Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 4 страница



***

Æртиссæдз азы мыл куы сæххæст, уæд мæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном райсынмæ бавдыстой. Фысджыты Цæдис гæххæттытæ барæвдз кодта æмæ сæ, хицауады уыцы хъуыддæгтæ чи кодта, уыдонмæ арвыста. Хайадæн разамынд лæвæрдта, раздæр партийы Цæгат Ирыстоны обкомы бæрнон бынæтты чи куыста, ахæм сылгоймаг, дзæвгар рæстæг уыди культурæйы министр дæр. Базонгæ ис гæххæттытимæ æмæ сæ фæстæмæ æрæрвыста, æркæсут-ма сæм, зæгъгæ. Кæсинагæй та дзы ницы уыди, йæхæдæг дзы цы «сраст» кодта, уый йеддæмæ. Цы сарæзтон, уымæн аргъгæнæг гæххæтты уыдис ахæм хъуыдыйад: «Им переведены на осетинский язык и изданы отдельными книгами повести и рассказы Василия Шукшина, Чингиза Айтматова, рубаи Омара Хайяма...» Сылгоймаг бавдæлд, æмæ «рубаи» стыр дамгъæйæ ныффыста, йæ фæстæ йын къæдзыг сæвæрдта æмæ дзы рауад, цыма Рубаи дæр Омар Хайямы хуызæн фыссæг уыди.

Фысджыты Цæдисы разамонджытæ, литературæ уыдонæй «хуыздæр» чи зыдта, уымæн цы дзуапп раттой æмæ, рубаи литературон жанр кæй у, ууыл æй цы хуызы баууæндын кодтой, уый нæ зонын, фæлæ уыцы гæххæтт фæстагæттæн æфснайдæй мæхимæ дарын, мæ ныхæстæ искæмæ дызæрдыггаг куы фæкæсой, уæд æм æй равдисдзынæн, зæгъгæ.

***

Мамсыраты Мурат æмæ Хæблиаты Сафаримæ кæмдæр фæбадтыстæм. Теркыл Горькийы уынгмæ цы къаххид ис, уый сæрты куы ’рбацæйхызтыстæм, афтæ Мураты зæрдæ зарын æрцагуырдта æмæ ныццæлхъ ласта:

Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг...

Зард куы фæци, уæд æм дзурын:

— Цы уавæры дæ, уый кæйдæр чызг мæнæй хуыздæр зоны? Кæуинаг дæ æмæ дыл хъарæг дæр мæхæдæг скæндзынæн...

***

Хæблиаты Сафар-иу Виктор Некрасовы повесть «В окопах Сталинграда»-йы кой арæх кодта, хорз фыст, дам, у. Æз æй, раст зæгъын хъæуы, йæ рæстæджы нæ бакастæн æмæ йын аргъ кæнын дæр мæ бон нæ уыд. Æрæджы мæм æрбахауд æмæ йæ æппынфæстаг бакастæн. Ницы уадиссаг мæм фæкаст, кæд ын Сталины преми раттой, уæддæр, фæлæ ныхас уацмысы хæрзхъæддзинадыл нæ цæуы. Повесты ис ахæм бынат:

— Товарищ лейтенант, а правда, что у Гитлера одного глаза нет? — спрашивает Седых и смотрит на меня ясными, детскими глазами.

— Не знаю, Седых, думаю, что оба глаза есть.

— А Филатов, пулеметчик, говорил, что у него одного глаза нет, и что он даже детей не может иметь.

Ацы фыстытæ кæсгæйæ, Тегаты Сулейман мæ зæрдыл æрлæууыд. «Рæстдзинад»-ы дæс азæй фылдæр иумæ фæкуыстам. Промышленнон хайады сæргълæууæг уыд, фæстæдæр та — редакторы хæдивæг. Уый дæр раст ахæм хабар дзырдта. Цыколайаг уыд æмæ хъæумæ арæх цыд. Куыддæр, дам-иу, хъæугæрон æрхызтæн, афтæ-иу хъомгæс мæ размæ фæци æмæ дам-иу мæм æдзухдæр иу фарст лæвæрдта:

— Æццæйнæ, Сулейман, Гитлер хъæрæу адтæй?

***

Хъуылаты Чермен Мамсыраты Муратæн афтæ:

— Æз æмæ дæуæй алы дæсныйады кусджытæ дæр рауадаид сахатцалцæггæнджытæй фæстæмæ.

— Цæмæн дæм афтæ кæсы? — фæрсы йæ Мурат.

— Нæ дыууæйы къухтæ дæр зыр-зыр кæнынц...

***

Мураты фыд, Мухтар, дам, йæ сæр иуварсæрдæм чысыл къул даргæйæ цыди. Сæ хъæумæ фæстæдæр чи ’рлыгъд, уыдон «временныйтæ» хуыдтой. Гъе, æмæ дын уыдон иу бон цалдæрæй ныхасы бадтысты æмæ рæстæгсафæн кодтой. Ног æрлидзджытæй иу Мухтарæй ахъазынмæ хъавыди æмæ йæм дзуры:

— Иуварсæрдæм та цæмæн кæсыс?

— Временныйтæм афтæ фæкæсын, — æнæахъуыдыгæнгæйæ йын дзуапп ратта Мухтар.

***

— Цы хабæрттæ ис? — фæрсын мæ зонгæ Къубалты Эричы.

— Хорзæй дæр ницы, æвзæрæй дæр.

— Хорзæй кæй ницы ис, уый æвзæр у, æвзæрæй кæй ницы ис, уый та хорз, — загътон ын æз.

***

Советон Цæдисы телеграфон агентад-иу редакцимæ æрмæджытимæ сæрвыста къамтæ дæр. Сæ бынмæ-иу уыдис амонынгæнæн текст, кæд адæймаджы хуызист уыди, уæд-иу дзы уыд, чи æмæ цыгæнæг у, уый фыст.

Уыдис ахæм инæлар Роберт Эдуард Ли (1807–70), Америчы Иугонд Штатты 1861–65 азты мидхæсты рæстæг хуссайраг цагъардарты æфсады командыгæнæг. Кæд адæмы сæрибардзинады ныхмæ тохгæнæг уыди, уæддæр æй Америчы реакцион историографи нымайы АИШ-ы «национ» хъæбатырыл. Гъе, æмæ уыцы инæларæн сæвæрдтой стыр цыртдзæвæн. Йæ быны, ома хуызисты бын уыд ахæм фыст: «Генерал Ли верхом».

Йæ тæлмац кæнын Хъуылаты Черменмæ цæмæн æрхауд, уый нæ зонын — ахæм хъуыддæгтæ фылдæр, радон номыр чи арæзта, секретариаты уыцы кусæгмæ хаудысты — фæлæ къуырцдзæвæны кæй бахауд, уый бæлвырд уыд. Раздæр æй скодта афтæ: «Инæлар Ли бæхыл бадгæйæ». Йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, стæй искæй зæрдæмæ фæцыдаид, уый æнхъæл дæр нæ дæн. Аивта йæ: «Инæлар Ли уæлбæхæй». Фыддæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæци. Стæй уæд нæ иумæйаг тыхтæ æрæмбырд кодтам æмæ йæ сарæзтам афтæ: «Инæлар бæхыл бадгæйæ». Роберты мыггаг уый размæ тексты загъд æрцыд.

***

Хуыцау æмæ йе сконд дзуæртты (табу сæхицæн!) ныхмæ дæр бирæ фæтох кодтам. Нæ ирон фынджы уæлхъус Хуыцауæн йæ номыл дæр нал састыстæм, «дунейы фарн» æмæ йæ æндæр цæмæйдæрты ивыныл сбæндæн стæм. Суанг ма йæ гыццыл дамгъæйæ фыссын дæр райдыдтам. Уастырджи æмæ иннæ дзуæрттæ стырæй фыстам, Хуыцауы та — гыццылæй.

Мамсыраты Мурат мын дзырдта, Дзуарыхъæуæй æрмæг ныффыстон — уæд радиокомитеты куыста — æмæ, дам мын сæрдары хæдивæг бардзырд дæттæгау загъта, дзуары кой, дам дзы куыд нæ уа, афтæ. Æрмæг, зæгъын, кæцæй у, уый бæрæг нæ уыдзæн. Уый, дам, мæ хъуыддаг нæу. Дзуары кой дзы куы уа, уæд нæ хицауад бафхæрдзæн.

Мæхиуыл та «Рæстдзинад»-ы ’рцыд ахæм хабар. Секретариаты иу ардыгæй дæумæ журналист куыста æмæ мæ «фæйлыдта» фыссын нæ уагъта, фыдынд ныхас, дам, зæрдыл лæууын кæны. Уæдæ йæ куыд фыссын хъæуы, зæгъгæ йын куы загътон, уæд мын дзуапп ратта:

— Фæйлаудта...

Уæвгæ ахæм диссæгтæ мах рæстæджы дæр цæуы. Иуæй-иу «зондджынтæ» сæ мыггæгтæ иронау æндæрхуызон фыссын дæр райдыдтой, уырыссагау, дам дзы фыдынд ныхас уайы...

***

Радиохъусынад æмæ телеуынынады комитетæй журнал «Ногдзау»-мæ кусынмæ куы рацыдтæн, уæд мын Чеджемты Æхсары бинойнаг Людæ (рухсаг уæд!) афтæ зæгъы:

— Нæ лæппутæй иуæн дæ ацыд хъыг уыд, иннæмæн — æхсызгон.

Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ радиойы куыста йæ сæрыхицау Æхсар, «Ногдзау»-ы та — йæ тиу Геор. Йæ мæгуыр зæрдæйæ афтæ зæгъынмæ хъавыд, дæ ацыд Æхсарæн хъыг уыд, Георæн — æхсызгон, зæгъгæ, фæлæ йын, æндæрæрдæм дæр бамбарæн ис, уый куы загътон, уæд йæ къухтæ фæйнæрдæм батылдта, мæ хъуыдытæ мын ма зыгъуыммæ кæн, зæгъгæ.

***

Мæ мадырвад Хосаты Хазбиимæ кæдæмдæр цыдыстæм, æмæ цæмæдæр гæсгæ тынг ныффæстиат. Æппынфæстаг куы фæзынд, уæд ын загътон:

— Дæ сырх машинæмæ æнхъæлмæ кæсынæй мæ цъæх цæстытæ ныуурс сты...

***

Ходы Камалимæ Сабырдзинады проспекты бæлæсты бынты фæцæйцыдыстæм. Æнæнхъæлæджы ныл Малиты Васо амбæлд. Уыцы райсом Васо, æвæццæгæн, йæхи нæ ныддаста æмæ йыл бæрæг дардта. Камал æм фæкомкоммæ æмæ йын бауайдзæф кодта:

— Дæхи та цæуылнæ ныддастай?

Мæнмæ уый диссаг фæкаст, уымæн æмæ Камал йæхи фæстаг хатт, лæппу ма куы уыди, уæд ныддаста, æмæ йын уайдзæф йæхирдæм фездæхтон:

— Ды дæхи авд æмæ ссæдз азы куы нæ дасыс, уæд Васо йæхи иу бон нæ ныддаста, уый йын йæ цæстмæ цы дарыс?

***

Фермæйы хъахъхъæнæгæй цы зæронд лæг куыста, уымæй иу къуыдипп ахъазынмæ хъавыд:

— Ныр дæ зæрдæ фыдуаг митæ кæнын нал агуры?

— Цæуылнæ, цæ? Цалынмæ лæгæн йæ цæст æрттива, уæдмæ йæ алцыдæр хъæуы, — дзуапп ын ратта зæронд лæг.

— Хъугдуцджытæй дæр ма дæ бон искæй æрцахсын бауид?

— Уыдонæй мын æрцахсын куы ничиуал бакома, уæддæр ма дæ къуылых хойы æрцахсын бафæраздзынæн!

***

1996 азы 2–7 ноябры архайдтон Мæскуыйы нæ республикæйы культурæйы бонты. Мемæ ахастон 1 милуан 400 мин сомы, кæй зæгъын æй хъæуы, уæды æхцатæй. Балхæдтон дзы цыдæр дзаумæттæ. Цыбыр дзырдæй, дзæгъæлы дзы иу капекк дæр не схардз кодтон. Фæстæмæ ма 400 мин сомы дæр схастон.

Уыцы балцы мемæ уыдис мæ зонгæ нывгæнæг. Хорз лæппу, фæлæ — нозтæмхиц. Уымæ та уыди фондз милуаны, фæлæ сæ иууылдæр бахордта, æлхæнгæ та дзы уæвгæ ницы бакодта. Æлхæнгæ нæ, фæлæ ма кæмæйдæр фæндзай мины æфстау дæр райста. Уыцы хабæрттæ мæ бинойнагæн дæр ракодтон. Цытæ балхæдтон, уыдæттæ йын æвдыст куы фæдæн, мæ зонгæ йæ фондз милуаны ницытæ æмæ мацытыл куыд бахардз кодта, уыдæттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ фæрсы:

— Æмæ де ’ннæ ’хца цы фесты?

Æз мæ астæуккаг лæппумæ бакастæн æмæ йæ фæрсын:

— Алан, куыд дæм кæсы ацы хабар, стæй цæуыл дзурæг у?

— Дæуæн дæ ус кæй нæ бæззы, нывгæнæджы усæн та — йæ лæг, ууыл.

***

Шофыры фарсмæ бадын, афтæмæй сихорафон нæхимæ ’рбацæйцыдтæн. Иу фæзилæны нæ машинæ, чысыл ма бахъæуа, йæхи иннæуыл ма ахафа.

— Цæмæн мæ тæрсын кæныс? — дзурын шофырмæ.

— Нæ дæ тæрсын кæнын.

— Уæддæр æз тæрсын.

Мæ зæрдыл Лев Толстойы ныхæстæ æрбалæууыдысты. Уый дæр, дам, æнхъæлдæн, Леонид Андреевæн, загъта: «Ды мæ тæрсын кæныс, фæлæ æз нæ тæрсын». Æвæццæгæн, йæ фыстыты ахæм бынæттæ уыд, йæ зæрды чиныгкæсæджы фæтæрсын кæнынмæ кæм хъавыд, фæлæ йæ бон фаг тæссаг уавæртæ саразын нæ баци.

Мæн нæ тæрсын кодтой, афтæмæй фæтарстæн, Толстойы та тæрсын кодтой, афтæмæй нæ тарст.

***

Сидæмон къуылых æмæ гуылæвзаг у, афтæмæй йæ зонгæтæй кæмæйфæнды дæр зондджындæр æмæ дзырдарæхстдæр у, фæлæ иуæй-иу къуыдиппытæ нæ вæййы! Искæй сæхицæй дæлдæр бынаты авæрын йеддæмæ сын мацы ратт. Иуахæмы та Сидæмон æмæ йе ’мбæлттæн хъазæн ныхас бацайдагъ, æмæ сын ацы хатт хæйрæг сæ цыргъ уыйæрдæм фæкодта. Иу дзы загъта, къуылых у, æмæ йын чызг уый тыххæй ничи дæтты, иннæ — гуылæвзаг у, æмæ уый у йæ бынгæнæг, æртыккаг...

Æгæр, æгæр куы кодтой, уæд æм йе ’рдхæрдтæй иу дзуры: «Хъусæй цы лæууыс, искæмæн-ма дзы исты зæгъ!»

— Уат æдылы ныхæстæй байдзаг æмæ дзы зондджын хъуыдыйæн бынат нал ис, — дзуапп ын ратта Сидæмон.

***

«В душе смеемся над царями». Нæ цæуы ацы рæнхъ мæ зæрдæмæ, уымæн æмæ декабристтæ ахæмтæ нæ уыдысты. Иронмæ йæ куы стæлмац кæнай, уæд, мæнмæ гæсгæ, афтæ уыдзæн: «Æлдары кой — хъæдбыны». Паддзахы кой сæ мид-зæрдæйы йеддæмæ куы нæ кодтаиккой, сусæгæй йыл куы худтаиккой, уæд дзы фондзы не ’рцауыгътаиккой, дæсгæйтты та дзы Сыбырмæ нæ ахастаиккой.

Ахæм дзурджытæ дæр ис, уыцы æмдзæвгæ, дам, декабристтæ нæ ныффыстой. Чи зоны, нæ ныффыстой, æндæр дзы, уæлдæр кæй кой скодтон, уыцы рæнхъ нæ фæуыдаид.

***

Константин Бернацкий газет «Молодой коммунист»-ы хуызисæгæй бирæ фæкуыста, стæй йæ уæд æрбахуыдтой радиохъусынад æмæ телеуынынады комитетмæ. Уæздан лæг уыди. Хистæр уæвгæйæ, махимæ йæхи дардта, цыма не ’мгар у, уый хуызæн. Арæх ыл-иу амбæлдтæн проспекты. Кæрæдзиуыл-иу бацин кодтам, нæ куысты хабæрттæ дзурыныл-иу фестæм. Иу ахæм фембæлды рæстæджы йæ куы бафарстон, дæ хъуыддæгтæ куыд сты, зæгъгæ, уæд мын ратта ахæм дзуапп:

— Куыд сты, æрдиаг ма сыл хъæуы.

— Цæмæн? — фæрсын æй.

— Куыд цæмæн? Куысты лæгыл иу мæтгæнæг нæй. Ныртæккæ мæ уд куы фелвасин, уæд райсом комитеты бæстæ хъæрæй байдзаг кæниккой, гъер уый æдзæсгом нæу, нæ телеравдыст нын бакъуылымпы кодта, зæгъгæ.

***

Зындгонд скульптор Дзанайты Руслан ме ’рдхорд у. Дзæвгар азты йæ зонын, фæлæ йыл мæ зæрдæ никуыма фæхудти. Бирæ хæлæрттæ йын ис, æмæ дзы алкæмæн дæр йæ бон «еблагъуæ» зæгъын у, стæй сын зæгъгæ дæр фæкæны. Кæддæр мæ бюст сарæзта æмæ мын афтæ:

— Гъер дæ ницыуал дарын: куы амæлай, уæд дын æй цырты бæсты сæвæрдзысты...

Куы зæгъын, хæларæй рагæй цæрæм. Бинонты хъуыддаг куы кодтон, уæд мын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдиагдæр арфæгæнджытæй иу уыди Руслан. Чындзæхсæвмæ дæр фыццæгтимæ фæзынд. Æхца кæм лæвæрдтой, уырдæм бацыд æмæ йæхи фыссын кæны:

— Цыппар туманы ’мæ фараст сомы.

Фыссæг æм скаст æмæ йын афтæ:

— Æххæст сæ фондз бакæн æмæ дын бæркадджындæрæй разындзысты.

— Фондз уыдысты, фæлæ сæ лыстæг кæнын бахъуыд: фæндагыл дзы бæгæны анызтон...

Уымæй чысыл раздæр Болгарийы командировкæйы уыдтæн æмæ дзы, уыцы рæстæджы модæйы чи уыд, ахæм пъалто балхæдтон. Руслан æй фыццаг хатт куы федта, уæд мын арфæтæ кæныны бæсты уайдзæфтæм фæци:

— Уый дæр та иу-фынддæс азы фæдардзынæ!..

Афтæмæй-иу йæхи дарæс арæх пецамайæджы дарæсæй ницæмæй хицæн кодта. «Арæх» уымæн зæгъын, æмæ йын-иу кæддæрты — рæстæгæй-рæстæгмæ-иу стыр æхцатæ бакуыста æмæ-иу уæд йæхи лондойнаг дендийы хуызæн æрцарæзта — базонæн нал уыд. Стæй афтæ куы нæ уыдаид, уæддæр хъазæн ныхæстæ кæнын уарзæм æмæ кæрæдзиуыл нымæтын ехсæй цæвынæй нæ ауæрдæм.

Руслан кæддæр цалдæр сæлдæджы фæд-фæдыл бахордта æмæ йын йæ хурхыуадындзтæ бахъыгдардтой. Иу дзырдæй, йæ хъæлæсыуагыл фæзынд, стæй цыма хъусæй дæр бынтон рæвдз нæу — уыцы хъуыддаг ын йæ цæстмæ кæй дардтон, уый мын, æвæццæгæн, Хуыцауы зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ ныр мæхæдæг уымæй цыма фæфыддæр дæн, афтæ мæм кæсы, æмæ йын иу хатт загътон:

— Руслан, дамгъæ «хъ»-йæ цы дзырдтæ райдайы, уыдонæй æххæст никæцыйæ дæ: хъуаг дæ хъусæй, хъуырæй, хъуыдыйæ, хъæлæсæй...

Æндæр искæмæн афтæ куы загътаин, уæд мæм, чи зоны, фæхæрам уыдаид, фæлæ мах æхсæн уыдон хъазæн ныхæстыл нымад сты. Хъазæн ныхæстæ Руслан йæхæдæг дæр уарзы æмæ йыл алы æмбисæндтæ дæр уымæн æрымысыдысты...

Уыцы сæрд нæ аивад æмæ литературæйы минæвæрттæ Ленинградмæ цыдысты. Цыдысты, зæгъгæ, хæдтæхæджы тахтысты. Руслан нывгæнджыты делегацимæ нæ бахауд æмæ мæстджын уыд, фæлæ уæддæр йе ’мбæлтты аэропортмæ фæндараст кæнынмæ рацыд. Уым уыдис Уататы Бибойы мад Тамарæ дæр. Уый та йæ лæппуйы фæндараст кодта. Хæдтæхæг куы стахт, уæд Руслан афтæ:

— Ныр хæдтæхæг куы ’рхауид, уæд мæнæн цас куыст уаид, уый зоныс, Тамарæ?

Уыцы ныхæстæй Тамарæйы зæрдæ барызт:

— Тобæ зæгъ, Руслан, мæ цуры ахæм ныхæстæ кæй загътай, уый тыххæй. Ау, Бибо дæр уым куы бады, уæд ууыл та куыннæ ахъуыды кодтай?

— Зæгъыс, æмæ æз Бибойы цыртдзæвæны тыххæй дæуæй æхца райстаин? Лæвар æй скодтаин.

Ахæм тугтæ дæр ыл-иу æрымысыдысты. Фæлæ «ног ирæтты» хæдзæртты тыххæй цы загъта, уыдон ыл мысгæ не ’ркодтой, æцæгæй сæ загъта...

Нæ горæты цæйбæрц ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ фæзынд, уый амонын никæмæн хъæуы, уымæн æмæ дардмæ дæр зынынц. Дардмæ бæргæ зынынц, фæлæ дзы бирæты мидæгæй змæлæг нæ зыны. Аразыны ныхмæ та чи у, фæлæ хъуамæ зонай, цæмæн æмæ кæмæн аразыс, уый. Фыццаджыдæр уал бафæрсæм: цæмæн хъæуы ахæм къазарматæ аразын? Чи сæ аразы, уый зæгъдзæн: ис мæм æмæ аразын. Ис дæм, уый дзырддаг нæу. Дзырддаг у, кæцæй дæм æрцыди, уый.

О, кæцæй дæм æрцыди? Дæ фыды бынтæ афтæ бирæ уыдысты, æви сæ дæхи хидвæллойæ бакуыстай? Иу дæр нæ æмæ иннæ дæр. Æмæ, дам, бын кæмæн нæ баззад, уый хъæздыг нæ кæны! Уæллæй, афтæ хъæздыг кæны, æмæ, хуыздæр нæ, фæлæ фыддæр нæ хъæуы.

Ныр та дыккаг фарстмæ рахизæм: кæмæн сæ аразыс? Уæ сывæллæтты пæр-пæр цæуы? Нæ цæуы. Иу кæнæ дыууæ саби йеддæмæ уæ иуы фæдыл дæр куы нæ скæуы, уæд бæстыл хиу цы ныллæууыдыстут? Уæ сабитæн æххуырст рæвдауджытæ куы нæ уаид, уæд уæ галуанты фæдзæгъæл уаиккой, фæдзæгъæл уаиккой æмæ сæ ныййарджыты алла-биллатæй нал ссариккой. Афтæ куы зæгъут, ис нæм, зæгъгæ, уæд бирæ цот цæуылнæ рауадзут? Цæмæй сæ хæссат, уый нæй æви, ирон адæм куы фæфылдæр уой, уымæй тæрсут? Тæрсут, æвæццæгæн, æндæр уæхи афтæ нæ дариккат. Тæрсын цæмæй нæ хъæуы, уымæй тæрсут, фæлæ тæссаг цæмæй у, уымæй нæ тæрсут... Сымах цы галуантæ сыскъæрдтат æмæ ма сыскъæрдзыстут, уыдон уæ ницæмæн хъæуынц, фæлæ кæй бахъæудзысты, ахæм сыхæгтæ нын куы разына, уымæй уæ æцæгæй тæрсын хъæуы æмæ аразгæйæ хъуыды кæнут, хъуыдыгæнгæйæ та — аразгæ.

Раст зæгъын хъæуы, мæ хæлар Руслан уæм мæ хуызæн нæ мæсты кæны. Кæй аразут, уый йæм хорз кæсы. Иу бон иу уынджы фæцæйцыдыстæм æмæ дзы къахдзæфæй къахдзæфмæ ногарæзт хæдзарыл æмбæлдыстæм. Адæмы хицаудзинад куы ралæууа, уæд дзы чи цæмæн бабæздзæн, уый Дзанайы-фырт нымайгæ цыди: ай сывæллæтты цæхæрадонæн хорз уыдзæн, ай — культурæйы галуанæн, ай — музейæн æмæ афтæ дарддæр.

Куы зæгъын, ацы ныхæстæ йыл мысгæ не ’рчынди: æцæгæй сæ загъта.

***

Мамсыраты Мураты каистæй иу лæппуйæн цыдæр фыдуагдзинады тыххæй дыууæ азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой.

Æз дæр æй зыдтон. Зыдтон æй хорз лæппуйæ. Æмгаруарзонæй, кæрдзындæттонæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæй йын стæрхон кодтой, уый мын зын уыди. Уыйхыгъд мын æхсызгон уыд, æмгъуыдæй йæ раздæр кæй рауагътой, уый. Мæ цуры-иу æй исчи куы фарста, куыд тагъд суæгъд дæ, зæгъгæ, уæд-иу сын æз афтæ:

— Уæгъд æй не скодтой, тæргай ралыгъди.

Цæмæн, зæгъгæ-иу мæ куы бафарстой, уæд сын-иу загътон:

— Физонæг дзы æрмæстдæр хуыйы фыдæй кодтой æмæ пысылмон ахæм хæринæгтæн фæразы?!

***

Иу хъæздыг лæгмæ дукани уыди. Уæйгæнæгæй дæр дзы йæхæдæг куыста. Архайдта, хъæууон адæймаджы йе ’рвылбоны царды цы товартæ æмæ хойрæгтæ хъæуы, уыдон амал кæныныл. Цæхх, сапон, фæтæген. Йæ товартæ дæр — хуымæтæг адæмæн бæзгæтæ. Йæ сыхаг цырыхъхъытæ балхæдта, фæлæ йæм къалосты фаг æхца нал разынд æмæ сæ уый тыххæй нæ дардта: баихсийынæй сын тарст. Дуканийы та уыди ахæм къалостæ. Иннæ адæмы хуызæн-иу уый дæр дуканимæ бацыди, къалостæм-иу фæракæс-бакæс кодта, æмæ та-иу фæстæмæ уæнтæхъилæй раздæхт. Бирæ фæсагъæс кодта, дыууæ къалосы хицау куыд суа, ууыл æмæ къуырцдзæвæнæй рацæуæн ссардта.

Дуканимæ та æрбацыд æмæ дзы йæ амондæн йæ хицау йеддæмæ ничима уыд. Кæрæдзийæн салам раттой, стæй лæг йæ фæнд æххæст кæнынмæ бавнæлдта:

— Уæндгæ дæр дæм нæ кæнын, — дзуры дуканигæсмæ, — фæлæ ацы бон мæ ныхасæн æнæзæгъгæ нал и.

— Циу, уагæры цавæр ныхас у? — сцымыдис дуканигæс.

— Зæгъин æй, æмæ мæм куы фæхæрам уай...

— Зæгъ æй, цæмæн дæм хъуамæ фæхæрам уон?

— Дæ усимæ дын чи къуыбылеццытæ кæны, уый дын зæгъон?

Дуканигæсы маст рафыхт, уæзбарæн ыл ныццæвынмæ хъавыд, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд, дзурæг дзы цы аххосджын у, зæгъгæ. Йæ зыр-зыр цыд, афтæмæй йæ æппынæрæджиау бафарста:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.