|
|||
АВДÆНЫ ЗАРÆГНыккæ нд кæ ны зæ ххы тæ ф. Бынæ й дæ р — зæ хх, нæ сæ рмæ дæ р — зæ хх. Æ ртæ боны арвы цъæ х нæ ма федтон. Уæ вгæ арвæ н æ нæ уи дæ р фæ здæ джы агъудæ й нæ й фенæ н. Ныккæ нды дыккаг дуарæ й мæ нг рухсмæ фæ зыны æ рмæ ст нæ тута бæ ласы ставд зæ нг. Кæ ддæ р мæ Дзыцца йæ къалиумæ сæ ргъæ вта. Цы бæ рзонд уыди! Сыфтæ ртæ сусæ гæ й сусу-бусу кодтой, фестъæ лфыдысты-иу, цыма адæ ймаг фыццаг хатт федтой. Ныр тутайы уидæ гтæ сты мæ тæ ккæ фарсмæ. Сæ иу сыджыткъул æ рбайгæ рста, фæ лæ йын чидæ р цыргъагæ й йæ цонг ахауын кодта. Афтид цармыл зæ булæ й лæ ууы. Бæ лоны къахау — сырх. Æ нæ авг фæ тæ гены цырагъ, сыджыткъулы мидæ мæ цы къахт ис, уым тыхулæ фт кæ ны. Æ нуд ын у ныккæ нды. Бурæ й йæ ала ’взаг сласта, асæ рфы йæ къултыл, цыма куыдз йæ былтæ астæ ры. Дзыцца йæ къæ хтæ йæ быны бакодта, мæ дæ лфæ дтæ м бады. Архайы æ рдæ гбыд къуымбил цъындаимæ. Æ на иннæ «уаты» ис. Ныккæ нд галиуæ рдæ м кæ м фæ зылд, уым. Дзыццайы æ нгуылдзтæ куыд рог змæ лынц! Афтæ мæ й хус къалиутау æ нæ туг сты. Цырагъ рухс кæ ны æ рмæ ст уыдонæ н. Аууæ ттæ дзедзырой кæ нынц къуымты. Тарст адæ ймаджы цæ стытау. Цæ г цæ гыл æ фты.
Ло-ло-ло-ло, а-ло-ла! Лæ ппу фынæ й акæ на!
Дзыцца мæ нæ н зары. Цыма авдæ ндзыд саби дæ н. Кæ ддæ р ма фехъуыстон ацы ныхæ стæ. Мæ мидфынмæ уынын, тæ нæ г былтæ куыд змæ лынц, уый. Зæ ххы арфæ й фæ цæ уы æ мыр гуыпп. Зæ ххы буары тæ лфы хæ сты маргæ йдзаг уд. Цырагъ æ мæ къуыбылой фестъæ лфынц. Мæ фын базгъæ лæ н вæ ййы. Йæ зыланг ма райхъуысы мæ хъустæ й. Зæ рдæ ныддур, сæ вдылди цæ ссыгты. Цæ сты агъудтæ дудынц. Цæ г æ фты цæ гыл.
Æ цитт, Гино, ма та уас, Йæ баппа йын ма алас. Æ цитт, рацахс мыстытæ, Мыстытæ ’мæ уæ рццытæ! Мысты бахæ р дæ хæ дæ г, Уæ рццы рахæ сс чысылæ н. Уый йын баппа дæ тдзæ ни, Гæ быртæ йын кæ ндзæ ни...
Кæ м ис ныр Гино? Æ вæ ццæ гæ н цары. Æ нæ зонд. Цыма йын уым æ дасдæ р у! Æ на йæ цал хатты æ рхаста! Уæ ддæ р та алидзы. Райхъуысти та æ мыр гуыпп. Зæ хх нынкъуысти. Царæ й дыууæ фаст хъæ ды ’хсæ нты мæ сæ рыл æ ркалди сыджыт. Зарæ г фескъуыди. Цырагъы рухс фæ цудыдта. Иннæ «уатæ й» хъуысы хус хъæ мпы хъынцъым. Æ на дæ р нæ хуыссы. Мæ улæ фæ нтæ мын кæ уындзæ г нылвæ ста. Мæ буар бауымæ л. Фарс бандзыг вæ ййы. Атулын иннæ рдæ м, фæ лæ уайтагъд афæ ллайын.
Уæ лæ хъæ ндил æ руайы, Йæ къахдзæ фтæ нымайы...
Дзыцца сыстади. Къуымы цыдæ р архайы. Къуыбылой цæ уылдæ р фæ калд æ мæ нал тулы. Цымæ цы бацис хъæ ндил?..
Ацы хъæ ндил — хъæ ндилæ г, Йæ базыртæ — æ рттиваг, Йæ астæ уыл — цыргъ хъама, Йæ уæ лæ та — цъæ х цухъхъа. — Кæ дæ м уайыс, хъæ ндилæ г? — Хохæ й далæ быдырмæ. Айчы хусы — мæ хæ дзар, Карды комыл — мæ фæ ндаг, Судзины бын — мæ рудзынг.
Хæ ст лæ буры Дзыццайы ныхæ стæ м. Скъæ фы сæ бындзыггай. Зарæ г ногæ й райгуыры. Æ нуд æ мæ уымæ лæ й хуыдуг кæ ны. Уæ ддæ р цырагъы рухсау тохы бацыди аууæ ттæ æ мæ æ гуыппæ гдзинадимæ. Цæ г æ фты цæ гыл.
— Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ? — Тинтæ æ мæ Тыбылтæ. — Тины хъазæ н фæ рæ тæ й, Ныццæ вы йæ зæ вæ тæ й. Фæ рæ т арвмæ фæ хауы, Ыстъалыты нызгъалы. Арвы дуар ныссæ тты. Иухатт гомæ й аззадис, Иу сау бæ х дзы ракастис. — Чи йын быдта йæ къæ дзил? — Сырдон быдта, тых быдта. — Уæ д Сырдонæ н цы дзырдтай? — Ратт мын, Сырдон, дæ иу фат... — Мæ иу фатæ й цы кæ ныс? — Дзæ бидыр дзы æ ртулон, Мæ хæ лæ ртты æ рхонон! — Дард у, Хъæ ндил, дæ фæ ндаг, Суадз уал махмæ дæ фæ ллад! Раздæ х уал нæ м фысыммæ, Рахæ сс хурæ н хæ рзфынтæ! Мæ нæ Хъæ ндил æ рхæ ццæ, Цинæ й дзаг у йæ зæ рдæ, Авдæ н узы чысылæ н, Кадæ г кæ ны мæ хурæ н.
Хæ ст лæ буры мæ фынмæ. Маргхъæ стæ нæ мыг — йæ къухы. Цæ стыхаутæ сонт пæ ррæ ст скæ нынц. Мæ гобаны бын хъæ мп уæ ззау хъыс-хъыс кæ ны. Æ ртхъирæ нау. Фын тыххæ ст ныккæ ны уæ лтъыфалтыл! Фæ лæ та зæ хх ныууынæ ргъы. Дыккаг «дуарæ й» рухсы цъыртт тырны ныккæ ндмæ. Цыма æ ххуысмæ фæ зыны. Цæ й дуар? Адæ ймаг тыхамæ лттæ й кæ уылты абыра, ахæ м хуынкъ. Авджы састæ й æ мбæ рзт. Сыджыт лæ быры. Авджы кæ рæ ттæ æ рæ хгæ дта. Пецы дзыхы йас рухс ма хъары ныккæ ндмæ. Стыр дуарыл бомбæ, кæ нæ сармадзаны нæ мыг куы сæ мбæ ла, уæ д, дам, ууылты абырæ н уыдзæ н... Æ мæ уыцы хæ ддзу уазæ г ауылты куы сфæ нд кæ на æ рбахизын, уæ д та? Уæ вгæ йæ кæ д тута бæ лас бауромид. Цы хорз у, уый дæ р нæ уæ лхъус кæ й ис, уый! Хæ ст куы фæ уа, уæ д æ й Дзыццайæ н чъырæ й рацæ гъдын кæ ндзынæ н. Йæ алфамбылай та йын белæ й скъахдзынæ н. Æ мæ хæ ст куынæ фæ уа, уæ д та?
|
|||
|