Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;РТÆ ЛÆДЖЫ. РАУАР, РАУАР!. РАГУАЛДЗÆГ. ФУРДÆМÆÆРТАХ



ÆРТÆ ЛÆДЖЫ

(Тагъд-тагъд дзургæйæ)

Хæрзæрæджы

Бæрзæфцæджы

Æртæ лæджы

Цъæх хæйрæджы

Сау куырмæджы

Дардтой сæджы,

 

Æмæ таджы

Райсомраджы

Сæрджын саджы

Сфыхтой аджы.

РАУАР, РАУАР!..

Байсыст цад, йæ бын ныххус и,

Хæфс йæ зарынæй ныхъхъус и...

Рауар, рауар!

 

Бабыз ахаудис уæлгоммæ —

Къæхтæ нал кæсынц йæ коммæ...

Рауар, рауар!

 

Æхсынæнтæ дон æркуырдтой,

Сæртæй зæххы онг æркуывтой...

Рауар, рауар!

 

Хуымы уырыдзы ныссæмпæл,

Уым ыл бафæлдæхти хæмпæл...

Рауар, рауар!

 

О, дæумæ куы бæллæм мах дæр,

Къæвда, цæй-ма, рауар тагъддæр!

Рауар, рауар!

РАГУАЛДЗÆГ

Атадысты миттæ,

Бахъæлдзæг и бон.

Ихæй арæзт хидтæ

Фестадысты дон.

 

Хуссæртты фæзынди

Цъæх-цъæхид кæрдæг.

М' алыварс æрзылди

Гæлæбу цæрдæг.

 

Дзывылдар ныццавта

Хъæндилыл йæхи...

Тынгдæр хур æртавта...

Зæхх фæхæмпус и.

 

Трактортæ дæр уæртæ

Гутонвæд кæнынц.

Уалдзæджы æууæлтæ

Алыран зынынц.

ФУРДÆМÆÆРТАХ

Загъта Фурд: «Мæнау тыхджын

Нæй дунетыл, ард хæрын!»

 

Кодта Æртах дæр быцæу:

«Æгæр æппæлын хорз нæу.

 

Уæ, нæ хъал Фурд, уый æмбар —

У мæнæй гæнгæ дæ цард».

 

«Ды куы нæ уай, о, тæрсын,

Уæд мæнæн уыдзæни «зын»!

 

Ницы дæ, дæ бынат зон,

Æмæ ма змæнт, ма, мæ дон!»

 

Æртах загъта: «Уæдæ кæс,

Кæддæра куыд кæнын æз».

 

...Мигъæй нал хауди цæссыг,

Бæстæ иууыл фестад рыг;

 

Къада баци, ба, бынхус,

Дæтты зарын дæр ныхъхъус.

 

Фурдыл нал æфтыди мур,

Хур æй басыгъта... Ныссур.

 

Басаст Фурд: «Дæ хъару ныр

Бамбæрстон, æмæ... хатыр!..»



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.