Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;мбисонд æмбисонд у



Саууис

Ацы бæласимæ — уæвгæ йæ къутæр схонын растдæр уыдзæн, уымæн æмæ бæласы хуызæн бæлас арæх нæ кæны — рагæй зонгæ дæн. Нæхимæ, Бæрæгъуыны хъæды алы ран дæр зайы. Æхсæры къутæры хуызæн арæх нæу, фæлæ йын кадавар схонæн дæр нæй. Куыд загътон, афтæмæй дынджыр бæлас нæ кæны, кæд бирæ къутæрты сæрты акæсы, уæддæр.

Цы ном хæссы, уый йын хуымæтæджы нæ раттой: йæ хъæд дæр, йæ къалиутæ дæр сау сты. Бынтон сау нæ, фæлæ дзыгъуыргомау сау. Цы лыстæг фæлурс дзæццытæ йыл ис, уыдон æй кæнынц бирæ зæрдæмæдзæугæдæр. Йæ къалиутæ сты рæхснæг æмæ уыциу рæстæг сæртæг. Цæмæй фæдыууæ уа, уый тыххæй йын йæ къалиуыл бирæ тых хардз кæнын нæ хъæуы. Йе ставд къалиу дæр æнцонæй сæттын комы æмæ-иу ыл нæ тых арæх афæлвæрдтам. Уæвгæ гыццылæй та нæ тых цæуыл нæ фæлвæрдтам! Гæккуыри амарын, хæфсыл дур фехсын, сырддонцъиумæ дурæхсæнæй ныхъхъавын, уый нæ фылдæрæн йæ уд, йæ дзæцц уыд, фæлæ рæдигæ кæй кодтам, Хуыцауы сконд цæрæгойты тæригъæды кæй цыдыстæм, уый, хъыгагæн, æрæджиау бамбæрстам...

Æмæ та мæнæ ног фембæлд саууисимæ. Цæмæдæр гæсгæ мын æхсызгон уыд йæ фенд. Цыма мæм æй мæ сабидугæй рарвыстæуыд, афтæ мæм фæкаст. Суанг ма, йæ къалиу ын-иу куы фæсастам, уæд дзы-иу цы тæф ракалд, уый дæр мæ фындзыл ауад æмæ зæрдæ адджын рæхуыст скодта. Æвæдза, тæфæн дæр цæстытыл бирæ цыдæртæ ауайын кæнын у йæ бон...

Зымæг йæ астæумæ фæхæццæ кæны, фæлæ ма саууисы къутæртыл йæ сау гагадыргътæй цалдæр аззад. Адæймаг сæ нæ хæры, фæлæ дзы кæцыдæр мæргътæ сæхи хорз кæй фенынц, уый бæрæг у. Ныллæгдæр къалиутыл цы дыргътæ уыд, уыдон сын цæмæдæр гæсгæ раздæр хæрд фесты. Рæхснæгдæр бæласы цъупп, куыннæ ныкъкъæрцц кæна, афтæ арæхстгай æривæзтон æмæ ма йыл цы цалдæр гагайы уыд, уыдон ратыдтон. Къалиуыл сæ лыстæг хъæдтæй афтæ фидар хæцыдысты, æмæ сæ тыххæй тонæгау ракодтон. Зæхмæ дзы кæй ницы æрызгъæлдаид, уый ма мын цы бамбарын хъуыд: иууылдæр мæргъты минасæн бахъуыдысты.

Уистæ ацы хъæды бирæ ис. Чи дзы æхсæр у, чи фæрв, чи фатхъæд, фæлæ дзы иу дæр уис нæ хуыйны. Кæд ын ахæм ном йæ хуызмæ гæсгæ радтой, уæддæр æй растыл банымайæн нæй, уымæн æмæ алкæмæндæр æмæ алцæмæн дæр йæхи хуыз ис, фæлæ дзы йæ бакастмæ гæсгæ ном искуы иуæн йеддæмæ нæ дæттынц æмæ уыдонимæ фæци саууис дæр. Уæвгæ уый ницы кæны. Кæд уис уæвгæйæ сау у, уæддæр йæ митæй сау никæцы у. Æрмæст йæ дыргътæй мæргътæн цы хорзы бацæуы, уый дæр дзуры, бирæ къудзитæ æмæ бæлæсты раз сæрыстырæй æрлæууын йæ бон кæй у, ууыл. Йæ номæн та быхсæн ис, стæй йын быхсгæ дæр кæны. Саулæг дæ ма рахонæнт, æндæр уисы сауæн ницы у.

Æмбисонд æмбисонд у

Æрхы тæккæ был æрзæбул мыртгæйы пæлæхсар къутæр. Бынæй йæм фæракæс-бакæс кодтон, кæд ма дзы адæм æмæ мæргъты фæстæ æнæтындæй иу цупал уæддæр аззад, зæгъгæ, фæлæ дзы цупал нæ, гагайыл дæр мæ цæст не ’рхæцыд. Æрхмæ схызтæн æмæ та цæстытæ къалиутæм джигул кæнынмæ фесты. Цыма сырх ахорæн авддæлдзæхх бамбæхстæуыд, уыйау мыртгæйы гагайæн йæ фæд дæр никæцæй разынд. Мæхинымæр дисы бацыдтæн, утæппæт къалиутæ æмхуызон бынхор кæй разындысты, ууыл. Суанг ма æмбисонды рæстдзинадыл дæр сæнæууæнк дæн. Бæх кæм стулы, уым, дам ма æрду куы аззайы, уæд мыртгæйы бæлæстæй иу йæ дыргътæй куыд нæуал фæуагъта æмæ ма æмбисонды дæр цæсты цы бафтыдта?

Мæ фæндтæй куы ницы рауад, уæд фæстæмæ æрхы бынмæ ныххызтæн æмæ уæзбын къахдзæфтæй мæ фæндагыл араст дæн.

Бынтон сайды бынаты баззайын мæ нæ фæндыд, фæстæмæ ма иу каст фæкодтон æмæ... диссагæй цы кæныс! — мыртгæйы сырх цупал ауыдтон. Æрдæбонсарæй алырдыгæй кæмæ фæракæс-бакæс кодтон, уыцы къутæрæй мæм йæ цалдæр цæстæй ракаст, фенынæнхъæл кæмæн нал уыдтæн, уыцы цупæлттæй иу. Фæстæмæ фæзылдтæн æмæ йæ цуры балæууыдтæн...

Цыма, бирæ кæмæ фенхъæлмæ кастæн, мæ ахæм æмбалыл æнæнхъæлæджы амбæлдтæн, афтæ йыл бацин кодтон. Уæлдай æхсызгондæр та мын уыди, æмбисондыл мæ кæй нæ сыстырзæрдæ кодта æмæ йæ мæ цæсты кæй нæ бафтыдта, уымæн.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.