Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;ртæ фæрвы



Æртæ фæрвы

Æртæ фæрвы иу ранæй сзадысты. Дыууæйæ уыдысты иухуызон рæхснæг æмæ æмраст, фæлæ мады гуыбыны хъулæттæ кæм нæ вæййы — цы хъыгдарæг æй фæци, Хуыцау йæ зонæг, иуæрдæм фæцудæгау кодта æмæ, йæ хъæд фæзылын, афтæмæй уæддæр хæрдмæ цæуыныл архайдта. Кæд йе ’фсымæрты хуызæн аив нал уыд, уæддæр йæхи дзыхъхъы лæудыл нæ нымадта... цалынмæ йæм хъæддзау нæ фæзынд, уæдмæ. Цæмæдæр гæсгæ æнæхъæн хъæды комкоммæ уымæ бацыд æмæ йæ, йæ фæрæт хæрдмæ кæй онг æххæст, уым хафт-хафтæй ралæууыд. Æрдæглыггонд æй куы фæци, уæд уырдыг лæууын нал бафæрæзта æмæ æрфæлдæхт. Уæдæй фæстæмæ йæ фарсыл хуыссы. Хъæддзау æй цæмæн афæлдæхта, уый не сбæрæг. Истæмæн æй хъуыдаид æмæ йæ уæд ласгæ нæ, фæлæ æхсæдгæ уæддæр цæуылнæ бакодта? Гуыппы тыххæй йæ акалдтаид, æмæ уый дæр зын бауырнæн у, уымæн æмæ, иуæй, ахæм стыр нæма уыд, иннæмæй йæ йæ къалиутæ зæххыл андзæвын дæр нæ бауагътой.

Æви йын йæ фыдынды тыххæй бакодта ахæм ми? Кæд æцæг афтæ у, уæд хъæддзау йæхæдæг къаддæр фыдынд ми нæ бакодта. Фыццаджыдæр æй йе ’фсымæрты цур мардæй ныууагъта, дыккагæй та хъæддзауы аххосæй, йæ быны цы уагъæлыйы къутæр уыд, уый ныцъцъист кодта æмæ йæ къалиутæ цæнкуылтæй баззадысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.