Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





КЪУЫППЫЛ. МА СКÆНУТ АВАРИ!



КЪУЫППЫЛ

Дысон-бонмæ мит фæуарыд,

Зæхх нымбæрзта урс хъæццулæй;

Дымгæ фæзты, кæмтты зарыд,

Сгæрста алы къуым хæддзуйæ.

 

Бонмæ их ныддæвдæг доныл,

Балæст цъалайы бын кæсаг;

Халон нал ыссардта холы,

Стонгæй алырдæм фæлгæсы.

 

Абон хур куы 'рбакаст ногæй,

Митыл уый рухс тын куы схъазыд,

Сабитæн та уæд уæнгрогæй

Къуыппыл бацайдагъ и хъазын.

 

Дзоныгътыл æртæхынц къулы,

Уæртæ, гъæйтт-мардзæ, уырдыгмæ;

Иннæтæ «къуыбылой» тулынц,

Митæй аразынц «уæйыг лæг».

МА СКÆНУТ АВАРИ!

Фарстон сабиты: — Сымахæй

Чи цы суыдзæни уæддæр?

Схор-хор кодтой цъалхæй-малхæй:

— Шофыр — æз!

— Æз дæр!..

— Æз дæр!..

 

— Куыстытæ чысыл куы нæ сты —

Иу уæ дохтыр дæр фæуæд.

— Ницы нæ хъæуы, æрмæст нын

Рулыл бадыны бар уæд.

 

—Чи ма хуым кæндзæни зæхх та,—

Уе 'ппæт шофыртæ куы суат?

Каенæ чи къахдзæни шахтæ?

Фынгмæ чи хæсдзæн бæркад?

 

Фæлæ сабитæн уæддæр

Уыд сæ уынаффæ хъæбæр:

 

— Машинæ цыдæрид и:

«Волгæ», «Чайкæ», «Жигули»,

«Запорожец» æмæ «МАЗ»...—

Се 'ппæты дæр мах бар уадз,

 

Æмæ-иу æдзух кæндзыстæм

Мах дæр адæмæн лæггад:

Алкæй ласдзыстæм йæ куыстмæ,

Дзурдзыстæм: «Мæ фарсмæ сбад!»

 

Суанг ма космосон ракеттæ

(Уым дæр шофыр хъæуы, зон!)

Марстæ, Мæйтæ æмæ йедтæм

Суыдзæн аскъæрын нæ бон!..

 

— Хорз уæдæ, уæ дзырдæн бар и,

Æмæ йæ кæнут æххæст.

Фæлæ ма скæнут авари! —

Уый та уын — мæнæй фæдзæхст.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.