Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ФЫДÆЛТЫ ФАРН МÆРДТÆМ НÆ ЦÆУЫ



ФЫДÆ ЛТЫ ФАРН МÆ РДТÆ М НÆ ЦÆ УЫ

(Дзерассæ йы фыстытæ й)

Чи ныттагъта уыцы хъылмайы æ ртæ хтæ Тъохы сæ рымагъзы? Цæ мæ н ныллæ сти зулкъ цъæ х фæ ткъуыйы?..

«Ирон æ взаг Елхотæ й дæ лдæ р нæ хъæ уы». Раджы йæ фехъуыстон. Зæ ронд хуырхæ й туагдæ р у. Зæ рдæ дзы фæ цъæ х и. Цæ стытæ къахы. Фыццаг кæ й дзыхæ й сирвæ зти, уымæ н та йæ зонд йæ хытъыны уыди. Зæ гъæ д-ма, ахæ м къæ схуыр сæ рымагъзимæ Елхотæ й дæ лдæ р чи ацыди? Кæ д ацыди, уæ ддæ р лæ джыхъæ д æ мæ намысы фæ дыл нæ! Гуыбыны фæ дыл...

О, чи цал æ взаджы зоны, уал лæ джы у. Фæ лæ йæ фыццаджы-фыццаг ныййарæ джы æ взаг слæ г кодта. Дзырды хъомыс ын радта. Зонды фæ ндагыл æ й сарæ зта. Иннæ ’взæ гтæ йын бацамыдта. Ныр цалдæ р лæ джы у. Йæ ныййарæ джы æ взаг уæ ййаг кæ мæ н у, уый та? Иунæ г лæ г дæ р нæ у! Йæ хи чи нæ уарзы, уый искæ й куыд бауарздзæ ни? Уарзт фæ ндаггаг нæ у. Дихтæ йæ нæ чындæ уы. Йе ’цæ г ад ын никуы бамбардзынæ. Иунæ г уарзты цæ райæ чи цæ ры, уымæ н та йе ’нкъарæ н у æ нусваг. Алчи дзы у хайджын, аххæ ссы фæ лтæ ртыл. Къостайы тохы хъæ р нæ рыди уырыссагау дæ р. Фæ лæ йын йæ «Ирон фæ ндыры» цагъдмæ æ рыхъуыстой дзыллæ тæ. Кæ йдæ р æ взагыл ныхъхъæ р кодтаид: «Додой фæ кæ нат, мæ райгуырæ н хæ хтæ, сау фæ ныкæ й уæ куы фенин фæ лтау! » Фæ лæ йæ Иры хæ хтæ нæ бамбæ рстаиккой. Æ цæ гæ лæ тты та хъæ угæ нæ кодта.

Фæ дисхъæ рау æ ртахти æ цæ гæ лон зæ ххæ й нæ фыццаг поэты уынгæ г хъæ лæ с. «Уæ нæ хæ хтæ, нæ бæ стæ, куыд ма цæ рæ м уæ фæ стæ! »... Кæ мæ фехъуысти хъæ булы ныхас? Чи йæ рахаста дзыллæ йы рæ гъмæ? Ныййарæ г зæ хх.

Цымæ цы уыдаид, Темырболат ацы тугæ рхæ м зарæ г туркагау куы ныффыстаид, уæ д? Йæ хъæ лæ с къонайæ фесхъиуæ ггаг æ хсидавау ахуыссыдаид Анатолийы æ дзард быдырты. Зарæ г цæ фтæ й, фæ лæ цардæ гасæ й æ рыздæ хти фыдæ лты артдзæ стмæ. Ирон дзырды фарнæ й!..

Пъæ ззыйау æ нахуыр ныв æ нцайы мæ зæ рдæ йыл. Æ цæ гæ лон бæ стæ й хъусын хæ тæ нхуаг ирон лæ джы фыдохы хъæ р. Йе ’взаг, йе ’гъдау, йæ намысыл къух систа. Къæ бæ р ракурыны фаг базыдта кæ йдæ р æ взаг. Бакасти хъуыраны. Салам ратты фæ ндаггонæ н. Фæ лæ никуы ныццæ лх кæ ндзæ ни Чермен æ мæ Бæ тæ йы фыртты зарæ г. Кæ й уæ рдоны бадай, уый зарæ г кæ н. Зæ рдæ йæ нæ агуры? Уымæ н æ мæ дæ хионыл былысчъил кодтай. «Фæ смонгонд æ рбауай! » — судзаг æ лгъыст азæ лы дæ хъусты. Æ вирхъау аууæ ттæ зилынц дæ фæ дыл. Ды никуал атæ хдзынæ нæ ртон кадæ джы парахат базыртыл. Никуал фехъусдзынæ хъаматау цыргъ æ мбисæ ндты æ рттивгæ зыланг.

Нал æ рлæ удзынæ де ’мгæ ртты рæ нхъы уæ хски-уæ хск. Симдæ й ацыдтæ.

Лæ джы æ мкад нуазæ н дæ м ничи ратдзæ ни.

Ды агуырдтай амонд æ мæ ссардтай фыдæ х.

Фыццаг фембæ лды дыл æ цæ гæ лæ ттæ дис кодтой. Стæ -ма, чи дæ, цы дæ? Кæ м и дæ лæ джыхъæ д? Цы гæ нæ г сты, кæ й цурæ й рацыдтæ, уыцы адæ м? Уæ ууæ й, фыдæ нхъæ л фесты. Æ рцыдтæ сæ м афтид армæ й. Уый нæ, фæ лæ ма архайыс уыдон хуызæ н уæ выныл. Фæ лæ... Сæ хицæ й нæ дæ, уый хорз æ мбарынц. Уæ дæ чи дæ? Кæ й хъæ уыс?

Ничи... Никæ й...

Цæ стырухс тайы фыдæ лты уæ зæ гмæ бæ лгæ йæ.

Хъусын фæ смоны фæ стаг хъæ р...

Фыдæ лты фарн мæ рдтæ м нæ цæ уы. Фыдæ лты стырдæ р фарн у не ’взаг. Ирон нуазæ нау нæ м рæ сугъдæ й æ рхæ ццæ. Хъуамæ йæ кад æ мæ радæ й адæ ттæ м кæ стæ ртæ м. Уый у мæ царды нысан. Цæ удзынæ н æ м. Цалынмæ мæ астæ умагъз нæ бахуыскъ уа!..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.