Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;нæнхъæлæджы фембæлд



Æнæнхъæлæджы фембæлд

Цæуынæй бафæлладтæн æмæ хæлхæлгæнаг къада доны цур æрлæууыдтæн. Дуне афтæ сабыр у, æмæ доны къæбæда уылæнтæ не сты, зæгъгæ, уæд æгуыппæгдзинады уынæр йеддæмæ — кæд æгуыппæгдзинад уынæр кæны, уæд — хъус ницы ахсид.

— Ам цы агурыс? — æваст мæ хъустыл ауадысты кæйдæр ныхæстæ.

Фæстæмæ фæкастæн æмæ къудзиты æхсæн ауыдтон, рæстæмбис асæй чысыл бæрзонддæр чи уыд, ахæм нæлгоймаджы. Иуæй, мæ къалиутæ хъыгдардтой, иннæмæй мæм дæрддзæфгомау уыд æмæ лæджы цæсгом дзæбæх нæ уыдтон.

Тынг æм рамæсты дæн. Ирон уæвгæйæ (ирон кæй уыд, уый йæ ныхасыхъæдыл бæрæг уыд) ирон хъæды иронмæ (мæхæдæг дæр цыма ироны хуызæн тынгдæр дæн, афтæ мæм каст), уырыссагау кæй сдзырдта, уый мын хъыг уыди. Иннæмæй та мæ, кæд истæмæй бафæрсынмæ хъавыд, уæд уал мын раздæр салам раттаид, стæй йын уæд бафæрсыны фадат дæр фæуыдаид. Æртыккагæй та йæ фарстмæ гæсгæ афтæ уад, цыма мыл цæмæйдæр йæ бар цæуы æмæ ахæм барджын хъæлæсæй уымæн дзуры.

Цыбыр дзырдæй, кæд уымæй хуыздæр адæймаг нæ уыд, уæддæр мын йæ цалдæр ныхасæй йæхи фенад кодта, æмæ йын æз дæр йæ фарстæн фарстæй дзуапп раттон:

— Æмæ ардæм æнæмæнг исты агурынмæ фæцæуынц? — Æрмæст иронау. — Æмæ ма мæ ныхасмæ бафтыдтон: — Æмæ ды цы агурыс?

— Æз мæнæ мæ цæхæрадонмæ рацыдтæн.

Чысыл раздæр, æцæгæйдæр, йæ алыварс ардыгæй дæумæ быру кæмæн уыд, ахæм зæххы гæппæл (зæххы гæппæл зæгъын, фæлæ йæ астæу цалдæр раны æхсæры къудзитæй сыгъдæггонд дæр не ’рцыд, мæ цæст дзы не ’рхæцыд хуымты фæдыл дæр) федтон, мæ фæллад уадзынмæ дæр уырдыгæй иуцасдæр рауайыны фæстæ æрлæууыдтæн.

— Æмæ уый дæ цæхæрадон у?

— Уæдæ кæй цæхæрадон у? — дзуапп мын ратта лæг, æмæ ууыл нæ ныхас ахицæн.

Æргом дзургæйæ, раздæр йæ цурмæ бацæуынмæ хъавыдтæн, фæндыди мæ йемæ базонгæ уæвын, аныхæстæ кæнын, фæлæ йын йæ фæстаг дзуапп куы айхъуыстон, уæд мæ фæнд аивтон. Нал мæ бафæндыд, кæмæй у, цы хъæуккаг, уый базонын. Афтæ мæм фæкаст, цыма, кæмæй у, уый куы базыдтаин, уæд мын уыцы мыггаг фенад уыдаид, фенад мын кодтаид йæ хъæу дæр. Суанг ма йæм æввахс бацæуыныл дæр нал бацархайдтон. Нæ мæ бафæндыд йæ цæсгом фенын æмæ цæуыныл батагъд кодтон.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.