Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХЪУСЫС, ДЗЕГ?. (Дзерассæйы фыстытæй)



ХЪУСЫС, ДЗЕГ?

(Дзерассæ йы фыстытæ й)

Циу, цы хабар у? Адæ мыл сæ хуыцау рахатти, æ ви?.. Мæ сабибонтæ й фæ стæ мæ кæ й фыстытыл ахуыр кодтон, мæ зонды чи ныффидар, зынаргъ мын чи уыди, уыдон фæ д-фæ дыл аивылдысты. Сæ кой, сæ хъæ р фесæ фти. Лæ г ма кæ уыл æ ууæ нда, кæ мæ н ракæ на йæ судзаджы маст? Алкæ мæ н дæ р æ фхæ рд, тарст æ нгас. Гуырысхо сын баууылдта сæ зæ рдæ. Уд æ ртхутæ г агъуды куы уа, уæ д цæ стытæ м та рухс кæ цæ й цæ уа! Бахуыскъ сты, тафс сæ нал ис. Хæ ст сын банызта сæ цин. Нал зонынц худын, галтæ æ мæ зæ хкусæ джы къухтау — мадзура. Æ рцахстой Джинойы. Хицауады ныхмæ дзырдта? Æ мæ йæ мæ хæ дæ г нæ федтон? Гагийы хуызæ ттæ советон хицауад сты?

Уацирæ т... Уацирæ т... Йæ лæ г фыдæ взæ гты азар баци. Ус баззад йæ сидзæ римæ. Лæ ппу мæ нмæ ахуыр кæ ны. Дыууæ боны нæ фæ зынди. Æ ртыккаг бон мæ фæ ндаг уыдоныл ракодтон. Уæ ззау рынчынæ й баййæ фтон Дзеджы. Цæ стыбынтæ сау рæ сыд, цыма сыл бындзытæ фæ хæ цыдысты. Æ ххормагæ й. Цæ стытæ й ма гæ зæ мæ рухс кæ лы. Сæ цин цыдæ р æ вирхъау тых банызта. Мард буарау бурбын хом хъуымац — гобаны æ мбæ рзæ н æ мæ хъæ ццулы цъæ рттæ... Уацирæ т — æ фсæ рмдзæ стыг, хъоппæ гцæ ст. Цæ стытæ цырæ гътау æ рцауындзæ г сты Дзеджы сæ рмæ æ мæ йын æ нæ бары худтæ й рухс дарынц:

— Дзег, мæ нæ дæ м Дзерассæ æ рбацыди.

Лæ ппу батыхсти. Мæ хъуыр æ мæ мæ цæ стытæ м цыдæ р хъарм, фæ лæ судзаг уылæ нтæ æ рбанхъæ взтой. Цæ ссыгтæ... Нæ сæ бауадздзынæ н. Уыныс, уæ ртæ уыцы нæ ртон сылгоймаг куыд худы. Науæ д саби. Цæ мæ н фефсæ рмы ме ’рбацыдæ й? О, нæ лгоймаджы сæ рыстырдзинад! Зонын æ з. Зонын. Ныртæ ккæ йæ фæ нды æ ккойæ айнæ г дуртæ хæ ссын. Йе уæ хск фестид мæ цъис, йæ армытъæ пæ н — гутоны ’фсæ н. Тыхсы йе ’нæ бондзинадæ й сылгоймæ гты цур уæ лгоммæ кæ й хуыссы, зæ рдæ тæ йын кæ й æ вæ рынц, адзæ бæ х уыдзынæ, зæ гъгæ, уымæ й. Сабибонтæ — адджын мысинæ гтæ. Фæ лæ цы ’рымысдзысты ацы сабитæ? Сæ фынтæ сæ гуытты балау, стъæ лфгæ йæ кæ й æ рвыстой, цуанонау хæ ст сæ фæ д-фæ д кæ й хъуызыди, сæ карæ нтæ й бирæ ты артæ взагыл кæ й бавзалы кодта, уый? Сæ сабибонтæ сын аргъауы залиаг калмау иугай-дыгай кæ й фæ давта, уый? Хъусыс, Дзег? Æ рмахуыр цæ ргæ сау фыды мадзура къух кæ д æ рæ нцад де уæ хскыл? Уалдзыгон хур зæ ххæ н йæ зымæ гон уаргъ, йæ фæ ллад куыд сисы, афтæ дын кæ д асырдта де ’рыгон уæ нгты рис, дæ зæ рдæ йы удхар?..

Лæ дзæ джы сонт хостмæ мæ хъуыдыты зилдух æ рбадæ лдзæ х. Хорæ й йедзаг къæ сса уæ хсчытæ й рахауди æ мæ дзы иу гага нал аззади.

Уацирæ т ахызти кæ ртмæ. Хъусынц мæ м ныхæ сты скъуыдтæ: «Абон ма мæ ныууадз, Гаги... Лæ ппу нæ фæ разгæ у»... «Ныр дын сылгоймаг уæ вгæ йæ худинаг нæ у! Цал цыды дæ м æ рбакодтон! Уæ д та мæ нæ уазæ гæ й фефсæ рмы у! » «Омæ дын, Гаги, куы загътон, абон мын ацæ уæ н нæ й... Уæ ртæ йæ фен дæ хæ дæ г».

Райхъуысти ноджы тыхджындæ р хъæ лæ ба, сывæ ллоны цъæ хахст. Разгъордтон. Уынын æ буалгъ ныв. Кæ рты цалдæ р нæ лгоймаджы. Гаги цæ хæ радоны кауын кулдуары фале. Æ рлæ ууыд астæ умæ нартхоры цур. Йæ къухы — цæ вæ г. Кауы сæ рты радзырдта:

— Рувынмæ ацæ удзынæ æ ви нæ? — Гагийы цæ стытæ й дыууæ къуымых бырауы арæ зт уыдысты Уацирæ ты зæ рдæ мæ.

Сидзæ ргæ с ницы дзуры.

— Æ ппындæ р сын цæ сгом нæ й. Æ нхъæ л сты, советон хицауад адоныл лæ ууы. Марадз, дæ куыст кæ н.

Дзуры, Гаги «уазæ г» кæ й схуыдта, уый. Хæ рзконд лæ ппу. Астæ уыл — фæ тæ н æ фсæ ддон рон. Йæ сæ р бæ рзæ ндты чи хæ ссы, уыцы къуыдиппытæ ахæ мтæ дардтой. Дурхуыз цæ стыты уазал хъуыды базмæ лыди: цыфæ нды уæ д, мæ хæ дзары куыстмæ сæ не ’рвитын, мыййаг. Хицауад сæ хæ дæ г дзуапп дæ ттæ нт.

Райхъуысти нартхоры дæ рзæ г æ хситт. Астæ умæ æ взартæ фыццаг сæ къах скъуырынц цæ вæ джы цыргъыл. Уырдыг лæ угæ йæ аззайынц. Банцайынц сæ сыхагыл. Фæ лæ сыхаджы дæ р баййафы уыцы азар. Фæ тæ н сыфты хъустæ й схъиуынц ставд урс æ ртæ хтæ. Кæ уынц æ взартæ. Уацирæ ты цæ стытæ гомхих бæ ласы къалиутау — джих. Æ вæ ццæ гæ н, уынгæ нæ кæ нынц. Цæ уылнæ исты дзурынц? Нæ дæ р — тас, нæ дæ р — æ ртхъирæ н, нæ дæ р — рис...

Фæ зынди Джино. Комкоммæ бацыди Гагимæ.

— Сидзæ ргæ с устытимæ тохы æ вдисыс дæ лæ гдзинад, фæ лдыст фæ уай!

Гагийы риу батæ бæ кк Джинойы тымбыл къухы уæ зæ й. Йе уæ хсчытæ йыл ауындзæ гæ й аззадысты. Æ фцæ ггот уæ рдæ х æ лхынцъау аци.

— Сымах советон хицауад рарвыста? Æ наккæ гтæ! Кæ м хъæ уа, уым ныхас кæ ндзынæ н. Ныр уал уæ хи айсут æ нæ фыдбылызæ й! Райсом колхозы иумæ йаг æ мбырды дзурдзыстæ м.

— Хуыцауы фыдæ хæ й дæ р нæ тæ рсыс, гормон! — йæ ныхас баппæ рста Асæ го.

— Гаги хуыцауы нæ, фæ лæ æ рмæ ст хицауы фыдæ хæ й тæ рсы, — дзуапп радта кæ йдæ р мæ сты хъæ лæ с.

Нал радзырдта Джино æ мбырды. Дзырдхæ сджытæ фæ разæ й сты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.