Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ХЪАЗИХАН. УÆРЦЦ-БЫЛДЫХЪ. МА ТÆРС, ДЗЫЦЦА.



ХЪАЗИХАН

Кафы, кафы

Хъазихан,—

Сындзыхъæуккаг

Хъазихан.

Еуæ-еуæ,

Хъазихан!

Хуыздæр кафæг —

Хъазихан.

Гъæйтт-гъæйтт,

Хъазихан!

Хæрдмæ хау!

Хæрдмæ хау!

Орца!

Æнгуылдзæхтæ,

Хъазихан!

Бадгæ-сиргæ,

Хъазихан!

Къæхтыл-къухтыл,

Хъазихан!

Амбылдта уæ

Хъазихан,—

Сындзыхъæуккаг

Хъазихан!

Æрц-тох!

УÆРЦЦ-БЫЛДЫХЪ

Иуизæр нæхимæ хуымæй

Згъордтон тагъд.

Раст мæ тæккæ къæхты бынæй

Уæрцц ыстахт.

 

Загътон: ацы маргъ æрцахсын

У æнцон.

Уæрцц кæм абадт, уым æй фахсыл

Агуырдтон.

 

Басгæрстон уым уайтæккæ дæр

Алы дзыхъхъ,

Фæлæ та фæцыд æддæдæр:

«Уæрцц-былдыхъ!»

 

Адугъ та кодтон йæ уастмæ

Рог-рог-рог.

Фæлæ 'рбайсæфт хуымы астæу

Уый дæр ног.

 

Уæрццы иуырдæм фæсурын,

Æтт-тъæбæртт!

Уый та иннæ ранæй сдзуры:

«Мыст, мæ мæрт!»

 

Рацыдтæн æз дæр æрхуымæй,

Фыхт мæ маст.

Хъуысти ма мæ фæстæ хуымæй

Уæрццы уаст:

 

«Æз — хуымы 'лдар, уæрцц-зынахсæн,

Цъыкк-цъырыкк!

Мæн хæлиудзых никуы 'рцахсдзæн,

Уæрцц-былдыхъ!»

МА ТÆРС, ДЗЫЦЦА...

Райхъуысти иубон нæ уаты

Рудзынджы æвгты дыз-дыз.

Бацыди стыр тас мæ мады,

Уайтагъд фæцыди йæ хуыз:

 

— Ногæй хæст райдыдта хъуамæ...

Уæ, лæппу, акæс-ма!.. Фест!..

— Ма тæрс,— æз дзурын дзыццамæ,—

Аразынц хъæуы сæр ГЭС.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.