Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





Калм æмæ тæрхъус



Калм æмæ тæрхъус

Цæуын æмæ кæддæры хабæрттæ мысын. Нæхи найынмæ кæдæмыты цыдыстæм, уыцы малтæ æмæ хъуымтæ мæ цæстытыл уайынц. Уæвгæ дзы иуæй-иуты уынгæ дæр кæнын: Бехъан, Куыройыдон, Урсдон... Бехъанмæ, куы фестырдæртæ стæм, уæд цæуын райдыдтам. Урсдонæй уазалдæр уыд, Куыройыдонæй — хъармдæр, арфдæр та сæ дыууæйæ дæр, стæй — калмджындæр... Цады-иу иуцасдæр баленк кодтаис æмæ кæцыдæр заман дæ уд дæ къæхты бынæй ауадаид. Кæцыдæр заман нæ, фæлæ-иу дæ комкоммæ калм æрбацæйленкгæнгæ куы ауыдтаис, уæд. Ахæм рæстæджытæ та дыл-иу æмæ дыууæ хатты не скодтаид, фæлæ дæ алы балцы рæстæджы дæр. Хистæртæ нын-иу бæргæ дзырдтой, калм доны нæ хæцы, зæгъгæ, фæлæ-иу æй дæ комкоммæ ленкгæнгæ куы ауыдтаис, уæд уыцы ныхæстæй дæхицæн ныфс ницы хуызы авæрдтаис, уымæн æмæ сæ цыма æппындæр никуы фехъуыстай, афтæ-иу цæхгæр фæзылдаис æмæ-иу былгæронмæ дæ тых, дæ бонæй ленк кæнынмæ фæуыдаис...

Бехъаны цадæй иуцасдæр рауадтæн, хъæзджыны иудзæвгар фæлæгæрдыны фæстæ æрыскъæфджын фæзмæ рахызтæн, фæлæ йын-иу йæ ныв чиныджы фенгæйæ дæр хæрдмæ кæмæн фæхаудтæн, уыцы кæлмытæй иуыл дæр нæма сæмбæлдтæн, афтæмæй та сын ам кæддæр ныккæнæн дæр нæ уыдис. Доны былгæрæтты цыдаис, хъæды арфы кæнæ пыхсбынты! — цал æмæ-иу цал хатты ауадаид дæ уд калмы сыф-сыфæй. Афтæ арæх уыдис, æмæ-иу дæ дæ къæхты бын хæмпæлты сыр-сыр дæр хæрдмæ фæхауын кодтаид, кæд калм у, зæгъгæ. Ныр, куы зæгъын, сахаты æрдæгæй фылдæр рацыд, калмыл алы къахдзæфыл дæр фембæлæн кæм уыд, уыцы быдырты æмæ пыхсбынты куы рабалц кодтон, уæдæй нырмæ, фæлæ дзы хиладжы хабар нæма уыд. Кæйдæр загъдау, æз калмы уындмæ мæ былыцъæрттæ нæ хæрын, фæлæ мæ сагъæсыл æндæр хъуыддаг æфтауы: æрдзæн фыдызнаджы митæ кæй бакодтам æмæ уыцы æнамонд фæндагыл дарддæр кæй цæуæм, уый у мæ мæты бындур, мæ катайы сæр. Зæххыл хилджыты нымæц куынæгæй-куынæгдæр куыд кæны, афтæ бонæй-бон къаддæр кæнынц зæххыл цæуæг сырдтæ æмæ арвыл тæхæг мæргъты нымæц дæр. Афтæ куы нæ уаид, уæд ацафон ацы хъæдтæ æмæ фæзты-иу рувас æмæ тæрхъусыл дæ цæст ма ’рхæцæд!..

Калмæй тарстдæр бирæгъæй дæр нæ кæнын, уымæн æмæ бирæгъыл никуыма сæмбæлдтæн, кæлмытыл та бирæ хæттыты, фæлæ ныртæккæ мæ размæ куы фæуаид, уæд дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæты фыццаг тæрсгæ фæкæнин, стæй мæ уд ме ’муд куы ’рцæуид, уæд мын йæ уынд æхсызгон уаид, йæ мыггаг нæ сыскъуыд, Хуыцау кæй сфæлдыста, иннæ уыцы цæрæгойты хуызæн уый дæр йæ царды кой кæны, зæгъгæ. Тæрхъусы уынд дæр мын къаддæр æхсызгондзинад не ’рхæссид. Кæд æй фыдæмбæлæг хонынц, уæддæр мын цыма мæ фæндагæн хæрзаудæнгæнæг басгуыхид, афтæ мæм кæсы.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.