Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТУЛЫ УÆРДОН БОНРУХСМÆ



Сагъæ с æ мæ хуыссæ г... Иумæ нæ фидауынц. Рухс æ мæ аууон. Уыцы ’хсæ в дзы чи кæ цы уыди — хуыцау йæ зонæ г. Дыууæ дæ р мын ахсджиаг уыдысты. Кæ ркуасæ нтæ м хуыссæ г авдæ нгæ сау мæ уæ лхъус лæ ууыди. Сагъæ с дæ р йæ кæ нон кодта.

Фæ тæ нком хъæ ддзау фæ рæ тæ й фæ салы онг мын алцыдæ р хъуыдыгонд у. Сыстдзынæ н æ ртыккаг кæ ркуасæ нтыл. Æ найы æ з куы райхъал кæ нон, уæ д ын куыд æ хсызгон уыдзæ ни! Нæ, раздæ р уал хъуамæ Сауийы сифтындзон. Æ фсондзы бынмæ та нæ комдзæ н. Фæ лæ раздæ р рæ тæ нагъдтæ схъен кæ ндзынæ н, саджил лæ дзæ г сæ м ацараздзынæ н. Стæ й мын дыгæ рдыгимæ æ нцондæ р архайæ н уыдзæ ни. Фæ рæ ты ком нытътъысдзынæ н уæ рдоны бын дыууæ фæ йнæ джы ’хсæ н зыхъхъыры. Ставд бæ ндæ н гæ ркъаимæ бабæ тдзынæ н фæ сте дзуарæ вæ рдæ й. Гуыффæ байдзаг кæ ндзынæ н хъæ ллæ гътæ й. Сауийæ н. Нæ хицæ н фæ ндаггæ гтæ — нартхоры кæ рдзын æ мæ цыхты цыппæ рæ м хай — уæ рдоны фарсыл чысыл асыччы. Æ з æ й «гæ дывæ рæ н» хонын... Мæ хъусджын дзабыртæ цæ ттæ сты. Иуæ н дзы йæ хуыды хæ лд дысон Æ на бампъызта. Æ рчъиагæ й уафс дæ р ма куы уаид. Уидагджын хъæ бæ р резинæ. Машинæ йы цалхы бызгъуырæ й. Цалхæ н йæ иннæ ’мбисæ й та Дзыцца сарæ зта бæ лæ гъ. Бабызтæ н... Мæ зымæ гон худ — рагъæ ныл. Кæ ддæ р нын дружинæ нæ кæ ркдоны цы рувас амардтой, уый цармы фæ лхæ рдтæ й. Къахы цæ рмттæ — разæ рдæ м. Сау æ мæ бур гæ рæ м. Скъоламæ йыл не ’рвæ ссыдтæ н. Ныр мæ йæ сæ р бахъуыди...

Цы ма мæ рох кæ ны?..

Цæ стытæ дудынц. Фынимæ хъуырдухæ нæ й сфæ лмæ цыдысты. Уасæ г уасы. Фыццаг йæ базыртæ ныццæ гъды, цыма боны дуæ рттæ хойы. Кæ ркуасæ н... Фæ лмæ ст, æ нæ хуыссæ г адæ ймæ гты ныфсы симфони. «Тыхсгæ ма кæ нут, фæ ллойгæ нæ г дзыллæ, бонмæ бирæ нал ис», — дзуры уый. Бонцъæ хтæ нæ фидауынц æ нæ уасæ джы уаст. Нæ уасæ г йæ хæ дæ г дæ р сырх у. Сæ уæ хсидау.

Фæ стаг хъæ бысхæ сты фын æ рбырста хъуыдыйы. Мæ къах дæ р нал атылдтон...

Райхъал мæ кодта Æ на. Æ ртыккаг кæ ркуасæ нты. Мæ фын тыхыскъуыд фæ ци. Цыма мыл ихын дон бакалдæ уыди. Мæ хъуыды йæ гаччы куы сбадти, уæ д та мын уæ лдай зындæ р фæ ци. Дысон-бонмæ цы нæ ртон мæ сыг фæ цамадтон, уымæ й кæ лддзаг дæ р нал аззади. Сауи — ифтыгъд, хъæ ллæ гътæ й гуыффæ — йедзаг. Фæ лтау куынæ бафынæ й уыдаин... Баззади ма мын мæ дарæ с скæ нын...

Бонцъæ х нæ ма зыны. Уымæ л тæ нæ г мигъ ныддæ лгом йæ хи хуызæ н æ нтъыснæ г быдырыл. Сау уæ рдонвæ ндаг тыхамæ лттæ й быры йе ’хсæ нты. Адгуыты æ нæ бары згъорыныл афæ лвары, фæ лæ хæ рды зивæ ггæ нгæ схилы. Кæ д ын мæ бæ ллиц цыфæ нды æ ххуыс бакæ ны, уæ ддæ р тæ ры йæ хи фæ нд. Дзæ гъæ лзад къутæ ртæ фæ ндаггæ рæ ттæ й фыдгæ нджытау кæ сынц. Кæ ркуасæ нтæ кæ мдæ р фæ свæ д аззадысты. Ивгъуыд бонау ма хъуыдыйыл сæ зыланг фæ цæ уы. Цæ уылнæ исты дзуры Æ на? Хæ ст æ мæ удхары уæ зæ й зæ рдæ фæ тасыди, бакъуырма... Фæ ндæ гтæ м кæ сынæ й цæ стытæ сафтид сты, ала цырагъавгау æ ддæ мæ рухс нал уадзынц. Фæ ндаг уæ ддæ р дзуапп нæ дæ тты. Йæ фæ стæ цы бæ лццæ ттæ акодта, уыдон ын цыма судзинтæ сты, уыйау сæ кой, сæ хъæ р нал и. Раст уартæ Ламаттийау. Уый дæ р хæ с райсы, стæ й йæ хи ницы зонæ г скæ ны.

Фæ ндаг фæ бæ рæ гдæ р. Дард быдыргæ ронæ й æ хсырхуыз уылæ н æ рбацæ уы.

Мæ сæ р куы фæ зилын, уæ д худы цармæ й мæ уадулыл цыдæ р уазал аныдзæ вы. Халас. Цæ сты кæ ронæ й йæ ацахсын æ рфгуытæ æ мæ цæ стыхаутыл дæ р.

— Æ на, æ мæ дард у хъæ д? — уисæ й Сауийы уæ н хъыдзы кæ нгæ йæ, фæ рсын æ з.

— Бæ ркадджыны хъæ уæ й ма йæ м рæ гътыл иудзæ вгар суайын хъæ уы. — Æ на йæ хъуыдытæ й фестъæ лфыди. — Цæ й тагъд бафæ лмæ цыдтæ? Уæ рдоны куы бадыс?

— Нæ, æ з æ нæ уи фæ рсын. Сауийæ н зын куы уа. Æ гæ р арæ х æ й куы ифтындзæ м, уæ д ма ныззайдзæ ни?

— Ма тыхс. Хуыцауы фæ ндæ й йын кæ д ницы уаид.

Хæ рз чысылæ й хæ дзар дарыны уæ з æ рæ нцади Сауийыл. Гал, дам, куынæ вæ ййы, уæ д уæ ныг дæ р баифтындзынц. Махмæ гал дæ р нæ уыд æ мæ уæ ныг дæ р. Уыдон хæ с Сауимæ æ рхауди.

Тулынц цæ лхытæ бонрухсмæ. Уæ рдон — тæ ссарвæ д. Цæ лхвæ дтæ й йæ хи ратоныныл фæ лвары. Фæ лæ ницы уайы æ мæ та цæ лхытæ æ вæ ндонæ й ныххизынц сæ раздæ ры бынатмæ. Хивæ нд та куыннæ сты! Фæ ндагыл бирæ ахæ м цæ лхытæ фæ тылди. Фæ лæ сæ тæ ккæ сæ рæ ндæ р фыццаг фæ дгæ нæ г уыди.

Гуырысхойау дыууæ цæ лхвæ ды бырынц нæ фæ дыл. Фæ ндаджы кæ рæ тты фароны хæ тæ лтæ ныджджих сты. Халасдон тæ дзы хæ мпæ лы бызгъуыр фæ дджитæ й. Хур нæ тута бæ ласы бæ рзæ ндæ нæ й кæ сы æ гъуыз мигъы тыхтæ й. Йæ тавс хъæ рмуст донау æ нахъаз. Йæ рухс дæ р афтæ. Адаг. Йæ фæ стæ кæ рæ дзи сæ рты кæ сынц рæ гътæ. Гæ мæ хсæ р, асæ ст. Цыма мах æ рбацыдыл дис кæ нынц. Иугай гомхих бæ лæ стæ фаты æ фсæ н æ рттигътау — арвы тæ ккæ риумæ арæ зт. Къуылдымыл уæ лмæ рдты дурын цыртытæ дæ лдæ р-уæ лдæ ртæ й кæ сынц урскъул хæ дзæ рттæ м. Сæ иутæ фæ цудыдтой, цæ уыл банцой кæ ной, уый сын нæ й.

Ададжы фаллаг фарс фæ ндаг цæ хгæ р фæ зылди. Хъæ у иуварсæ рдыгæ й фæ уагъта. Хæ рхæ мбæ лд ыл цы фæ тæ нуæ хск рагъ фæ ци, уымæ схизыны ныфс æ м нæ разынди. Хæ рзаг зæ гъы: «Дардыл æ рзил æ мæ дæ хæ дзар ссарай». Æ мæ цæ й хæ дзар ис фæ ндагæ н?..

Сауийæ н цæ уын фæ зын. Æ на дæ р йæ къухтæ йæ фæ сонтыл æ рæ вæ рдта.

Куыйты рæ йд мысинагау дардæ й æ рбатахти. Зæ рдæ йыл атыхст æ мæ йæ къонайы цурмæ аскъæ фта. Уым артдзæ стыл æ ртыскæ ны уæ лæ хъæ бæ р кæ ны нартхоры æ рдзын. Райс æ й æ мæ йыл дыууæ сау фæ ды. Мæ нæ нæ уæ рдоны фæ стæ чи аззайы, уыдонау. Æ рмæ ст æ ртыскæ ны фæ дтæ раст сты. Къулæ нцой йæ æ рæ вæ р ног чындзау. Арты базыртæ йыл аныдзæ вой. Йæ уадултæ фæ цардхуыз уой. Уый фæ стæ йын йæ былæ й расæ тт. Хуры тæ ф ахъардзæ н де уæ нгты. Сæ рдыгон хъарм къæ вдатæ æ мæ æ хсырдзаст æ взарты адджын адæ й дæ къабæ зтæ авд хатты фидардæ р фæ уыдзысты.

Уæ рдон тулы бонрухсы. Бæ лæ стæ рæ гътæ й æ рхызтысты нæ размæ. Сæ цæ нгтæ ныхъхъæ быс кæ нынæ ввонг ныппака сты. Арвæ й семæ æ рхастой хуры æ лгъин салам. Æ на хорз зоны, кæ рз æ мæ фатхъæ д арæ хдæ р кæ м сты, уый. Ныр дæ р уартæ хъуысы æ мыр къупп-къупп. Хъæ д скодта калд бæ лæ сты тæ ф. Бæ лас йæ ахауыны размæ фестъæ лфы. Сонт рызт бакæ ны. Хæ къуырццæ й кæ уæ гау. Халасы æ ртæ хтæ къалиутыл ратулынц. Сæ хи нал бауромынц, æ ргæ р-гæ р кæ нынц дæ лæ мæ дзыд къутæ ртæ м. Йæ ахауыны размæ ма бæ лас йæ цæ нгтæ й ацахсы арвы цъæ х. Ныккæ ны фæ стаг зарæ г, цыма тæ рккъæ вда сыфсыфгæ нгæ ратæ хы. Банцайы йæ сыхагыл. Фæ лæ йæ уромæ г уромын нал бафæ разы. Райхъуысы æ рдæ глыг зæ нджы уæ ззау хъыррыст. Мæ лæ ты дæ ндæ гты къæ с-къæ с. Бацу бæ ласмæ. Йæ къалиуты згъæ лæ нтæ хуыссынц йæ фарсмæ. Никуал сисдзысты сæ уæ лæ ахстæ ттæ æ мæ мæ ргъты зарджытæ. Никуал стæ хдзысты сæ базыртæ й хуры тынтæ й дзаг сыфтæ ртæ. Никуал бадардзысты сыфтæ ртæ сæ фæ лмæ н æ рмттæ къæ вдайы æ ртæ хтæ м. Сауи уал зыдæ й æ ууилы нартхоры адджын хъæ д. Мæ къæ хтæ нындзыг сты, бандæ втой. Фæ лæ Æ намæ фæ кæ сын хъæ уы. Цы суг бахсæ ста, уый уал куы ’рбаласин. Цъыф æ мæ æ мбыд сыфтæ ртæ мæ дзабыры уæ фстæ м мæ лæ ты æ мхиц сты. Цыма сæ мыдæ й байсæ рстон... Суджы ставддæ р кæ рон дыууæ къухæ й æ рбахъæ быс кодтон. Къæ хтæ бырынц. Фæ лæ йæ бынатæ й дзæ вгар фенкъуысти. Къудзитæ мын мæ цæ сгом куынæ дзæ хст кæ никкой, уæ д... Дæ лдзæ х фæ у, цы дзыхъхъ дæ! Фæ калдтæ н, уый хъуамæ Æ на ма базона. Ногæ й та суг ис мæ хъæ бысы. Ацы хатт æ й æ нæ рлæ угæ йæ бахæ ццæ кæ нон уæ рдоны цурмæ. Æ на афонмæ дыккаг бæ лас акалдта. Дзæ бæ х уал батæ вд дæ н иунæ г цыдæ н. Худыхъустæ сфæ лдæ хтон. Цымæ ма цал суджы бахъæ удзæ н?.. Уæ ртæ уагъылыйы къутæ ртæ. Фæ лæ сæ дыргътæ сау цæ мæ н сты? Æ вæ ццæ гæ н, басыдысты. Тугæ рхæ мттау ныддæ вдæ г сты сæ къалиутыл. Æ найæ н зæ гъын хъæ уы. Уыргтæ н, дам, хорз у уагъылыйы цай. Хъуамæ йын сбæ ззой. Сырхытæ дæ р дзы уыдзæ н.

Мæ ныццыдмæ Æ на дыууæ суджы арæ вдз кодта. Раздæ рæ й къаддæ ртæ. Фæ лæ сæ уый хыгъд дардæ й ласын хъæ уы. Æ мраст бацæ угæ йæ хæ стæ г уаид, фæ лæ ацы æ нæ хайыры æ рх... Ласын уал стырдæ р суг. Уæ ззæ уттæ мын раздæ р ахицæ н уой. Цæ уын æ рхы тæ ккæ былгæ рæ тты. Цыдæ р дæ рзæ г дзедырæ г мын мæ фадыг хæ рдмæ сласта. Дыууæ йæ мыл æ мвос фесты. Суг дæ лæ мæ хæ цы, дзедыры уидаг — къахыл фæ стæ мæ. Æ ллах, æ нхъæ лдæ н зæ нджы царм астыгъта. Тыхтæ -амæ лттæ й йæ рарæ дывтон. Бирæ мæ нал хъæ уы уæ рдонмæ. Фæ лæ та уый циу? Суджы кæ рон æ нцайы, æ рхы сæ рмæ цы тала æ ркъул, уый зæ нгыл. Фæ быры дæ лæ мæ. Нæ й йын суадзæ н. Ныронг æ й æ з ластон, ныр та мæ уый ласы йæ фæ дыл. Мæ къæ хтæ ныббыцæ у кодтон, хъæ лæ кк. Рахиз къухæ й фæ хæ ст дæ н бæ ласы къалиуыл, фæ лæ галиу суг куыд бауромдзæ н? Судзын. Хидæ й тыхсын. Худы мидæ ггаг ныууымæ л и. Фадгуытæ та халасдоны. Нæ й, нæ йæ суадздзынæ н. Хъуамæ мын мæ хи дæ р йæ фæ дыл аласа. Фæ лæ суг мæ нмæ хъусы? Талайы лæ гъз зæ нгыл дæ лæ мæ быры. Мæ галиу цонг фырфæ лладæ й бахуыскъ, мæ дарæ с уæ рдæ хау сыздыхтытæ. Фæ лæ цæ мæ н æ рлæ ууыди суг? Дæ лæ мæ амондæ н йæ саджил кæ рон æ ндæ р бæ ласыл банцад. Ардыгæ й та йæ цæ мæ й сласдзынæ н?

Хилын былгæ ронмæ. Цы ’рцыди, уый Æ найæ н хъæ ргæ нгæ нæ у. Хæ рзаг ма зæ гъа, æ з сыл фыдæ бон кæ нын, уый сæ былæ й дæ лæ мæ калы. Рахастон бæ ндæ н. Æ ртыхтон æ й суджы кæ роныл. Айстон æ й стыр бæ ласы æ ддеты æ мæ йæ мæ тых, мæ бонæ й алвæ стон. Суг йæ бынатæ й фенкъуысти, фæ уæ ле. Худ систон. Сæ ры фæ здæ г къуыбылæ йттæ й цæ уы. Æ на мæ афтæ мæ й куы фенид! Цыфæ нды рынчын куы кæ нон, уæ ддæ р хъуамæ «фæ ллад дæ н» ма зæ гъон. Мæ къахы цъæ ррæ мыхст дуды. Æ нкъарын, туг ыл куыд ахъæ бæ р, уый.

Æ найы фæ рæ ты къуппæ н дзуапп дæ ттынц хъæ дæ хгæ д рæ гътæ. Чи зоны, уый азæ лд нæ у. Хъæ ды ма махæ й уæ лдай исчи уыдзæ ни. Кæ мдæ р зары цавæ рдæ р маргъ. Æ вæ ццæ гæ н, сиды йе ’мбалмæ. Рæ гътыл бæ лæ сты ’хсæ нæ й зыны урс фæ лм. Салф нæ ма ’ртади. Кæ нæ та мит у. Чи зоны, æ ппындæ р не ’ртайдзæ ни. Ноджы цыдæ р уазал ирдгæ рацыди. Буарæ н мæ лæ ты æ хсызгон у. Боныхъæ д ивы? Уæ вгæ нæ бирæ нал хъæ уы. Иу-фынддæ с суджы ма. Цымæ цал сахаты у? Сихор куы бахордтам, уæ дæ й нырмæ дзæ вгар рацыди. Сауи йæ сихор раджы ахицæ н кодта. Æ нæ мæ тæ й сынæ р цæ гъды. Цæ мæ й зоны, мæ гуырæ г, нырма йæ зынтæ разæ й кæ й сты...

Хур аныгъуылди мигъы æ ртхутæ джы. Чи зоны, рæ гъты фæ стæ мæ дæ р ныххызти. Ирдгæ зыланг кæ ны бæ лæ сты гом хихтыл. Кæ рæ дзиуыл сæ дзæ хст фæ цæ уы хъаматау. Æ на, йæ астæ уыл цы къуымбил кæ лмæ рзæ н баст ис, уым фæ рæ т нытътъыста æ мæ сугтæ дыгæ йттæ й иумæ хæ ссы. Æ ккойæ. Мæ хуызæ н сæ зæ ххыл нæ хæ р-хæ р кæ ны.

— Цырд фæ лæ уу, мæ къона. Иугæ р Бæ ркадджынæ й куы фæ фале уæ м, уæ д нын ницыуал у.

Суг суджы уæ лæ æ нцайы. Цæ стытæ — цæ стытыл. Куыд тæ ригъæ д у Æ на. Куыд бафæ ллад. Уæ ддæ р дзы сыбыртт нæ хъуысы, уæ ддæ р ма мæ нæ н æ вæ ры зæ рдæ тæ. Цæ стытæ сагъæ сы сау арты басыгъдысты. Се ’ртхутæ г аххæ ссыди сæ рыхъуынтæ м дæ р. Кæ сыс, зæ ронд чырынтæ кæ лмæ рзæ ны бынæ й цы бындзыг разынд, уымæ? Æ рфгуытæ — сæ тæ ккæ астæ утыл цæ хгæ рсаст, былæ й ахауæ г фæ ндæ гтау. Чи зоны, уыдон дæ р хъизæ мары азар басыгъта. Кæ ддæ р, дам, тынг рæ сугъд фидыдтой Æ найыл. Дзыцца мын дзырдта. Цыма ныр нæ фидауынц!

Уæ лдæ фы фæ зынди лыстæ г ссады муртæ. Нæ мыгмит... Къухтæ æ мæ уадултæ рæ хойы. Сугтæ амад фестæ м. Æ на хæ цы Сауийы сæ рбосыл. Цæ уæ м нæ раздæ ры фæ дыл. Дзæ бæ х нал зыны. Миты тæ нæ г хæ рв ыл æ рбадти. Мит æ мæ талынг æ нцадгай æ нцайынц хъæ дыл, рæ гътыл.

— Дæ къæ хтæ нæ сийынц, Дзег? Тæ рсгæ ма кæ н, афонмæ нын Дзыцца хъæ дур сфыхта... Дæ худы хъустæ æ рфæ лдах, ирдгæ дын сæ халоны базыртау раппар-баппар куы кæ ны.

Æ найы алы ныхас дæ р мын мæ зæ рдæ йы ныфсы гага ныппары. Бон куыд тардæ р кæ ны, афтæ зæ хх та — урсдæ р. Фæ ндагыл ма ранæ й-рæ тты мигъы скъуыдтау сау гæ ппæ лтæ аззади. Фæ стагмæ уыдон дæ р сæ фын байдыдтой. Ныр тæ ссаг у иуварс арæ дийынæ й. Уæ вгæ Æ на иу æ мæ дыууæ хатты цыди ауылты? Нæ химæ -иу изæ ррухсæ й æ рхæ ццæ, фæ лæ...

Цæ мæ н æ рурæ дта Æ на? Æ вæ ццæ гæ н, бафæ ллади. Дыууæ рдæ м дæ р фистæ гæ й... Ноджы ацы рæ гътыл... Кæ д фæ ндаг нал ары? Цæ мæ н кæ сы фæ йнæ рдæ м? Цыдæ р уазал аууæ ттæ мæ зæ рдæ йыл фыдгæ нджытау æ рæ мбырд сты. Ам дзæ гъæ л рæ гъты астæ у куы баззайæ м. Ирдгæ йы æ вджид...

— Дзег, мæ нæ уый дæ хъустыл æ ртух. — Æ на йæ астæ уæ й райхæ лдта къуымбил кæ лмæ рзæ н. Мæ лæ ты хъарм у. Æ найæ н йæ хи къухтау. Æ ниу куыд хорз тæ ф кæ ны! Уый мады ад у.

— Æ з фæ ндаг рацагурон. Макуыдæ м ацу.

Фæ ндаг... Иунæ г уый ма уыди нæ ныфс. Æ мæ йыл цыдыстæ м. Ныр уый дæ р агуринаг фæ ци. Цымæ цы фесты нæ абоны зылын-мылын цæ лхвæ дтæ? Ныр уыдон цæ хæ рæ й пырхгонд куы уыдаиккой. Мит сыл нæ хæ цыдаид.

Æ на æ рбаздæ хти. Къухтæ æ нæ бон хауд акодтой фæ йнæ рдæ м.

— Хæ йрæ г æ й йæ химæ фæ хаста...

Цæ уæ м. Кæ дæ м? Сауийы фæ дыл. Ныронг уырдыджы. Ныр Сауи цавæ рдæ р рагъыл уæ лæ мæ быры. Ирдгæ зилы буары къуымты. Нæ мыгмит судзины фындзæ й къахы салд уадултæ, уæ раджысæ ртæ.

Сауи æ рлæ ууыди. Бафæ ллади, мæ гуырæ г. Йæ комытæ ф къуыбылæ йттæ й цæ уы. Æ на банцой кодта сугтыл. Йæ къух — йæ сæ рмæ быцæ у. Чи дын бамбардзæ ни дæ судзгæ удхар? Чи зоны, ныртæ ккæ ныддæ лгом уаис салд быдырыл ингæ ны дурау. Æ нустæ м бафынæ й уаис æ хсæ вы æ гуыппæ гдзинадимæ. Ды та лæ ууыс. Цæ стытæ й... Нæ, зæ рдæ йæ бырсынц дудгæ цæ ссыгтæ. Хъуырмæ схæ ццæ вæ ййынц, стæ й фæ кæ лынц. Цæ стытæ н хъарм агъуд акæ нынц, фæ лæ сæ цыдæ р тых, цыдæ р ауæ зт бауромы. Фæ лдыст фæ у, фыццаг хатт сылгоймагæ н йæ къухмæ уæ ззау кусæ нгарз чи радта! Сылгоймаджы къухыл хъуамæ хуры тынтау згъорой ноггуырды къæ хтæ. Сылгоймаджы къухты хъарм — сабийы зæ рдæ тавынæ н, зæ ххы сойау сау ирон бæ гæ ны фыцынæ н. Сылгоймаджы фидауц — нæ лгоймаджы цæ стытæ н, зæ рдæ йæ н. Йæ урстымбыл уæ хсчытæ хъуамæ ма уромиккой маст æ мæ куысты тызмæ г уаргъ. Сылгоймаджы æ мбисонды аив гуыр гуыбырæ й ма лæ зæ рид гутоны цæ нкуыл къухтыл. Æ з хъусын сылгоймаджы риуты рог улæ фт. Хуры тынтæ й дзаг сырхуадул фæ ткъуытау фестъæ лфынц уддзæ фмæ къалиуты базмæ лдæ й. Царды æ нусон фæ йлаугæ тырысатæ. Царды симфонийы гуырæ нтæ...

Тулы уæ рдон æ хсæ вмæ. Йæ къæ с-къæ с зæ рдæ йыл æ ппары сагъæ сы сæ стæ гтæ. Цæ лхыты сау фæ дтæ — митвæ ндагыл. Сагъæ сы сау тæ лытæ — зæ рдæ йыл. Сауи — разæ й, Æ на æ мæ æ з — фæ йнæ фæ рсты. Тулæ м сагъæ с рагъмæ. Фæ лæ цы уыдзæ н уый фæ стæ? Цы ис рагъы æ дде? Уый нæ иу дæ р нæ зоны. Цымæ Сауи цæ мæ н æ рлæ ууы? Фæ ллад... Æ мæ мах къаддæ р бафæ лладыстæ м? Уый стур у. О, фæ лæ -иу æ й Æ на зондджын куы хуыдта.

Мæ нæ уый рагъ у, æ нхъæ лдæ н.

— Цы фæ дæ, Дзег? Цырд лæ уу, ныр хъуамæ уырдыджы фенцондæ р уа. Хуыцауы фæ ндæ й нæ фæ дзæ гъæ л уыдзыстæ м. — Æ найы хъæ лæ с мæ м хъуысы дардæ й. Цыма, мæ нæ цы рагъыл лæ ууæ м, уымæ н йæ астæ у фегом æ мæ уырдыгæ й цæ уы. Кæ сын нæ уæ рдоны фæ дтæ м. Сæ дард кæ рæ ттæ мит æ мæ талынджы айсæ фтысты. Фæ лæ уый циу? Тамакойы зынг? Æ мæ дыууæ цæ мæ н сты? Æ рыхъуыстон, бирæ гъы цæ стытæ талынджы æ рттивгæ фæ кæ нынц. Фæ лæ тамакойы зынгты ’нгæ с уой? Тас мын мæ зæ рдæ йы къултæ сау хъамайæ ныцъцъыкк кодта. Зыланггæ нгæ атахти буарыл. Дзурын Æ намæ. Мæ химæ дæ р тыхамæ лттæ й хъуысы мæ ныхас. Æ гуыппæ гдзинад зилдух кæ ны нæ алыварс. Цæ стытыл æ ртыхстысты æ нахуыр аууæ ттæ. Æ вирхъау сырды æ ндæ ргтæ. Æ найы раздарæ ны дзыппæ й хъуысы дзæ гъ-дзæ гъ. Цыдæ р æ мбæ хст ныфс цæ хæ рау мæ нг æ рттывд фæ кодта сæ ры. Бирæ гъ, дам, рухсæ й тæ рсы. Æ з табу кæ нын Æ найæ н. Уыйбæ рц æ рхъуыдыдзинад кæ мæ разынди, зынг рахæ ссын кæ мæ й нæ ферох и. Цымæ Сауи дæ р исты бамбæ рста? Æ вæ ццæ гæ н. Уæ дæ цæ мæ н араст и? Ноджы йæ цыд фæ тагъддæ р. Æ ви уый уырдыджы тыххæ й у. Мæ цæ ст нæ исын дыууæ зынгæ й. Змæ лынц, катай кæ нынц. Нæ уæ рдоны цæ лхытау. Мæ зæ рдæ мын судзынц уæ хсты бырынкъæ й. Уæ ртæ иуварс айстой сæ хи. Нæ размæ фæ уынмæ хъавынц. Хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р. Æ на, цы фæ дæ? Æ вæ ццæ гæ н, дæ цæ стытæ дæ р иу уысм нæ ма сцух сты дыууæ зынгæ й. Сонт рухсмæ хъуыдытæ ныппæ ррæ ст кодтой. Зынджытæ айсæ фтысты. Чи зоны, ададжы. Æ на судзы спичкæ спичкæ йы фæ дыл, хъавы тасы аууæ ттæ асурынмæ. Фæ лæ уыцы мæ нгæ фсон рухсæ н цы йæ бон у фыдгæ нæ джы цур. Ногæ й та ферттывтой. Сырх дарынц, цыма туджы æ вдылд сты. Фæ ллад, уазал æ мæ сагъæ с авддæ лдзæ х фесты. Сæ бæ сты буары ахъардта тас. Уый размæ схойы къæ хты, цыдæ р æ рвон тых сæ бауагъта. Кæ дæ м цæ уынц? Уæ лдай нæ у...

Уый циу? Æ ви мыл мæ хъустæ гадзрахатæ й цæ уынц?

— Хъусыс, Дзег, куыйты рæ йын? Бæ ркадджынæ й хъуысы. — Æ найы хъæ лæ с фæ рогдæ р. Дыууæ зынджы фæ зынынц æ мæ айсæ фынц. Мæ тас нæ ма фæ къаддæ р и. Цыма раст мæ тæ ккæ цур зæ ххæ й ферттивдзысты.

Разæ й æ рбазынди мынæ г рухс. Мæ бæ ллиц ныхъхъæ р кæ нынæ ввонг йæ базыртæ систа. Чи зоны, ды æ цæ г нæ дæ, æ нафоны рухс? Кæ д мæ бæ ллицы фæ лмæ н тынтæ й нывæ зт дæ?

Уæ рдон тулы талынгæ й рухсы цæ стмæ. Дыууæ зынджы æ рбадæ лдзæ х сты. Æ рмæ ст ма уæ нгты иннæ рдæ м чи хизы, ахæ м æ рдиаг ахсы хъус. Атагъа кæ уы йæ амæ ттæ гты сæ фтыл. Рухс æ мæ куыйты рæ йын кæ нынц хæ стæ гдæ р. Кæ мæ н чындæ уа табу? Чи у нæ ирвæ зынгæ нæ г? Куыд рауад уыцы диссаг? Цы уыдзæ ни дарддæ р? Бæ ркадджынæ й куы ахизæ м, æ мæ та уым дæ р ахæ м хъизæ мæ рттæ куы кæ нæ м. Иу хъуыды нысаныл нæ ма сæ мбæ лы, афтæ йæ йæ быны æ рнорды иннæ. Фыццаг хæ дзар. Фæ д-фæ дыл разынди цалдæ р рухсы. Цымыдисæ й фæ рсынц кæ рæ дзи: чи сты æ нафонæ й æ рбацæ уджытæ? Мæ нæ бæ рæ г бæ рджытæ й разынд уынг. Рухсытæ астæ увæ ндагмæ рацыдысты, салам дæ тгæ нæ разы æ ркъул кодтой сæ хи. Куыйтæ ныл сагъуыдысты. Мæ мид-зæ рдæ йы мын сты арфæ йаг. Сауи цæ хгæ рмæ уынгыл фæ зылди. Мах дæ р аууæ ттау — йæ фæ стæ. Фæ ндагæ й иуварс баздæ хти. Дыууæ пæ лæ хсар бæ ласы астæ у — стыр кулдуар. Сауи раст йæ тæ ккæ цур æ рлæ ууыд.

— Адон мæ мадырвадæ лтæ сты, — зæ гъы Æ на. — Сауиимæ ма сæ м айразмæ уыдыстæ м. Холлагæ й йæ м хорз фæ кастысты. Кæ сыс, фæ зынди та сæ м.

— Уазджытæ — хуыцауы уазджытæ!

Мæ кука æ нгуылдзтæ кæ йдæ р къухы аныгъуылдысты. Цы хъарм у! Цыма йæ цæ хæ рæ й райста. Къахы фесхуыстæ й кулдуар йæ дыууæ базыры байтыгъта. Сауи хионау уыциу растæ й кæ рты смидæ г. Мæ хинымæ р хъæ быстæ кæ нын дыгæ рдыгæ н.

— Мидæ мæ ахизут, стуры мæ бар уадзут. Уазджытæ, уазджытæ, не ’фсин!

Цырагърухс — парахат. Нæ цæ стытыл æ рбанхъæ взта. Нæ фысымты усы цæ стытæ дæ р — ахæ м парахат æ мæ рæ дау. Хæ дзар кæ ны ногфых кæ рдзын æ мæ арты тæ ф.

Арт æ мæ хуры тын æ нахъом сабитæ й уæ лдай не сты рæ вдауынмæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.