Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ПЕХЦЕЛКÆ



АЛАН

Иу мæ сыхаг лæппу 'фсадæй

Отпускы ызнон ыссыд.

Цин ыл кодтой, æмæ адæм

Ацарæзтой уымæн куывд.

 

Бæлццон хабæрттæ лæмбынæг

Кодта уым: кæм уыд, цы ран.

Уалынмæ дын æм бæгуылæг

Бацыд — йе 'фсымæр Алан.

 

— Демæ акæн мæн дæр «хæстмæ»,

Шпион ахсын мæ фæнды.

— Акæндзынæн дæ, æрмæст ма

Иучысылтæ айрæз ды.

 

— Бафæрс-ма уæдæ нанайы:

Æз'ныр хохыйас лæг дæн,

Æз нæ фæкæуын баппайыл,

Æмæ демæ ахон мæн.

 

— Стæй куыд ацæуис мæнимæ?

Ды æфсæддон рæвдз нæ дæ.

— Топп — хъæдæй, мæ къæбыс Тимæ —

Уыдон та цы сты уæдæ?

 

— Уым хъæуы æфсæддон дарæс —

Цинел, пъагæттæ, мæ хур.

Мæнæ ма мæнмæ æрбакæс:

Ис дын ахæмтæ, уæд дзур.

 

— Диссаджы рæсугъд пъагæттæ!

Адонæй мын иу æрис!

— Иу пъагон даргæ кæд федтай,

Афтæ гæнæн та куыд ис?

 

— «Нæгъ-нæгъ» ма кæн ды æдзухæй.

Æз дæуæи нæ дæн чъынды:

Фæткъуыйы æрдæг мæ къухæй

Цал хатты-иу айстай ды?

 

Ратт мын цырыхъхъытæй иуы,

Уыдон байуарæм уæд та.

— Де 'фсымæрыл худой иууыл,

Уый дæ хъуамæ ма фæнда.

 

Ды — цырыхъхъыйас дæхæдæг,

Къаннæг дæ нырма, лæппын.

— Уæдæ иунæгæй мæхæдæг

Шпион ахсынмæ цæуын!

ПЕХЦЕЛКÆ

Беллæ хуындис

Раздæр — Белкæ,

Фæлæ ныр ысси

Пехцелкæ.

 

Сæрыхъуын æппын

Нæ фасы,

Æмæ йын

Ныффист æгасæй.

 

Уæртæ дзы

Зыны хæтæлтæ,

Бумбулитæ 'мæ

Къæцæлтæ.

 

Дзыкку алырдæм

Ныууызын.

— Уый цы хуызæн дæ,

Цы хуызæн?

 

Беллæ, хуындтæ

Раздæр — Белкæ,

Уый кæй бауырндзæн,

Пехцелкæ?

 

Сæрдасæн æрхæсс

Уæдæмæ:

Сраст кæнæм дæ ном

Фæстæмæ.

 

Чызг нæ, фæлæ

Кæд лæппу дæ,

Кæд нæ уарзыс

Ды дзыккутæ,

 

Ды дæ сæр

Нæ кæныс фасгæ,

Гъеуæд æй

Ныртæккæ — дасгæ!

 

— Нæ, нæ, афтæ мæ

Нæ фæнды,

Бакæндзынæн

Æз цыфæнды!..

 

'Хсæдын байдыдта

Хæтæлтæ,

Бумбулитæ 'мæ

Къæцæлтæ.

 

Дзыкку асыгъдæг

Быронæй,

Стæй йæ ахсадта

Хуырхдонæй.

 

Уыйфæстæ йæ

Хорз ныффаста,

Бантик дзыккутыл

Æрбаста.

 

Æмæ нал у

Ныр Пехцелкæ:

Беллæ хуины

Ногæй — Белкæ!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.