Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 3 страница



Уой, фарон куы бадæн, гъей!

 

Кæмдæр ма мæ хъустыл уайынц, иу сылгоймагыл йæ рæувады тыххæй цы зарæг скодтой, уымæй цалдæр дзырды. Хъуыды ма кæнын, уыдис дзы ахæм ныхæстæ: уæлæ, дам, кæмдæр фæйнæгхафæн, цом æмæ, дам, кæмæндæр афтæ-уфтæ бакæнæм. Мæ хъустыл уайынц æндæр ахæм зарæджы ныхæстæ:

 

Ой, ой, Уæлладжырмæ фæндаг, дам, Ходыл æруади,

Ма мыл бахудут, ахæм сæйдтытæ къордыл æруади.

 

Институты куы ахуыр кодтон, уæд, иу къорды кæимæ уыдтæн, уыцы лæппутæ та-иу хъæлдзæг бадты ахæм зарæг ныккодтой:

 

Секери сæрмæ, гъей, цæй муркъæ низзадæй, гъей!

Тонун æй гъæуй!

 

æмæ афтæ дарддæр...

Нæ ныхас æддæдзаст сылгоймаджы тыххæй рауад. Нæ хатыр кодтой ахæмæн нæ фыдæлтæ. Худинаджы гакк ыл-иу бафтыдтой æмæ-иу цæмæй уыцы гакк фылдæр адæм федтаиккой, уый тыххæй-иу сылгоймаджы хæрæгыл фæстæрдæм сбадын кодтой, хайуаны къæдзилыл-иу æй ныххæцын кодтой æмæ-иу æй афтæмæй хъæуы уынгты фæралас-балас кодтой.

Ацы хабар мæ зонгæтæй иуæн дзырдтон, æмæ мын куыд загъта, уый зонут? Уыцы æгъдау, дам, куы сног уаид, уæд хæтаг сылгоймæгты кæуыл сбадын кæниккой, уыйбæрц хæрджытæ Ирыстоны нæ разынид.

Афтæ мачи банхъæлæд, æмæ раджы дæр æмæ ныр дæр нæлгоймæгтæ зæды къалиутæ уыдысты, лæгтæ сæ къæбæргæнджытæ йеддæмæ никæй зыдтой, лæппутæ та-иу цалынмæ устытæ нæ ракуырдтой, уæдмæ ком дардтой, зæгъгæ. Афтæ куы уыдаид, уæд иу сылгоймаг дæр, хæрæджы рагъ цы у, уый нæ бавзæрстаид. Стæй, кæд исчи афтæ ’нхъæлы, æмæ æддæдзаст нæлгоймæгтæ сылгоймæгтæй уæлæнгайдæрты ирвæзтысты, уæд рæдигæ кæны. Æфхæрдтой уыдон дæр. Ноджы карздæр. Фæлæ уый æндæр ныхас у.

Мæ зæронд гæххæттытимæ ахæм фыст разынд: «Мæ дæндæгтæ æрцындз ласынæй рахаудтой. Мæ цæстытæ арахъхъы фæздæгæй бакуырм сты».

Йæ бынмæ — Абайты Евæ. Райгуырд 1886 азы, чындзы ацыд 1903 азы. Фæцард аст æмæ цыппарыссæдз азы.

Цæмæн æмæ йæ кæд ныффыстаин — Хуыцау йæ зонæг. Сылгоймаджы хабæрттæ мын чи фехъусын кодта, уый дæр нал хъуыды кæнын, фæлæ, бирæ фыдæбæттæ чи бавзæрста, йæ ныхæстæ ахæм адæймаджы хъысмæтыл дзурæг сты.

***

Мæ чингуытæй кæцыдæры, фыццаг хатт горæтмæ Хъантеты Георимæ ссыдтæн, зæгъгæ, ныффыстон, фæлæ фæрæдыдтæн. Æрæджиау æрхъуыды кодтон, горæтмæ мæ Георæй раздæр мæ фыдыхо Оля кæй ахуыдта, уый. Уæдмæ Цомайтæм чындзы ацыд, æмæ сын горæты цы хæстæджытæ уыд, уыдонмæ бафысым кодтам. Æхсæвы сæм нæ баззадыстæм, цыма æмбойны фæзылдыстæм, афтæ мæм кæсы.

Хабæрттæй мæ зæрдыл ницуал лæууы, æрмæст ма хорз хъуыды кæнын, дæрдвæд æфсæддон худ æмæ мын цырыхъхъытæ кæй балхæдта. Цырыхъхъытæ, цалынмæ не ’рхаудысты — уымæ та бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд — уæдмæ фæдардтон. Æфсæддон худ иу хатт дæр нæ ныккодтон. Иуæй, мыл фидаугæ нæ кодта, иннæмæй, æрыдойнаг Къелæу цы худ дардта, уый хуызæн тынг уыд, æмæ тарстæн, куы мыл æй фена — Æрыдоны уæвгæйæ-иу ыл арæх амбæлдтæн — уæд ын хъыг куы уа, мæ худы хуызæн хъуамæ мæныл йеддæмæ макæуыл уа, зæгъгæ.

***

Цæллагты Милицæйæ ахæм ныхæстæ фехъуыстон: «Хæхтæ ’мæ дæттæ фæнымадтой, фæлæ Хъазыбеджы хох ферох кодтой!»

***

Æмзæл кæрæттæ кæмæн ис, ахæм ныхас адæймаг йæ зæрдыл тагъддæр бадары. Куы йæ бадары, уæд та дзы фылдæр хатт никуыуал ферох вæййы.

Кæд æмæ кæд фехъуыстон ацы дыууæ рæнхъы:

 

Абон райсом халасбон

Колхозмæ сау гал баластон!

 

Фæлæ мæ уæддæр нæ рох кæнынц. Цæй фæдыл загъд æрцыдысты, уый бæрæг у. Цы зæрдæйыуаг æвдисынц, уый дæр бамбарæн ис. Фæлæ фыццаг хатт кæй дзыхæй ссыдысты æмæ сæ кæмæй фехъуыстон, уый никуыуал ничи базондзæн.

Чысылæй бирæ хъæзтытæй хъазыдыстæм. Æрмæст сæ нæмттæ ранымайгæйæ дæр бæрæг у, алыхуызæттæ кæй уыдысты, уый. «Къоппæй», «Цъыфæй», «Лидзынæджы», «Æмбæхсынджытты», «Тæлы тулынæй». Ахæм хъæзтытæ ныртæккæйы фæсивæд, чи зоны, хъусгæ дæр никуы фæкодтой. «Селайæ», «Лæдзæг æмæ гудайæ», «Къорийæ», «Хъазтæ, хъазтæ — хъæумæ»... Нымай æмæ сæ нымай.

Уыйбæрц фæразгæ та куыд кодтам! Хæрын дæр нæ-иу ферох, бахсæв ис, уый дæр нæм-иу нал хъардта. Иуæй-иу хъæзтытæн-иу райдайæн уыд, фæлæ-иу йæ кæрон нал æмæ нал хæццæ кодта. Ахæм рæстæг-иу иуæй-иутæ сæхимæ цæуыныл ныллæууыдысты. Раздæр ын-иу дзæбæхæй, ома лæгъз æвзагæй, дзырдтой, хъазты кæронмæ-ма фæлæуу, зæгъгæ, фæлæ-иу уымæ никæйуал ныхас бахъардта. Йе ’мбæлттæ-иу æм, кæй зæгъын æй хъæуы, смæсты сты æмæ-иу йæ фæстæ æмхъæлæсæй ныззарыдысты:

 

Хъазтхалæг — гæбæр дымæг,

Хъазтхалæг — гæбæр дымæг!

 

Ахæмтæ дæр уыди, æмæ-иу хъазты æгъдæуттæ хæлдыл чи банымадта æмæ-иу уый æфсонæй йæ хъазт чи ныууагъта, æндæр ныхæстæй зæгъгæйæ та — фæтæргай-иу. Ууыл дæр-иу къаддæр уайдзæфтæ нæ ауад:

 

Тæргайгоппæй чи нæ саст

Авд хæрæджы йемæ баст!

 

***

Мæ цæсты-иу исты куы бахауд, уæд-иу дардæй дæр Веринкæмæ тахтæн, уымæн æмæ зыдтон, мæ хъизæмарæй мæ кæй фервæзын кæндзæн, уый. Гыццылæй фæстæмæ дæр мæ алцæуылты ахуыр кодта. Дæ цæсты исты куы бахауа, уæд æй æууæрдгæ ма кæн, фæлæ, дам-иу де стыр æмæ амонæн æнгуылдзæй цæстыхаутыл æддæмæ рахæц-рахæцгæнгæйæ дзур:

 

Рахау, рахау, фæстæмæ та дæ баппардзынæн!

Рахау, рахау, фæстæмæ та дæ баппардзынæн!

 

Æмæ-иу æцæгæйдæр рахауди. Куы нæ-иу рахауди, ахæм заман-иу мæ мад йе ’взагæй мæ цæст бынæй-уæле расæрфта, æмæ-иу мæ цæст уæлдай ныкъуылд нал æркодтон.

***

Нæ сывæллоны хъæзтытæй иу та ахæм уыди: карчы-иу æрцахстам, йæ сæр-иу ын йæ базыры бын бакодтам æмæ-иу æй дыууæрдæм тилын райдыдтам — хуымæтæджы тылд нæ, фæлæ заргæйæ:

 

Дæ фыд — хъæды, дæ мад — куыройы!

Дæ фыд — хъæды, дæ мад — куыройы!

 

Иуцасдæры фæстæ-иу æй хъавгæйæ зæххыл æрæвæрдтам æмæ-иу змæлгæ дæр нал скодта. Кæддæр-иу, æвæццæгæн, фембæрста, сайд ыл кæй æрцыд, уый: æваст-иу фæгæпп ласта æмæ-иу цудтытæгæнгæ тæхынмæ фæци.

Ныхæсты райдайæн дамгъæтæй арæзт дзырдтæ æндæрхуызон кæсджытæ дæр арæх уыдысты. ВКП(б) (Всесоюзная Коммунистическая партия (большевиков)) æндæрхуызон куыд кастысты — Ворошилов картæфтæ пецы бакалдта — уый, æвæццæгæн, бирæтæ фехъуыстаид, фæлæ махмæ МОПР-ыл (Международная организация помощи рабочим — Кусджытæн æххуысы дунеон организаци) дæр нæ бацауæрстой æмæ йæ сæхирдыгонау бакастысты: мамæйы орден папæйы риуыл.

Уæвгæ ныртæккæйы адæм къаддæр цыргъзонд не сты. Æрмæст ГАИ куыд райхæлдтой — гæртам алкæмæй исæм — уый йæхæдæг бирæты фындз амæрздзæн.

***

Нæ горæты сæйраг уынджы артист Мæхъиты Лавер (Валодя) æмæ драматург Хъайттаты Сергеимæ ’рцæйцыдыстæм, æмæ нæ ныхас дунеон хъуыддæгтæ лыг кæнынмæ рахызт. Лаверы хъуыдымæ гæсгæ алы бæстæйы дæр хъуамæ æгъдау уа, æппæты фыццаг та хъуамæ фæзминаг уа паддзахады сæргълæууæг йæхæдæг. Фæлæ, дам, фæстаг рæстæг махмæ цы хицæуттæ ис, уыдоны фæзмджытæ куы сбирæ уой, уæд не сæфт æрцыди. Уый фæстæ Лавер рахызт бинонтæм. Уым дæр, дам, хъуамæ фидар æгъдау уа. Сергей тызмæг ныхас никуы уарзта æмæ Лаверы хъуыдытæ æндæр фæндагыл аздахынвæнд скодта æмæ йын мидбылты худгæйæ афтæ:

— Дæ ныхæстимæ разы дæн, фæлæ уæм иу хатт уазæгуаты куы бацыдыстæм, уæд ныл, дæ цот куыд сæмбæлдысты, уый-ма радзур.

Лаверы тызмæгдзинад фæцыдæр. Йæ ныхас кæронмæ дæр нал фæци, фæлæ Сергейы хуызæн йæ мидбылты бахудт æмæ загъта:

— Куыннæ дæ рох кæны! Цал хатты дын æй дзурон?

— Æз æй зонын, фæлæ ма йæ мæнæ Музаферæн дæр радзур.

Лавер та йæ мидбылты бахудт æмæ райдыдта:

— Мæнæ ма ам американкæ куы уыди, уæд Мысост æмæ артист Цæрукъаты Алыксандримæ нæхи хорз федтам, фæлæ ма нæхимæ дæр куы абадтаиккам, уый дæр мæ фæндыд. Ме ’мбæлтты хæдзармæ цæуыныл сразы кодтон. Уæд ма дæлæ «Снежинка»-дуканийы сæрмæ цардтæн.

Бацыдыстæм нæхимæ, уæдæ цы уыдаид. Дуар байгом кодтон æмæ мидæмæ бахызтыстæм. Ныр — уæ фарн бирæ уæд — мæ цот алы рæтты бандæттыл бадынц æмæ сæм куыд бакастæн, афтæмæй дзы сыстыны зонд никæмæ уыд. Уазджыты цур сын бауайдзæф кодтаин, уый мæ нæ фæндыд, афтæмæй лæууын та мæм аив нæ каст æмæ æваст мæ сæры февзæрд æнахуыр хъуыды. Алы изæр дæр-иу сывæллæттæн исты зæрдæлхæнæнтæ мемæ ’рбахастон. Мæ дзыпп асгæрстон æмæ, чысыл раздæр дуканийы цы хъæдурæнгæс къафеттæ балхæдтон, уыдоныл мæ къух андзæвыд. Мæ зæрдæмæ хуры тынтæ ныккаст. Тагъдгомау дзы армыдзаг фелвæстон æмæ сæ хор тауæгау зæхмæ акалдтон. Сывæллæттæ уый ауыдтой, цы! — сæ бынæттæй фæгæппытæ ластой æмæ къафеттæ уидзынмæ фесты. Æз уыцы рæстæгæй фæпайда кодтон æмæ уазджытæм дзурын:

— Тагъддæр бынæттæ ахсгæут, кæннод уын уый фæстæ мæ бон ницуал бауыдзæн!

Ацы таурæгъ мын 1990 азы 6 февралы Туаты Заретæ радзырдта.

Чындз сæрак дзабыр хуыдта æмæ иу заман сæракыл тынг куы ахæцыд, уæд сылгоймагæй цыдæр уынæр райхъуыст. Зæронд лæг, йæ фарсмæ бадт æмæ йæ фехъуыста. Чындз фыр æфсæрмæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта æмæ йæхинымæр скуывта: «О ме скæнæг Хуыцау, кæд ма мын хорздзинад фæуын дæ зæрды ис, уæд мæ исты сырд кæнæ маргъы мыггаг фестын кæн!..»

Хуыцау чындзы ныхæстæ фехъуыста æмæ йæ æхсинæг фестын кодта.

Æхсинæджы уастмæ, дам, лæмбынæг куы ’рыхъусай, уæд, дам дзы ахæм ныхæстæ вæййы:

 

Æз нæ уыдтæн, сæрак уыди — аскъуыди,

Æз нæ уыдтæн, сæрак уыди — аскъуыди...

 

***

Зын рæстæджытæ мæ æрæййæфтой æмæ мын тыхст æмæ уырыд бонтæ æнæмысгæ нæй. Алчидæр йæхи низæй хъæрзы, алкæмæ дæр йæхи хъизæмæрттæ уæззаудæр кæсынц.

Ахæм рæстæджытæ уыд, æмæ усгур лæппу хъазтмæ йæ уæлæ хæлафæн цы скодтаид, уый нæ уыди æмæ-иу æй кæнæ йæ хæларæй ракуырдтаид, кæнæ — йæ хæстæгæй. Æмбисондæн ахæм хабар баззад. Иу чындзæхсæвы, дам, хистæр фынджы уæлхъус бадджыты арæх фест-фест кæнын кодта. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, фæлмæцыдысты, фæлæ æргомæй дзурын ничи уæндыди. Æппынфæстаг уазджытæй иу йæхиуыл хæцын нал бафæрæзта æмæ хистæрмæ дзуры: «Бахатыр кæн, фæлæ, æз ардæм куы цыдтæн, уæд хæлаф мæ сыхагæй ракуырдтон æмæ фест-фест кæнынæй куы алæбыра, уæд ма йын æй афтæмæй куыд ратдзынæн...»

Æрыхъуыстон ма ахæм хабар дæр. Æртæ ’фсымæрæн иу хæлаф йеддæмæ нæ уыд æмæ-иу, раздæр чи райхъал, уый-иу æй акодта, иннæтæ та-иу хуысгæйæ баззадысты. Уæлгоммæ хуыссынæй-иу куы бафæлладысты, уæд-иу дзы иу иннæмæн хъаст кодта: «Ай Хуыцауы бæллæх нæу, рисгæ дæ мацы кæнæд, афтæмæй дæ бон хуыссæнæй сыстын ма уæд!..»

Ахæм æфсымæртæ мæгуыр нæ уыдысты, фæлæ уыдысты тынг мæгуыр. Иу хæлаф йеддæмæ сын кæй нæ уыди, канд уый тыххæй нæ. Сæхи æвæрæзæй кæй равдыстой, сæ лæгдзинад фынæй кæнын кæй бауагътой, уый тыххæй дæр. Цыфæнды мæгуырæй дæр хъуамæ сæхи ахæм уавæрмæ ма ’руагътаиккой. Кæд рынчын нæ уыдысты — кæд уыдысты, уæддæр æртæйæ дæр афтæ æдзухъом уыдаиккой, уый зын зæгъæн у — уæд хъуамæ сæ хидвæллойæ сæхицæн хæлæфты амал уæддæр бакодтаиккой. Дыгурон зæронд лæджы загъдау, раджы кусгæ чи кодта, уыдонæй мæгуыр ничи цард.

Уæвгæ, мæгуыртæн сæ фылдæр кусæг адæм уыдысты, фæлæ дзы хъæздыг чи царди?!

***

Цыколайæ зианæй сцæйздæхтыстæм, Хуадонты Зураб йæхи машинæйыл бадт, афтæмæй. Æмбæлццæттæ ма нын уыдысты Хъарадзауты Дзастемыр, Æрæфы районы раздæры разамонæг æмæ Чеджемты Геор. Ирон æвзаджы тыххæй ныхас рауад æмæ цæмæдæр гæсгæ хъуылæг цæгъдыны онг бахæццæ стæм.

Хъуылæгæй нæ фыдæлтæ алы комы дæр цагътой. Цы-иу схауд, уымæн махмæ ис дыууæ номы: гарачъи æмæ нæлхæ, фæлæ дзы, Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, иу дæр ирон нæу. Гарачъи у гуырдзиаг дзырд, нæлхæ — цæцæйнаг. Нæхи ’взагыл ын ном уый тыххæй нæй, æмæ йæ фыдæлтæ афтæмæй нæ хордтой: стайын-иу æй кодтой æмæ-иу дзы цы сой æрæвзæрд, уымæн раттой ирон ном — царв. Хæргæ дæр æй афтæмæй кодтой. Уыцы койтæ куыд кодтам, афтæ Дзастемыр ныхас йæхимæ айста:

— Дыгуронау ын ис ном — хом царв.

Хуыздæр ном æрхъуыдыгæнæн нæй, ахæм мæм фæкаст, уымæн æмæ гарачъи-нæлхæ æххæст куыстгонд хойраг нæу, нæ фыдæлтæ та хомхортæ нæ уыдысты. Цæмæдæр гæсгæ мæм хом царв гарачъийæ дæр æмæ нæлхæйæ дæр хуыздæр фæкаст. Хом дзидза куы ис, уæд хом царв цæуылнæ хъуамæ уа!..

Æмæ ма дзырдты тыххæй ноджыдæр цалдæр ныхасы. Адæймаг хъуыдыты куы ацæуы, уæлдайдæр æдылы хъуыдыты, уæд æй сæ фæдыл куы кæцырдæм ахонынц, куы кæцырдæм. Фæстаг рæстæг нæ интеллигенцийы минæвæрттæй чидæртæ се ’ргом дзырдты равзæрд иртасынмæ аздæхтой. Ирæттæ кæй сты, уый сæм цæмæдæр гæсгæ фаг кæсы ирон æвзаджы этимологтæ басгуыхынæн, сæхи мадæлон æвзаджы ныхæстæ-дзырдтæ иртасджытæ рахонынæн. Гъемæ дзы иутæ Лондон лæууæндон рахуыдтой, Уимблдон — тымбыл дон, кенгуру та — хъен гуыр. Æз дæр иу заман ахæмты фæдыл адзæгъæл дæн æмæ сфæнд кодтон этимологимæ мæ «фæллойы» хай бахæссын æмæ æрлæууыдтæн «залгъæдыл».

Залгъæд дидинæгкалæг зайæгой у. Ницавæр фос æй хæры, фæлæ дзы æнæнхъæлæджы куы фæхъæстæ вæййы, уæд мæлыны къахыл ныллæууы. Фосыкуыстгæнджытæ куыд дзурынц, афтæмæй залгъæд цы фос бахæра, уымæн фервæзынгæнæн ис æрмæстдæр сылыйæ. Йæ хъуыры йын æй ауадз, цы бахордта, уый сомдзæн æмæ адзалæй фервæздзæн.

Залгъæд æмæ адзал! Уыдон мæ æркæсын кодтой сæхимæ. Кæд, зæгъын сын иу бындур, иу уидаг ис: зал — адзал. Ноджы ма ацы кæрдæг уырыссагау куыд хуыйны, уый куы ’рымысыдтæн, уæд мæхимæ хуымæтæджы «этимолог» æркастæн: залгъæд — адзал — азалия! Цымæ хуымæтæджы афтæ æмзæл сты сæ уидæгтæ?

Абайты Васо (рухсаг уæд!) мæм куы байхъусид, уæд ын мæ ныхæстæ чи зоны, æмæ худæджы хос фæуиккой, кæнæ та йæ, цы нæ вæййы, хъуыдытыл бафтауиккой...

***

Гуытъиаты Хъазыбегыл фембæлдтæ, уæд æнæмæнг исты ногдзинад базондзынæ. Уый ирон культурæмæ цы ’вæрæн бахаста, уымæн абарæн ницæимæ ис. Йемæ цыбыр рæстæг куы аныхас кæнай, уæд дæр бамбардзынæ, тынг арф хъуыдыгæнæг кæй у, йæ зонд дардыл кæй æххæссы, ирон æвзаг — стæй канд æвзаг нæ, фæлæ аивад, истори, этнографи, фольклор æмæ афтæ дарддæр — æппæты хуыздæр чи зоны, уыдонæй иу кæй у.

Иуахæмы та фембæлдыстæм æмæ нæм ирон æвзаджы тыххæй ныхас рауад. Хъылдым цы у, уымæй йæ бафарстон æмæ мын афтæ:

— Хъылдым нæ, фæлæ хъæлдым. Йæ рæстæджы йæ Байаты Гаппо раст нæ ныффыста. Хорæй æфсæст мыст йæ дымæг, къæдзил хъил фæдары, хъил æмæ хъæл та иу сты.

Хъазыбег иттæг хорз зоны литературæ дæр. Уæвгæ ацы ран «дæр» уæлдай у, уымæн æмæ Гуытъийы-фырт, æппæты хуыздæр литературæ зоны, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд дæр, æвæццæгæн, раст уыдзынæн, уымæн æмæ йæ царды бирæ азтæ снывонд кодта нæ хуыздæр фысджыты уацмыстæ бабæстон кæнынæн. Куы амбæлæм, уæд зæрдæрисгæйæ фæдзуры Къостайы уацмысты хъысмæтыл. Дисы мæ бафтауы, нырма Брытъиаты Елбыздыхъо уагъд нæма у, зæгъгæ, куы фæзæгъы, уæд.

О, æмæ литературæ хорз кæй зоны, уымæн чысыл æвдисæнтæ æрхæссын мæ зæрды ис. Мамсыраты Дæбе æмæ мын Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæтæй фæйнæ цыппаррæнхъоны бакаст, æмæ мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Мæнæ Дæбейы æмдзæвгæйæ иу цыппаррæнхъон:

 

Уарзын, куы ’рæвæры халас,

Рог салд куы ’рбакæны мæскъ...

Хуымты дæ уæззау кæрц ралас,

Акæн дæ дæлармы тъæскъ.

 

Цæстытыл уайынц æрæгвæззæджы нывтæ.

Мæнæ адон та Георы рæнхъытæ сты:

 

Хъæугæрон тигъыл

Тæккæ уæлдагъ

Аззади джихæй

Иу хæлд гæнах.

 

Æрыгонæй сæ газеттæ æмæ журналты бакасти æмæ, дам, сæ уæдæй нырмæ мæ зæрдыл бадардтон.

***

Адæм цæсгомæй куыд алыхуызон сты, удыхъæдæй дæр — афтæ. Иутæ адæймаджы зæрдæхудты бацæуынæй тынгдæр ницæмæй тæрсынц, иннæтæ та кæйфæнды тæригъæды дæр бацæудзысты. Æвзæр йæхицæй дæнцæг фæхæссы...

Нæ мыггаджы зындгонддæр лæгтæй иуы фырты фырт уæззау рынчын фæци. Нал сыстдзæн, уый хæстæгæй, хионæй иууылдæр зыдтой, йæхицæй фæстæмæ. Æгъатыр низы ахæсты кæй бахауд, уый йын нæ дзырдтой. Йæ иунæг фыртæн йæ сызгъæрин къухдарæн балæвар кодта. Уый йæ бинойнаг — дыккаг ус ын уыди — куы базыдта, уæд фыр мæстæй цæхæртæ акалдта æмæ архайдта, цæмæй къухдарæн йæ къухы бафтыдаид, ууыл. Фыртæн зынаргъ уыди йæ фыды лæвар æмæ йæ дæттынмæ нæ хъавыд, фæлæ йæм фыды ус куы бартхъирæн кодта, æри къухдарæн, кæннод æз дæ фыдæн зæгъдзынæн, цæмæй рынчын у, уый, зæгъгæ, уæд ма йын цы гæнæн уыди, æмæ къухдарæн дæтгæ ’рцыди...

***

Иу гуылæвзаджы фæрсынц:

— Суг цæмæй фæфадынц, уый цы хуыйны?

— Хылх.

— Сылы куы стуаг вæййы, уæд уый та?

— Махмæ йæ туаг кæнынмæ нæ уадзынц: аназынц æй.

***

Иу бон Цырыхаты Михалыл горæты стыр уынджы амбæлдтæн. Иннæ хæттыты хуызæн та мæ афарста:

— Куыд дæ?

— Хуыздæрхъуаг, — дзуапп ын раттон æз.

— Уый æнæзæгъгæйæ дæр бæрæг у.

Нæ дыууæйыл дæр худæг бахæцыд.

Цалдæр боны фæстæ та ногæй фембæлдыстæм.

Айфыццаджы хуызæн мæ, куыд дæ, зæгъгæ, нал бафарста, фæлæ мын мæ къух исгæйæ загъта:

— Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд!

Цавæр бæрæгбон у, зæгъгæ, хъуыдыты ацыдтæн, фæлæ уыцы бон дæр æмæ хæстæгдæр рæстæджы дæр бæрæгбонæн йæ кой дæр куы нæ уыд, уæд æй бафарстон:

— Цавæр бæрæгбоны?

— Мæнæ дæуыл кæй амбæлдтæн, уый бæрæгбон нæу?

Нæ дыууæйыл дæр та худæг бахæцыд...

***

Михалы зонгæ рынчындонмæ бахауд. Кæмдæр суазал æмæ йæ фарсы дон сæвзæрд. Цалдæр мæйы фæсæйыны фæстæ рынчындонæй рацыд. Михал æй куы федта, уæд æй, йе ’нæниздзинад цы уавæры ис, уымæй куыннæ хъуамæ афарстаид!? Рынчын ын йæ хъæстытæ кæнынмæ фæци:

— Иу низæй фервæзтæн, фæлæ иннæйы ахæсты бахаудтæн: мæ хъустæй дзæбæх нал хъусын.

Михалы зонгæ кæм хуыссыд, уыцы рынчындоны сæйраг дохтырæн раттой Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном. Рынчын та сылгоймæгты фæдыл акæсаг уыди. Михал ын йæ ауайæнтæ зыдта æмæ йын мидбылты худгæйæ загъта:

— Гæбилæн Ирыстоны сгуыхт дохтыры ном цæмæн раттой, уый зоныс? Дæу кæй бакъуырма кодта, уый тыххæй. Дæ мæхстæттæ дын куы ралыг кæна, уæд та йын Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыры ном ратдзысты...



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.