Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НÆ УАРЗЫН СЫВÆРДЖЫН СЫЛГОЙМÆГТЫ



ЦЫХТЫ АД

Дзæ гъæ лы тарстыстæ м. Сауи фæ ззæ джы ныззади. Хъом уынджы кæ ронæ й нæ ма æ рзынынц, афтæ йæ дæ ргъвæ тин «му» йæ разæ й фæ вæ ййы. Кулдуар йæ сыкъайæ фесхойы æ мæ хæ дзары тæ ккæ æ рбахизæ ны æ рлæ ууы. Йæ род скъæ ты кæ й ис, уый зоны. Ноджы хуыздæ р та зоны, хъуыддаг Дзыццайæ аразгæ кæ й у, уый. «Æ м-му-у». Йæ роды хоны афтæ. «Æ м-ме-е», — дзуапп ратты Гобæ.

Уæ дмæ Дзыццайы къæ ртайы зыланг райхъуысы. Уыцы музыкæ йæ фылдæ р ницы уарзæ м æ з æ мæ Сауи. Уымæ н йæ хъæ бул æ мæ холладжы ад кæ ны, мæ нæ н та ногдыгъд æ хсыры ад.

Дыууæ цыхцырæ джы радыгай ныззæ ланг кæ нынц къæ ртайы быныл. Кæ рæ дзийæ н бар нæ дæ ттынц. Зын рахатæ н у, æ хсыр хъуджы фæ дджытæ й згъоры æ ви Дзыццайы къухтæ й. Лæ ууын сæ уæ лхъус æ д къус. Æ хсыр абузы, бæ лонау хъуыр-хъуыр кæ ны. Дзыцца мын хъæ зын къус байдзаг кодта. Уыгæ рдæ н æ мæ сæ рды хъарм тæ ф уæ нгты ахъардта.

— Цу, рауадз æ м йæ Гобæ йы.

Æ з Гобæ мæ хæ рзæ ггурæ ггаг фæ вæ ййын: «Дæ фаг дæ р ма дзы ис». Йæ мадыл цин дæ р нæ бакæ ны. Уыциу растæ й фæ дджытыл йæ хи ныццæ вы. Йæ сæ рæ й сæ срæ хуыстытæ кæ ны. Æ рмæ ст уыдоныл цæ уы йæ бон.

Дзыцца æ хсыр сæ вæ ры пецы сæ р. Хъуамæ схъарм уа. Ныккæ ны йыл ахсæ н. Æ хсыры кæ рæ ттæ æ рбарухс вæ ййынц боныцъæ хау. Къæ ртайы змæ лынц стъалытæ. Урс-урсид. Дзыццайы къухтæ зилынц кæ сагахсæ гау хъавгæ. Стъалытæ алидзынц æ нгуылдзты ’хсæ нты. Къухтæ ног раздæ хынц кæ рæ ттæ м. Хъуамæ дзы иу дæ р ма аирвæ за. Цыхт рæ зы. Стъалыты сæ стæ гтæ кæ рæ дзиуыл æ ндæ дзынц. Къухтæ ленк кæ нынц арвгæ рæ тты. Чи бафæ сфæ д кодта йæ хи? Арв къæ ртайы цъæ х адардта. Стъалыдзау æ нгуылдзтæ фæ стаг фæ лтæ р скодтой. Мæ нæ арвæ й фæ хицæ н хуры йас уæ ззау гуымбыл. Фæ цуды. Дзыццайы æ нгуылдзтæ йæ быны лыстæ г къалиутау æ ртасыдысты.

Цалдæ р боны фæ стæ ма йæ м æ рбацæ ут фенынмæ. Хæ ндыджы куы бахсида, суары хуызæ н карз дон дзы куы ахъара, уæ д стъалытæ кæ рæ дзийæ атонын нал комдзысты.

Фенут æ й хъарм нартхоры кæ рдзынимæ. Цы ад кæ ны?

Хур, уыгæ рдæ н æ мæ Сауийы...

Стæ й Дзыццайы къухты ад.

НÆ УАРЗЫН СЫВÆ РДЖЫН СЫЛГОЙМÆ ГТЫ

Рады лæ ууынæ й ме сæ фт уынын. Уый тыххæ й мæ м мæ сабибонтæ й фæ стæ мæ уайдзæ фтæ хауди: «Уыцы хуызæ нæ й дæ мады гуыбыны куыд æ нхъæ лмæ кастæ радмæ? »

Цыфæ нды дзурæ нт. Æ ндæ р зонд мæ м не ’рцæ удзæ н.

Дуканимæ, дам, хъуымæ цтæ æ рластой. Дугъ кæ нæ м Æ наимæ. Фæ ндаджы рыг мæ лæ ты æ хсызгон у къахы æ нгуылдзтæ н. Цыма мын бумбули агъуды аныгъуылынц. Хæ лафы фадыгæ й хуры тынтæ мидæ мæ кæ сынц цымыдисæ й. Айфыццаг æ й ногæ хсадæ й Гобæ баууылдта. Аныхъуырын ын нæ бакуымдта — æ гæ р хъæ бæ р уыди. Дзыцца йын æ й йе ссыртæ й скъахта. Гобæ гъæ йтт-мардзæ уæ ныг сси. Æ з та уыцы сыхырна хæ лафæ й нæ ма сцух дæ н. Хорз у, æ мæ каникулты стæ м. Скъолайы та мын фидис кæ никкой. Æ найы аххос ницы у. Хæ лафы æ хца рагæ й æ вæ рд у. Дуканийы цыфæ нды хъуымац фæ зынæ д — уайсахат æ й æ вæ гæ с хуртуанау аскъæ фынц. Цалæ м хатт лæ ууæ м Æ наимæ!

Мыдыбындз циу? Куыйтæ сæ рæ йынæ й нал æ нцайынц адæ мы хъæ лæ бамæ. Кæ рæ дзи уæ хсчытыл бадынц. Уæ ртæ та дзы иуы рахæ ссынц. Йæ цæ нгтæ базыртау байтыгъта. Цæ уылнæ худа! Хъуымацæ й йын — хай, ноджы йæ адæ м сæ уæ лныхты систой. Донласт дæ ргъæ й-дæ ргъмæ хæ дон хæ лафы æ дде фæ ци. Буарыл баныхæ ст. Хид лæ дæ рсы чъиллон цæ сгомыл. Чиныджы ма федтон уыйбæ рц адæ м. Мавзолеймæ лæ ууыдысты. Æ рмæ ст уым хъæ лæ ба нæ кодтой.

Æ рлæ ууыдыстæ м кæ ронæ й.

Рыг æ мæ æ нтæ ф хъуыртæ æ хгæ нынц. Зæ хх судзы къæ хтæ. Адæ мы цъах-цъахæ й хъустæ дзæ нгæ рджытæ фестадысты. Уæ гъд нæ уадзын Æ найы фæ дджи. Сæ ры магъзыл къæ мдзыгау ныддæ вдæ г иу хъуыды. Цыдæ р рæ сугъд нывтæ ракал-бакал кæ ны. Кæ цы дзы равзара. Сæ иуæ й се ’ннæ аивдæ р. Фæ стагмæ сау хъуымацыл æ рæ нцад. Уый у. Æ на дæ р уымæ амоны. Дуканигæ с тæ рхæ гыл рог æ рæ ппæ рста стыр тыхтон. Æ ртæ метры? Йæ кæ рæ ттæ фаты бырынкъау цыргъ кæ мæ н сты, уыцы фæ йнæ г метр хъуымацимæ фæ иу. Тыхтон йæ мидбынаты цалдæ р зылды æ ркодта. Иу дыдагъ. Дыууæ дыдагъы. Æ ртæ метры. Æ хца — цæ ттæ капеччы онг. «Фæ рнæ й йæ фæ дар», — дзурынц мын уæ йгæ нæ джы рæ дау цæ стытæ.

Чидæ р мын мæ къахыл ныллæ ууыди. Хъуыды фæ цудыдта. Хъуымац гæ ппæ лгай фæ йнæ рдæ м фæ тахти. Къахы уæ лфад дудгæ рыст скодта. Хидæ йдзаг цæ ссыгтæ мæ хъуыры фæ бадтысты. Нæ лгоймаджы гуымиры сæ рыстырдзинад мын хъæ р кæ ныны бар нæ дæ тты. Æ ниу ацы цъистæ й мæ хъæ р кæ мæ фехъуысдзæ ни? Рабырыныл фæ лварын, фæ лæ мын не ’нтысы. Зыны мæ м æ рмæ ст Æ найы фæ сонтыл хъæ бæ рбыд дзыккуйы кæ рон. Къахы уæ лфад цъæ хснаг рыст кæ ны. Улæ фт мæ м нал и. Тугдадзинтæ мастæ й ныддымстысты. Мæ къух феуæ гъд. Адæ мы ’хсæ нты йæ иуварс ауагътон. Кæ йдæ р нард агъдыл фæ хæ ст сты æ нгуылдзтæ. Ныхтæ та мын æ взæ р нæ й — каникулты рæ стæ г у. Мæ тых, мæ бонæ й æ лхъивын зæ узæ угæ наг агъд. Хъуамæ дзы мæ маст иууылдæ р рацъирон. Уый дын мæ къахы хъизæ мæ ртты тыххæ й! Уый дын мæ хъуыдыты сæ фты тыххæ й!.. Агъд базмæ лыди. Уидæ гтау хъæ бæ р анхъырдтæ аци. Йæ хи мидæ г бахъуырдухæ н кодта. Мæ къах феуæ гъди. Кæ цæ йдæ р мæ м хъуысы сылгоймаджы цъæ хахст. Цыма агъд йæ хæ дæ г хъæ р кæ ны: «Судзгæ рын уын сæ фæ хæ сса, уæ сывæ ллæ тты та уемæ цы ’рбакæ нут? Мæ сы... фæ рстæ мын сцъæ хтæ кодтой! » Агъд мæ нæ рдæ м разилыныл фæ лвары, фæ лæ йын не ’нтысы. Сæ цæ рæ нбон бирæ адæ мæ н... Æ ниу кæ д æ з нæ уыдтæ н, уæ д та? Æ вæ ццæ гæ н, ма йæ м дзы мæ размæ исчи фæ касти.

Дуканийы дуар — мæ цардбæ ллиц. Уырдæ м куы баирвæ зæ м, уæ д хæ лайфаг нæ къухы ис. Бирæ нæ бæ ргæ нал хъæ уы. Тыхæ й куынæ бырсиккой, уæ д афонмæ дæ р бахæ ццæ уыдаиккам. Судзын. Хид æ мæ рыджы мæ цын. Хъусты зыланг кæ ны æ мтъеры хъæ лæ ба.

Дуар байгом. Иукъорд адæ ймаджы кæ рæ дзи фæ дыл ракалдысты. Аивгъуыдта æ нус.

Ме уæ хсчытæ й зæ ххы æ муæ з уаргъ æ рхауди. Уæ ртæ разынди æ цæ г уæ йгæ нæ г. Æ на у æ хсæ зæ м. Хъуымацы тыхтон дæ р егъæ уттæ й нал у. Иугæ р мидæ мæ æ рбахаудыстæ м, уæ д афтид армæ й нал ацæ удзыстæ м. Дзæ гъæ лы нæ æ рбауагътой? Мæ хъуыды фестади хæ сгард. Æ найы къухы. Хъуымац мыл абарста. Акæ рстытæ йæ кодта. Мæ нæ йыл машинæ ауагъта. Адæ мы хъæ лæ ба нæ хъуысы. Уый машинæ йы дзæ кк-дзæ кк у. Хуыд фæ ци. Цæ ппузыртæ ма йын хъæ уы. Цæ й, афтæ мæ й уал æ й фенон. Кæ д мын æ гæ р гыццыл у? Фæ лæ уу, иу минут ма... Цæ ппузыр цас ахуыинаг у? Гъе, ныр срæ вдз. Фен æ й... Диссаджы хорз фидауы. Дыууæ дзыппы йын. Уæ дæ лæ гæ н цал дзыппы вæ ййы! Иту? Æ дылы къоппа, хом хъуымацыл кæ д æ вæ рдтой иту? Стæ й уый горæ тæ гтæ фæ дарынц итувæ рд хæ лаф...

— Мæ нæ ма сывæ рджын сылгоймаджы бауадзут. — Уый æ дде чидæ р хъæ р кæ ны.

Æ на æ ртыккаг у.

Тыхтон смæ ллæ г.

Дуар байгомчынди. Æ рбахызт æ рыгон сылгоймаг. Цæ сгомы дзыгъуыртæ — сæ рыхъуынты хуызæ н сырхытæ. Æ ви мæ цæ стытæ тартæ кæ нынц?

Сау тыхтон рогдæ р зилы. Ныттæ бæ кк.

Мæ цæ стытыл цыдæ р сау базыртæ сагъуыдысты. Цыма былæ й хауын. Буары нуæ рттæ тымбыл къухты æ рæ мбырд сты.

Ныр Æ найы рад у.

Дзыгъуыры гуыбын æ рхуыссыди тæ рхæ гыл.

Æ на æ хца йæ къухы дары.

— Цас дæ хъæ уы?

— Æ ртæ метры.

Хъуымацы кæ рон фæ иу æ фсæ нбырынкъ фæ йнæ гимæ. Иу дыдагъ. Дыууæ дыдагъы. Хъуымацы къæ дзилæ й атахти фанеры гæ баз æ мæ йæ хус къæ рцц фæ цыди тæ рхæ гыл.

— Дыууæ метры æ мæ æ рдæ г. Фаг дын у?

Дзыгъуыры дзуаппæ й фæ раздæ р Æ найы фарст:

— Нал дзы ис?

— Дзæ гъæ лы мауал лæ уут.

Мæ фæ стæ фæ д-фæ дыл райхъуысти цалдæ р хъæ лæ сы:

Фыццаг:

— Уыцы дзыгъуыр гогызы ма дзы кæ й фæ ци...

Дыккаг:

— Сæ гуыбынтæ цæ мæ й ракъуыпп вæ ййынц? Уæ дæ нæ лгоймæ гтæ дæ р хæ сты куы сты?

Æ ртыккаг:

— Дзæ гъæ лхæ тæ г адæ м гыццыл и?

Чи зоны, уыцы ныхæ стæ Æ найы дзыхы хуыздæ р сфидыдтаиккой.

Ныббарæ нт мын сывæ рджын сылгоймæ гтæ. Нæ сæ уарзын.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.