Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





«ÆЗ КÆМ УЫДТÆН, УЫМ НИЧИ УЫДИ»



Баккоса æ фсадæ й... Ныббарут, æ фсадæ й нæ, фæ лæ лыгъдæ й куы сыздæ хти, уæ д нын йæ хицæ й куыд æ ппæ лыди! Кæ ддæ р дыргъгæ сæ й дæ р акуыста. Иу бон дын æ м мæ хи байстон. Бады иу зæ ронд уæ лмæ рды дурыл. Йæ къах рæ тæ нагъдау адаргъ кодта. Рахиз къухы мучъа æ мæ амонæ н æ нгуылдзæ й фындзы хуынкъимæ архайы. Галиу цæ ст йæ хигъдауæ й æ рдæ гцъынд авæ ййы. Раст цыма мысанмæ ныхъхъавы. Фындзы хъуынмæ ма иу каст æ ркæ ны, амонæ н æ нгуылдзы чысыл фесхуыстæ й йæ æ рбадæ лдзæ х кæ ны. Стæ й та дзыхъхъынногæ й райдайы. Ме ’рбацыд ын æ хсызгон уыди. Куы йыл æ рæ мбырд вæ ййæ м, уæ д ма йын хуыздæ р фадат цы уа йæ дзуринæ гтæ скалынæ н!

— Æ з кæ м уыдтæ н, уым ничи уыди. — Иннæ хæ ттытау та райдыдта Баккоса. Æ мбæ лттæ ма мын фæ ци. Чи цъæ х нæ ууыл бады, чи дурыл, чи та йæ хи фæ ткъуыты бынмæ байста. Мамент! Баккосайæ н йæ хи загъдау.

— Берлин чи иста, уыцы полчъы уыдтæ н... Куыддæ р ныххæ ццæ дæ н, афтæ мæ камандир йæ хъæ бысы ныккодта, ноджы кæ й лæ ппу дæ н, уый куы базыдта, уæ д... Нæ полчъы мæ нæ й бæ рзонддæ р нæ уыди. Иухатт мæ м камандир йæ хæ дæ г бадзырдта æ мæ мын загъта: æ взаг æ рбахæ ссын хъæ уы. Цæ й æ взаг, зæ гъын? Дæ уæ й домбайдæ р, дам, нæ й нæ полчъы. Иу немыцаг æ взаг, дам, æ рбахæ сс. Æ фсады фæ стæ мæ дзурæ нтæ -йедтæ нæ й. Ацыдтæ н. Немыцы къазарма дард нæ уыди. Йæ алыварс иу дæ ргъæ й-дæ ргъмæ, раст мæ н йас лæ г, æ д автомат зилы. Куыддæ р хæ дзары тигъыл фæ зылди, афтæ къулрæ бынмæ мæ хи байстон. Мамент! Мæ хи йыл уыциу зыввытт... Мæ нæ куыд фæ кæ нын, афтæ йæ м мæ къах фæ царæ зтон. Мæ къубуска йын йæ дзыхы фæ цавтон. Рахæ р-хæ р æ й кодтон, уæ дæ цы уыдаид. Фæ сте ма мæ сырдтой, фæ лæ мæ нæ зонут згъорынмæ куыд дæ н, уый? Уыцы дынджыры куы ауыдта камандир, уæ д мæ йæ хъæ бысы ныккодта. Маладец, дам, маладец. Дзæ бæ х богалыл, дам, дзы фæ хæ ст дæ. Йæ хъустæ м, дам, ын нæ кæ сыс? Æ мæ æ цæ г йæ хъустæ цыдæ р тулатæ уыдысты — сугсæ ттæ н къодæ хтау. Цыма йын сæ нымæ туæ рдджытæ феууæ рстой...

Нæ хи-иу фæ ткъуыты ’рдæ м исын куы байдыдтам, уæ д-иу Баккоса æ рчъицыдта:

— Гъей, сукин синтæ, гæ стинцæ мæ та баирвæ зтыстут, нæ?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.