Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЗЫМÆГОН ÆХСÆВЫ



ЗЫМÆГОН ÆХСÆВЫ

Уынджы — ихæн. Æхсæв даргъ у.

Ирдгæ. Стъалытæ зынынц...

Хъарм ыскъæты фосæй, маргъæй —

Амондджын фынтæ уынынц.

 

Карк уыны йæ фыны цъиутæ,

Бабыз та уыны цъæх цад.

Гæды — цыма давы фиутæ,

Фæлæ йыл нæ уайы над.

 

Род — цыма дæйы йæ мады,

Мидфын байдайы сым-сым.

Хуы та кæрийы сæр бады,

Цыма уый бар баззад хуым.

 

Гал та — цыма хосæй бафсæст,

Ис йæ разы стыр цъына.

Къамбец цъымарайы балæст,

Сæрд ын ралæууыд цыма.

 

Хæрæгæн цыма йæ чъиппа

Хицау нал ары æмæ

Хъазы хъæугæрон чъыллиппæй,

Цыма нал хæсдзæн уæргътæ.

 

Хъарм ыскъæты фосæй, маргъæй,—

Иууылдæр фынтæ уынынц.

Бирæгътæ та ниуынц рагъæй,

Стонг æмæ мæстæй мæлынц.

 

Фосмæ бирæгъ кæд ныхила,

Скъæтмæ кæд бырса, уæд æй

Уайтагъд акъæмс кæндзæн Мила,—

Мила кæрты нæу фынæй.

МÆЙ ÆМÆ СТЪАЛЫТÆ

Цуаы кæны денджызы

Урсбазыр кæф.

Агуры цъингуыртæ,

Йе змæлд — кæрæф.

 

Фæлæ дзы уыдон дæр

Лидзынц цæрдæг,

Айсæфынц уайтæккæ,

Денджыз — быгъдæг.

 

Кæф дæр уæд бамбæхсы

Цъалайы бын,

Афтæмæй байдайы

Цадæг хъуызын.

 

Баззайы афтидæй

Кæфæн йæ хæдз.

Гъа, мардзæ, иуыл дзы

Искуыд ныххæц!..

АЗÆЛД

— Байрйай, хъæд! Æз дæн хъæддзау!

— Ау?.. Ау?..

— Ис мæм мæнæ цыргъ фæрæт!

— Æтт!.. Æтт!..

— Сугæн дæттыс бутъыро?

— О!.. О!..

— Аласон уæд та бæлас?

— Лас!.. Лас!..

— Уæрдоны æви сыфцæй?

— Цæй!.. Цæй!..

— Хъæдгæстæй мын тæссаг нæу?

— Нæу!.. Нæу!..

— Бирæгътæй мын тæссаг у?

— У!.. У!..

— Гъæтт, мæ куыдз, кæн размæ гæпп!

— Хæпп!.. Хæпп!..

— Æз дæн бирæгъмар Бечи!

— Чи?.. Чи?..

— Рацæуæд йæ цъæх кæрцы!..

— Цы?.. Цы?..

— Кæд æнæ царм н' аздæха!

— Ха!.. Ха!..



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.