Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРГЪÆФСТ ДАМГЪÆТÆ



ДИЗИРТИР

Ламатти сæ цармæ мæ лæ ты арæ х быры. Не ’хсæ н кау йеддæ мæ ницы ис. Сæ тыргъ мæ м армытъæ пæ нæ й хуыздæ р зыны. Асин æ дзухдæ р йæ быны æ вæ рд. Фæ стаг рæ стæ джы цармæ къулæ нцой алæ ууы, табуафси, хизут мыл, зæ гъгæ. Ламаттийы цæ стытæ уырытау кæ рты къуымты азгъорынц, кауыл схилынц æ мæ нæ кæ рты смидæ г вæ ййынц. Ничи ис. Æ з æ м нымады нæ дæ н. Ус йæ фæ дджитæ йæ къухы атымбыл кæ ны æ мæ æ д къæ рта асинтыл рог суайы. Цасдæ р афæ стиат вæ ййы.

Уый фæ стæ асин йæ даргъ къæ хтæ æ нæ мæ тæ й ауадзы тыргъты бын. Иубон та тæ бæ гъы хъæ рмхуыпп схаста Ламатти цармæ. Афтидæ й йæ куыд æ риста, уый дæ р федтон. Цы йын ис цымæ цары? Куыдз? Æ мæ рæ йгæ нæ кæ нид? Стæ й сæ куыдз кæ рты куы ис. Æ дзух мигъмæ ниуы, фæ лæ йæ хъуыдыгæ нæ г нæ й. Кæ д Ламатти цары фæ хæ ры? Æ мæ зæ ххыл йæ къæ бæ р йæ хъуыры нал цæ уы?

Бирæ дис кæ нын мæ нæ бахъуыди. Сихорафон Ламаттиты кæ ртæ й рацыди æ нахуыр уазджытæ. Сæ иу — æ фсæ ддон дарæ сы. Цыди гуыбырæ й, цыма йæ аууоны уындæ й не ’фсæ сти. Кулдуармæ сæ м æ нхъæ лмæ касти Гаги. Хъæ усоветмæ сивгъуыдтой. Ламатти кæ ркдоны фæ стæ бадти æ мæ кауы хуынчъытæ й касти.

Хъæ уыл апырх ис, Ламаттийы фырт Баккоса, дам, «дизиртир» у. Цæ мæ й зыдтон, дизиртир цы у, уый.

Æ РГЪÆ ФСТ ДАМГЪÆ ТÆ

Саузым хъæ уы уынгтæ нылвæ ста. Салд хæ дзæ рттæ арф аныгъуылдысты бæ лæ сты бынты. Хæ сты ностæ й — сыхырнайау. Сæ тыхулæ фт хъуысы. Бæ лæ стæ сæ хи батавынæ н дæ р не сты. Цъыфдзæ стытæ, галы фæ дтæ æ мæ Астæ удон ихæ й ныддæ вдæ г сты. Фæ здæ г салфнывæ зг уæ лдæ фы уазалæ й къæ дзтæ кæ ны. Хæ дзæ ртты хъæ дгæ мттæ й кæ сынц хæ сты æ ндæ ргтæ. Ныннæ рынæ ввонг. Къæ хты бынзыланг кæ нынц ихы сæ стæ гтæ. Хъусты та — уæ лдæ ф. Иу ахæ м бызгъуыр хæ дзары стæ м æ вддæ сæ й. Æ вддæ с хæ стæ фхæ рд уды. Хæ сты ныккæ ндтæ й чи схызти, зæ ххы уымæ л йæ буары кæ мæ н ис, ахæ м æ вддæ с уды. Цæ стытæ м бакасти фыццаг тын, тарст бæ лонау. Нырма йын тæ ссаг у атæ хынæ й. Нырма æ нæ нцой æ рдиагæ й фестъæ лфы. Мæ нг бандзæ вдæ й фыдыусау ныхъхъыс-хъыс кæ нынц дæ ргъæ й-дæ ргъмæ фанерæ й стъолтæ. Алкæ мæ н йæ бандон — йæ хицæ й. Иу уæ хскыл — хæ цъилæ й хызын, иннæ уыл — бандон. Цыппæ рдигъон хуынкъ хæ ссы рудзынджы ном. Йæ дыууæ уæ ллаг цæ сты — фанеры гæ бæ зтæ й æ мпъызт. Иннæ тыл кæ рæ дзи уæ лæ амад сты æ рдæ глитруат банкæ тæ. Банкæ йæ банкæ йы æ хсæ н — бызгъуыртæ тъыст. Мидæ мæ æ рбахизыныл тыхамæ лттæ кæ нынц рухс æ мæ уазал. Уазалæ н фылдæ р æ нтысы. Уæ раджы сæ ртæ æ мæ къухтæ дойнаг дуртæ фестадысты. Къулыл — фанерæ й фыссæ н фæ йнæ г. Тæ нæ г сау ахорæ н нæ аххæ ссыди кæ рæ ттæ м. Æ ндæ хтау лыстæ г хæ ххытæ й аззадысты. Фæ йнæ джы сæ рмæ — Сталин. Йæ хъæ бысы — саухил уынгæ гцæ ст чызг. Уæ ззау рихиты бынæ й ивылы рæ дау мидбылхудт. Цæ стытæ й цæ сгомы алывæ рстæ м лыстæ г æ нцъылдтыл згъорынц цины уылæ нтæ. Бæ зджын сæ рыхъуынты амбæ хсынц. Чызджы цæ нгтæ æ ртыхстысты хъуырыл. Дыууæ йæ дæ р аныгъуылдысты дидинджыты. Ахæ м ныв ис нæ «Абеты чиныджы» дæ р. Йæ бынмæ фыст: «Советон Цæ дисы сывæ ллæ ттæ сты амондджын æ мæ хъæ лдзæ г. Уыдон нæ зонынц сæ фыдæ лты æ фхæ рд, мæ гуыр цард паддзахы рæ стæ джы».

Тетрæ дты бæ сты фыссæ м газеты гæ ххæ ттыл, зæ ронд чингуыты. Мæ зæ рдыл æ рлæ ууыди нæ картофы хуым. Рæ сугъд рæ нхъытæ й-иу сæ взæ рди. Иу афон-иу Дзыцца бавдæ лди æ мæ губаккæ й губаччы ’хсæ н йе ’фсæ нбын лæ дзæ гæ й нартхоры нæ мгуытæ тыхтъыст ныккодта. Хъуыдыдыйæ хæ рынæ н, дам, уыдонæ н æ мбал нæ й.

Чиныджы æ мæ газеты хæ рзаив рæ нхъытыл мах дæ р æ рæ вæ рæ м æ нарæ хст чъиллон дамгъæ тæ. Дзерассæ йæ удæ й арт бæ ргæ цæ гъды. Йæ мел фæ йнæ г къупп-къупп кæ ны. Цыма зонды галуаны дуар хойы. Фæ лæ цы хъуамæ рантыса æ ргъæ фст æ нгуылдзты бынæ й? Бабызы лæ ппынтау узгæ рацæ уынц фыстытæ.

Кæ йдæ р арфæ мыл сæ мбæ лди: мæ хъуыддаг фæ рæ стмæ. Нæ шифанеры сæ р цалдæ р азмæ æ нæ хъæ н æ ргъом æ рæ мбырд хæ сы гæ ххæ ттытæ. Буртæ, цъæ хтæ, зынгхуызтæ... Сæ уæ лæ — рæ сугъд лыстæ г нывæ фтыдтæ. Чи нæ хъæ уы, ахæ м гæ ххæ ттытæ дзы куыннæ уыдзæ н! Иу бон сæ Æ на райхæ лдта. Се ’хсæ нæ й рахауди æ мдзæ вгæ ты чиныг. Чи зоны, куыд æ рбахауди ардæ м. Æ на йын йæ рыгтæ ныццагъта. Замманай «тетрад»! Æ мдзæ вгæ ты рæ нхъытæ — цыбыр. Сæ тæ ккæ стырдæ р — мæ кæ стæ р æ нгуылдзы дæ ргъæ н. Фæ рстæ й бирæ тыл æ рмæ ст иугай куплеттæ. Иннæ иууылдæ р æ нæ фыст быдыр. Сæ рæ гас мæ м хæ лæ гæ й амæ лдзæ ни. Ноджы уыцы хабары фæ стæ... Цалдæ р боны сагъæ с чъиллон мигъау йæ цæ стытæ й нæ хизы. Уыцы райсом æ й баййæ фтон къулы æ мбуар бадгæ. Къласы ма уыди цалдæ р чызджы. Цæ уылдæ р хи-хи кодтой. Сæ рæ гас сæ м йæ хъус нæ дардта. Рудзынгмæ йæ цæ стытæ сарæ зта. Зынгæ цы кодтаид чъизи æ вгты æ ддейы? Мæ фенд ын æ хсызгон уыди. Зына-нæ зына йæ былтæ бангæ стæ сты. Мидбылхудты хуызæ н. Чызджытæ та ныххудтысты. Сæ рæ гас ногæ й рудзынгмæ азылди. Уатмæ ма чидæ ртæ æ рбацыди. Чызджытæ уыдонмæ фесты. Фæ зынди Дзерассæ дæ р. Журналы бæ сты йæ м уыди тæ нæ г тетрад. Байгом æ й кодта. Афарста:

— Кæ й фæ нды фæ йнæ гмæ рауайын?

Иу къордæ й сæ къухтæ сдардтой. Дзерассæ журналмæ æ ркасти.

— Зараты Сæ рæ гас.

Сæ рæ гас сыстади. Æ нæ дзургæ йæ йæ сæ р æ ркъул и.

Аныгъуылди бæ мбæ джджыны æ фцæ гготы. Фырæ фсæ рмæ й ныссырх.

— Нæ бацæ ттæ кодтай? — фæ рсы йæ Дзерассæ. Сæ рæ гасæ й сыбыртт нæ хауы. Æ фсæ рмæ й судзы.

— Рынчын исты дæ, Сæ рæ гас?

Лæ ппу ма исдуг алæ ууыд, стæ й йæ цыдæ р хъуыды йæ бынатæ й фенкъуысын кодта. Райхъуысти уæ ззау гуыпп-гуыпп.

— Цырыхъджын гæ ды. — Мæ хъус ацахста кæ йдæ р хъæ лæ с æ мæ сонт пыррыкк. Сæ рæ гасы донызылд цæ стытæ айдзаг сты маст æ мæ æ рдæ гсаст ныфсы уазал уддзæ фæ й: тутагуыбын Тъохыл мæ гуыры бон кæ ндзæ н. Сæ рæ гас ахæ мтæ нæ бары... Æ з ын фæ комкоммæ дæ н йæ къæ хтæ м. Уæ рджытæ арф аныгъуылдысты зæ ронд уæ ззау цырыхъхъыты. Æ вæ ццæ гæ н, цалдæ р азы кремы хъæ стæ чи нæ фæ ци, уыцы сæ рак нал бафæ рæ зта. Скъуыдтæ баиу сты уæ лфады лыстæ г æ нцъылдтимæ. Бæ мбæ джджын æ мпъузæ нты бын фæ ци. Иу иннæ йы æ ккой бады. Уæ лдай æ мхицдæ р сты рæ мбынкъæ дзтæ м. Сагъæ сты гуппар... Дзерассæ фæ комкоммæ цырыхъхъытæ м. Фыццаг куыддæ р джихæ й аззади. Цæ стытæ фæ смонгондæ й æ рхаудысты гæ ххæ ттмæ. Тæ ригъæ д æ мæ катайы æ ндæ ргтæ схъуырдухæ н сты. Уæ дмæ Сæ рæ гас хъæ рæ й кæ сын райдыдта:

 

Мах заводты, колхозты рæ зæ м,

Нæ фæ ндаг у рухсмæ уæ рæ х.

Нæ сабидуг — амондджын махæ н.

О, бузныг нæ бæ стæ, нæ зæ хх!..

 

— Иттæ г хорз, — загъта Дзерассæ æ мæ Сæ рæ гасы сбадын кодта...

— Уый дын цырыхъджын гæ ды! — куыдта Сæ рæ гас, Тъохы гуыбыныл бæ хбадт скæ нгæ йæ. Тымбыл къухæ й йын рад рауагъта йæ цæ сгомыл. Тъохæ н йæ фындзы туг фемæ хсти. Фæ лвæ рдта уæ ззау цырыхъхъыты бынæ й рабырыныл, фæ лæ йын не ’нтысти. Афтæ мæ й сæ раййæ фтон урокты фæ стæ уынджы.

— Цæ уыл марут кæ рæ дзи, куыдзы хъыбылтæ? — дардæ й сыл, йæ къухы цы тымбыл тыхт æ рчъиаг уыди, уый фехста Асæ го.

Сæ рæ гас суагъта Тъохы. Йæ хæ дæ г хъæ рæ й кæ угæ араст сæ химæ.

Над та, мæ гуырæ г, Тъохыл ауади.

Цæ мæ н худтысты Сæ рæ гасыл? Къахыдарæ с ын нæ уыди æ мæ йæ фыд Джинойы цырыхъхъытæ скодта. Уый худинаг у? Æ з дæ р скæ нин.

Мæ аст азы мæ хи фесты дыууæ мæ йы размæ. Бабайы куы ’рцахстой, уæ д, дам, мæ ныл афæ дз цыди. Астæ й аппар иу — уыдзæ ни... Айфыццаг нын Дзерассæ къæ бæ лтæ скæ нын кодта. Цъылинаджы хъæ дтæ й. Æ нгуылдзты ’нгас æ ндахыл халгонд... Аст къæ бæ лæ й аппар иу. Баззайдзæ ни ма дзы авд.

Авд азы Æ на бады сидзæ ргæ сæ й. Авд азы йæ кой, йæ хъæ р нæ й Бабайæ н.

Æ з дæ р скæ нин мæ фыды цырыхъхъытæ...

Цымæ йæ цæ мæ н æ рцахстой? Уый бæ сты хæ стмæ куы ацыдаид, уæ д хуыздæ р нæ уыди? Пилоткæ мын схастаид. Сырх стъалыимæ...

Мæ «тетрадмæ » бирæ хæ лæ ггæ нджытæ фæ ци. Сæ рæ гас ма афтæ дæ р бакодта:

— Салдæ ттæ -иу тамакойæ н кæ й скъуыдтой, уыцы газеттæ нæ куы уаиккой...

Мæ дамгъæ тæ расыг лæ гтау цудынц. Кæ рæ дзи ’нцой нæ лæ ууынц — уæ д æ вæ ццæ гæ н, сæ тъæ пп фæ цæ уид. Иуварсæ й сыл худынц æ мдзæ вгæ йы рæ нхъытæ:

 

Нæ уарзон фыд,

Нæ фæ тæ г!

Дæ уыл кæ нæ м нæ зард.

Ды нын радтай

Лæ варæ н

Хъæ здыг, культурон цард.

Дæ рæ вдыдæ й

Тагъд рæ зæ м,

Уыдзыстæ м тагъд ыстыр,

Уыдзыстæ м дын

Хъæ батыр,

Æ ндон уыдзæ н нæ гуыр.

 

Ныр уыцы «тетрад» музейы сæ вæ рыны аккаг нæ у? Баууæ ндут мыл, канд мæ хи фыстыты тыххæ й нæ дзурын.

Мыййаг искæ й йæ фенын куы фæ нда. Фæ зынæ д. Æ фснайд у.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.