Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





НЫМÆТХУД. ГÆЛДÆР. ЗÆГЪ, ЦЫ У, УЫЙ.



НЫМÆТХУД

Цас дæ фæнды, уыйас худ:

Дымгæ мын мæ сæрæй

Аскъæфта мæ нымæтхуд

Фæсхъæуы изæрæй.

 

Зæххыл атылдис фыццаг;

Сисынмæ йæ хъавын.

Сурын æй, фæлæ — хъыгаг! —

Нæй, нæ йæ æййафын.

 

Доны уалынмæ ныххауд,

Дымгæ та йæ ссоны.

Худ уыд сæфынæн æвгъау,

Фæлæ ленк нæ зонын.

 

Былмæ та ыстылдис худ

Фаллаг фарс куыддæртæй.

Цъус дæлдæр цы стыр хид уыд,

Ууыл — дугъ тъæбæрттæй!

 

Уæдæ ныр мæн у, зæгъгæ,

Бацыд ныфс мæ уæнгты.

Фæлæ ацы 'взæр дымгæ! —

Систа худ уæлвæнгты.

 

Сгæпп-иу ластон æз, бæргæ,

Фæлæ ницæй маргъ дæн:

Урс нымæтхуд дæр тæхгæ

Хъæуырдæм ныффардæг.

 

Уым æй базыдтой нæ сых,

Райдыдтой мæ хъазын:

— Ацы лæппу ма уæд сих —

Худ тæхы йæ разæй.

 

— Стæ-ма, гамхуд у, миййаг?

Уый дæр йæд нæ уыдзæн...

— Бирæ ам цы ис дзырддаг? —

Л-æ-п-п-у у æ-г-у-ы-дз-æ-г.

 

Дымгæ мын фæсхъæу мæ худ

Ку' аскъæфта мæ сæрæй,

Уæд мæныл нæ сых фæхудт

Иуизæр кæл-кæлæй.

ГÆЛДÆР

— Чи та кодта фынгыл зыд?

— Гæлдæр.

— Уæд йæ ронæй та цы зынд?

— Къæбæр.

— Афтæмæй куыд кодта хъаст?

— «Фылдæр!»

— Ахæм хабар дæм куыд каст?

— Æвзæр!

ЗÆГЪ, ЦЫ У, УЫЙ...

Арвы айдæн ис нæ уаты,

Дунейыл кæм цы ис — хаты,

Суанг ма кино дæр æвдисы

(Бацæуы нана дæр дисы),

Хъæлдзæг дары мах фæсизæр...

Зæгъ, цы у уый?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.