Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ГАГИЙЫ «АВТОГРАФ»



Гагийы митæ рох нæ уыдзысты. Рагæ й нырмæ йæ м нæ дæ ндæ гты къæ с-къæ с цæ уы. Иу рæ стæ г Джинойæ цалдæ р мæ йы фыстæ г нал уыди. Сæ рæ гасы мадæ н йæ хуыз бынтон аивта. Исчи æ рбадзурæ д уынгæ й, æ ндæ р-иу æ хсидавыл дон бакалæ гау фестъæ лфыди. Æ гас æ нхъæ л нал уыди Джинойæ н. Æ нхъæ лмæ касти сау гæ ххæ тмæ. Иу бон кулдуар ныххостæ уыди.

— Гъе, хæ дзаронтæ! Сæ рæ гас, уæ Сæ рæ гас!

Мад йæ хъустæ м фæ лæ бурдта. Асæ го сæ м уый размæ Сæ рæ гасы номæ й никуы бадзырдта. Æ дзухдæ р-иу йæ лæ дзæ джы хостимæ сиу: «Джино».

Сæ рæ гас дуармæ разгъордта. Асæ го йын æ ртæ тигъон урс гæ ххæ тт йæ къухы фæ сагъта.

— Хæ ц! Уый дын дæ Бабайæ.

— Нана, о Нана! Бабайæ фыстæ г!

Дуар цины уылæ нæ й фегом. Йæ хæ цæ н къулыл сæ мбæ лди. Сæ рстытæ æ ркалдысты. Зыланг кодта лæ ппуйы цин. Æ гуыппæ гдзинад æ мæ тас фæ кæ сфæ кæ сгæ нгæ сæ хи райстой уатæ й. Мады баййæ фта хуыссæ ныл дæ лгомæ й. Цин æ й уæ ззаугай рабадын кодта. Йæ къухтæ къалиутау фæ йнæ рдæ м аппæ рста. Уый уыдис æ мбисонды исдуг! Лæ ппуйы къух фæ цис дыууæ уадулы ’хсæ н. Фыстæ г зæ рдæ йау змæ лыд йе ’нгуылдзты. Мады цæ ссыгтæ тад здыйы æ ртæ хтау ныттагъдысты лæ ппуйы зæ рдæ йыл.

Æ ртæ мæ йы дæ ргъы Джино уæ ззау цæ фтæ й хуыссыди рынчындоны. Фыстæ г ныффыссынхъом нал уыди. Бæ стон хабæ рттæ нын радзырдта, хæ стæ й куы сыздæ хти, уæ д.

Дыккаг бон Сæ рæ гасы мад иннæ хæ ттытау быдырмæ ацыди. Хæ дзар лæ ппуйы ’вджид ныууагъта. Сихорафон кæ рты дуармæ фæ зынди æ ртæ нæ лгоймаджы.

— Нана кæ м и? — фæ рсы Гаги. Йæ къухы цыбыр лæ дзæ гыл фидаргонд уыди джебогъ. Зæ ххы йæ фæ цавта.

— Быдыры.

— Джино та?

— Хæ сты.

Ау, Гаги нæ зоны, Джино, хæ сты кæ й ис, уый? Нанайы-иу арæ х куы фарста, уæ лæ гæ й цы хабæ рттæ ис, зæ гъгæ?

— Æ мæ уæ химæ никуы ’рбацыди?

— Никуы. Знон дзы фыстæ г уыди.

Нæ лгоймæ гты цымыдис æ нгас кæ рæ дзиуыл амбæ лди. Гаги йæ лыстæ г къубал размæ раивæ зта, джебогъы фындз та зæ ххы фæ цавта:

— Уæ куыст кæ нут. Ацы ардыд къæ быламæ ма хъусут. Нæ фæ рæ дидзыстут.

Гаги комкоммæ бараст и мидæ ггаг уатмæ. Къуымтæ м йæ цъæ х æ хсынцъыты хуызæ н туаг цæ стытæ баппæ рста. Лæ гтæ й иумæ фæ дзырдта æ мæ уайтагъд шифанер йæ бынатæ й фенкъуысти. Байгом кодтой дуар. Дзаумæ тты ’хсæ нты Гаги йæ къух фæ цавта. Ауындзæ нты хъыс-хъыс ссыди. Рахауди дзы зæ ронд æ фсæ ддон пилоткæ. Джиноитæ Дзæ уджыхъæ уы цур куы хæ цыдысты, уæ д сæ химæ æ хсгæ уад æ ркодта. Сæ рæ гасæ н балæ вар кодта ацы худ.

— Нæ уын дзырдтон? Нæ фæ рæ дыдыстæ м. — Пилоткæ джебогъы фындзæ й уаты астæ умæ фесхуыста. Лæ ппу йæ сисынмæ хъавыди. Фæ лæ йыл Гаги уыциу тъæ лланг фæ кодта:

— Æ, куыдзы хъæ вдын! Кæ м ис дæ фыд?

— Хæ сты, зæ гъгæ, дын нæ загътон?

Уый фæ стæ рацыдысты сæ рдыгон хæ дзармæ. Рагуалдзæ г уыди, арт дзы нæ ма кодтой. Æ фснайдæ й дзы лæ ууыдысты цъылинæ гтæ æ мæ нартхоры хъæ ллæ гътæ. Гаги бабырыди сæ сæ рмæ. Йæ джебогъ-иу се ’хсæ н фæ цавта. Уыдон сæ хи мидæ г сусу-бусу кодтой.

Ныр та цармæ сарæ зтой асин. Уазджытæ й иу йæ ронæ й сласта дамбаца æ мæ разæ й фæ хилы. Йæ фæ стæ — Гаги æ д джебогъ, йæ къубал сивæ зта. Райхъуысти уынæ ртæ, цæ йдæ р футт æ мæ сонт гæ рах. Гаги фæ цудыдта, асинæ й йæ æ нæ бары рагæ пп кæ нын бахъуыди. Царæ й сæ рдыгон хæ дзары æ мбæ рзæ н дуртæ м асæ ррæ тт ласта дынджыр цъæ х гæ ды. Йæ фæ стæ та æ ндæ р, арыд рувасау — гæ рæ м.

Рагуалдзæ г уыди, нæ загътон?

Дæ ле цы «уазæ г» лæ ууыд, уымæ н мидбылхудтæ й йæ цæ стытæ барухс сты.

Арфæ йаг фæ уат, гæ дытæ. Лæ гдзинад канд адæ ймаджы нæ хъæ уы.

Фæ зынди Сæ рæ гасы мад. Фæ хабар æ м чынди.

— Гаги, дæ цæ рæ нбон бирæ, нæ гæ дыты нын чи фæ тæ рсын кодта. Æ хсæ в-бонмæ нæ сæ уасынæ й хуыссын нæ уадзынц. Фæ лæ, кæ й агуырыс, уый дæ умæ не ’вдæ лы. Къæ рныхтау кæ й æ рбацыдыстут, æ мæ мын мæ хæ дзар хынджылæ ггаг кæ й скодтат, уый тыххæ й та уæ хуыцау ма сразы уæ д.

Фæ стаг ныхас нал райхъуысти. Хъуырмæ цы цæ ссыгтæ схæ ццæ сты, уыдоны сæ вдылди. Фыстæ г Гагимæ баппæ рста. Гаги йæ æ нæ дзургæ йæ систа. Йæ адрисмæ йын æ ркасти, пецы сæ р æ й авæ рдта æ мæ уынджы ’рдæ м батагъд кодта. Цæ уыл уыди йæ фæ смон? Æ вастæ й кæ й æ рбалæ гæ рста, ууыл? Галæ й кæ й æ рбацыд æ мæ хъугæ й кæ й фæ цæ уы, ууыл?

Джигул, æ вæ дза, Гагийы сæ ры хъуыди. Йæ къух æ рæ вæ рын дæ р тыххæ й фæ рæ зта. Хъæ усоветы сæ рдар! Уый ирон æ мбисонд нæ у.

Иухатт дын æ м гæ ххæ тт агурæ г бацыдтæ н. Йæ секретарь уым нæ уыди. Гъемæ йæ сæ р бахъуыди. Мæ хæ дæ г æ й афыстаин, фæ лæ ахудыны тыххæ й... Йæ разы æ рæ вæ рдта æ ндæ р гæ ххæ тт æ мæ уымæ кæ сгæ йæ райдыдта «ныв кæ нын». Йæ къубал раивазы. Бирæ фæ кæ сы, цыма фыстытæ нæ, фæ лæ сыстытæ сты. Пъеро гæ ххæ ттыл уæ ззаугай лæ сы, хохаг галуæ рдонау йæ хъыс-хъыс цæ уы. Алы дамгъæ йæ дæ р мын Гаги уыгард кæ ны мæ зæ рдæ йыл. Къуымых карды комæ й æ рзилы æ мæ нервыты кæ рæ ттæ й кæ й адзæ нгæ л ласы, чи та дзы æ рдæ глыгæ й удисæ джы ратул-батул байдайы. Гагийы хырх мæ бынтондæ р куы ауæ нгтæ кæ на, уымæ й тæ рсгæ йæ мæ хи рудзынджы ’рдæ м райстон. Телеграфы телтыл ирон ныхасы бадæ гау рарæ нхъ сты уазджытæ — зæ рватыччытæ урс куырæ тты æ мæ сау нымæ тты. Сæ боцъотæ сæ ронбастмæ. Зæ рдиаг ныхас кæ нынц, æ рмæ ст сæ хæ дæ г æ мæ сæ фысым-уалдзæ г кæ й æ мбарынц, ахæ м хъæ лæ сæ й. Мæ дæ лæ взаг, æ нæ рай фæ уа, тæ ппалау абадти цыдæ р мелоди. Мæ былтæ сæ хигъдауæ й ацъупп сты. «Æ мбисонды» симфонийы зæ лтæ м Гагийы зæ рдæ нæ баради:

— Гъей, кæ уыл æ хситт кæ ныс, кæ? Тагъд дæ хи айс ардыгæ й. Дæ мадыл-иу æ хситт кæ н.

Гагийы хъуырыл фыдджынкæ рдæ н фæ йнæ гау цы æ нцъылдтæ уыди, уыдон сырх-сырхид афæ лдæ хтысты.

— Гаги, хатыр, æ нæ бары мын сирвæ зт, уæ ртæ зæ рватыччытæ н хъырныдтон.

Ме ’нæ рхъуыдыдзинадыл мæ м фæ смон бæ ргæ æ рцыди. Ноджы Гагийы дæ р куыстæ й ныкъкъуылымпы кодтон. Мæ гæ ххæ тт ма мæ къухы куы бафтид...

Гагийы «автограф» ныр дæ р ма мæ химæ ис. Искуы уын æ й фенын кæ ндзынæ н.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.