Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





СУДЗИНТÆ, УАСÆНТÆ, АХОРÆНТÆ.



СЫМСИ

Цæ хæ радæ ттæ, уынгтæ æ мæ кæ ртытæ седзаг уыдысты машинæ ты æ мæ хæ цæ нгæ рзты хæ лддзæ гтæ й. Арæ зтам дзы уæ рдæ ттæ. Хъуыди ма æ рмæ ст бæ хтæ æ мæ уæ д цæ ттæ «хъæ ддзаутæ » уыдыстæ м. Цы бачындæ уа? Нæ род ифтындзын нын Æ на нæ бауадздзæ ни. Нæ хъуыдытæ дæ рдтыл фæ зылдысты, цынæ дзыхъхъ, цынæ рагъ басгæ рстой! Афтид армæ й æ рыздæ хтысты.

— Ай, не ’фсургъ барæ г мондагæ й цъæ х арт куы уадзы, уæ д нæ сæ ртæ цы удхарæ й марæ м. — Нæ куыдз Сымсимæ амонгæ йæ, дзурын æ з. Уый йæ халагъуды дуарæ й йæ къæ хтæ радаргъ кодта. Йæ сымсымгæ наг тъæ пæ н мукъу сыл æ рæ вæ рдта æ мæ фыны базыртыл дзæ нæ ты цъæ х уæ лæ рвты тæ хы.

— Дæ хъуыддаг раст! — дзурынц мын Сæ рæ гасы цæ стытæ.

Æ з дæ н Дзыццайы аргъауы хъайтар. Хъуамæ бацæ уин Æ намæ æ мæ йæ бафæ рсин: «Мæ фыд цæ рæ нбонты хæ тæ г лæ г куы уыди, уæ д ын æ ппын бæ х нæ баззади? »

«Бæ ргæ йын баззади, фæ лæ уæ ртæ ныккæ нды фаджысæ й йæ дыууæ хъусмæ сси: зылд æ м нал ис æ мæ æ ндон æ рттигътæ æ ууилы».

Дыууадæ с цæ дæ й кæ й æ рластой, ахæ м къæ й фæ лдахын мæ нæ бахъуыди. «Фæ лдысты фæ уай, Сымси, æ гъгъæ д дын нæ у фаджысы æ мбийынæ н? » — йæ дыууæ хъусæ й йæ ацахстон. Сапонæ хсад, айкæ вдылд кæ нын дæ р æ й нæ бахъуыди. Рæ хысæ й фервæ здзæ н, уый фембæ рста. Лæ гъстæ гæ нгæ мæ м скаст. Йæ хъуынджын къæ дзил разыйæ тилы.

— Марадз, Сæ рæ гас, Сауийы бæ ндæ н рахæ сс. Цас аифтындзинаг у, саргъ кæ нæ йын гуыбынбостæ куынæ хъæ уы.

Сымси æ нцад лæ ууы. Цæ мæ й зоны, цы йын нæ зæ рды ис, уый. Æ нхъæ л у, æ мæ та йæ бæ тгæ кæ нæ м. Нæ, бæ ттынæ й мауал тæ рс. Тæ дзынæ гæ й цыхцырæ гмæ... Нæ, ныр сæ рибар уыдзынæ. Уынг дæ р фендзынæ, хъæ угæ ронмæ дæ р ацæ удзынæ. Æ рмæ ст нын нæ уæ рдон дæ фæ дыл лас...

Сымси фыццаг йæ хи иуварсæ рдæ м аппæ рста. Раззаг цалх дурыл сæ мбæ лди. Нæ хъуыддаг хæ лы. Куыддæ р Сымсийы фæ ндагмæ раздахæ м æ мæ йæ уисæ й æ рцæ фтæ кæ нæ м, афтæ та каурæ бын хæ мпæ лтæ м йæ хи баппары. Æ нæ дзылар, æ нæ бозийæ ницы. Цæ стæ нгасæ й кæ рæ дзи бамбæ рстам. Бирæ абиинаг нæ у дзылар. Уæ ртæ хус гæ ны фæ скъæ уттæ тæ рхæ гыл. Бозийæ н та исты бæ ндæ н самал хъæ уы.

— Сæ рæ гас, бози гузиты сæ рты айс, науæ д Сымсийы къæ хты бынмæ хаудзæ н.

Куыдз ма цалдæ р хатты бакæ стытæ кодта къудзитæ м, фæ лæ -иу ын йæ мукъу фæ ндаджы ’рдæ м фæ зылдтам. Уæ рдон къуыр-къуыр кæ ны хъæ бæ р зæ ххыл. Дыууæ йæ дæ р бæ хтæ рджытæ стæ м. Иуы къухты уис, иннæ мæ та — бози. Сæ рыстыр куыннæ уон ныр æ з ме ’рхъуыдыйæ? Сæ рæ гас, ды дæ р хъуамæ мæ нæ й уай арфæ йаг. Згъоры куыдз. Æ ндæ р ма йын цы гæ нæ н ис?..

Амад фестæ м гæ нтæ. Æ хсырф кæ й байрох кодтам, уый хорз нæ у. Гæ ны бындзæ фхæ дтæ сыджытæ йдзаг сты æ мæ уæ ззаугомау уыдзысты Сымсийæ н. Цæ й, фыццаг цыдæ н ыл бирæ нæ самайдзыстæ м. Иу-æ ртæ хъæ бысыдзаджы. Хъуамæ сæ афæ раза. Гъа-ма, ахæ ц, Сымси! Куыдз йæ хи размæ аппæ рста. Уæ рдон иу къахдзæ фы бæ рц фенкъуысти. Æ гæ р уæ ззау ын сты. Дыууæ хъæ бысы уал дзы аласæ м. Иу — махæ н, иннæ — сымахæ н.

— Æ дылы къоппа, æ мæ уыйбæ рц нæ хæ дæ г нæ ахастаиккам? — фæ рсы Сæ рæ гас.

— О, фæ лæ... Дæ цæ стытæ Хъызлары хизæ нты сты? Нæ ма фæ цахуыр Сымси. Фæ стæ дæ р фылдæ р ласдзæ н.

— Мæ нæ н мæ цæ стытæ сты Хъызлары, дæ уæ н та дæ зонд. Цыфæ нды ахуыр куы суа, уæ ддæ р йæ хъару цас у, уымæ й фылдæ р нæ аласдзæ н.

— Уæ дæ кæ д ахуырæ й нæ у, уæ д Джино кусаг цæ мæ н у, Баккоса магуса?

— Уый дæ уæ н загъдæ уа. Джино тыхджын у, Баккоса та...

Ацы быцæ у нæ хорзмæ не ’ркæ ндзæ н, уый зонын. Æ мæ Сæ рæ гасы ныхас æ рдæ гыл фескъуыдтон:

— Цæ й, хорз! Баккоса та — сæ нтдзæ ф...

Сымси йæ фæ дыл хæ р-хæ р кæ ны уæ рдон. Гæ нты къæ дзилтæ рыджы сæ вдылдысты æ мæ сæ фæ дыл урс мигъы къуыбылæ йттæ ласынц.

Дыккаг бон уæ рдон ногæ й рацарæ зтам. Хъуамæ дзы ифтыгъд æ рцыдаид Сæ рæ гасты куыдз дæ р. Иуæ й уæ рдоны фылдæ р гæ нтæ ласæ н уыд, иннæ мæ й рæ стæ г къаддæ р хардзгонд цыди. Стæ й Сæ рæ гасты куыдз Сымсийæ цæ мæ й сæ рæ ндæ р у! Кусын алкæ мæ н дæ р пайда у. Иу дзырдæ й, махæ й дæ р — иу, уыдонæ й дæ р — иу. Фæ лæ дыууæ куыдзы иумæ кæ й сифтыгътам, уый хъуыддагыл хорзæ рдæ м нæ фæ зынди. Махон нæ л уыди, Сæ рæ гасты куыдз та — сыл. Улæ фты рæ стæ г-иу кæ рæ дзиуыл цинтæ кæ нынмæ фесты. Сымси асæ й дæ р стырдæ ртæ уыди, фидæ рттæ арæ зт. Куысты уæ з ууыл кæ й æ нцад, уый дæ р рохгæ нгæ нæ у. Бозитæ дыууæ кæ й систы (Сæ рæ гас, дæ у аххос уыд), уый нын нæ куыст бынтон ныддызгъуынтæ кодта. Уыди нæ м фæ йнæ бозийы. Куыйтæ й искæ цы иуварс фæ зылди æ мæ йæ афоныл нæ бафиппайдтай, уæ д дæ гуырæ й райгæ у. Кæ рæ дзи-иу загъды бын фæ кодтам. Уый хыгъд фылдæ р кодтой гæ ны куыристæ. Гæ н та цæ мæ н хъæ уы? Уый дын диссаг! Йæ хæ тæ л судзынæ н, йæ фæ скъау бæ хсныгæ н, бæ ндæ нтæ н. Нæ чысыл цæ хæ радоны алыварс цы кау ис, уый дæ р гæ нæ й быд у. Гæ ны куыристæ цы мадзæ лтты руаджы фылдæ р кæ нынц, уый Æ на цæ мæ й зыдта. Æ мæ йын æ хсызгон куыннæ уыдаид, йæ фырт фæ ллоймæ зæ рдæ ргъæ вд кæ й рауад, уый. Ноджы-иу Сымсийы йæ бынаты бастæ й æ рбаййæ фта æ мæ цæ уыл хъуамæ дызæ рдыг кодтаид? Не ’рхъуыды бирæ тæ н фæ зминаг рауади. Газетты æ взагæ й куы дзурæ м, уæ д нын нæ диссаджы фæ лтæ рддзинадæ й фыццаг спайда кодта Тъох. Стæ й нæ бафæ змыдтой сыхы иннæ лæ ппутæ дæ р. Фæ стагмæ уынг сарæ х ис «куыдзуæ рдæ тты» къуыр-къуырæ й. Уый хыгъд сыхæ й рæ йын нал хъуысти. Рæ йынмæ ма æ вдæ лди куыствæ ллад куыйты? Дзырд «куыдзуæ рдон» мæ хи хъуыды у. Ау, бæ хуæ рдон, галуæ рдон, кæ нæ хæ рæ гуæ рдон куы ис, уæ д «куыдзуæ рдон» цæ уылнæ хъуамæ уа! Хъуыддæ гтæ ихыл бырæ гау бæ ргæ цыдысты. Фæ лæ уыцы лукъафындз, тутагуыбын Тъох... Цæ виттон, иу бон Æ на куыддæ р быдырмæ цæ уынмæ йæ хи срæ вдз кодта, рувæ н йæ уæ хскыл баппæ рста, афтæ дын ыл Тъохы мад кулдуары цур хæ рхæ мбæ лд фæ ци. Йе ’фсæ р автоматы мæ нгвæ дæ г басгуыхти. Æ нæ хъæ н хъатара йыл уыциу уагъд акодта:

— Судзгæ сау гуыбынниз дын æ й аскъæ фæ д! Йе ’мгæ рттæ й дын фæ хъæ уæ д! Дæ бындур йæ бынæ й ныззилæ д! Дæ быны хъæ рмæ дын дзыллæ тæ æ рыхъусæ нт!

Хъуыддаг Тъохы мад куыд сарæ зта, ахæ м уадиссагæ й дзы ницы уыди. Лукъафындзы дæ р æ рфæ ндыди сæ куыдзы баифтындзын. Йæ хæ дæ г цы сарæ зтаид, фæ лæ мæ м иубон замманай нæ зы фæ йнæ джытæ æ рхаста. Мæ нæ н дæ р, дам, сараз «куыдзуæ рдон». Йæ фæ ндон ын сæ ххæ ст кодтон. Уый ацыд æ мæ дзы сæ Хуыбырсы баифтыгъта. Дыууæ табырджан фысы йас уыди. Уис райста æ мæ йын дзы йæ синтæ æ рдзæ хст кодта. Фыд-зонд куыдзмæ дын уисæ й бавзидай! Айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, хионы хатыр дæ р æ м нæ разынди. Тъохыл æ д уæ рдон йæ хи уыциу æ ппæ рст бакодта. Дæ фыдгул дæ р афтæ! Рахиз хъус зæ булæ й аззади. Фæ лæ ма, æ вæ ццæ гæ н, куыдз цыдæ ртæ æ мбæ рста. Цæ сгоммæ нал бавнæ лдта. Къухыл ма фæ хæ ст. Аныхъуырынмæ йæ хъавыди, фæ лæ йæ м фæ смон æ рцыди хъуамæ. Æ нгуылдзтæ аууилын ма йын бантыст. Йæ куыст куы фæ ци, уæ д уæ рдон æ мæ йæ маст халагъуды дуармæ ахæ р-хæ р кодта æ мæ тæ ргайæ æ рхуыссыд.

Мад цыфæ нды дзурæ д, уыдонæ н сæ дæ сныйад ахæ м у. (Уацхæ ссæ г Пæ хъæ ч та афтæ зæ гъид. )

Фæ лæ Тъох йæ хæ дæ г у тæ ригъæ д — лукъафындз, тутагуыбыны æ дде ма йæ лæ ппутæ зæ булхъус дæ р хондзысты.

СУДЗИНТÆ, УАСÆ НТÆ, АХОРÆ НТÆ...

Дзабырты уæ лфæ дтæ — дæ ргъытæ хуыд. Уæ фстимæ кæ м баиу сты, уым дыууæ æ нгуылдзы фæ тæ нæ н сæ рак æ рзылди сæ алыварс. Хæ дзары бындурау. Сæ фындзтæ — нарæ г. Ахæ м хъусджын дзабыртæ мын уыдысты зымæ гваг. Сæ уæ фстæ сын ног раив, уæ д-иу дыккаг зымæ гæ н дæ р бабыхсыдысты. Стæ й сæ м зылд фаг уæ д. Æ хсæ вæ р дæ ттын сын нæ хъуыди, мыййаг. Фæ лæ сæ искæ цы йæ дзых фæ хæ лиу кодта, уæ д ын ыл афоныл цъутта сæ вæ р. Æ на уырзихсыд баци. Цæ мæ й уый онг ма ’рцæ уа, уый тыххæ й та цъыфдзастæ й дам-думæ й лидзæ гау дæ хи иуварс лас.

Фæ схæ сты фыццаг уалдзæ г тæ рсгæ -ризгæ йæ цæ уы зæ ххыл. Йæ комулæ фтæ й тæ фсынц салд уынгтæ. Мит къæ хты бын фестъæ лфы, атæ хы маргъы пæ ррæ стау. Æ рхæ ццæ кæ нынц æ взæ рстытæ. Уалдзæ джы къултæ дзаг сты лозунгтæ й. Сырх дамгъæ тæ æ мхъæ лæ сæ й сидынц: «Хъæ лæ с кæ нут большевикты æ мæ æ нæ партионты сталинон блочы кандидаттыл! » Фæ стаг урочы уыдис æ рмæ ст мæ сæ ры кæ хц. Хъуыды дзабыры гомыл мидæ мæ бабырыд æ мæ уырдыгæ й нал æ ккуырсы. Ахуыргæ нæ джы ныхæ стæ н сæ нысаниуæ г баззади æ мбæ хстæ й. Уираг дуртау сæ ры кæ хцы байдзаг сты. Сæ зыланг райхъуысы мæ алы къахдзæ фæ н дæ р. Ме ’ргъæ вст къах сæ лæ ф митдоны бæ гъдулæ г кæ ны. Зæ вæ т дойнаг дур фестади. Цъыф бахсыдта уафсы, стæ й фæ салы мурты. Къуымбил цъындайы кæ ронмæ бавнæ лдта.

Сосайыл мæ ныхмæ æ рцæ уы бæ хуæ рдон.

— Судзинтæ, уасæ нтæ, ахорæ нтæ... — фæ сус хъæ лæ с зарæ гау аивазы ныхæ стæ. Бызгъуыртæ æ мæ сæ æ фсæ йнаджы сæ стытыл ивы. Уæ ртæ йын Тъох æ нæ хъæ н æ ргъом бызгъуыртæ рахæ ссы.

— Дзег, ды не ’лхæ ныс уасæ н? — йæ хæ знайæ мын æ ппæ лыд Тъох.

Æ з кæ сын уæ рдоны гуыффæ мæ. Гæ ххæ ттыл рæ нхъæ вæ рдæ й лæ ууынц æ лыгæ й конд сырх уасæ нтæ. Цыдæ р маргъы ’нгæ стæ. Сæ гуыртыл лыстæ г хуынчъытæ. Уæ йгæ нæ г дзы иу райста. Йæ къæ дзил ын йæ былты ’хсæ н фæ цавта æ мæ мын мæ хъусы дæ ргъвæ тин уаст ныккодта. Стæ й, цыма цирчы хъазæ г у — йæ тæ нæ г æ нæ даст æ фсæ р бацырын:

— Цу, рахæ сс бызгъуыртæ.

Мæ хи фæ иуварс кодтон. Нæ хæ дзары бызгъуырæ й цы ис — иууылдæ р мæ нæ мæ уæ лæ сты. Кæ д мын мæ хи сæ рмæ -сæ р ивыс дурын уасæ ныл...

Уæ дмæ та мæ дзабыр дæ р йæ хи ’взагæ й уасыныл фæ ци.

Йæ химæ хъусгæ баййæ фтон Æ найы. Цы зонын, цæ уыл ныхас кодтой æ гуыппæ гдзинад æ мæ зæ рдæ. Æ рмæ ст сæ иу куыдта.. Цалæ ймаг хатт!.. Æ нæ рхъуыды уыди, цæ ссыг сыгъдæ г у, чи загъта, уый. Куыд у сыгъдæ г, сау маст, сау хъыгæ й йедзаг цæ ссыг? Цæ уылнæ уал уыны Æ на? Кæ сæ нцæ стыты сæ р æ й цæ мæ н бахъуыд?

Хъавгæ исын мæ къах. Фæ лæ йæ куы æ рæ вæ рын, уæ д æ нуд хъынцъым бакæ ны. Донæ й дзаг дзабырæ н гæ дыйау йæ цъæ м-цъæ м хъуысы. Мæ фæ стæ æ нкъарын Æ найы дондзаст цæ стæ нгас. Зæ рдæ зонаг у.

— Дæ дзабыртæ фелвас, мæ къона. Тæ вд доны сæ нывæ р...

Дойнаг дуртæ батæ фстысты. Хуыссæ нмæ мæ м æ рбахъуызыди фæ ллад хуры тын. Хъыдзы мын кæ ны мæ хъуыр. Мæ нгæ н нæ фæ зæ гъы Дзыцца: «Сидзæ ры хуры тын куы батавы, уæ ддæ р афтæ ’нхъæ лы, хынджылæ г дзы чындæ уы».

Хъустæ й цæ уы уасæ ны къуыззитт. Тъох фæ ндараст зæ гъы йæ бызгъуыртæ н...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.