Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КÆСАГАХСЫНМÆ. AElig;РЦУ, ЗЫМÆГ!. ЗАЗ ÆМÆ МИТЫН ЛÆГ



КÆСАГАХСЫНМÆ

Ызнон изæрæй

Урокты фæстæ

Фæраст дæн донмæ

Мæ æнгуыр хæсгæ.

 

Ауæзты рæбын

Æнгуырæй дарын...

Чысыл тъепа мæ

Мæстæй куы мары.

 

«Фæлæуу... Ныртæккæ...» —

Мæхицæн дзурын.

Ысрæтыгътон æй—

Ыстæлфыд сурыл.

 

Æрцахстон ноджы

Дыууæ хуыдзыхы:

Иу — дуры рæбын,

Иннæ — хъæддыхы.

 

Æз уыдон халыл

Дзæбæх æркодтон,

Æмæ тъæбæрттæй

Нæхимæ згъордтон.

 

Нæ дæргъмæ уынджы

Тындзгæ ыстæхын.

Хуыдзыхы къæдзил

Ныдзæвы зæххыл.

 

Ныхасы адæм

Куы кæнынц дистæ:

«Ацы чысыл дзы

Уыйбæрц куыд систа?»

ÆРЦУ, ЗЫМÆГ!

Ныр цы футт кæныс, зымæг?

Уадз, нынниуæд уад тызмæг:

 

Мах нæ тæрсæм, нæ, дæуæй,—

'Хъарм дзаума нын исты нæй?!

 

Сты нæ дзоныгътæ цæттæ.

Мах та хъаздзыстæм æддæ,—

 

Тагъддæр урс нымæт ныккæн,

Сæвæр быдырты хъæпæн,

 

Доныл цъенга их ныхсид —

Къахдзоныгъ куыд кæна 'хситт!

ЗАЗ ÆМÆ МИТЫН ЛÆГ

Ног азмæ сфæлыстам

Диссаджы заз.

Уæртæ-ма, сабитæй

Байдзаг йæ раз.

 

Кафæм йæ алыварс,

Гъæйтт-мардзæ цырд!

Уалынмæ митын лæг

Худгæ фæзынд.

 

Радзуры зачъеджын:

— Хызын рæвдз дар!

Алкæмæн хордзенæй

Сисы лæвар.

 

Фездæхт мæнырдæм дæр:

— Рауай лæгау!

Радта мын замманай

Атомон нау!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.