Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





AElig;лцæмæн дæр — афон



Æлцæмæн дæр — афон

Хъæндæлы махмæ арæх у. Къобосты хъæды дæр, Даргъ хуымты дæр. Гыццылæй фæстæмæ йыл ахуыр дæн, æмæ мын фадат куы фæвæййы, уæд хъæдмæ мæхи айсын. Кæд цæугæ хъæндæлыйы фæдыл акæнын, уæддæр мæ сæйраг нысан мæ уарзон бынæттæ фенын вæййы. Мыртгæтæ цы къохтæй хастон, æрыскъæфдзуан цы адæгтæ æмæ æрхыты зылдтæн, кæсæгтæ цы байбынты ахстон, мæхи цы хъуымты надтон, уыдоны уынд мын мæ цæстытыл ауайын кæны мæ ивгъуыд бонтæ, ферох кæнын чи никуы бакомдзæн, зæрдæйыл сызгъæрин тæгтæй баст чи у, уыцы сабидуг...

Хъæндæлы хæрынæн бæзгæ зайæгойтæй, æппæты фыццаг чи фæзыны, уыдоны номхыгъдмæ хауы æмæ сфæнд кодтон хъæдмæ апрелы кæрон ацæуын. Хъæндæлы кæм агургæ у, уый мын амонын нæ хъуыд æмæ мæ зонгæ бынæттыл мæ фæндаг акодтон. Æгæр цыма батагъд кодтон, афтæ мæм мæ балцы райдайæны дæр каст, фæлæ хъæды арфы куы фæмидæг дæн æмæ фыццаг хуырджын тæнæг суадонмæ куы бахæццæ дæн, уæд мæ æцæгæйдæр бауырныдта, хъæндæлы агурæг æгæр раджы кæй рацыдтæн, уымæн æмæ йæ фыццаг сыфтæ дæр æххæст нæма райхæлдысты, фæлæ ма уæддæр мæ зæрдæ чысыл цæуылдæрты дардтон. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ каст, цыма хур тынгдæр кæдæм кæсы, уыцы суадæтты былгæрæтты хъæндæлыйы рæзтæн хуыздæр фадæттæ ис, æмæ уалдзæджы фыццаг халсары хъæстæ фæуыдзынæн, фæлæ мæ фæндтæй ницы рауад. Йæ дæргъ цыппар километрæй къаддæр кæмæн нæ уыд, уыцы фæндагыл, кæд фыццаг цы хъæндæлыйы бæласыл фембæлдтæи, уымæй чысыл стырдæртæ уыдис, уæддæр дзы хæрынæн бæзгæйы йас рæз ничима схаста, æмæ мæ бæллиц сæххæст кæнын æндæр хатмæ æргъæвгæ ’рцыди. Уыцы æндæр хаттæн та фадат фæцис æрмæстдæр æртæ къуырийы фæстæ.

Ацы хатт мæ фæндаг аивтон. Раздæр-иу æдзухдæр мæ фистæг балц Æрыдонæй райдыдта æмæ-иу фæци Арыхъхъы рæгъты бын. Ныр та рараст дæн Арыхъхъы рæгътæй æмæ Бехъаны цады былгæрæтты ме ’ргом сарæзтон Къобосты хъæдмæ. Иуцасдæр дон-дон фæцыдтæн, æмæ мæ тæнæг суадон хъæндæлыджынмæ бахуыдта. Раздæр мæ цæст æрхæцыд, йæ дынджыр сыфты кæрæттæ хырхæй лыджы хуызæн кæмæн уыдысты, ахæм тар кæрдæгхуыз зайæгойтыл. Алы бæласы астæу дæр хъуамæ хæрынæн бæзгæ ставд хæтæл уа, æмæ уайтагъд «джигул» кæнынмæ фæдæн. Бæргæ зæрдиагæй архайдтон, стæй канд зæрдиагæй нæ, фæлæ арæхстгай дæр, æрмæст мæ дыууæ архайды дæр дзæгъæлы уыдысты, уымæн æмæ, цы агуырдтон, уымæн йæ кой дæр нæ уыд. Чысыл уæлдæр куы суадтæн æмæ хъæндæлыйы æндæр бæласыл куы амбæлдтæн, уæд фæфыдæнхъæл дæн: хъæндæлы канд дидинæг нæ акалдта, фæлæ ма йæ калд дæр фæци. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, чысыл раздæр цы хъæндæлыджыныл бамбæлдтæн, уым иу бæлас дæр дидинæг калынхъом нæ уыд. Хъуыддæгтæ бæлвырддæр чи зоны, уыдоны ныхæстæм гæсгæ хъæндæлытæй сылтæ куыд вæййы, афтæ вæййы нæлтæ дæр. Сылтæ дидинæг æфтауынц, нæлтæ — нæ. Хъæндæлы та хæрынæн фæбæззы, йе ставд хæтæлыл цы тымбылкъухы йас дзæгæрæг фæзыны, уый дидинæг куы нæма акалы, афтæмæй. Æрмæст та мæ ацы хатт дæр нæ бауырныдта, хъæндæлытæ иууылдæр дидинæг калд фесты, уый. Кæд æз хъæдмæ рацæуынмæ куыд байрæджы кодтон, афтæ дзы искæцы дидинæг калыныл бафæстиат, зæгъгæ, дон-дон цыдтæн, фæлæ иунæг хæрынæн бæзгæ бæласыл дæр нæ фембæлдтæн. Цыбыр ныхасæй, айфыццаг æгæр раджы куыд рацыдтæн, афтæ ныр та æгæр æрæджиау цыд фæдæн. Æвæццæгæн, æгъдæутты хистæр бæрц у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Æгæр бирæ куыд нæ бæззы, афтæ нæ бæззы æгæр гыццыл дæр. Æгæр раджы æгæр æрæджиауæй ницæмæй хицæн кæны. Стæй ма мын мæ уавæр мæ зæрдыл æрлæууын кодта ноджыдæр иу æмбисонд: «Алцæмæн дæр афон ис».



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.