Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦУАНÆТТÆ



ГАКК

Мæ хистæ р æ фсымæ р Созыримæ быдырæ й хохмæ цыдыстæ м уæ ллаг æ фцæ гыл. Долыгъы нарæ г комыл схызтыстæ м Арауæ джы уæ рæ х фæ тæ нтæ м. Уырдыгæ й та не ’хсæ в схастам Гуæ здæ ллæ гæ тмæ. Æ хсæ вы хæ ххон сыгъдæ г уæ лдæ фмæ хорз фæ фынæ й кодтам. Райсомæ й хуры зæ лдаг тынтæ урс хохы тенкайыл куы абадтысты, уæ д дардыл фæ лгæ сыдыстæ м уæ ллаг æ фцæ джы лæ гъзауæ й. Фæ саходæ н хохрæ бынты нæ ных сарæ зтам Газийы къахыры ’рдæ м. Æ мбисбонмæ хæ стæ г бахæ ццæ стæ м Барзы цъупмæ. Уырдыгæ й нæ цæ ст æ рæ вæ рдтам Уæ ллагкомы уæ лвæ зтыл.

Созыр биноклæ й æ дзынæ г касти кæ мттæ, фæ зтæ, цъититæ м. Фæ стагмæ, Газийы къахырмæ амонгæ йæ, загъта:

— Уæ ртæ Хæ рæ нты сычъиты къорд, семæ цалдæ р сæ ныччы дæ р. Гъа-ма, бакæ с сæ м.

Æ з бинокль мæ цæ стытыл авæ рдтон: банымадтон авд сычъийы. Се ’хсæ нты рауай-бауай кодта æ ртæ сæ ныччы.

— Лæ ппу, цы, уый зоныс? — дзуры мæ м Созыр. — Баздæ хæ м æ мæ сæ ныччытæ й иу уæ ддæ р æ рцахсæ м.

— Сырды та къабазæ й чи ахсы? — бахудтæ н æ з.

— Лæ джы цы фæ нда æ мæ цы нæ бæ кæ ндзæ н? — комкоммæ мæ м æ рбакаст ме ’фсымæ р. — Ныр бахъуыди, зæ гъгæ, уæ д æ ртæ дзыкъыйы дæ р не ’рцахсис? Бафæ лвар-ма, æ з дæ м ардыгæ й кæ сдзынæ н...

— Æ ртæ йæ дын зæ рдæ не ’вæ рын, фæ лæ дзы иуы куы ’рцахсон, уæ д мын цы ратдзынæ?

— Цы дæ хъæ уы?

— Мæ нæ ацы дардмæ кæ сæ нтæ, — ацамыдтон бинокльмæ.

— Гъемæ хорз, кæ д сычъийы лæ ппын æ рбахæ ссай, уæ д дæ у фæ уæ д, — сразы Созыр.

Ме ’фсымæ ры рæ стдзинад рагæ й зыдтон, йæ ныхасæ н кæ ддæ риддæ р хицау уыди — никуы фæ сайдта. Мæ н дæ р нæ фæ сайдзæ н, зæ гъгæ, мæ хи уайтагъд фæ фистæ г кодтон. Лæ дзæ г мæ къухы, афтæ мæ й рæ бынты фæ цагайдтон. Сахаты фæ стæ мæ скъаутыл сычъитæ м бахæ стæ г дæ н. Хъуызынтæ сæ м байдыдтон. Мæ амондæ н, æ фцæ гæ й хаста гæ зæ мæ уддзæ ф, уый руаджы хæ рз хæ стæ г бабырыдтæ н Æ фсатийы фосы къордмæ. Цы рæ сугъд, цы кондджын сты ацы æ нæ маст цæ рæ гойтæ! Никæ й хъыгдарынц а дунейыл. Цымæ сырдтæ адон сты æ ви сæ м топпы кæ сæ нæ й чи акæ сы, уыдон? Ахæ м адæ ймаг-иу кæ мæ бахъавы, йæ хи уый бынаты куы авæ рид, уæ д хъыримаджы мæ нгвæ дæ гыл никуы æ рбахæ цид. «Æ мæ кæ ннод мæ хæ дæ г цæ мæ й хуыздæ р дæ н ахæ м æ гъатыр цуанонæ й, — ахъуыды кодтон мæ хинымæ р, — Фæ лæ æ з маргæ нæ кæ нын, хæ снаг та æ ххæ стгæ нинаг у, куыд фæ зæ гъынц, лæ г йæ ныхасæ й лæ г у». Ахæ м хъуыдытимæ къуырфауы мæ дзабыртæ феппæ рстон, мæ хæ дæ г сычъитыл мæ хи баскъæ рдтон. Удаистæ й фæ цагайдтой æ фцæ джы ’рдæ м. Æ нахъом сæ ныччыты цыма иртасгæ фæ чындæ уыд, уыйау фæ сте аззадысты. Сæ мадæ лтæ ма сæ м фæ стæ мæ бæ ргæ фæ зылдысты, фæ лæ сыл лæ дзæ г бахстон, æ мæ та лидзынмæ фесты. Уæ ддæ р сæ ныччытæ й дыууæ сæ къорды баййæ фтой, æ ртыккаг йæ хи кæ рдæ джы гуцъуламæ фелхъывта. Хуыздæ р ма мæ цы хъуыди, — ацахстон æ й. Созыр мæ уыны æ ви нæ, зæ гъгæ, фæ кастæ н уыйæ рдæ м: нæ мæ м зынди къуыбыры аууонæ й. Исдуг сæ ныкмæ цымыдисæ й фæ кастæ н, стæ й йæ мæ дæ ларм акодтон, афтæ мæ й аууæ ттæ -аууæ ттæ бахæ ццæ дæ н Барзы бынмæ. Дураууонæ й скастæ н Созырмæ: цыдæ р гæ ххæ ттимæ архайдта.

Дзыгыйы къæ хтæ къухмæ рзæ нæ й абастон æ мæ йæ лæ сæ ны бын фæ уагътон, мæ хæ дæ г иу мæ къуылæ нгæ с дуры сæ рыл алæ ууыдтæ н. Созыр мæ куы ауыдта, уæ д йæ кæ сын фæ уагъта.

— Байраджы фыдæ бон, и? — айуан мыл кæ ны. — Бинокль фыны дæ цæ стытыл уайдзæ ни, фæ лæ -ма радзур, куыд дын алыгъдысты?

Исты гæ дыныхæ стæ йын акæ нон, зæ гъгæ йæ м хæ стæ гдæ р суадтæ н. Созыр фæ ллад лæ гау сабыргай сыстад, йæ хæ лафы фадгуытæ æ фсонæ н æ рцагъта, стæ й мыл æ нæ нхъæ лæ джы йæ хи ныццавта. Куыддæ р амæ лттæ й йæ къухтæ й феуæ гъд дæ н æ мæ лæ сæ ныл ныллыгъдтæ н. Мæ н сургæ йæ, Созыр ауыдта сычъийы лæ ппыны. Бауадис æ м, фелвæ ста йæ арæ хстгай, йæ хæ дæ г мæ фæ дыл дзуры:

— А-а-а, мæ нгард, йæ! Кæ дæ м ма лидзыс, рацу, мауал тæ рс... Уайгæ, дæ бинокль райс.

Ссыдыстæ м нæ дзаумæ тты цурмæ.

— Æ хсыр та йын кæ м уыдзæ н, хизгæ куы нæ ма кæ ны? — фæ рсын Созыры.

— Æ нæ мæ нг, амæ н сæ гъы æ хсыр хъæ уы, махмæ та сæ гътæ нал ис, — сагъæ сы бацыд ме ’фсымæ р.

— Хъуджы ’хсырæ й не схъомыл уыдзæ н?

— Нæ -æ, хъуг æ мæ йын фысы ’хсыр нæ батайдзысты, — батыхст Созыр, йæ хæ дæ г сæ ныччы былтæ м хъæ дурхос бахаста. Бецау, смудгæ дæ р æ м нæ бакодта. Аххосджынтау нæ кæ рæ дзимæ бакастыстæ м.

— Æ нæ мадæ й тæ ригъæ д у, стæ й нæ фæ цæ рдзæ н, — загътон æ з.

— Хъус-ма, — дзуры мæ м Созыр, — бавдæ лæ м æ мæ йыл гакк сæ вæ рæ м, фæ хæ ц-ма йын йæ сæ рыл.

— Гакк? Уый та куыд?

— Уый та мæ нæ афтæ, — дзуапп радта Созыр æ мæ хæ рынкъайæ сæ ныккæ н йæ галиу хъусы кæ рон æ ркъуырдта, стæ й йын йæ тугтæ суадонæ й æ рæ хсадта.

— Ныр сæ ныкк мах у, Æ фсати йæ м ницыуал бар дары, — бахудтæ н æ з.

— Уый йыл цъæ х бирæ гъ йе иу зыдыка цуанон куы амбæ ла, уæ д, æ вæ дза, Æ фсатийы нал бафæ рсдзæ н, — зæ гъгæ мын Созыр сæ ныччы мæ хъæ бысы авæ рдта. — Амæ йæ мад æ нхъæ лмæ кæ сы, ахæ сс æ мæ йæ фæ скъахыр ауадз, мад йæ лæ ппыны уасынмæ зындзæ н.

Куыд мын загъта, афтæ бакодтон. Нæ чысыл уацайраджы ахастон фæ скъахырмæ. Йемæ сбадтæ н иу хъуынаджын бæ хъилæ г дуры фæ сдзæ гат. Æ рæ джиау дæ лоз айнæ грæ бынмæ ныууыдтон сычъиты къорд. Иу дзы кæ рдæ гмæ не ’вналы, алырдæ мты ракæ с-бакæ с кæ ны, бауасы. Уый мæ нæ ацы сæ ныччы мад уыди. Аууæ тты сæ м хæ стæ гдæ р ныццыдтæ н. Дзыгыйæ н ма фæ стаг хатт йæ ныхæ н аба кодтон æ мæ йæ ауагътон. Фæ стæ мæ рацыдтæ н мæ фæ д-фæ д. Газийы къахырæ й ма федтон, мад æ мæ хъæ бул кæ рæ дзиуыл куыд узæ лыдысты, уый.

Æ фцæ гæ й тæ ссарыл фæ дæ лæ мæ дæ н. Кæ сын, æ мæ далæ Созыр æ д дзаумæ ттæ æ рбахæ ццæ хъæ дгæ ронмæ. Æ хсызгон мын куыннæ уыдаид æ мæ уырдыгмæ йæ размæ ныццыдтæ н. Дарддæ р нæ фæ ндаг адардтам Аргæ нæ ны дарæ нмæ.

ЦУАНÆ ТТÆ

Мæ фыд æ гас комы дæ р номдзыд цуанон уыдис. Кæ д ыл азтæ рацыд, уæ ддæ р ма лæ ппуйау цæ рдæ г, уæ нгрог уыд. Иу изæ р мæ арвыста йæ цуанон æ мбал Мæ рзаты Симонмæ, ардæ м æ м фæ дзур, зæ гъгæ. Симон уыд нæ хæ стæ г, мæ фыдæ й иу-фондз азы кæ стæ р, цард Уæ ллагхъæ уы, махмæ йæ Уæ ллагсых дæ р хуыдтой.

Симонимæ хæ рхæ мбæ лд фестæ м Гæ лиатмæ фæ зилæ ны.

— Габран мæ дæ умæ сæ рвыста, — æ фсæ рмдзастæ й æ рлæ ууыдтæ н фæ ндаггæ рон.

— Цы мæ кæ ны? — фæ дис кодта Симон.

— Нæ зонын.

— Гъемæ хорз, цом, уæ химæ йæ базондзыстæ м, — загъта Симон æ мæ мемæ раздæ хт.

Дуарæ й бахизгæ йæ, Симон бинонтæ н салам радта, стæ й ныллæ ггомау тъахтиныл æ рбадт мæ фыды фарсмæ. Дыууæ лæ джы кæ рæ дзийы цæ мæ йдæ рты афарстой, мæ мадæ н хъазгæ мхасæ н мæ нг зæ рдæ лхæ нæ нтæ акодтой, сæ хæ дæ г сæ цæ стытæ кæ рæ дзимæ æ рныкъуылдтой. Мæ мад, æ мбарын уæ, зæ гъгæ, дурынимæ къæ бицмæ араст.

— Цæ й, Габран, лæ ппуйы мæ м хуымæ тæ джы нæ фервыстаис?

— Мæ нæ, зæ гъын, ныртæ ккæ куыстытæ й азат стæ м æ мæ хæ тæ нмæ суаиккам, — фæ хъæ лдзæ гдæ р мæ фыд, — знон хæ хты рауарыд фыццаг мит, сырдтæ дæ лоз уыдзысты. Ноджы айхуызæ н æ рæ гвæ ззæ г дзæ бидыртæ фиудзылыты хуызæ н вæ ййынц. Хуыцауæ й дын ард хæ рын, фарон ацафон дзы иу цыппæ рдзæ стыг фондзкъахыгон æ рæ ппæ рстон æ мæ дзы дыууæ фиуы стыхтам, сасиры йæ стæ раст. Цастæ хъæ уы, мах нæ бæ хтыл бабаддзыстæ м, мæ нæ лæ ппуйы та хæ рæ гыл авæ рдзыстæ м, — не ’рыздæ хтмæ хайуанты фæ хъахъхъæ ндзæ н.

— Æ мæ уæ ддæ р дæ фæ нд кæ цырдæ м у? — фæ рсы йæ Симон.

— Кæ цырдæ м куы зæ гъай, уæ д бæ хтыл Донысæ рмæ æ нцондæ р ссæ уæ н у. Суанг Дарæ нмæ сфардæ г уыдзыстæ м. Нæ фæ ззыгон куыстытæ сæ рæ гасæ й бакодтам, уæ дæ, куыд фæ зæ гъынц, дзæ гъæ л бадтæ й дзæ гъæ л куыст — хуыздæ р. Ахсæ в фыццаг кæ ркуасæ нты азмæ лдзыстæ м. Хъуамæ рындзытæ сæ ударæ й бацахсæ м.

— Ахæ м æ нафоны ацы сывæ ллон иунæ гæ й? — ацамыдта мæ м Симон.

— Уый лæ ппуйы куыд æ фхæ рыс? — цыбыргомау ставд æ нгуылдзтæ й йæ халас рихитæ адаудта мæ фыд. — Дæ саздзыд лæ г æ й нæ хоныс? Уыдонæ й цыппар азы сæ рдыгон дарæ нты уæ лыгæ с æ рхатти. Суанг-иу фосимæ къуыригæ йттæ иунæ гæ й баззад, фæ лæ тæ рсгæ тæ -йедтæ нæ кæ ны.

Мæ фыды ныхæ стæ мыл базыртæ басагътой. Æ мбисæ хсæ в суанг Калакмæ ацæ уыныл дæ р фæ стиат нæ фæ цадаин.

— Цæ й, дæ фæ нд фæ уæ д, Уастырджи — нæ фæ дзæ хсæ г, — сразы Симон.

Мæ нæ н куыддæ р ме ’хсæ вæ р мæ хи фæ ци, афтæ бахуыссыдтæ н. Лæ гтæ ма тæ вдгæ нæ ны кæ рæ дзимæ сыкъайæ æ взидгæ сæ ныхас дардыл хастой...

***

— Лæ ппу, кæ нгæ дæ пысултæ, — айхъуыстон мидфынмæ мæ фыды хъæ лæ с, æ мæ йæ уазал къух мæ уæ хскыл бандзæ выд. — Фæ тагъд кæ н, дæ саулох дæ м кæ рты æ нхъæ лмæ кæ сы.

Хъарм сынтæ г æ нафоны ныууадзын кæ й фæ нды, фæ лæ цы гæ нæ н уыд. Мæ гæ рзтæ цырд акодтон. Гыцци ма мын цыдæ р хæ ринæ гтæ мæ дзыппы атъыста, афтæ мæ й разгъордтон кæ ртмæ. Симон мæ хæ рæ гыл авæ рдта. Цуанæ ттæ, сæ хъыримæ гтæ сæ уæ хсчытыл, афтæ мæ й сæ бæ хтыл рæ вдз абадтысты æ мæ мæ сæ разæ й айстой. Хæ рæ г бæ хты къаххъæ рмæ сцырын. Мæ тæ й мард: йæ уаргъ — рог, сиргæ уади. Уыцы иугæ ндзонæ й ауадаиккам сахаты ’рдæ г, афтæ баввахс стæ м Æ хсиаджы хæ дзаруæ ттæ м.

— Кæ д æ й хистæ ртæ й фехъуыстай, Симон, — райдыдта йæ ныхас мæ фыд. — Нæ фыды фыд Бре Уæ лладжырæ й куы ралыгъд, уæ д фыццаг ам æ рæ нцад. Уыдис ма йын дыууæ хойы æ мæ, мæ гуырæ г, чындздзон чызджытæ й халерæ й сæ зæ ххы хайыл иу бон сæ мбæ лдысты. Уæ ртæ сæ уыцы тъæ пæ н дуры дæ лвад йæ хи къухæ й баныгæ дта иу чырыны. Рухсаг ут, — йæ бур уæ лдзарм худ систа Габран.

— Цымæ ардæ м куыд æ рæ фтыдысты? — афарста Симон.

— Куыд куы зæ гъай, уæ д Æ рхоны цардысты. Уым Бре кæ йдæ римæ фæ быцæ у. Туг тугæ й не ’хсадæ уы; æ хсæ выгæ тты йæ сæ р йæ сон ракодта. Æ гъатыр уыдысты нæ гуымиры æ гъдæ уттæ. Ам гæ нах æ мæ мæ сыг дæ р уæ ды фæ лтæ ртæ й баззадысты. Бирæ мæ гуырты, бирæ бæ гъатырты бахъахъхъæ дтой мæ лæ тæ й, уастæ н дзы куывдтæ фæ чындæ уа, Бре сымах чызджы ацы дæ лвæ змæ æ рхаста. Ардыгæ й та Къæ мынтæ м аивта. Хорз адæ м уыдысты...

***

Дурджын къахвæ ндагыл, Уынгæ г рæ бын кæ й хонынц, уырдыгæ й сыздæ хтыстæ м Гарнисчы фæ хæ рдгæ нæ нмæ. Мæ фыд Хъæ удуры фæ хстыл йæ цæ ст ахаста:

— Симон, æ гæ р æ нкъардæ й цæ уæ м. Афтæ мæ й Æ фсати цы уæ здан зæ гъдзæ н, нæ зонын. Стæ й-иу æ дзух канд хистæ р нæ фæ дзуры. Цæ й, дæ умæ дæ р байхъусæ м.

— Омæ, кæ д раздæ ры цуаны хабæ рттæ, æ ндæ р цы радзурон? — бахудти Симон.

— Æ мæ дæ кæ ннод Америчы хабæ рттæ й исчи фæ рсы, йе, Быдзыноны куыд æ рхастай, уымæ й?

— Цыдаид мыл ссæ дз азы, — райдыдта йæ ныхас Симон, — афтæ фосимæ зымæ гон уыдыстæ м Цъыфджыны уæ тæ ры. Уарзтон хъæ ддаг хуытыл ацуан кæ нын. Иуахæ мы мемæ акодтон нæ цуанон куыдз Баййафы. Стъалытæ цæ хæ рцæ стæ й арвы риуыл фæ рухс-фæ мынæ г кодтой. Мæ й-иу уысмæ й-уысммæ йæ хи амбæ хста фæ ззыгон фæ лурс æ врæ гъты фæ дджиты. Комы дымæ гæ й Дидинаты уæ лвæ змæ ахызтæ н Хæ йрæ джыты хидыл. Бонивайæ нты Хæ рæ н хуссары иу кæ лдымыл мæ хи æ руагътон æ мæ кастæ н Тæ торсы кæ рдæ гджын фæ тæ н рæ гътæ м. Уалынмæ дзæ бæ х æ рбарухс. Фестадтæ н, хъыримаджы гилдз авæ рдтон, фæ лæ куыдзыл мæ цæ ст нæ хæ цы. Цы фæ уа, зæ гъгæ, бæ ласмæ схызтæ н. Алырдæ мты фæ лгæ сын, никуы ’мæ ницы. Фæ стæ мæ æ рхызтæ н. «Ау, цы зæ ххы скъуыды ныххаудаид», — дис кæ нын мæ хинымæ р. Цас ма рацыдаид, нæ зонын, афтæ Баййаф мæ цуры февзæ рд йæ комы фынк калгæ. Сæ рзилæ джджынау мæ алывæ рсты цъилау æ рзилы, йæ дзæ мбытæ й нæ уу къахы. Мæ зæ рдæ йæ м фехсайдта æ ррайæ дæ р. Дзæ бæ хдæ р ахъахъхъæ нон, зæ гъгæ, кæ рз бутъройы саггоммæ схызтæ н. Фæ лгæ сын... Диссаг! Мæ нæ й чысыл дæ лдæ р кæ рдойы саджилыл — арс, бынæ й — дынджыр хъæ ддаг хуы. Баййаф сæ м æ ввахс кæ м уæ ндыд. Бæ ласæ й æ нæ сымæ й æ рхызтæ н... Атагъайыл сæ м æ хстбæ рцмæ бахъуызыдтæ н. Схызтæ н та бæ ласмæ. Мæ хицæ й цы раппæ лон — тарстæ н. Æ з арс никуы фехстон, — адæ ймаг æ нгæ с у. Нæ йæ уыд мæ зæ рды бахъыгдарын. Хуымæ зæ рдиагæ й ныхъхъавыдтæ н. Топпы хъæ р ныццарыдта. Азæ лд фæ стæ мæ суанг Таторсы хуссæ рттæ й æ рыздæ хти. Джир йæ мидбынаты цъилау <... > тæ гæ нгæ джиры цурмæ йæ хи ныппæ рста. Цæ ф сырд сонтæ й, фыр адæ ргæ й арсы сриуыгъта йæ даргъ ссыртæ й. Дæ балгъитæ г афтæ — сфазта йæ. Арс ныдздзынæ зта адæ ймагау. Ахæ м тæ ригъæ ддаг ныв никуы федтон. Бæ ласæ й кæ дæ й-кæ дмæ не ’руæ ндыдтæ н æ рхизын... Фыццаг бацыдтæ н хуымæ: йæ туг лæ дæ рсти, афтæ мæ й хъæ збыны йæ фарсыл хуыссыд. Арс ма тыхамæ лттæ й пыхсбынмæ бафтыд æ мæ уым мæ рдвынæ й баци. Æ з æ й бæ ргæ нæ мардтон, фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, йæ хъысмæ т ахæ м уыд. Уæ ддæ р мæ нæ йуый йæ зачъе цæ уылнæ адаудтаид, стæ й куыннæ: иу гæ рахæ й — дыууæ сырды...

Æ мбæ лттимæ ныхасгонд уыдыстæ м: Æ фсати цал радта, уал гæ рахы фæ кæ нын. Аходæ нтыл фæ д-фæ дыл дыууæ хæ тæ лхъæ ры араугæ ацыдысты Дидинатæ й Цъыфджынмæ. Уац фæ хæ ццæ — дзуапп райстон иу топпæ хстæ й. Ме ’мбал — Бозырты Микъайы æ рбацыдмæ сырдты бастыгътон, фæ дæ н сæ уæ нгтæ гонд. Хæ ргæ фс æ мæ сæ хæ рæ г æ мдзæ хгæ р фæ ндæ гтыл уæ ззауæ н хастой, афтæ мæ й æ мбойны Къæ мынтæ м бафардæ г стæ м. Æ хсæ в диссаджы мæ йрухс уыди — абоны хуызæ н мæ цæ стытыл уайы. Уый уын ссæ дз азы размæ йы хабæ рттæ. Уыцы аз Уæ ллагкомæ й Америкмæ бирæ тæ ацыд. Уæ вгæ, мæ гуырдзинад лæ джы кæ дæ м нæ тæ ры? Гæ ныстоны бæ стæ фæ уа, бирæ тæ дзы сæ мæ лæ т ссардтой...

Мæ н ма фæ ндыд Симонмæ байхъусын, фæ лæ йæ ныхас фæ ци.

— Цуаноныл цы нæ ’рцæ уы, — загъта æ рæ джиау мæ фыд. — Дæ хабармæ гæ сгæ мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд рагон цуанон æ мæ йæ егары таурæ гъ.

— О, дард нал стæ м, хъусын мах бар, — бафиппайдта Симон.

— Цæ виттон, дæ хъуыддаг раст уа, — райдыдта мæ фыд, йæ рихитæ здухгæ. — Рагон цуанон йæ егаримæ æ ртæ боны дæ ргъы цы ком, цы адаг нæ басгæ рста, ахæ м нал базззад, фæ лæ цъиу дæ р нæ федта. Уалынмæ фæ лмæ стæ й бафтыд иу хуыскъ æ рхмæ. Æ мбисбон хур сæ дæ цæ стæ й ныккаст. Кæ рдæ г йæ къусчы бампылд æ мæ зæ ххыл ныффæ лдæ хт. Цъайтæ, къададæ ттæ байсыстысты, бæ лæ сты сыфтæ р баруади. Цуанонæ н йæ хид йæ ныхыл урс фæ рдгуытæ й лæ дæ рсти. Егар тæ вды йе ’взаг раппæ рста, афтæ мæ й йæ хицауы фарсмæ лæ флæ фгæ нгæ хылди.

— Гъей, дуне, ныр иу доны хуыпп, — дзуры фæ ллад цуанон. Фæ ссихор бафтыд цавæ рдæ р нарæ г коммæ. Амонд æ ви фыдбылызæ н — сæ размæ фæ ци суадон. Егар æ м басмыста — йæ хъист-хъист ссыди. Лæ г фыр цинæ й йæ зонгуытыл æ рхауд, йæ хиуыл дзуæ рттæ бафтыдта:

— Табу, не сфæ лдисæ г, фервæ зтæ н дæ фæ рцы!

Аназынæ ввонг дæ лгоммæ куыд ахуыссыд, афтæ егар суадон азмæ ста.

Лами чи нуазы, æ мæ райхъуысти цуаноны мæ сты хъæ р:

— Бирæ гъы амæ ттаг фæ у, кæ д мæ дойныйæ марын дæ умæ нæ кæ сы! Цæ уынтæ та байдыдта... Мæ нæ хъарусастæ й суадоныл ногæ й фæ дæ лгом. Егар та басæ ррæ тт ласта æ мæ дон йæ дзæ мбытæ й азмæ ста. Цуанон фыр мæ стæ й рафыхти.

Дæ бындар фæ уай, цыфыддæ р куыдзы хъæ вдын, зæ гъгæ йыл лæ дзæ гæ й ахъаззаг æ рцыди. Йæ къух ауыгъта æ мæ хъуырдухæ нгæ нгæ ацыд.

Тарст егар — разæ й, йæ хицау — фæ сте. Цас ма йæ ахастаиккой йæ донзоныг къæ хтæ, — йæ ком бахус, дойныйæ н нал быхсыд. «Ацы хатт æ нæ баназгæ нæ й», — скарста йæ хи мидæ г. Мæ стæ лгъæ дæ й суадоныл йæ хи ныццавта. Егар та фæ раздæ р — сызмæ ста дон. Цуанон айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, афтæ мæ й егарыл хъыримаг ныффæ здæ г ласта...

«Цымæ мын ацы алæ мæ ты рæ суг суадонæ й нуазын цæ уылнæ бауагъта? — февзæ рдысты цуаноны зæ рдæ йы гуырысхо æ мæ фæ смон. — Ам цыдæ р сусæ гдзинад ис. Цыфæ нды уæ д, ацы суадоны сæ р мын æ нæ ссаргæ нæ й». Йæ хъæ ргæ наг хъамылмæ фехста, йæ хæ дæ г йæ фæ стаг хъарутæ æ рæ мбырд кодта æ мæ араст, — маст фæ лладыл фæ тых. Донвæ д æ й схаста уæ лхох тъæ пæ нмæ. Зæ рдæ марæ н æ вирхъау ныв: залиаг калм мардæ й зынг хуры тынтæ м тади, æ мæ йæ маргджын сой къада донау згъордта уынгæ г коммæ.

— Гъе ацы «суадонæ й» мын нæ бауагъта нуазын мæ æ мбаргæ егар, — ныккæ рзыдта цуанон. Фæ смон сæ рыхъуынæ й фæ уæ лдæ р, фæ лæ топп феваст — ацу, нæ мыг æ рцахс... Нæ й мардæ н райгасгæ нæ н... Уæ дæ й фæ стæ мæ цуанон цард фæ смонгонд, мæ стæ лгъæ дæ й.

— Афтæ у, лæ г масты рохтыл фидар куы нæ хæ ца, дардыл куы нæ хъуыды кæ на, уæ д æ руадзы додойаг, срастгæ нæ н кæ мæ н нал вæ ййы, ахæ м рæ дыд, — фæ ци рагон цуаноны таурæ гъ мæ фыд.

— Гъемæ дæ хъуыддаг раст, мах дæ р ам стæ м, ай дын Донысæ ры дарæ н, — загъта хъæ лдзæ гæ й Симон.

Æ рфистæ г сты дарæ ны къуырфы. Лæ гтæ сæ ргътæ фелвæ стой æ мæ бæ хтыл сахсæ нтæ авæ рдтой, æ з та хъусджыны ауагътон бархийæ. Цуанæ ттæ сæ кæ рцытæ феппæ рстой, фæ смын куырæ тты æ дде сæ астæ утыл басылыхътæ атыхтой, хотыхтæ се ’фцджытыл æ рцауыгътой æ мæ райстой сæ бæ рз лæ дзджытæ. Фæ ткмæ гæ сгæ сæ хи Æ фсатийыл бафæ дзæ хстой æ мæ фæ хстыл фæ уæ лæ мæ сты. Мæ нмæ ма цæ угæ -цæ уын мæ фыд фæ дзырдта:

— Кæ рц де уæ нтыл æ ркæ н, ма бафынæ й у, хъусыс?

Уалынмæ арвгæ рæ ттæ сæ хи равдыстой. Æ хсæ в цадæ ггай байсысти лæ нкауты, адгуыты, зæ йуæ тты. Зымтæ комы фæ йнæ фарсæ й сæ кæ рæ дзимæ сидтысты. Æ з цымыдисæ й кастæ н æ рдзы нывтæ м, цъититæ, айнæ джытæ афтæ хæ стæ гмæ никуыма федтон. Уæ лæ тъыфыл цæ ргæ с стахт Скъуыдхохы уæ хскæ й... Чысыл фæ стæ дæ р фæ д-фæ дыл райхъуыст дыууæ гæ рахы. Азæ лд Хицæ ны цъитийæ нæ ма æ рыздæ хт, афтæ мæ хъустыл ауад Симоны хъæ лдзæ г «уæ рирæ ».

 

«Æ фсати ма рамæ ла, гъей!

Хорз арфæ тæ нын ракæ на, гъей!

Йæ иунæ г фырт Дзудзумар, гъей!

Мæ кæ нгæ ’фсымæ р у, мæ кæ нгæ, гъей!

Уæ, дæ лæ варæ й бузныг, Æ фсати, ой!.. »

 

Замманай уырынсыкъа галдзæ бидыр æ рфæ лдæ хт ногуард миты тулатыл. Рагъмæ суыдтон Симоны. Фæ салы гуцъулатыл хæ цгæ, лæ дзæ джы æ нцæ йтты æ рцæ йцыд. Уæ лбылæ й мæ м æ рхъæ р кодта:

— Лæ ппу, дæ разы хæ лцонæ й къазм[6] сис æ мæ рацу дæ лæ Æ фсатийы лæ вармæ.

Уайтагъддæ р дзæ бидыры уæ лхъус февзæ рдтæ н. Йæ дынджыр сыкъатæ й иуы кæ рон ныссагъд митхъæ пæ ны. Симон, йæ сау æ рфгуытæ бæ рзонд сисгæ йæ, бахудт:

— Гъы, лæ ггаг, дæ зæ рдæ мæ цæ уы?

— Мæ гъа, тæ ригъæ д у... — дзуапп радтон æ рхуымæ й.

— Табу не сфæ лдисæ гæ н, Æ фсатийы лæ варæ й тæ ригъæ д нæ й, — загъта Симон, йæ хиуыл дзуæ рттæ æ фтаугæ йæ, стæ й сырды мард бæ ндæ нæ фцæ гæ й донбылмæ нылласта. Уым сионы астыгъта, ауæ нгтæ йæ кодта, афтæ Габран дæ р фæ зынд.

— Хуыцау уын бирæ ратта, хæ ххон дзиглотæ! Дæ уæ н та, Симон, сæ дæ йы фыццаг фæ уæ д, — фæ раздæ р йæ арфæ.

— Æ фсатийы лæ вар у, цыппæ рдзæ стыг фондзкъахыгон, схæ ц-ма ацы кувинагыл.

Габран сырды сæ р уæ ззауæ н систа, сыкъайы уырынгтæ анымадта, стæ й Симоны уæ хск æ рхоста:

— Æ нæ хъæ н æ стдæ сзады дзæ бидыр. Сæ рæ н куыннæ уыд, зæ йтæ, тугдзых сырдтæ æ мæ цуанæ ттæ й уал азы йæ хи чи бахъахъхъæ дта. Цæ й, ныр — хъæ мæ, нæ хион нæ хи фæ ци. Хъæ убæ стæ изæ ры Æ фсатимæ кувдзысты гаджидæ уттæ уадзгæ йæ.

— О, цæ уыны зарæ г ныккæ нæ м, кæ ннод, кæ с-ма, сылæ г мигъ уæ зæ гыл, уарындзаст у, — хохмæ скаст Симон.

Цуанæ ттæ дзагармæ й здæ хтысты Къæ мынтæ м.

***

Къахвæ ндæ гтæ й рахызтыстæ м лæ нкаумæ. Гарнисчы цæ гæ тты æ рæ гвæ ззæ джы фæ сал зæ ххыл æ рхуыссыд. Хурвæ рсты ма Дымты хъæ уæ й кæ йдæ рты мæ къуылтæ къуырттон кæ рчытау зындысты. Сæ цъуппытыл уæ лтæ утты мучъитæ ныггалиутæ сты, цыма сæ зивæ ггæ наг хицæ уттæ н æ фтауцтæ м амыдтой, уырдæ м нæ аласут, зæ гъгæ. Зымæ гон мæ ргътæ — бæ лæ ттæ ’мæ цъиахтæ нæ сæ рты дзыгуыргай тахтысты. Дæ лдæ р та цыбыр æ фцæ гыл æ рхизæ г фæ лмæ н уддзæ ф хъазыд бæ рзы къудзитæ, хус тихалджытимæ.

— Уæ мæ хæ рæ фырт, — дзуры та Симон Габранмæ, — истытæ дзур, æ мæ нæ фæ ндаг цыбырдæ р кæ на. Нырма Къæ мынтæ м ауайын хъæ уы.

— Нæ зонын, кæ д мæ кæ сгон хæ лар Бечмырзæ йы таурæ гътæ й исты ракæ нон... Сæ рæ н цуанон уыд йæ хæ дæ г дæ р. Америчы базонгæ стæ м. Цæ угæ дæ р иумæ скодтам. Рухсаг уæ д, æ рæ джы амарди. «Дыууæ цуаноны», зæ гъгæ мын иу таурæ гъ ахæ м кодта.

— Æ нæ ном уæ рæ х ададжы хызти сæ рджын саг. Иуæ рдыгæ й йæ м хъуызыди кæ сгон цуанон, иннæ рдыгæ й — асыйаг. Сæ кæ рæ дзийы нæ федтой, афтæ мæ й сырдмæ æ хстбæ рц бацыдысты. Ныхъхъавыдысты... Æ мæ хст фæ кодтой. Саг суадоны былмæ æ ртылди. Цуанæ ттæ, сырды мардмæ згъоргæ йæ, хæ рхæ мбæ лд фесты.

— Æ з æ й амардтон, — загъта кæ сгон.

— На-а, æ з уыдтæ н, — ныллæ ууыд асыйаг.

Цуанæ ттæ м хъаугъа рауад. Уалынмæ сырды фарс æ рысгæ рстой, æ мæ дзы — дыууæ цæ фы. Лæ гтæ разындысты æ мхуызон бартимæ. Æ гъдаумæ гæ сгæ сæ р вæ ййы сырдамарæ джы. Ногæ й сын бацайдагъ быцæ у. Æ ппынфæ стаг баныхас кодтой афтæ: йæ хи цардæ й диссагдæ р хабар чи ракæ на, уый фæ уæ д саджы сæ р.

Кæ сгон райдыдта дзурын:

— Уыдтæ н цуаны. Амардтон сæ гуыт. Æ хсæ вæ ддæ баззадтæ н хъæ ды. Сырды мард сауыгътон бæ ласы цонгыл. Скодтон арт, мæ хи физонджытæ й хорз федтон, гъе стæ й æ рхуыссыдтæ н. Куыддæ р нымæ тæ й мæ хи æ рæ мбæ рзтон, афтæ мæ хъустыл ауад кæ йдæ р къæ хты хъæ р. Уыциу сæ ррæ тт фæ ластон. Мæ нымæ т кæ лдымыл баппæ рстон, мæ хæ дæ г мæ хи фæ свæ дмæ айстон. Ахæ м фæ сгоймаг дæ м фæ зына: йæ къухы фæ рæ т, афтæ мæ й æ рбацæ уы лæ гсырд. Ауыдта нымæ т. Бауадис æ м, йæ тых-йæ бонæ й йæ фæ рæ тæ й ныссæ рфта. Дæ фыдгул дæ р афтæ — нымæ тæ й, кæ лдымæ й дыууæ ’мбисæ й фæ йнæ рдæ м атахтысты. Стæ й сырды мард æ риста, æ нæ хъæ нæ й йæ уæ хстыл бакодта, цæ ттæ артыл æ й адзæ гæ рæ г ласта æ мæ минас кæ ны. Бафиппайынæ й тæ рсгæ йæ, мæ хи фæ стæ дæ р айстон. Хъыримаг баифтыгътон, мæ хæ дæ г лæ гсырдмæ бахъуызыдтæ н. Топп ын йæ тæ ккæ риуыл ныххуырстон. Лæ гсырд хæ рдмæ фесхъиудта æ мæ уыцы хъæ рахстгæ нгæ алыгъд. Боныцъæ хтыл ацыдтæ н йæ фæ дыл. Тугвæ д мæ бахаста уæ лхох лæ гæ тмæ. Царциаты диссаг: йæ уæ лхъус бады рæ сугъд чызг, афтæ мæ й лæ гсырд уæ лгоммæ хуыссы. Чызг, мæ н ауынгæ йæ, къухæ й ацамыдта, æ ввахс ма ’рбацу, зæ гъгæ. Чи йæ м хъуыста. Топпæ ргъæ вдæ й рæ бындæ р бацыдтæ н. Уырдыгæ й уырдыгмæ йыл æ й ныффæ здæ г ластон. Лæ гсырды мæ лæ тдзаг богътæ хъæ д ныццарыдтой. Уацайраг чызг лæ гæ тæ й ралыгъд æ мæ æ фсæ рмдзастæ й мæ разы йæ зонгуытыл æ рхауд:

— Мæ уд дæ нывонд, фервæ зын мæ кодтай лæ гсырды дзæ мбытæ й, — дзырдта кæ угæ -кæ уын. — Ныр дыл мæ хи фæ дзæ хсын, чидæ риддæ р дæ...

Чызджы рæ вдыд, тавицхъуаг нæ ныууагътон. Разынди нæ хи хъæ уккаг. Цалдæ р азы размæ йæ лæ гсырд аскъæ фта хъæ угæ ронæ й. Ракодтон æ й сæ химæ. Цардæ гас у абон дæ р. Кæ д дæ мæ ныхас нæ уырны, уæ д æ й бафæ рс, — афтæ фæ ци йæ ныхас.

Асыйаг та радзырдта мæ нæ ацы хабар.

— Уæ дæ æ з дæ р уыдтæ н цуаны. Амардтон сычъи. Сырды мард ме ’ккой, афтæ мæ й рацæ йцыдтæ н нæ химæ. Хуыцау зоны, цас рауадаин, афтæ мæ сæ рты æ рбатахт иу дынджыр цæ ргæ с. Йæ хи ныллæ г æ руагъта, йæ цыргъ ныхтæ сырды фæ сагъта, афтæ мæ й нæ сырдæ й-лæ гæ й ахаста цавæ рдæ р хохы цъупмæ. Бахордта сычъийы мард, йæ хæ дæ г æ фсæ стæ й бафынæ й. Сæ умæ йæ та атахт кæ дæ мдæ р. Хæ рдзæ н мæ, уый, хъæ лæ кк, зыдтон, фæ лæ цы бакодтаин?.. Уалынмæ цæ ргæ сы бадæ ны æ руыдтон стджыты цæ ндтæ, хæ цæ нгæ рзтæ. Уыдон уыдысты тугдзыхы амæ ттæ гты стæ гдартæ, сæ хотыхтæ. Равзæ рстон дзы хорз хъыримаг, сифтыгътон æ й æ мæ æ нхъæ лмæ кæ сын. Удхор фæ зынд сихорафон. Фехстон æ й арсмарæ нæ й. Нæ мыг сæ мбæ лд йæ тæ ккæ сæ рыл. Цæ ргæ с йæ базыртæ ныууыгъта, фæ дисхъæ р ма ныккодта, стæ й æ рфæ лдæ хт. Мæ катай, мæ хъуыды уыдис уырдыгæ й раирвæ зыныл. Уæ ддæ р лæ г амалæ н конд у: цæ ргæ сы мард батылдтон айнæ джы былмæ, фæ йнæ рдæ м райтыгътон ивазны дæ ргъæ н базыртæ, сбадтæ н ыл æ д хотыхтæ, мæ хæ дæ г мæ къах фæ царæ зтон хохы сынæ гмæ, мæ хи расхуыстон æ мæ суыхсуыхгæ нгæ комрæ бын фæ зы æ рбадтæ н. Кæ д не ’ууæ ндыс, уæ д цом нæ химæ, æ з дын фенын кæ нон цæ ргæ сы базыртæ, йæ амæ ттæ гты хæ цæ нгæ рзтæ й цалдæ р.

— Гъемæ кæ й хъуамæ уа саджы сæ р? — бафарста кæ сгон. — Цæ й-ма, сымах æ й базонут, — дзуры Габран æ з æ мæ Симонмæ.

— Мæ нмæ гæ сгæ, асыйаджы, — загъта Симон.

— Ды та цы зæ гъыс, лæ ппу?

— Сæ дыууæ йы дæ р, — æ рдзырдтон уæ лбæ хæ й.

— Гъемæ нæ базыдтат. Хъусут-ма кæ сгоны фарстæ н асыйаджы дзуапмæ:

— Сæ р дæ у у. Ды тæ ссаг ранмæ бафтыдтæ дæ ныфс, дæ хъæ батырдзинады фæ рцы, æ з та — æ нæ нхъæ лæ джы, æ нæ бары.

— Уыцы бонæ й фæ стæ мæ дыууæ цуаноны лымæ нтæ й баззадысты, — фæ ци йæ ныхас мæ фыд. — Ныр аргъауы чъиппатæ дæ уыл, мæ мады ’рвад.

— Гъемæ хорз, — сразы Симон, — мæ ныл æ рцыд æ нахуыр цау. Æ рæ гвæ ззæ г Цопантимæ нæ фысвос аскъæ рдтам Балцаумæ. Цалдæ р боны фæ стæ бафиппайдтам, фосæ й æ рвылбон дæ р кæ й сæ фы иу. Ай цы диссаг у, зæ гъгæ, дзугимæ ацыдыстæ м цалдæ рæ й. Лыстæ г кæ сæ м алы æ рх, алы байбынмæ. Цас рацыдаид, афтæ дын уæ ртæ цъамалæ гæ й рахъуызыд арс, ацахста къуылых сæ гъы æ мæ йæ пъæ ра кæ лдымты бын цæ рдудæ й баныгæ дта, йæ хæ дæ г йæ хъоргъмæ бафардæ г. Хæ дмæ лхор нæ бахордта дæ с сæ ры бæ рц. Хотыхтæ нæ уыд, цы йын ракодтаиккам?.. Уæ ддæ р лæ ппу хъал митæ кæ ны. Баздæ хтыстæ м æ мæ хæ лттæ сæ ппæ рстам. Кæ й хал схаудаид, уымæ н лæ сгæ уыд арсы хуыккоммæ.

Æ намондыл ма сыкъатæ вæ ййы — мæ хал схауди. Мæ сæ р басылыхъхъæ й стыхтон æ мæ хъама райстон. Лæ ппутæ мæ нал уагътой, фæ стæ дæ р æ й топпæ й амардзыстæ м, зæ гъгæ, фæ лæ дзырд фæ сайын йæ сæ рмæ чи хаста... Цопанты Сандыр мын ныфсытæ авæ рдта, арс, дам, æ фсæ стæ й фынæ й кæ ндзæ н, балæ с æ ртæ -цыппар метры бæ рц, мах та ставд хъоррæ гътимæ дуармæ æ рлæ удзыстæ м. Нæ хъæ рмæ нызмæ лдзæ н æ мæ куыддæ р дæ сæ рты рацæ йхиза, афтæ йæ хæ рдмæ сæ лхъив, стæ й исты уыдзæ н. Нæ хин арсыл æ рцыд. Æ цæ гдæ р фынæ й разынд. Хъæ рмæ йæ хи раппæ рста. Мæ сæ рты хизгæ йæ мæ тых-мæ бонæ й арсы къæ дзæ хмæ сæ лхъывтон. Раирвæ зыныл архайы, фæ лæ кæ м — мæ хъамайæ скуыстон. Йæ артæ нтæ мыл æ ркалдысты. Сандыр ын саджилæ г йæ дзыхы афсæ рста. Мыдхор æ рдыдæ гътæ. Лæ ппутæ йæ мæ сæ рты аластой. Рабырыдтæ н зонгуытыл сыдзмыдзы. Дæ балгъитæ г мæ нмæ куы ’ркастаид: арсы туг æ мæ йæ уæ цъæ фы чъизийæ нал зындтæ н. Афтæ, гъе, — фæ ци йæ ныхас Симон.

Дзырд — ныхасæ мбал. Таурæ гътæ кæ нгæ йæ нæ фæ ндаг цыбырдæ р кодта. Уалынмæ Къæ йвæ зæ й нæ хирдæ м фæ зылдыстæ м. Хъæ угæ рон ныл рамбæ лд Магкаты зæ ронд Дæ бе.

— Сæ дæ йы фыццаг фæ уæ д, Æ фсати уын ноджы хуыздæ р лæ вæ рттæ ракæ нæ д, — раарфæ кодта хъæ уы хистæ р.

— Сæ р изæ ры дæ кувинаг у! — дзуры йæ м мæ фыд.

— Хуыцау нæ куывдыл æ взарæ д, мæ хуртæ, — сразы Дæ бе.

Мæ нæ не стыр уæ зæ г — Къæ мынтæ. Алкæ й бæ лццæ ттæ дæ р-иу махау сæ хæ дзæ рттыл æ мбæ лæ нт сæ рæ гас, дзагармæ й.

***

Ацы балц уыд 1928 азы, æ рæ гвæ ззæ джы.

Изæ рæ й куывд уыдис Мæ рзатæ м: сырды сæ р уыдонмæ уыд (Симон æ й кæ й амардта, уымæ гæ сгæ ). Мæ ахуыргæ нæ г Атайты Дзодзыкъо дæ р уыдис хуынды. Симон ын мæ нæ й раппæ лыд. Уым мын Дзодзыкъо бафæ дзæ хста:

— Цуанæ ттæ й цы фехъуыстай æ мæ цы федтай, уыдон тетрады ныффысс.

Мæ зонд куыд ахста, афтæ сæ ныффыстон. Ахуыргæ нæ г сæ бакаст.

— Ацы тетрад ма фесаф, — загъта Дзодзыкъо, — куы сыстыр уай, уæ д-иу æ й ногæ й рафысс.

Æ рæ гмæ у, фæ лæ йæ уæ ддæ р рафыстон. Бахыгътон мæ уарзон ахуыргæ нæ джы уæ сиат. Бæ ргæ, 1937 азы знæ гты амæ ттаг куы нæ бацадаид, уæ д, чи зоны, йæ хи æ ххуысæ й хæ рзхъæ ддæ р рауадаид ацы чысыл уацмыс.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.