Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Дыууæ фæды



Дыууæ фæды

Арф миты дзæвгар фæцæуыны фæстæ бахæццæ дæн, дыууæ фæды кæрæдзийы сæрты кæм ахызтысты, ахæм æрдузгондмæ. Иу дзы адæймаджы фæд кæй уыд, уый æнцонæй раиртæстон, фæлæ мæ иннæ дызæрдыджы бафтыдта. Сырды фæды хуызæн мæм тынгдæр фæкаст, уымæн æмæ хæдзарон фосы фæдтæй зæрдыл никæцыйы лæууын кодта. Дыууæ фæды дæр комы ’рдæм хуыдтой. Уæвгæ, адæймаджы фæд комæй цыд, сырды кæнæ фосы фæд та — коммæ. Кæцыйыл дзы ацæуон, ууыл хъуыдытыл фæдæн.

Æргом дзургæйæ мæ адæймаджы фæдыл цæуын нæ бафæндыд. Иуæй, æрдзы хъæбысмæ адæмæй ралыгъдтæн, иннæмæй та, цавæр адæймагыл фембæлдзынæ, уый чи зоны! Иу Хуыцауы æлгъыст дæ размæ куы фæуа, уæд дын дæ иу боны цард нæ, фæлæ дæ бирæ бонты цард дæр фенад кæндзæн. Ам мæ зæрдыл мæ иу хæлар æрбалæууыд. Кæддæр, дам, мæ иу зонгæйæн бæрæгбоны арфæтæ ракæнынмæ хъавыдтæн æмæ, дам æм телефонæй бадзырдтон. Уый, дам, мæ цыбыр рæстæгмæ мастæй мæ дыууæ хъусмæ акодта. Цæй тыххæй, уымæн, дам, æмбаргæ дæр ницы бакодтон. Уыйау ахæм адæймæгтæ ис, æмæ сæм «айс, ахæр» дæр хъыг кæсы. Æз дæр адæймаджы фæдыл цæуынæй уымæн фæтарстæн æмæ иннæ фæдыл араст дæн, кæд къуыбырхъус бирæгъы фæд уыд, уæддæр, уымæн æмæ уыйбæрц рацардтæн, æмæ, бирæгъ искæй бахордта, зæгъгæ, никуыма фехъуыстон, адæймаг та адæймаджы...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.