Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





УÆЛЛАГКОЙМАГ ДИДИНДЖЫТÆ



Мæ царды ахæ м бон нæ уыд, мæ цæ стытыл кæ д нæ ауадысты, Уæ ллагкомы сæ рвæ тты цы бирæ алыхуызон дидинджытæ зайы, уыдон. Уæ лдайдæ р та, Миуджыны хуссæ ртты æ мвæ тæ нæ й цы сырхмæ тæ г æ рттивы, уый. Бакæ с æ м, уæ д — сæ уæ хсиды уылæ нтæ й нывæ ст персайнаг сырх гауыз. Афтæ ма æ мбисæ хсæ в арвæ й ферттивынц æ взистбазыр стъалытæ...

Миуджыны ракомкоммæ айнæ джы фисыныл бандæ гъд, мæ сабибонтæ цы дурын къæ сы арвыстон, уый. Сæ рддæ ргъы-иу мæ ныййарæ гау рæ вдыдтой ацы сырхбазыр дидинджытæ. Фæ лæ -иу алы аз дæ р сусæ ны мæ йы кæ рон сæ чындздзон фæ лыст акалдтой æ хсæ выгон. Сæ зæ нгтæ -иу бæ гънæ гæ й аззадысты. Уыцы фыдгæ нæ г æ хсæ в мын абоны онг дæ р цæ стысындз у, никуы йæ бауарздзынæ н. Цы гæ нæ н уыд, æ нхъæ лмæ та-иу кастæ н иннæ сæ рдмæ. Сæ бæ сты та мæ рæ вдыдтой, суанг зымæ гмæ чи нæ баруайы, ахæ м дидинджытæ. Афтæ мæ м каст, цыма кæ рæ дзийы хорз æ мбарæ м, иу æ взагыл дзурæ м. Зымæ джы дæ р сæ уыдтон мæ фыны, уадысты мæ цæ стытыл. Гъемæ абоны онг дæ р мемæ цæ ргæ йæ баззадысты, хинымæ р семæ фæ ныхас кæ нын.

Рæ стæ г цыд, афонтæ ивтой.

... Мæ уæ ззау балц, даргъ фыдвæ ндæ гтæ мæ бирæ азты дæ ргъы баиртæ стой мæ цæ хæ рцæ ст хæ лæ рттæ й. Æ рмæ ст сæ не скъахтой мæ рыст зæ рдæ йæ...

Мæ фæ ндаг та адардтон нæ хохбæ стæ м. Мæ нæ Уæ ллагком — уæ лхох быдыр. Дидинджыты баййæ фтон сæ дари къабаты — чындзвæ лыстæ й. Зæ рдæ сæ м рад, цин мыл æ фтыдтой. Сырхмæ тæ г æ мæ мын иннæ дидинджытæ уахъæ зы æ ххуысæ й кувынц сæ сæ ртæ й, салам дæ ттынц. Æ з дæ р сын арфæ ракодтон. Искæ уыл сæ куы ныллæ ууон, зæ гъгæ, бахызтæ н иу тъæ пæ н дуры сæ рмæ. Мæ цæ ст сыл æ рæ вæ рдтон, мидбылты сæ м худын. Сæ ууон æ ртæ хтæ -иу дидинты къусчытæ й хуры тынтыл сæ хи ауагътой цъæ х нæ умæ. Уыдон цины цæ ссыгтæ уыдысты. Æ мæ куыннæ, дзæ вгар азты цæ стæ й-цæ стмæ кæ рæ дзийы нал федтам. Сæ «цæ ссыгтыл» бафтыдысты мæ хиуæ ттæ дæ р...

— Уый куыд æ рæ нкъард дæ, нæ иузæ рдион лымæ н? — ауад мæ хъустыл. — Махæ н мæ лæ т нæ й, æ рвылаз ногæ й-ногдæ р кæ нæ м æ мæ мæ лæ тæ н дæ у дæ р тагъд нæ ратдзыстæ м, арв, зæ ххæ й дын амонд курдзыстæ м...

— Амонд æ мæ фыдбылыз, цин æ мæ хъыг... Чи сæ дæ тты, кæ м æ взæ рынц, кæ цæ й тæ дзынц, нæ зонын, — дзуапп сын радтон. — Кæ д адæ ймаджы æ рдз æ мæ дунейы æ мбаргæ дæ р сфæ лдисонд хонынц, уæ ддæ р баззад далæ комы, æ рдæ г фæ ндагыл, йæ бон нæ у хохы цъупмæ схизын, ноджы стыр хайджын у хихор кæ саджы миниуджытæ й: тыхджын — лæ мæ гъы, уæ ллаг — дæ лладжы, кард — фыды. Кæ д æ з истæ мæ й æ намонд дæ н, уæ ддæ р мæ хи æ нгæ стæ дыкъахыджы аххосæ й, йæ «æ з дæ н» æ мæ тугмондаг ахасты азарæ й. Сымах та цæ рут æ мæ рæ зут кæ рæ дзийы цæ райæ: иу уæ цин, иу уæ рис, ног райгуырут азæ й-азмæ. Чи уæ м нæ бæ хæ лæ г кæ ндзæ н зайæ гойæ, цæ рæ гойæ...

— Афтæ у, не ’фсымæ р, раст дæ, гъемæ нæ бафæ змут, — ауад мæ хъустыл мæ хæ лæ ртты цæ стуарзон ныхас.

— Бæ ргæ, ахæ м зонд, ахæ м хъару æ мæ зæ рдæ нæ м куы разынид, фæ лæ цард фæ ндонæ й нæ у... Сымах та хурæ фсæ стæ й æ рттивут æ нусты, рæ вдаут арв æ мæ зæ ххы, рæ стзæ рдæ адæ ймæ гты.

Уахъæ змæ та базмæ лыдысты сæ уæ здан гоппатæ, сæ æ ргъæ у базыртæ. Иуты къусчытæ й ма кæ рдæ гмæ згъæ лдысты æ взистхуыз æ ртæ хтæ, иннæ тæ н, æ хсинты хъуссæ джытау, æ рттывтой сæ хъустæ й.

— Æ з дæ н чындздзон чызджы зæ рдæ, — загъта иу дæ ргъæ лвæ с, гуырвидауц сырхмæ тæ г.

— Æ з та усгур лæ ппуйы бæ ллиц, — дзуапп ын радта иннæ.

— Æ з мæ хæ дæ г сæ гуыт æ мæ зæ рватыччы уарзондзинад куы дæ н, — бахудт æ ртыккаг.

Сырхмæ тæ гты зæ рдæ михъæ стæ ныхæ стæ м мæ мидбылхудт нал баурæ дтон æ мæ иннæ дидинджыты ’рдæ м ме ’ргом аздæ хтон.

— Кæ с-ма, кæ с, ничи сæ м хъусы, — райхъуыст мæ лæ ууæ н дуры фæ сдзæ гатæ й даричины фæ лмæ й хъæ лæ с. — Æ з булæ мæ ргъы зарæ г кæ й дæ н, уый уæ рох фæ ци?

— Уый цытæ уæ ндут мæ цуры? — схæ цыд йæ мыдхуыз сæ рыл джыджына. — Æ з дзирдзургæ наг стъалы куы дæ н...

— Æ гæ р ма кæ нут, — бафиппайдта иу рæ хснæ г сырхдидинæ г. — Æ з поэты зынгзæ рдæ куы дæ н.

— Гъе, мах та ма цы стæ м, — сæ хи сæ м фæ зылдтой цалдæ р хъоппæ джы, — дун-дуне сæ арф малы кæ мæ н зыны, ахæ м уарзæ гой æ рвхуыз цæ стытæ...

— Ау, мæ н куыд ферох кодтат, — дзуры йæ къускæ й скъамо. — Æ з æ хсины тыбартыбургæ нæ г хъуссæ г куы дæ н, ноджы чызджыты фидыц.

— Хуыздæ рæ н уарзыны фæ тк нæ й, — сбустæ сыл кодта, уалдзæ гæ й фæ ззæ гмæ урс къабатæ чи дары, адæ м хосæ н кæ й агурынц, уыцы коцораджын урсдидинæ г.

— Æ нхъæ лдæ н, ферох уæ дæ н, — зулмæ сæ м бакаст æ рвдидинæ г. — Æ з арвæ рдын æ мæ хуры фыццаг тын куы дæ н, адæ м, мæ ргътæ н — сæ зарæ джы сæ р, уæ д мæ разæ й кæ дæ м бырсут?

— Гъе, гауыртæ, мæ кой сæ м куыннæ рауад! — фæ хъæ р ласта бурдидинæ г, — æ з дзæ нæ ты маргъы базыртæ куы дæ н, цæ рæ гойтæ, зайæ гойтæ н — цин, амондхæ ссæ г...

Уалынмæ хæ хты дæ лвæ зтæ й рахъазыд уахъæ з, æ мæ зырзыраг фестъæ лфыд. Йæ рог базыртæ й хъазгæ, сæ рбæ рзондæ й дзуры:

— Æ з дæ н хохаг рæ суг суадоны халдих. Адæ м, сырдтæ, мæ ргътæ сæ рдæ й, зымæ гæ й мæ нмæ фæ бæ ллынц, сатæ г, æ хсызгондзинад сын куы хæ ссын, уæ д мæ фæ сдуар куыд авæ рдтат? Уæ химæ зонгæ тæ йе æ цæ гæ лæ тты цæ стæ й бакæ сын цæ уылнæ зонут? Цы ис рæ сугъддæ р хæ дæ фсарм æ мæ уæ здандзинадæ й?

Гъе, афтæ мын сæ хорз миниуджыты тыххæ й хъазæ гау фæ дзырдтой бирæ æ ндæ р дидинджытæ дæ р. Ацы бон мæ м афтæ каст, цыма мæ рагон уарзоны фæ лмæ н ныхæ стæ м хъуыстон. Адон мын сабибонтæ й фæ стæ мæ систы царды æ мбæ лццæ ттæ, ме ’нусон уарзæ ттæ. Абон мæ уæ хсчытæ й ахауд азты уæ з, риуы тæ лфыд бæ ллицтæ й дзаг æ рыгон зæ рдæ. Хъустыл уадысты зарæ джы ныхæ стæ: «Ницы ис рæ сугъддæ р дидинæ гæ й царды... » Басагътой мыл уæ лтæ мæ нады базыртæ.

Гъе, ахæ м хорзы мын бацыдысты уæ ллагкоймаг дидинджытæ.

Дидинджытæ!

Æ хсæ в стъалытимæ хъазынц.

Бон мæ ргътæ, уахъæ зимæ кафынц...

Лæ вар сæ кæ нæ м уарзонæ н, æ рыгон мадæ н, хæ лар сылгоймагæ н. Срæ сугъд кæ нынц нæ уæ ттæ, нæ бæ рæ гбоны фынгтæ. Аив кæ нынц суанг адæ ймаджы фæ стаг фæ ндаг, йæ ингæ н.

Мыййаг, уæ ларвон бæ стæ тæ йе дард планетæ тæ й кæ д искæ цыйы цард æ хсиды, æ мæ сæ удæ гас уæ вджытæ нæ зæ хмæ цæ уын сфæ лварой, уæ д сæ дардмæ кæ сæ нтæ й раздæ р фендзысты Уæ ллагкомы дидинджытæ, æ мæ сæ космосон нау æ рбадын кæ ндзысты Миуджыны лæ гъзы. Фыццаг «æ гасцуат» сын зæ гъдзысты ацы дзæ нæ ты дидинджытæ ...

Мæ къах мæ сæ цурæ й нал хаста, фæ лæ рæ стæ г цыд... Изæ рмилты сын арфæ ракодтон:

— Цæ рут, æ рттивут æ нус-æ нусты æ рвон стъалытау, хæ ссут нын амонд, цин æ мæ фарн.

— Рын, сонæ й хызт у, нæ хæ рзгæ нæ г, не ’нусон хæ лар, æ нхъæ лмæ та дæ м кæ сдзыстæ м, — хъуыстон мæ алывæ рстæ й сæ уæ здан, зæ рдæ вæ рæ н ныхæ стæ.

Мæ сæ рæ й сын ныллæ г акуывтон æ мæ æ нтъыснæ г зæ рдæ имæ аздæ хтæ н фæ стæ мæ. «Цымæ ма сæ мбæ лдзыстæ м? — фарстон хинымæ р мæ хи. — Чи зоны, æ рдзы рæ сугъддзинад царды хос у... »



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.