ хсчытыл æ рбаппæ рста. Фæ стагмæ æ нæ конд урс уаццаг æ рбайсæ фти. Галтæ сулæ фыдысты. Сæ ты лыстæ г æ ндæ хтæ сæ фæ дыл ласгæ араст сты кæ ртмæ.

... Цæ уын мæ зонгæ фæ ндагыл. Диссаг. Цæ й ныллæ г у куыройы сæ рмæ къуыбыр? Албеджы куырой дæ р зæ хгæ сы мусонгæ й стырдæ р нæ у. Астæ удон суадоны йас ныцци. Æ ниу йæ сæ рты цы къаххид ис, уый та? Фæ ндаг бынтон ныццыбыр. Цыма нæ сыхы хæ дзæ рттæ мæ размæ рацыдысты. Мæ нæ нæ хъазæ н фæ з. Раздæ рау — нæ угæ рдæ гæ й æ мбæ рзт. Гуда-иу куы ныкъкъуырдтаис, уæ д къанаумæ дæ р нæ тахти. Ныр æ й цæ в, æ мæ цæ уджытæ й искæ й цæ стыл сæ мбæ лдзæ ни. Кæ м ис мæ тута? Кæ ддæ р-иу мæ мæ фыды уæ ззау къухы бæ сты бæ рзæ ндтæ м чи иста, уыцы пæ лæ хсар бæ ласæ н йæ бындзæ фхад дæ р нал ис. Нæ ныккæ нды сæ р хъахъхъæ нæ гæ й цас фæ лæ ууыди! Сымси мын йæ къæ дзилы тылдæ й салам нал радта. Æ рмæ ст сабитæ æ мæ куыйтæ зонынц афтæ цин кæ нын. Нæ сæ рдыгон хæ дзар фынæ й лæ гау нал бакъул уыдзæ н уатыл. Сæ бынаты — агуыридурæ й цыппæ рдигъон бæ стыхай. Сывæ ллоны хъазæ нау хæ рзæ фснайд. Кæ м ис мæ къаннæ г хæ дзар? Чи ма æ рцæ удзæ н мæ фынтæ м? Дыууæ тыхы хъуырдухæ ны бын мæ риу æ нуд кæ ны. Цин æ мæ рис. Кæ нæ иу, кæ нæ иннæ! Кæ д фидыдтой иумæ маст æ мæ адджын. Кæ сын, фæ лæ нæ уынын. Цæ стытæ дзаг сты дыууæ уæ ззау мигъæ й. Мигъ æ ртыхст мæ хъуыдыйыл. Улæ фын æ й нæ уадзы. Æ лгъитын хъысмæ ты. Цæ мæ н фæ лидзæ м нæ рагбонты цæ рæ нтæ й? Къуырма æ хсæ вдзу мæ ргътæ стæ м? Нæ зæ рдæ йæ н тырыса у, цы арты раз райгуырæ м, уый. Цæ уылнæ йæ хъахъхъæ нæ м? Цæ мæ н æ й ныууадзæ м æ ртхутæ ггæ нгæ? Цæ мæ н атæ хæ м хъармдæ р бынатмæ. Уый у царды нысан? Чи судздзæ н арт нæ къонаты та?..

Хъæ у кæ ны адджын тæ ф...

Æ рцæ уы урсбоцъо тæ нтъихæ г лæ г. Цыбыр куырæ т. Ныггуыбыр. Цыма исты агуры. Лæ дзæ г æ й тыххæ й уромы.

— Цин уарай, Асæ го! — мæ хи йæ м байстон.

— Дæ диныстæ н, кæ й лæ ппу дæ? — цыма хураууон кæ ны, уыйау мæ м йæ къухы бынты æ рбакасти. — Цæ стырухс мын нал и, мæ хур. Стъалыйау байрæ з. Дзег дæ н, зæ гъыс. Цардæ й бафсæ д, цардæ й.

Асæ гомæ йæ кæ ддæ ры цæ рдæ гдзинадæ й ницыуал баззад. Цæ стытæ цъæ х нал сты. Æ нтъыснæ г æ ртхутæ г сыл æ рбадти. Рихиты кæ рæ ттæ схъæ лæ й лæ ууынц. Цыма кувæ г лæ г йæ къухтæ уæ лæ мæ систа. Асæ го мын кæ ны хъæ убæ сты хабæ рттæ.

— Джино раздæ рау кусы трахтырты бригады. Æ хсæ з азы фæ ци Сыбыры. Бынтон мадзура сси. Йæ дзыхæ й хъыпп-сыпп нал хауы. Айфыццаг, мæ гуыр, дæ лæ Хаджиты астаздзыд чызг амарди. Адæ м ингæ ны алыварс æ рæ мбырд сты. Кæ уын кæ мæ нæ цыд, уыдон дæ р цыдæ р æ нахуыр хъæ р кодтой. Джино иунæ гæ й лæ ууыд æ ддиау. Зæ ххы йæ цæ стытæ ныццавта. Æ васт æ м хъарæ г æ рбайхъуыст. Уыцы сахат æ м куы бакастаис. Дыууæ ставд цæ ссыджы æ нæ уынæ рæ й рахъардтой. Иннæ рдæ м азылди. Тымбыл къухæ й асæ рфта цæ стытæ. Уымæ й размæ йæ никуы федтон кæ угæ. Цæ мæ н афтæ мадзура свæ ййы æ фхæ рд лæ г?

Бæ рæ г нæ у, ацы фарст Асæ го кæ мæ дæ тты, уый. Йæ хус цæ стытæ зæ ххы ацыдысты. Хъуыды та зилдух кæ ны сæ ры талынг къуымы. Дзуаппагурæ г.

Мæ нæ н дæ р мæ сæ ры магъз сфæ йлыдта Асæ гойы фарст. Иуæ й-иутæ æ фхæ рды фæ стæ ноджы фыддæ р фæ вæ ййынц.

Раст лæ г æ мбисондæ й фидардæ р у. Арты нæ судзы, кард æ й нæ кæ рды, дон æ й нæ ласы.

Джино сыхбæ сты сидзæ ргæ с устытæ н цы æ ххуыстæ фæ кодта, уыдон та мæ цæ стытыл ауадысты. Цал æ мæ йыл цал æ фхæ рды ауади. Уæ ддæ р нæ зыхъæ дау нæ аивта. Кæ мæ н хъæ мпы уæ рдон æ рбаластаид, кæ мæ н йæ цæ хæ радон бахуым кодтаид...

— Гаги та нын цы фæ ци?

— Ныронг хъæ уыхицау уыди, ныр æ й дæ лæ хъомты хицау скодтой фермæ йы.

— Гъе, гъе, уæ дæ ныр йæ бынат ссардта фосимæ.

Асæ го мынæ г худт бакодта. Зæ рæ дтæ парахатæ й худын нал фæ зонынц. Æ з æ й афарстон Тъохæ й.

— Гагийы фырт? Ахæ стоны. Кæ м цы жулик æ мæ æ взæ ргæ нæ г ис, уыдонимæ баиу горæ ты. Фыццаг дзидзауæ йгæ нæ гæ й куыста. Дæ разы стыр базары цур. Гъемæ йæ хирдæ м, æ вæ ццæ гæ н, хæ дзардзин уыди. Бонæ й-бонмæ фыдызгъæ лимæ уæ й кодта йе ’фсарм. Цас фаг ын суыдаид, армыдзаг йеддæ мæ ма у цæ сгом? Гъе, фæ лæ йын зынаргъ сыстади. Æ хца сæ м хæ сты заманы сыстæ й арæ хдæ р сси. Немыцаг мебыл, тиливизыр... Æ мæ сæ м цы нæ хæ рæ джыдымæ г ис! Ног агуыридурæ й хæ дзæ рттæ... Кæ сыс уæ ртæ, сæ быру фондз метры бæ рзæ ндæ н у. Сæ Тъох чи у, уый, дам-иу цавæ рдæ р хæ лд сылгоймæ гты уæ лæ горæ ты сæ рмæ аласта. Цы йæ хонынц? Райдайæ нтæ æ ви Рæ йæ ндæ ттæ.

— Редант.

— О, о. Гъемæ æ фсарм уæ йгонд куы фæ ци, уæ д æ й рацъипп ластой. Машинæ балхæ нын ын нал бантысти, мæ гуырæ г... Сæ кæ ртмæ цъиубатæ хæ г дæ р нæ й, уазæ г нæ, фæ лæ... Уæ вгæ сæ тæ лæ гæ н дæ р хорз галуан вæ ййы. Фæ лæ иудадзыг йæ сæ ты бæ гъдулæ г кæ ны. Зыбыты иунæ г...

Раст загъта кæ ддæ р Тъох. Ирон æ взаг Елхотæ й дæ лдæ р нæ хъæ уы. Тъох та Елхотæ й фæ дæ ле.

— Гъе, ахæ м хабæ рттæ. О, хæ дæ гай... Ламатти, мæ хур, йæ фыртæ н æ ртыккаг хатт æ рхаста ус. Ламаттийы сæ р дзы нæ бахъæ уы. Йæ хæ дæ г сæ æ ркæ ны лæ ппу. Æ ртæ дæ р ын бурдзалыгтæ уыдысты. Фæ лæ йын фылдæ р-фылдæ р æ ртæ мæ йваг кæ нынц. Лæ г ма физонæ гæ й дæ р куы схъыг вæ ййы. О, уый дын дзырдтон. Раст чындзы уатмæ бахизæ ны гом дуары цур стыр айдæ н ис. Диваныл бадгæ йæ зыны æ рбацæ уæ г. Фæ стаг хатт сæ м цы чындз уыди, уый иу изæ р тиливизырмæ касти. Баккоса сæ химæ нæ уыди. Иуафон чындз айдæ ны ауыдта цыдæ р æ ндæ рг. Фæ касти, æ мæ дын Ламатти уаты ’рдæ м къахфындзтыл æ рбацæ уы. Тиливизырæ й цы нæ лгоймаг дзырдта, уый йæ дызæ рдыджы бафтыдта. Æ нхъæ лдта, йæ чындзмæ йын чидæ р æ рбахъуызы. — Асæ гойæ н йæ рихитæ фестъæ лфыдысты, сонт пыррыкк ныккодтой. — Чындз æ мæ æ фсины цæ стытæ кæ рæ дзиуыл хъаматы цъыккау андзæ выдысты. Къæ йных чындз фæ царæ хсти: «Кахфындзтыл кафыс, не ’фсин? » — Ламатти, мæ гуыр, йæ хи мидæ г цыдæ р бахъуыр-хъуыр кодта æ мæ феддæ дуар. Ныртæ ккæ дæ р та уым ис. Баккосайæ зæ гъын. Хъуамæ та дзы æ рласа. Кæ нæ йæ хæ дæ г уым баззайдзæ н.

... Изæ рæ й бадæ м Асæ готы кæ рты. Зæ ронд лæ г архайы хъисынимæ. Æ рдын ауадзы фæ ндыры тæ гтыл, фæ лæ уыдон æ вæ ндон хъынцъым бакæ нынц. Нæ цæ уы зарæ г. Нæ коммæ кæ сынц хъистæ. Зæ ронд тыхсы. Фыдæ нхъæ л мæ куы фæ кæ на...

— Уæ ртæ йæ рагъæ нæ й сывæ ллæ ттæ райсынц æ мæ дзы дзæ гъæ л гиго-гиго байдайынц. Цал хатты сын æ й байстон сæ къухтæ й. Уæ ддæ р та йæ ссарынц. Чызг, дæ разы ма сарайы тæ рхæ гыл канифор фен.

Асæ го бæ ласы чъиуы хуызæ н цæ мæ йдæ р байсæ рста хъистæ. Ногæ й сыл бандзæ выди æ рдын. Бахъуырдухæ н та кодтой. Змæ лынц лыстæ г талатау. Фæ ндыр райгас. Цагъд йæ гаччы абадти. Ныхасы ихсыд дурау бады Асæ го. Азтæ æ мæ сагъæ стæ й ныллæ гъз. Цыдæ р лыстæ г æ ндах йæ зæ рдæ йыл бандзæ выд æ мæ цæ хæ р калы. Цавæ рдæ р нæ ртон кадæ г. Цал æ мæ цал хатты зарыди ацы фæ ндыр Асæ гойы уæ рджытыл. Цæ стыты раз-иу сыстадысты Иры бæ гъатыртæ. Ныр мын фæ ндыр мæ разы æ вæ ры мæ сабибонтæ. Сæ рæ гас, ды уарзтай уæ ртæ уыцы дурыл бадын. Мæ нæ ныцъцъæ х. Кæ д æ нхъæ лмæ кæ сынæ й фырмæ стæ й ныттыппыр. Цыртау джихæ й кæ сы. Ныр ам куы фестис, Сæ рæ гас. Æ мæ уæ д цы æ ниу? Кæ ддæ ры Сæ рæ гас нал ис. Ацыд æ нæ раздæ хгæ фæ ндагыл. Уæ ртæ къаххиды бынты цы дон ацыд, уыйау.

Ды та цы фæ дæ, тутагуыбын Тъох? Кæ д та халæ ттæ æ мæ дам-думты фæ дыл æ д дурæ хсæ н зилыс. Кæ ддæ р Ламаттийы фæ ткъуымæ куы схызтыстæ м? Куы нæ расырдта, уæ д нартхæ ртты ’хсæ н Астæ удонмæ нæ хи айстам. Æ нхъæ лдтам, уырдæ м нæ фæ дыл нæ фæ цæ удзæ ни Ламатти. Æ з мæ фæ ткъуытæ нымайыныл схæ цыдтæ н. Ды та каурæ бын дæ доны хуыпп калдтай. Ламатти нартхорæ й уыциу гæ пп ракодта. Сонт стъæ лфтæ й дæ хæ лафы фадыг байдзаг. Мæ фæ ткъуытæ й ма роны мæ нг муртæ аззад. Иннæ тæ сæ хицауы амæ ттаг фесты. Цалдæ р къахдзæ фы акодтон, афтæ мæ къах цыдæ р фæ лмæ ны аныгъуылди. Мæ лæ ты æ хсызгон ын уыди. Фæ кастæ н. Цалхыдзаг хъуджы бæ ркъа асастон...

Асæ го цагъд фæ ци иу кадæ г. Хуыдымы дур ныппæ рстæ уыди. Мæ хъуыдытæ тымбыл уылæ нтæ й кæ рæ дзи сургæ фæ йнæ рдæ м фæ цыдысты. Кæ рты тæ ккæ сæ рмæ мæ й ауыгъдæ й лæ ууы. Иуæ й-иу æ взæ р нывты куыд вæ ййы, афтæ мæ нг рухс кæ ны.

— Фæ ндырæ й цæ гъдынмæ нæ фыдæ лтæ уыдысты æ мбисонд. Мах ницы. Мæ фыды фыд æ й дзырдта. Уæ д ма хохы цардысты, Куырттаты комы. Диссаджы рæ сугъд чызг рахъомыл сæ сыхæ гтæ м. Усгуртæ йæ м къахихсыд баисты. Алы бон дæ р сын сæ кæ рты федтаис иукъорд саргъы бæ хы. Иу бон та сæ м уазджытæ уыди. Мæ фыды фыдмæ дæ р фæ дзырдтой. Усгуртæ иу-фарасты бæ рц уыдысты. Фысым сын хъисын фæ ндырæ й ацагъта. Уазджытæ й цæ гъдын чи зыдта, уыдон дæ р афæ лвæ рдтой. Фæ стагмæ фæ ндыр бахауди иу зылындзаст лæ ппумæ. Уый йæ йæ хирдыгонау сифтыгъта. Ахæ м цагъд ныккодта æ мæ адæ м джихæ й баззадысты. Уый уыдис уарзондзинады кадæ г. «Дæ цæ стытæ мæ йдар æ хсæ вæ й саудæ р. Æ з мæ амонд агурæ г фæ дзæ гъæ л дæ н уым. Рындзæ й мæ м фыййæ утты артау фæ зыны æ мæ та ахуыссы. Фыдæ боны рæ сугъд! Зонын, дæ у аккаг нæ дæ н. Æ з мæ гуыр, сæ мпæ рчъи. Æ рмæ ст мæ самондджын кæ ндзынæ дæ иунæ г мидбылхудтæ й»... Афтæ зарыди зылындзаст фæ ндырдзæ гъдæ г. Адæ м æ м æ рыхъуыстой. Хатын æ м райдыдтой.

— Дыууадæ стæ нонæ й ма ацæ гъдин.

Фысымтæ йын йæ фæ ндон сæ ххæ ст кодтой. Лæ ппу хатыр ракуырдта, æ рчъитæ феппæ рста æ мæ йæ къæ хтæ æ хсыныл балæ ууыд. Адæ м дисы аныгъуылдысты. Уый фæ стæ дыууадæ стæ нон райста. Армытъæ пæ нæ й йæ æ рсæ рфта, цыма йын саргъы бæ х уыд. Уæ рагæ й йыл æ рæ нцой кодта. Къахы æ нгуылдзтæ й йыл бандзæ выд æ мæ фæ ндыр ныдздзынæ зта. Йæ къухмæ райста хъисын. Аив хъæ лæ сæ й базарыд. Уыцы сахат уымæ бакæ сын стыр диссаг уыди. Къахæ й-къухмæ фæ ндырдзагъд фестади. Фæ ндыры хъистæ й йæ буары тугдадзинтæ тынгдæ р æ лвæ ст уыдысты. Йæ алы нуарæ й дæ р хъуысти зарæ г æ мæ цагъды мыртæ. Æ гас хъæ убæ стæ йыл сæ цæ ст æ рæ вæ рдтой. Чызг æ й куы федта, уæ д ууыл ныллæ ууыд, æ з æ ндæ р никæ мæ й мой кæ нын, зæ гъгæ. Уыйадыл сæ цард баиу кодтой. Рукъаг зылындзаст фæ ндырдзæ гъдæ г Томайты Созырыхъойы кой айхъуыст æ гас Ирыл. Ахæ м куывд, ахæ м чындзæ хсæ в нæ уыди, уый йæ дыууæ фæ ндырæ й кæ м не ’рцагътаид.

Иуахæ мы йæ м бацыди дзауыкоймаг, мæ фырт зарынмæ æ мæ цæ гъдынмæ зæ рдæ ргъæ вд у, æ мæ йын феххуыс кæ н, зæ гъгæ.

— Нæ бахæ лæ г кæ ндзынæ н цы зонын, уый. Гъе æ рмæ ст, хуыцау бахизæ д, фæ лæ зиан æ рцыди, зæ гъгæ, уæ д фæ ндыр кæ дмæ хъуамæ ма райса дæ лæ ппу?

— Афæ дзæ й-афæ дзмæ.

— Уæ дæ афæ дзæ й-афæ дзмæ нæ, фæ лæ æ ртæ боны фæ ндыр йæ къухæ й куы фæ цух уа, уæ ддæ р уымæ й хорз цæ гъдæ г нæ рауайдзæ н, — дзуапп радта Созырыхъо.

* * *

Æ нтъыснæ г бон æ мæ уæ лмæ рдтæ иу халдих сты. Буары цыдæ риддæ р цæ рæ ццагæ й вæ ййы — равдæ лон æ й кæ нынц. Уæ нгты цыма ныккæ нды уымæ л тæ ф ахъары — цæ йдæ р уæ ззау дзæ мбытæ сыл æ рæ нцайынц.

Æ нтъыснæ г бон мæ марæ г у.

Æ нтъыснæ г бон мæ хæ сдзысты уæ лмæ рдтæ м.

Дзерассæ æ мæ мæ сабибонтæ! Сымах фенынмæ æ рцыдтæ н. Æ з та уын агурын уæ ингæ нтæ.

Къуылдым байдзаг царды пырхæ нтæ й.

Къуылдымæ й мæ м кæ рæ дзи сæ рты кæ сынц дурын цыртытæ. Чи бæ ласы аууонæ й, чи та рагъмæ схызти. Иутæ м сæ сыхæ гтæ й нæ зынын æ мæ сæ хи иуварс акъул кодтой. Ома, мæ нæ стæ м. Алкæ уыл дæ р сæ фыст. Дамгъæ тæ барынц адæ ймаджы цæ рæ нбон. Фæ нды сæ лæ гдзинадыл дзурын, фæ лæ... Дур лæ джыхъæ д барæ н нæ у. Лæ джыхъæ д кæ мдæ р баззадис. Йæ фæ лхæ рдтæ та ам бынæ й сты. Кæ й хъæ уынц уæ ртæ уыцы фыстытæ? Хъæ р кæ нынæ й ныффæ сус сты. Фæ лæ сыл хъуына схæ цыди. Рæ стæ джы фæ ндагыл фæ цудыдтой. Тагъд ыл фæ кæ лдзысты.

Алчидæ р тырны бæ рзонддæ р схизынмæ. Мæ рдтæ хуыссынц фæ рсæ й-фæ рстæ м, фæ лæ кæ рæ дзи нæ зонынц. Царды дæ р вæ ййы афтæ.

Хъæ р кæ нынц цыртытæ. Алчидæ р сæ зыдæ й йæ размæ æ рбассывта сыджыт. Мæ н фылдæ р фæ уа!

Дзерассæ йы ингæ н у хæ рзæ фснайд. Хъæ р нæ кæ ны. Къуылдыммæ дæ р не схызти. Алкæ мæ н йæ ингæ н — йæ зæ рдæ йы уагмæ гæ сгæ.

Мардæ н зæ рдæ йы уаг нæ й.

Ныллæ г, цыппæ рдигъон амад тулдзæ й цырт къæ вдаты уазал къæ хты бын ссау, йæ уæ лæ кърандасæ й цы фыст ис, уыйау. Фысты сæ рмæ — цалдæ р хахгонд дамгъæ йы. Кæ йдæ р нæ уырныдта, кæ нæ нæ фæ ндыди Дзерассæ йы мард.

Уæ хсчытæ дудынц. Зæ рдæ йыл — уазал тæ лытæ бачынди. Хуыдуг кæ ны, тарст æ мæ фæ лладæ й чи æ рхауы, ахæ м маргъау.

Лæ джы цард — аргъау. Авдæ ны уæ лхъус нын æ й цавæ рдæ р урссæ р Дзыцца фæ дзуры. Мах хъусæ м лæ мбынæ г. Диссаджы хабæ рттæ. Аргъау цæ уы. Кæ м цин, кæ м тас, кæ м катай æ ппары зæ рдæ мæ. Хатгай азилы, Дзыццайы кæ цырдæ м бафæ нда, уыцырдæ м: аргъæ уттæ авд-авды сты. Цæ уы, цалынмæ æ нахъом саби бафынæ й уа, уæ дмæ.

Ау, аргъауæ н йæ нысан æ ндæ р ницы у? Æ мæ уæ д æ нусæ й-æ нусмæ цæ мæ н цæ уы? Стæ й йын йæ хи чи æ рхъуыды кодта? Адæ ймаг. Æ мæ дзы йæ хи сайы. Йæ сæ нтты тæ хы стъалыйæ стъалымæ, доны сæ рты дурæ й дурмæ гæ пгæ нæ гау. Цæ гъды йе знæ гты. Цæ мæ й сабитæ фынæ й кæ ной, уый тыххæ й. О, фæ лæ ныртæ ккæ адæ м стъалытæ м аргъæ утты æ фсургътыл нал тæ хынц, фæ лæ ракетæ тыл.

Дæ лдзæ х фæ уæ нт аргъæ уттæ! Уæ лахиз уæ д цард! Æ нтъыснæ г бон æ мæ уæ лмæ рдтæ мæ марæ г сты... Дзерассæ! Æ ртæ уынджы æ дде дзæ нгæ рæ г цæ гъды. Скъоламæ байрæ джы. Рабад. Цардæ йдзаг цæ стытæ æ нхъæ лмæ кæ сынц гом къалиутау. Ахæ сс сын уалдзæ джы дзаг зараг мæ ргътæ. Байдзаг уой къалиутæ. Дзерассæ, рабад. Цас дард сты æ ртæ уынджы?

Мæ нæ дæ ингæ ны сæ рмæ иугай кæ рдæ джы хæ лттæ хилын байдыдтой. Ам сын кæ д фæ лмæ ндæ р у, стæ й парахатдæ р.

Бон æ нтъыснæ г у дæ цырты хуызæ н. Фæ лæ уæ ддæ р ам хуыздæ р у, ам рухсдæ р у, ам хъармдæ р у сыджытæ й.

Дæ фыстытæ дын адæ м бакæ сдзысты. Дæ фæ дзæ хст дын нæ сæ ххæ ст кодтон, Дзерассæ. Ныббар мын... Фыдæ лты фарн мæ рдтæ м нæ цæ уы... Уый у мæ царды нысан. Цæ удзынæ н æ м. Цалынмæ мæ астæ умагъз нæ бахуыскъ уа!..


[1] Тобылахъ, тоблахъ, тоблæ хъ — бот. девясил. (Электрон чиныг аразæ джы фиппаинаг)



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.