Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Телевизор). ПЪÆЗЗЫ



(Телевизор)

ПЪÆЗЗЫ

Пъæззыйыл уæдæ

Кæм не 'мбæлы лæг! —

Пъæззы у махæп

Фыдбылызгæнæг.

 

Къаххъæр дын не скæндзæн,

Цæст æй нæ уыны,

Афтæмæй алы ран

Уайтагъд фæзыны.

 

Гыццыл чызджытæ 'мæ

Гыццыл лæппутæн

Пъæззы уæлдай тынг

Тæссаг у сæ удтæн.

 

Къласмæ сæм бацæуы

Уыцы хæйрæг,—

Суанг æй нæ фендзæни

Ахуыргæнæг.

 

Чи нæ-иу базоны,

Дзырдæн, урок,

Уымæн йæ рагъмæ

Ысхизы уæлвонг.

 

Иугæр дыл пъæззы

Фæхæст, зæгъгæ, уæд —

Нал дæ ысуадздзæн

Цæрæнбонты уæгъд.

 

Хъахъхъæнут, сабитæ:

Уыцы пъæззы

У алкæй фæдыл дæр

Æдзынæг кæсы.

 

Фæлæ йæ ныхмæ дæр

Уымæн и хос:

Хистæрмæ хъус æмæ

Ахуыр кæ хорз.

 

Сæрæн сывæллæттæй

Лидзы пъæззы...

Ацы 'мдзæвгæ дæр

йæ ныхмæ бæззы.

РУВАС

Рувас хъæдæй рацыди

Сусæгæй;

Хъæуы рдæм фæраст кодта

Сусæгæй;

Кæркдонмæ дын бахъуызыд

Сусæгæй;

Карк агурын байдыдта

Сусæгæй;

Уасæджы хурх ацахста

Сусæгæй;

Тонынтæ йæ байдыдта

Сусæгæй;

Уалынмæ дын хæдзарæй

Сусæгæй;

Рацыд лæг æд хъыримаг —

Сусæгæй;

Рувасмæ дзы бахъавыд

Сусæгæй;

Къæрныхы æрфæлдæхта

Сусæгæй...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.