Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХÆСТЫ ЦАЛХ АТЫЛДИ.



Хæ сты уæ ззау цалх атылди хъæ утыл, хæ хтыл, быдыртыл, зæ рдæ тыл, цæ стытыл... Сыгъд фæ ндæ гты рыг — æ ртхутæ гау фæ лмæ н æ мæ судзаг. Къахæ й йыл бандзæ в æ мæ ныттæ пп кæ ндзæ н фæ здæ гкалгæ. Æ взартæ рыджы тæ фæ й ферхæ цыдысты, хуызы цъыртт сæ нал ис. Сæ мидфæ ндты æ рæ мысынц уарыны æ ртах, уддзæ фы сатæ г улæ фын. Цæ стытæ æ мæ цъайтæ сафтид сты, кæ сынц арвмæ, фæ стаг ныфсы æ ртах кæ д æ рхаудзæ н, уымæ. Хæ хты ’рдыгæ й мигъ уæ ззаугай æ рбацæ уы, бæ стæ æ рæ нуд кæ ны, рынчын лæ джы комытæ фау æ рæ нцайы быдыртыл. Æ рæ ппары цалдæ р æ ртахы æ мæ та йæ æ нæ хайыры дымгæ ахæ ссы фæ срæ гътæ м, Залгъæ ды коммæ. Æ рдз, дам, нæ бары адæ мæ н фыдæ хдзинад. Фæ уæ д, фæ лæ ацы æ фхæ рд удтæ цы аххосджын сты! Гутоны фæ дыл цæ уынæ й хуыздæ р кæ мæ ницы каст, хоры нæ мгуытæ ныфсы къæ рттытæ кæ мæ н уыдысты, уыдон цы аххосджын сты? Фыдæ х маргау фыццаг кæ й хъæ лæ сы сæ взæ рди, уыдонæ н куыд ныббарста æ рдз! Æ мæ уыдоны нæ басыгъта дунейы азар! Сæ кой, сæ хъæ р куынæ уал ис.

Асæ го кæ сы изæ рон арвмæ æ мæ йæ хицæ н цыдæ ртæ дзуры. Æ вæ ццæ гæ н, кувы Хоры Уацнлламæ, кæ нæ та иунæ г хуыцауæ н йæ химæ. Фæ лæ хуыцау бæ рзондыл бады. Асæ го та гыццыл лæ г у. Куыд ын фехъуса йæ куывд?

Арвыл фæ зындис иугай стъалытæ. Уыдон дæ р — хус. Асæ гойы цæ стытау. Афтæ мæ й уарынмæ æ нхъæ лмæ ма кæ с. Асæ гойы цæ стытæ й цæ ссыг куыд нæ рахъардзæ н, афтæ уыцы стъалытæ й дæ р æ ртах не ’рхаудзæ н. Иу бон нæ сыхæ гты зæ ронд ус Айсæ ду куы амард, уæ д Асæ го кæ ртмæ хъæ ргæ нгæ бацыд: Йæ -хе-хе, йæ -хе-хе! Æ з афтæ ’нхъæ лдтон, худгæ кæ ны. Зæ ронд лæ гты фарсмæ æ рлæ ууыди, й-а, зæ гъгæ, ма йæ хъæ р райхъуысти. Нæ хи Сымси дæ р-иу афтæ акодта. Фæ лæ Сымси мæ сты уыд, Асæ го та?

Хæ ргæ -хæ рыны Асæ гойæ н йæ хус цæ стытæ ферттивынц, цыма сæ м хур бакæ сы. Æ фсæ ртæ æ нуд къупп-къупп байдайынц. Мах Сæ рæ гасимæ ралидзæ м, науæ д нæ худын нæ фæ уромæ м æ мæ нæ къулбадджытæ схоны.

Айфыццаг та йын мæ мад æ рæ вæ рдта хъæ рмхуыппы къус æ мæ цыдæ р кæ рдæ джытæ. Сур хæ ринагæ й дзы ницы уыди. Фæ лæ Асæ го куыддæ р иу хуыпп скодта, афтæ райхъуысти: къупп-къупп. Цыма мигæ нæ ны бын хостæ уыди. Мæ худын нал баурæ дтон. Мæ хи рудзынгæ й кæ сæ г акодтон:

— Дæ лæ Сымси куыдтæ тæ кæ ны!

Сæ рмæ т дæ р ныххудт æ мæ уатæ й разгъордта. Асæ го фæ сабыр:

— Ы?

— Дæ лæ, зæ гъын, Сымси куыдтæ тæ кæ ны.

Уæ дæ й нырмæ нæ къулбадджытæ хоны...

Фæ лæ йын диссаджы хæ лар зæ рдæ ис.

— Бæ стæ судзы, иу хæ стæ й фервæ зтыстæ м, ныр та ныл иннæ рацыд. Адæ мыл сæ хуыцау рахатт. Ацы бæ ллæ хтæ дæ р уымæ н сты.

Асæ го кæ мæ н дзырдта, уый зын равзарæ н уыд. Ахæ м миниуæ г æ м ис. Сæ гътæ куы ’рбацæ йтæ ры, уæ д дзы æ нæ мæ нг фехъусдзынæ:

— Уе ’гæ р фæ калат, уе ’гæ р. Мæ сæ гътæ й зæ гъын. Кæ м нæ балæ удзысты?

Ихсыд морæ нымæ тхуд æ мæ бæ рзондхъус зæ нгæ йтты Асæ го зынди зокъойау. Йæ рихитæ æ мæ йæ хъæ лæ с æ нгæ стæ — фæ ныкхуыз, æ нæ ахадгæ, хус.

— Асæ го, кæ имæ та ныхæ стæ кæ ныс? — йæ цуры æ рлæ ууыди Джино.

— Дзæ бæ х, мæ хур, дзæ бæ х. — Асæ го йын йæ ныхас нæ бамбæ рста...

— Гыде ыздес Ламати живет? — бафарста сырхдзæ сгом бæ рзонд лæ ппу æ фсæ ддон дарæ сы.

— Кæ д ма исты зонын, уæ д ды Баккоса дæ, Ламаттийы фырт. Алыбон æ гас нæ м цу, — бацинтæ йыл кодта Джино.

— Па-асатински нæ панимаю.

Æ рбацæ уæ гæ н зæ рдиаг æ нгас уыди. Дыууæ лæ джы джихæ й аззадысты. Асæ го фæ царæ хсти:

— Мæ нæ, дæ рын бахæ рон, Ламатти ам цæ ры.

Уæ дмæ Баккоса сæ кулдуармæ бахæ ццæ.

— Ау, нырма фарон куы ацыди, уæ д уырыссаг сæ ны хъæ стæ куыд тагъд фæ ци? Дæ мадыл дын мæ куыйтæ фæ...

— Кæ й мадыл, кæ й? — цæ хгæ р фæ зылди сырхдзæ сгом Баккоса.

— А-а, æ зынма, иронау æ ппындæ р нал зоныс, — йæ хи растгæ нæ гау бакодта Джино. — Дæ хи, зæ гъын, куыйтæ й хъахъхъæ н.

Диссаджы хабæ рттæ базыдтам уыцы бон Баккосайæ:

— Хъæ уы сæ рмæ куы ’рхæ ццæ дæ н, уæ д кæ сын æ мæ мæ м тобылахъы[1] къудзитæ й иу сылгоймаг урс дзауматы рацыди. Æ з мæ хи иуварс айстон, уый мæ фæ дыл æ нæ дзургæ йæ цæ уы. Мæ цыд фæ тагъддæ р кодтон, уый дæ р. Фæ ндаджы иннæ фарсмæ бахызтæ н, уый дæ р. Дур ыл фехстон. Уæ д хæ йрæ г Куыройы доны былты йæ хи хъæ ды ’рдæ м айста.

— Ламаттийы фырт хæ стæ й ссыдис æ мæ хъæ угæ рон хæ йрæ г федта, — дзырдтой сыхбæ стæ.

— Æ вæ ццæ гæ н, æ й чи фæ сайдта, уый уырыссаг хæ йрæ г уыд æ мæ иронау уымæ н нал зоны, — хъæ рæ й худтысты фæ сивæ д...

Хæ йрæ джытæ æ мæ дзуæ рттæ сарæ х вæ ййынц æ ххормаг заман. Чи зоны, уыдон дæ р стонг кæ нынц. Кæ нæ сын адæ м тынгдæ р кæ й фæ кувынц, уымæ й зæ рдæ рухс уæ вгæ йæ æ ргом рацæ уынц.

Æ ндæ р кой нал уыди, Бæ ркадджыны хъæ уккаг ус, дам, дзуар ратæ хгæ федта. Уыйадыл сдæ сны. Адæ м æ м хуынтимæ цыдысты. «Алы хъæ у дæ р цалынмæ куывд скæ на, уæ дмæ уарын сæ цæ стæ й нæ фендзысты», — дзырдта дæ сны. Йæ амындмæ гæ сгæ нывондæ н равзæ рстой бæ зæ рхыг сырх гал. Йæ сыкъайыл ын бабастой сырх хæ цъил æ мæ йæ хъæ уы алыварс æ рзилын кодтой. Галы хæ д фарсмæ цыдис Асæ го.

Цы дзырдта, хуыцау йæ зонæ г. Тынг цымыдисаг уыдис уыцы ныв. Адæ м — сæ ргуыбыр. Гал сæ разæ й фидар къахдзæ фтæ кæ ны. Сæ рыстыр æ мæ зондджын цæ стытæ й кæ сы, йæ сæ р тилы. Никуы мæ ферох уыдзæ н.

Галтæ й фылдæ р ницы уарзын.

Стыр куывд уыди хъæ угæ рон фæ зы. Æ рæ мбырд сты æ ппæ т сыхтæ й. Иунæ г чындзæ хсæ в дæ р нæ м æ нæ хылæ й нæ аирвæ зы. Уæ д ма хъæ угуывд та! Абон сæ йраг загъдкъахæ г уыди Ламаттийы фырт.

— Бануаз мæ нуазæ н, Сосе!

— Мæ бон нæ у, Баккоса. Бахатыр мын кæ н.

— Уыцы иу дын ницы кæ ндзæ ни.

— Никуы фæ нуазын. Фæ рисдзынæ н дзы æ мæ дæ уый цæ мæ н хъæ уы!

— Бануаз, зæ гъын дын. Марг дын фестæ д, уæ ддæ р æ й бануаз!

Сосейæ н «нæ » зæ гъын дæ р нал бантысти. Арахъхъ йæ хæ донæ й лæ дæ рсы.

— Æ, куыдзæ й чи райгуырд, уый, — Баккосайы былтыл сæ мбæ лди фыццаг цæ ф. Сырх цæ сгомыл дыууæ цъæ х цæ сты æ рдæ гхуыст зынгтау фæ ллад уыдысты. Ныр сын цыма се ’ртхутæ г афу чынди, уыйау æ рттивынц фыдгæ нæ джы цæ стытау. Йæ бæ рзонд гуыр фæ стæ мæ ракодта æ мæ тымбыл къухæ й ныццæ вынмæ хъавы Сосейы. Уыцы рæ стæ г дыккаг цæ ф сæ мбæ лд йæ цæ сгомыл. Ацы хатт Сосе архайдта йæ сæ рæ й. Баккосайæ н йæ фындзы туг кæ лы, фæ стæ мæ фæ цудыдта. Æ нахуыр богътæ кæ ны. Бынтондæ р йæ маст рафыхти. Адæ м ыл сæ хи бакалдтой. Уый иуы дæ р нал æ взары. Кæ й ныццæ вы, уыдон иуварс æ рлæ ууынц. Иутæ дзы æ нæ бары мидбылты бахудынц. Хъус-хъус ацыди, Ламаттийы фырт Баккоса, дам, цæ гъдæ нтæ кæ ны.

Фæ зынди Джино. Цыбыр пинджак къуындæ г у йе уæ нгтæ н. Цонджы фæ тасæ нтæ й чысыл уæ лдæ р дыстæ ныддымстыты. Уæ ззау къахдзæ фтæ дзурынц: «Тыхсгæ ма кæ нут, уæ ддæ р æ ппынфæ стаг мæ къухты уыдзæ ни». Баккоса йæ хи срæ вдз кодта Джинойы ныццæ вынмæ, дæ ндæ гты хъыррыст фæ цыди. Джинойы къухы уидæ гтæ йын ацахстой йæ фæ сонтæ, иннæ къухы армытъæ пæ н та æ рхæ цыди бæ зджын хæ мхудтыл. Сырхдзæ сгомджыны тъæ пп фæ цыди нæ ууыл.

— Уæ лæ мæ, куыдзы хъыбыл! — йæ къæ хтыл та йæ алæ ууын кодта Джино. Фыййаджы йас армытъæ пæ н æ руагъта Баккосайы цæ сгомыл.

Лæ ппу бамбæ рста хъуыддаг. Адæ м иугай-дыгай, сæ мидбылты худгæ, йæ цурæ й кæ й цæ уынц, уый федта æ мæ доны былмæ йæ хи айста.

— Дæ нозт цалынмæ ссæ уа, уæ дмæ дæ мæ цæ ст куыд нал фена, афтæ, — адзырдта ма Джино йæ фæ дыл.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.