Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





«АИВАД ХЪУАГ МА СТЫ».



Ехх, Сæ рæ гас, кæ ддæ р цы поэттæ уыдыстæ м. Амидингæ нæ г ды уыдтæ. Хъуыды ма кæ ныс дæ фыццаг æ мдзæ вгæ? Уый фæ стæ мæ н дæ р фæ цалх кодтай. Алчидæ р нæ -иу дыккаг бонмæ ацъапп ласта æ мдзæ вгæ. Тетрад цас байдзаггæ нинаг уыди! Фыссинæ гтæ — хæ рх. Уалдзæ г. Сæ рд. Фæ ззæ г. Зымæ г. Сталин. Быдыр. Парти. Амондджын бæ стæ. Фæ стагмæ цæ уыл ныффыстаиккам, уый нал уыд. Æ з бавдæ лдтæ н æ мæ Багаты Никъалайы грамматикæ йы иу фæ лварæ н рифмæ быд скодтон. Мæ лæ ты æ нцон аразæ н уыди. Рæ нхъ рæ нхъы фæ дыл згъордта. Кау бийæ гау. Уис уисыл æ вæ рдтон. Æ рмæ ст сæ къæ дзилтæ дзæ гъæ л змæ лд кодтой. Михтæ дæ р зылынтæ. Уис-иу хатгай фæ састи. Уый ницы хъыгдары. Маяковский йæ рæ нхъытæ барæ й куы саста. Æ ниу зылын каумæ быцæ утæ скæ н, уæ д... Газеты кусджытæ ма хуыздæ р цы кусынц? Нæ уацмысты æ мбырдгондæ н нывгæ нæ г мæ хæ дæ г уыдтæ н. Фыццаджыдæ р бавнæ лдтон тетрады цъар фæ лгонц кæ нынмæ. Джиппæ йфыстау мæ пъеро цалдæ р фæ лтæ рæ й бахуым кодта: «Зараты Сæ рæ гас, Цæ ройты Дзег». «Тетрад» фыст кæ м уыд, уый ахорæ нæ й бамбæ рзтон. Тетрад нал ис. Амарди. Амæ й фæ стæ мæ уыдзынæ чиныг. Фæ зындис ыл ставд дамгъæ тæ: «Æ мдзæ вгæ тæ ». Æ ппæ ты бынæ й: «1948 аз».

Æ мдзæ вгæ ты кæ рæ тты сарæ зтон кæ м фондзтигъон стъалы, кæ м æ хсырф æ мæ дзæ буг, кæ м та джебогъы фындзыл тырыса. Чиныг срæ вдз. Редакторы къухæ вæ рд ма дзы хъæ уы. Ныр та уал æ й рецензимæ саккаг кодтам Дзерассæ мæ.

— Хорз у, ахæ м хъуыддагыл кæ й фæ цалх стут, уый. Уе ’мдзæ вгæ ты ис ритм, рифмæ тæ. Æ рмæ ст ма аивад хъуаг сты...

Уый дын диссаг. Ау, кæ д ритмæ лхынцъ, рифмæ быд сты, уæ д ма аивад цы хоны Дзерассæ? Кæ ддæ р нæ абеты чиныджы цы æ мдзæ вгæ уыд, уый махонтæ й кæ м саивдæ р?

 

Мах, нанайы хуртæ н,

Сталин у нæ фыд.

Сау сæ ртæ ’мæ буртæ н

Уый радта рæ вдыд.

 

Æ вæ дза, Дзерассæ йæ удæ й арт бæ ргæ цагъта, аивад цы у, уый бамбарын кæ ныныл. Фæ лæ йын ницы бантысти. Куыд ыл хъуамæ баууæ ндыдаиккам? Зæ гъæ м, мæ нæ ацы куплет цæ мæ й æ наивдæ р у?

 

Ленины хъуыдытæ

Цардæ н сты бындур,

Дунейы мæ гуырты

Батавта йæ хур.

 

Æ мæ нæ фæ рæ дыдыстæ м. Фæ сивæ ды газеты уал сæ иу фæ зынди, Иннæ тæ н дæ р исты амал уыдзæ ни.

Нæ курдиат нын Дзерассæ куыннæ бафиппайдта? Дзерассæ мæ та, мæ гуыр, кæ цæ й хауди уайдзæ ф?.. — Поэттæ!.. Уæ фыстытыл ма фæ ми... Чи уын сæ кæ сы? Дæ лæ мæ дæ р, уæ лæ мæ дæ р Дзæ уджыхъæ уæ й Елхотмæ... — йæ был фысы мукъуйау сысчъил кодта Тъох. Алы дзырды фæ стæ дæ р фындз сфутт кæ ны. Мæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с æ м цæ уы. Мæ туджы рохтыл ныххæ цыдтæ н.

— Уидыг дæ нæ хъæ уы сыллыпп кæ нынмæ, зæ булхъус? Дæ тутт къуылдых Елхотæ й дæ лдæ р кæ м хъæ уы?

Тъох рагæ й былысчъил кæ ны ирон æ взагыл. Уроктæ й дæ р алидзы. Иу афæ дз горæ ты фæ ци. Уæ дæ й нырмæ йæ кæ нон нæ уадзы. Ноджы дзы уырыссаг æ взаджы ахуыргæ нæ г раппæ лы.

Мах дæ р æ й стауын байдыдтам. Уадз æ мæ йæ сæ р бынтондæ р разила!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.