Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





«АРГЪ 12 КАП.»



Скъолайы цины уацау апырх: уырыссаг пецамайæ г Федырмæ ис тетрæ дтæ уæ ййаг. Иунæ г тетрад, — æ ртæ туманы. Æ мæ куыд рæ сугъд сты! Гæ зæ мæ бурбын цъæ рттæ сын. Сæ нт урс сыфтыл — æ мраст хæ ххытæ. Уæ лæ телыхъæ дтыл цы телтæ ис, уыдонау.

Ахуыры фæ стæ мæ нæ химæ скъæ фы иу хъуыды: Æ на мын æ хца ратдзæ н æ мæ тетрад балхæ ндзынæ н. Лыстæ г хæ ххытыл дамгъæ тæ æ рбаддзысты зæ рватыччытау фæ рсæ й-фæ рстæ м. Æ рмæ ст дамгъæ тæ цъыбар-цъыбур нæ зонынц. Уæ вгæ Дзерассæ йы дзыхы зыланг фæ кæ нынц.

Æ на мын мæ фæ ндоныл дыууæ нæ загъта:

— Иу бон базары цы кæ рчытæ ауæ й кодтон, уыдоны аргъæ й дын ратдзынæ н. Хæ дойнагæ н æ вæ рд уыдысты, фæ лæ...

Зæ ронд хæ доны дæ р уал цæ удзынæ н. Уыцы тæ нæ г газетыл фыссыны бæ сты... Цымæ йæ фыццаг чи ’рхъуыды кодта? Фыстытыл ма ноджыдæ р фысс. Цæ ххыл цæ хх кæ нæ гау. Ноджы йыл куы ’рхахх кæ най, уæ д пъеройы фындз иннæ рдыгæ й акæ сы. Йæ бырынкъыл халамæ рзæ нау цыдæ р фæ скъæ уттæ ныддæ вдæ г вæ ййынц, сæ фæ дыл гутоны хаххау фæ тæ н фæ д уадзгæ йæ.

Æ д æ хца, æ д цин згъорын пецамайæ гмæ.

— Ци да кау? — йæ цъæ х цæ стытæ хины уылæ ныл ленк кæ нынц æ нæ даст Федырæ н.

— Тетрад... — мæ иу тыхулæ фтæ й йын дзуапп радтон æ з.

— Мидама рац. — Фæ лмæ н мидбылхудтæ й ферттывтой цæ стыгагуытæ. — Цаш дам иш ахца? — Къæ сæ рыл мæ ацахста Федыры фарст. Йæ хæ дæ г бараст бæ рзонд скъаппы сæ р тетрæ дты æ ргъоммæ. Цас сты! Мæ цæ стытæ сæ зыд нымад акодтой. Фæ лæ æ з уый уонг нымайын дæ р нæ ма зонын. Цымæ йын кæ м уыдысты?

— Æ ртæ туманы.

Лæ г æ васт йæ къух фæ смонгæ нæ гау æ риста фæ стæ мæ. Цыма йæ тетрæ дтæ судзгæ акодтой. Йæ цæ стытæ сагъдæ й аззадысты.

— Гицил у. Арта ма кау. Шомтæ.

Мæ базыртæ мын æ рцагътой йæ ныхæ стæ. Мæ цин æ мæ мын ме ’хцатæ цъыфдзастмæ нывзылдта. Æ мæ йын сæ ме ’рцыдмæ куы алхæ ной, уæ д та? «Тагъддæ р, тагъддæ р! » — дзуры мæ м мæ хъуыды.

Федыр мыл ацы хатт сæ мбæ лд хъæ лдзæ гдæ рæ й.

— Хорж лапу, гицил лапу. Иш ахца? Тинг хорж.

Скъапмæ нал бацыди. Ме уæ хск мын æ рхоста. Æ хца рафæ лдæ хта æ мæ сæ дыууæ нымады бакодта. Стъолы лагъзæ й цалдæ р кърандасы систа:

— Карандаш на кау?

— Нæ хъæ уы...

Хъæ угæ та мæ куыннæ кæ ны!

Мæ къæ хтæ мæ не скъæ фынц. Тетрады сыфтæ фестадысты урс бæ лоны базыртæ. Фæ ндагыл цалдæ р лæ уды æ ркодтон. Кæ д, мыййаг, исты сахъат у. Кæ д счъизи. Мæ цæ сты тигъæ й йын йæ фæ стаг цъары кæ роныл бакастæ н: «12 листов. Цена 12 коп. »...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.