Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ТУАЦЪÆЙЫ КОМУЛÆФТ



Нæ къуту, скъæ т æ мæ кæ ркдон фаззæ ттæ уыдысты, ме ’мгар, кæ нæ мæ нæ й хистæ р. Æ з сæ нæ кæ рты æ рæ ййæ фтон. Фæ рсæ й-фæ рстæ м. Æ ртæ дæ р кауæ й быд. Скъæ т зæ ххыл фидардæ р лæ ууыди. Ныллæ г æ мæ бæ зæ рхыг. Кæ ркдон æ мæ къуту та тæ нтъихæ г, зæ ххыл цыма æ ндзæ вгæ дæ р нæ кæ нынц. Къуту нартхорæ н конд уыди, фæ лæ дзы æ з иу æ фсир дæ р никуы федтон. Уыцы тæ бæ ккæ й лæ ууыди, комхæ лиуæ й. Стæ гдарау. Йæ кауын фæ рсчытæ йын æ нцонæ й анымайæ н уыди. Къутуйы дзæ гъæ л æ ппæ рстæ й лæ ууыдысты йæ хи хуызæ н зæ ронд чыргъæ дтæ, белтæ, рувæ нтæ. Æ ртæ йæ н дæ р — уистæ й конд къуырф сæ ртæ. Дзалайæ æ мбæ рзт. Хуыцау йæ зонæ г, кæ дæ й нал уыдысты ивд. Хæ тæ нхуаг мæ гуыргуры сæ рыхъуынтау кæ рæ дзиуыл ныцъцъæ пæ ра сты. Скъæ ты сæ рмæ хъуг æ ххæ ссыди æ мæ йæ м-иу йæ зондджын ахсæ ны ардыдæ й фæ ныхылдта. Фæ лæ а-къуту, æ мæ кæ ркдонмæ чи ’внæ лдта? Æ мбыд дзала зыгуымау згъæ лын байдыдта. Къуту, скъæ т æ мæ кæ ркдон бæ лæ сты къалиуты бын æ ргъæ фст сырддонцъиутау цæ мæ дæ р æ нхъæ лмæ кастысты. Гæ мттæ -иу Æ на нартхоры хъæ ллæ гътæ й бæ ргæ амбæ рзта, фæ лæ фылдæ рæ й-фылдæ р кодтой, æ мæ сæ йæ сæ рæ н нал уыди. Къуту цыфæ нды фæ уæ д, уый лæ вархор у...

Дзыцца бакой кодта Джинойæ н. Дыккаг бон нæ кæ рты дуармæ æ рлæ ууыди галуæ рдон.

Æ ррæ вдз кодтам цæ вæ г, сагой, хосласæ н хъил, бæ ндæ нтæ...

Рыгвæ ндагыл цæ лхвæ д бæ рæ г дæ р нæ дары. Иуæ й йæ цæ лхытæ сæ хæ дæ г змæ нтынц, иннæ мæ й галтæ. Рыджы сæ вдылдысты фæ ндаггæ рон зайæ г халтæ. Нырма сæ умæ райсом у, фæ лæ фæ ндаджы ’рдæ м æ ркъул сты, цыма цæ уджытæ н лæ гъстæ кæ нынц, мах уе уазæ г, ма нæ бахъыгдарут. Хæ рзаг зын улæ фæ н сын у. Цæ лхытæ сæ уæ ддæ р æ гъатырæ й басхуыстытæ кæ нынц. Се ’фхæ рды фæ стæ ма сæ сæ ртæ æ нæ бонæ й батилынц. Ахæ м хус заман Туацъæ йы быдырты та тыллæ г тугыл аскъуыйы. Суадæ ттæ æ мæ дзы цъыфдзæ стытæ н ныккæ нæ н нæ й. Ноджы арæ хдæ р та дзы каконы къутæ ртæ, хъамыл æ мæ дзала.

Джино бады разæ й, сæ рхъæ дæ й сæ рхъæ дмæ цы фæ йнæ г æ вæ рд ис, ууыл. Нымæ тхуды бынæ й нæ м зыны æ рмæ ст хъуынджын бæ рзæ й. Джино зары. Зарæ г у рагон. Буары иннæ рдæ м хизы æ нкъард мелоди. Цыдæ р уынгæ г аууæ ттæ атыхсынц зæ рдæ йыл. Фæ лæ æ васт æ хсаргарды дзæ хстау хурмæ ферттивы сæ рыстыр ныфс. Цæ ссыгæ мхæ ццæ цин ныззыланг кæ ны, ахъары буары. Зынаргъ дын чи у, уыцы адæ ймагæ й сæ рыстыр уæ вгæ йæ чи фæ зыны, ахæ м æ нкъарæ н.

Быдираг уынæ ртæ, цъиуты пæ ррæ ст æ мæ суадæ тты цъыллинг фæ лварынц Джинойы зарæ гæ н бахъырнынмæ. Кæ й уæ рдоны бадай, уый зарæ г кæ н. Уыдон та мах уæ рдоны нæ, фæ лæ ма нæ зæ рдæ ты дæ р бадынц. Нæ фидауынц Джинойы зарæ гимæ быдыры уынæ ртæ. Кæ ддæ р-иу ирæ ттæ сæ зарджытæ арæ зтой æ хсæ рдзæ нты æ мæ хæ ххон къада куырæ йтты уынæ рмæ гæ сгæ. Зарæ ггæ нæ г-иу зылдис хъæ дтæ æ мæ хæ ххон фæ ндæ гтыл. Лæ джыхъæ ды зарджытæ фыста æ хсæ рдзæ нты, къада куырæ йтты тызмæ г æ мæ домбай мыртæ й, зæ йты æ мæ дымгæ ты ’взагæ й. Лирикон зарæ г та арæ зта суадæ тты сусæ г улæ фт, мæ ргъты хъæ лæ стæ, бæ ласы сыфтæ рты фæ лмæ н сусу-бусуйæ.

Джинойы зарæ г у лæ джыхъæ ды зарæ г. Æ вæ ццæ гæ н, уымæ н нæ бады кæ рæ дзиуыл сæ ныхас быдыримæ. Æ рмæ ст галуæ рдонæ н æ нтысы цыдæ ртæ. Зарæ гæ н хъырны. Ныхæ стæ зын равзарæ н сты. Ацахсын дзы: уынгæ джы бон, джауыртæ, фæ тæ нком хъама, сахъ лæ ппутæ... Иннæ дзырдтæ «уæ рæ йдæ йы» бын фæ вæ ййынп. Стæ й сæ Джино афтæ ныллæ гæ й кæ ны, æ мæ сæ уæ рдоны хъæ р анорды.

Ацабийы суадон... Боны рухс дзы ахъардта. Уылæ нтæ дзурынц цыдæ р амондыл. Хъамылтæ сæ морæ цокоратæ æ рцытау бæ рзонд систой, цыма арвы цъæ хмæ хъавынц. Бæ гънæ г зæ нгтæ м дон кæ й онг æ ххæ ссы, уый онг урс дарынц. Рухс кæ нынц суадоны бын. Цыма чызджытæ уæ рджытæ м доны бацыдысты. Суадон цин кæ ны уазджытыл. Сæ хуыз систа галтæ æ мæ хъамылтæ н. Лыстæ г æ нцъылдтыл худæ змултæ згъорынц.

Джино галтæ суагъта. Кæ рдæ гыл сæ хи ныццавтой. Райхъуысти цъæ хснаг хъыррыст. Донгæ рæ тты дзала сау тæ лмытæ й бады. Бæ хы барцау дымгæ фастæ й æ ркъул и. Цæ вæ г Джинойы къухты хъазæ нау рог змæ лы. Кæ рдæ джы бын йæ хуылыдз сау мукъу фæ цæ вы. Калмау асыффытт ласы, кæ рдæ джы хæ лттæ зыд хæ мц кæ нгæ йæ. Кæ рдæ г мæ лæ ты тасæ й дæ рзæ г æ хситт кæ ны, цæ хæ р калы хуры тынтæ м, цыма æ хсоныл æ ндоны сæ стаг бандзæ выд. Адджын хъыхъхъаг тæ ф уæ нгты ахъардта. Уыгæ рдæ ны фарсмæ хъалзæ нг саухал нартхæ рттæ сæ дзыкъуылатæ бæ рзонд систой, кæ мæ дæ р сæ къухтæ тилынц. Хуымгæ рон æ хсынæ н зыбыты иунæ гæ й лæ ууы. Цырагъ дары. Пæ лæ хсар бур сæ р æ гасæ й дæ р мидбылхудт фестади. Хуымæ тæ джы йæ нæ хонынц хурмæ зилæ г. Сæ ударæ й изæ ргæ рæ ттæ м хуры фæ дыл зилы. Йæ хæ дæ г дæ р хуры æ нгæ с.

Уис уисы не ’ййафы. Уыгæ рдæ ны уистау раст не сты. Дзала кæ цырдæ м фæ зилы æ мбæ хсынмæ, цæ вæ г дæ р йæ фæ дыл уым смидæ г вæ ййы. Сæ фæ стаг хъуырдухæ н ма райхъуысы, стæ й кæ рдæ г æ нæ бонæ й æ рхуыссы цæ вæ джы бын. Сæ рæ гасимæ фæ лварæ м карст кæ рдæ г ссивыныл. Хорз нæ у, иунæ г сагой йеддæ мæ нæ м кæ й нæ й, уый. Джино иу къухæ й куы кæ рдид, уæ ддæ р æ й нæ баййафиккам.

Хур арвы астæ умæ схæ ццæ. Комкоммæ калы йæ тынтæ. Æ ртæ х ын раджы фæ ци нызт. Ныр кæ рдæ гæ н йæ химæ бавнæ лдта. Карст кæ рдæ г адæ ргæ й акъæ дзтæ, ампылдтæ. Хуры тынтæ йæ баууылдтой. Ноджы адджындæ р тæ ф скодта. Быдыры ахорæ нтæ æ мæ зарджытæ сиу сты. Быдыр æ мæ зæ рдæ дзурынц сæ хи ’взагæ й. Æ рдзы стырдæ р гени — хур рацыд ныв кæ нынмæ. Алы хахх дæ р змæ лы удæ гасау. Змæ лы æ мæ зары. Уæ здан æ мæ зондджын. Арф хъуыды кæ ддæ риддæ р уæ здан вæ ййы. Арв æ мæ Ацабийы суадон уарзæ ттау кæ рæ дзиуыл ныддæ лгом сты. Æ хсынæ н зилы йе ’нусон удлæ ууæ н хуры фæ дыл. Бафсис ын дзы нал ис. Йæ бур дидинджытæ ныппака кодта. Нартхæ рттæ кæ рæ дзийы ’нцой лæ ууынц. Сæ ноггуырд сабитæ — сæ хъæ бысы. Иуæ й-иутæ м дзы ис фаззæ ттæ дæ р. Дзала дойныйæ сæ фы æ мæ ныллæ г къардиутæ м æ ркъул.

Хур æ рхахх кæ ны йæ сисæ й æ мæ ахорæ н улæ фын райдайы. Зарæ г сæ мбæ лы зæ рдæ йыл. Нывы ноджы аивдæ р кæ ны галты æ хсырджын комытæ ф, Джинойы цæ вæ джы æ хситт æ мæ фæ лладуадзæ г уæ рдон. Уый, мæ гуыр, бафæ ллад сагъæ стæ ласынæ й. Исдуг ын фадат куы фæ вæ ййы, уæ д æ гуыппæ гæ й йæ хи æ руадзы. Йæ даргъ рæ тæ нæ гъдтæ æ ддæ гуæ лæ æ рæ вæ ры æ мæ æ ркув-æ ркув байдайы цæ лхытæ йæ быны бакæ нгæ йæ.

Джино йæ м фæ зынди. Уæ рдон фестъæ лфыди. Джино йын йæ рæ тæ нæ гъдтæ схъил кодта. Галтæ хъуыддаг бамбæ рстой. Сæ хæ дæ г бацыдысты æ фсондзы бынмæ.

Джино гуыффæ йы иудзæ вгар ацамадта.

— Марадзут, исчи уæ схизæ д уæ лæ мæ, æ рæ фсæ рæ д кæ рдæ г.

Дыууæ йæ дæ р базгъордтам. Æ з фæ разæ й дæ н. Сæ рæ гас хæ лæ ггæ нгæ кæ сы уæ лæ мæ. Сагойы дзаг тъыфыл тæ хы тъыфылы фæ дыл. Уæ рдон рæ зы хæ рдмæ æ мæ фæ йнæ рдæ м. Галты рæ гътæ мæ м дардæ й дарддæ р кæ нынц, зынынц ма мæ м се ’мбистæ. Уæ ртæ æ рбазынди нæ хъæ у дæ р. Йæ сæ рмæ тæ вд уæ лдæ ф ризы, цыма лæ флæ фгæ нæ г куыдзы комы ’взаг змæ лы. Тъыфыл тæ хы тъыфылы фæ стæ. Джинойы сагой ма сыл рæ вдауæ гау йæ къухтæ æ рсæ рфы...

— Фидар лæ уу. Хæ стæ гдæ р батæ рæ м уæ рдон.

Сæ рбосыл ахæ цыди. Уæ рдон цудгæ -цудгæ фенкъуысыд. Æ з æ рныгъуылдтæ н астæ уæ й. Фæ хæ стæ г кæ нæ м карст кæ рдæ гмæ. Уæ рдон къулвæ рсты баиыди. Фæ цудыдта. Æ з ме ’нгуылдзты дзаг кæ рдæ джы хæ лттыл ныддæ вдæ г дæ н. Бырын фалæ мæ. Мæ уд кс мæ къухы. Хъуамæ йæ зæ хмæ ма ’руадзон. Джинойы ’рдæ м ма иу каст фæ кодтон. Уый мæ нæ уыны. Сæ рæ гасы та мæ нмæ не ’вдæ лы. Йæ фæ дыл ласæ н хъил хæ р-хæ р кæ ны. «Сæ фын æ мæ мæ иу хъуыдыгæ нæ г нæ й», — сæ ры магъзы ныцъцъæ хахст ласта уыцы хъуыды. Мæ къæ хтæ размæ ауагътон, афтæ мæ й цъыгъгъуытгæ наг кæ рдæ джы уæ рдонимæ тæ хын зæ хмæ. Къæ хтыл куы ’рхауон, уæ д мын ницы уыдзæ н. Раст уыцы афон Джино фæ стæ мæ фæ каст. Ауыдта мæ. Байрæ джы. Тæ хгæ -тæ хыны банкъардтон амонæ н æ нгуылдзы сонт рыст. Дзалайы цыргъ æ взаг æ й фæ лыг кодта. Гуыффæ йы ма ’мбисы бæ рц аззади.

— Гъей, лæ ггаг! Исчи дæ р ма уæ рдон чердæ м фæ лдæ хы, уыцырдæ м быры? Иннæ фарсмæ æ нцой кæ нын хъуыди.

Уыдæ ттæ бæ ргæ æ мбарын, фæ лæ мын мæ тæ ппуд чи бахъахъхъæ дтаид. Фырæ фсæ рмæ й мæ цæ сгом пиллон уадзы.

— Цæ й, ницы кæ ны, ацамайдзыстæ м та йæ. Æ ртæ лæ джы куы стæ м. — Ме уæ хскыл æ рæ нцад Джинойы уæ ззау къух, мæ уадулыл йæ хи æ рбасæ рфта. Афтæ мæ м кæ сы, цыма къух йæ хæ дæ г дзуры.

Джино рог цæ фæ й цæ вæ джы йæ хъæ дæ й нæ удзармы фæ сагъта æ мæ фæ ндагмæ араст. Исдуджы фæ стæ фæ зынд. Йæ къухы цалдæ р дугъысыфы.

— Æ ри, лæ ггаг, цæ ф бабæ ттæ м...

Мæ къух тъепа кæ сагау аныгъуылди йæ армытъæ пæ ны.

Уæ рдон ацы хатт ноджы тагъддæ р айрæ зти. Джино йæ цалдæ р сагойыдзагæ й фæ уæ ле кодта. Хъил Сæ рæ гасмæ слæ вæ рдта. Уый йæ кæ рдæ гыл дæ ргъмæ æ рæ вæ рдта. Разæ й йæ бæ ндæ ны дыдагъы фæ цавта. Хъил фæ сте схъæ лæ й аззади. Джино йын йæ сæ рты бæ ндæ н аппæ рста. Æ рхæ цыди йыл. Уæ рдон æ гасæ й базмæ лыд, йæ хи мидæ г бахъынцъым кодта. Джино бæ ндæ н бабаста. Нымæ тхуд систа, Хиды лыстæ г æ ртæ хтæ тад цæ ххау фæ тæ н ныхы лæ гъзы ныддæ вдæ г сты. Ацы хатт уæ лдай тынгдæ р фидауы сауыстъæ лф.

Æ з та ’нхъæ лдтон, Джино фæ ллайын нæ зоны.

Лæ гъзвæ ндагмæ Джино цæ уы галты разæ й. Сæ рæ гасимæ уæ рдоны рагъæ й фæ лгæ сæ м быдырыл. Зынынц нæ м æ рмæ ст галты сыкъатæ.

Хуры ма иу санчъехы бæ рц хъæ уы ныгуылынмæ. Йæ тынтæ хæ хтæ м ныббыцæ у кодта. Нæ йæ фæ нды ныххизын. Чи зоны, уым уазал у. Уæ вгæ хурæ н кæ д уыди уазал. Йæ был андзæ выди хохы уадулыл. Хæ рзаг хъарм былтæ ис хурæ н.

Разæ й — галы сыкъатæ æ мæ Джинойы хъæ лæ с.

Уæ рдон тулы авдæ ны зарæ гау. Хур хохы буары фæ хизы. Йе ’мбис фæ дæ ле. Иу лыстæ г æ хсидав ма дзы зыны. Ныр бынтондæ р ныххызти йæ ныккæ ндмæ. Арв — сырх-сырхид. Уый хуры аууон у. Сæ сæ рмæ дæ ргъæ лвæ ст мигъ хохы тигъæ й арвы кæ ронмæ æ рбакъæ дз. Хур фæ стаг хатт йæ къух тилы, хорз фынтæ фенут, зæ гъгæ. Мигъæ н йæ дæ лвæ дджимæ сырх уылæ н фæ хæ ццæ. Йæ кæ рæ ттæ — сызгъæ рин æ ндахæ й рæ хсад. Æ рттивынц.

Галы сыкъатæ узынц Джинойы зарæ г. Арвгæ рон фæ зынди рагстъалы. Ноджыдæ р ма иу. Мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд Асæ гойы арфæ: «Стъалыйау байрæ з, мæ хур». Арв куыд тардæ р кæ ны, афтæ стъалы рæ зы, ирддæ р кæ ны.

Тулынц уæ рдон æ мæ зарæ г. Тулынц стъалытæ. Тулы арв æ нæ хъæ нæ й.

Фынæ йы агъоммæ ма мæ фæ стаг хъуыды уыди: ныр не скъæ т, кæ ркдон æ мæ къуту мæ гуыргуры бызгъуырты нал баддзысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.