Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫДЫСТЫ САЛДÆТТÆ.



Фадхъултæ м рыг сæ лæ ф митау сæ къæ хты бынæ й лыгъди. Алы къахдзæ фы уынæ р дæ р нæ мыджы срæ мыгъдау æ мбæ лди зæ рдæ йыл. Зæ хх фестади æ ртхутæ г. Бæ гъдулæ г дзы кодтой зайæ гхал æ мæ бæ лæ сты сыфтæ ртæ. Салдæ тты дарæ стау — фæ лурс.

Цыдысты салдæ ттæ. О, уыцы иугæ ндзон æ мхуызондзинад... Зæ рдæ дзы фæ цъæ х. Лæ сыди хæ ст асæ стау æ нæ кæ рон рæ хысæ й. Абон дæ р ма цæ уынц мæ сабибонты рыст дунейæ, уæ ззау цырыхъхъытæ. Сиу сты зæ рдæ йы гуыпп-гуыппимæ. Зæ хх, нæ иунæ г ныййарæ г! Цæ мæ н дæ хъæ уы хъахъхъæ нæ г! Кæ дмæ дыл тулдзысты хотыхты уæ ззау цæ лхытæ? Кæ дмæ дын къахдзысты дæ зæ рдæ маргхъæ стæ нæ мгуытæ! Æ фсымæ рон ингæ нтыл фæ лдæ хт къæ йты уæ зæ й ныййарæ джы уды тæ гтæ бахуыскъ сты.

Æ рдæ гсыгъд, цæ нкуыл бæ лæ стæ рынчынтау кæ сынц мигъдзаст къуымтæ й. Сæ бынты — сау дзыхъхъытæ, зæ ххы хъæ дгæ мттæ. Иутæ — сармадзантæ æ мæ катюшæ ты æ мбæ хсæ нтæ, иннæ тæ — бомбæ тæ æ мæ нæ мгуыты фæ дтæ.

Скъолайæ н ма æ нæ хъыгдардæ й баззад йæ пец.

Арт фæ лыгъди. Ахуыргæ нæ джы фæ лмæ н хъæ лæ с æ мæ скъоладзауты цымыдис цæ стытæ атахтысты. Кæ рты — цалдæ р ног ингæ ны. Пецау æ нæ сыбырттæ й лæ ууынц. Скъолайы кæ лддзæ гтæ м ныджджих сты...

Сæ рæ гас мын кæ ны Асæ гойы хабар. Пост хæ ссынмæ уыди. Куыддæ р хъæ уы сæ рмæ æ рхæ ццæ, афтæ доны фалейæ райхъуысти топпы гæ рæ хтæ. Бахъырныдтой сармадзантæ. Асæ го ныййарц и. Джиноты кæ рты смидæ г. Йæ ных сарæ зта ныккæ ндмæ. Иу къухы — нымæ тхуд. Иннæ мæ й хæ цы егъау хызыныл. Къах цæ уылдæ р скъуырдта. Фæ калди. Иуцасдæ р йæ цыппæ ртыл афæ лвæ рдта. Сыстади ног. Дыууæ -æ ртæ къахдзæ фы ма акодта, афтæ хæ лаф зæ нгæ йтты сæ ртыл ауыгъдæ й аззади. Æ вæ ццæ гæ н, сонт хаудæ й астæ убос фескъуыди. Хорз, æ мæ хæ дон даргъ уыд, æ ндæ р бынтон худинаг нæ кодта? Бæ ргæ ма йæ м фæ лæ бурдта, мæ гуырæ г, фæ лæ адæ мы цæ ст уынаг у. «Æ, мæ куыйтæ н бæ ттынæ н бахъæ уай! » — Асæ го дзырдта йæ астæ убосимæ.

Цуан кæ нæ м хæ сты бызгъуыртыл. Гилдзытæ — æ рыскъæ фæ й арæ хдæ р. Ноджы алымыггаг. Нæ дзыппытæ байдзаг сты.

Иу ран Сæ рæ гас дзыхълæ уд фæ кодта. Йæ цæ стытæ сыджыты ныццавта.

— Кæ с-ма, Дзег...

Саумæ рæ й зындысты æ нгуылдзты кæ рæ ттæ. Æ рдæ гтымбыл. Фæ ндыры амонæ нтау — бур. Зæ рдæ ныссæ ххæ тт кодта. Сæ рыхъуынтыл уазал дымгæ рацыди. Къæ цæ лæ й ракъахтам сыджыт. Рахауди дзы адæ ймаджы цонг. Сау тæ бын кофтæ йы дысæ й зынди гæ ххæ тт. Диссаг! Ногийы хуызист... Дзирæ ты цонг... Мæ цæ стытыл ауади, знон Асæ го цы хабар кодта, уый.

Мæ гуырæ г, Дзирæ т. Йæ цыппар фырты йын хæ ст сырдау фæ д-фæ дыл фæ давта. Сау фæ ндагæ й ма фæ стæ мæ æ ртæ сау гæ ххæ тты æ рыздæ хти. Стæ й та цыппæ рæ м. Дзирæ ты фæ стаг ныфсы мæ сыг ныккалди. Нал ис йæ чысыл хъæ бул Ноги. Æ ппæ ты кæ стæ р, æ ппæ ты буцдæ р. Чи ма расæ тдзæ нис фæ нычы фых кæ рдзыны был...

Сæ умæ райсом уынæ ргъын райдыдта хæ ст. Хæ дзæ рттæ сабитау стъæ лфынц, рудзгуыты зыланг хъуысы, цыма хæ къуырццæ й кæ уынц. Хæ дзæ ртты сæ рмæ фæ здæ г нал зыны. Къонатæ ферхæ цыдысты хæ сты хъылма фæ здæ гæ й. Сæ цин — сабитæ фæ лыгъдысты ныккæ ндтæ м. Зæ ронд ус нæ куыдта. Цæ стытæ сафтид сты, хуыскъ цъайтау. Рацыди. Хæ сты уынæ р æ м нæ хъуысы. Нæ мгуытæ мæ лæ ты мин æ взагæ й уасынц. Цæ уы зæ ронд ус. Фæ здæ г къуыбылæ йттæ й зилы йæ фæ стæ. Фæ здæ джы æ ндæ ргтæ æ мбæ рзынц арвы цъæ х. Хур сыл рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ фæ кæ лы. Цæ уы Дзирæ т йæ лæ дзæ г æ мæ йæ аууонимæ. Аууон æ й йæ фæ дыл ласы. Ус ныггуыбыр, цыма аууонæ н ахъæ быс кæ нынмæ хъавы. Бæ стыл цъиуызмæ лæ г нæ й. Æ рмæ ст ус æ мæ хæ ст, ус æ мæ аууæ ттæ. Стæ й æ васт сонт æ мыр гуыпп фæ цыди. Ус æ рбадæ лдзæ х. Йæ быны зæ хх стыдта. Сыджыты куыбæ рттæ æ мæ дуртæ æ врæ гътыл сæ мбæ лдысты. Уынджы арвæ мбæ рц сусхъæ д бæ ласæ н йæ растæ мбис фæ ндаггæ ронмæ атахти. Фæ лурс сыфтæ ртæ фæ уæ лгоммæ сты æ мæ мард цъиуы базыртау, уæ гъд дзедзырой кæ нынц. Зæ ронд усæ н йæ кой, йæ хъæ р нал райхъуыст. Æ ниу кæ мæ фехъуыстаид? Алчи йæ хи сау хъæ дгæ мттæ н схос кæ нынæ н ницы фæ разы.

Тас æ мæ хæ сты аууæ ттæ кæ л-кæ лæ й худынц царæ фтыд уынгты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.