Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 2 страница



Æхца чи иста, уыдон иучысыл хуыздæр уавæры уыдысты. Суанг скъола, хъæусовет æмæ посты хайады æфснайæгæй кусджытæм дæр хæлæггæнджытæ бирæ уыди, фæлæ ахæм амонд цалдæрмæ йеддæмæ нæ хауди.

Нæ дæллагфарс Реуазтæ цардысты. Сæ чындз Валя Баскаты чызг уыди. Не скъоламæ ахуыргæнæгæй æрбарвыстой се ’рвадæлты чызг Нинæйы. Фæстæдæр æй, хæсты хъæбатырæй чи тох кодта æмæ йæ къах йæ рæбыныл хаудæй чи ссыди, Кобесты уыцы Дженардыхъо ракуырдта.

Гъе, æмæ Нинæ нæ сыхаг баци: йæ хомæ æрфысым кодта. Ахуыргæнæг уыди мæхицæн дæр, мæ хотæн дæр.

О, æмæ æхца чи иста, уыдоны кой кодтон. Æхца истой ахуыргæнджытæ дæр. Æхцайæ та алцыдæр балхæнæн ис: дзаума дæр, хойраг дæр. Æлхæнгæ хойрагмæ афтæ нæ бæллыдтæн, æлхæнгæ дзаумамæ куыд хæлæг кодтон. Кæд ма исты зонын, уæд ахæм æлхæнгæ дзаума скодтон Баскаты Нинæйы фæрцы. Йæ фыццаг мыздæй нын нæ зæрдæ балхæнынмæ хъавыд æви йæ фæстæдæры искæцы мыздæй уыд, уый абон ничиуал сбæрæг кæндзæн, фæлæ нын мæ хотимæ алкæмæндæр цъындатæй фæйнæ фæлысты схаста.

Дзыхъхъынног, æлхæнгæ, сæ гæххæттыты ныхæстмæ æвнæлд дæр кæмæн нæма уыд, ахæм цъындатæ!..

***

Нæ хъæумæ кино ласын куы райдыдтой, уæд ма махæй хъалдæр кæм уыди! Хæсты фæстæ Бæрæгъуыны цавæрдæр æфсæддон хай лæууыди, æмæ салдæттæн алы изæр дæр трансформаторы будкæйы фарсыл кино æвдыстой, æмæ йæм лæвар кæсын алкæй бон дæр уыди. Уæлдай тынгдæр цин-иу бакодтам, хæсты цаутæ æвдыст кæм цыди, ахæм кино-иу куы ’рбаластой, уæд. Фыдæнхъæл дзы никуы никæцыйæ фестæм, уымæн æмæ уыдысты иуæй иннæ диссагдæр. Уый бæрæг у æрмæст сæ нæмтты ранымадæй дæр: «Подвиг разведчика», «Секретарь райкома», «Третий удар», «В шесть часов вечера после войны», «Сталинградская битва», «Падение Берлина»... Æмæ сæ адæймаг нымад кæд фæуыдзæн!

Уæлдай диссагдæр нæм касти «Повесть о настоящем человеке». Борис Полевойы повестмæ гæсгæ арæзт. Йæ сæйраг хъæбатыр уыди цардæгас Алексей Маресьев (Полевой йын йæ уацмысы йæ мыггаг иучысыл фендæрхуызон кодта — Мересьев). Мæ цæстытыл ма абон дæр уайынц, Алексей, астæумæ миты, нæхиуæттæм быргæйæ цы хъизæмæрттæ æвзæрста, уыцы нывтæ. Уæд мын исчи афтæ куы загътаид, бирæ азты фæстæ Алексей Маресьев, йæ ролы чи хъазыд, уыцы артист Павел Кадочников æмæ Борис Полевойимæ фембæлдзынæ, зæгъгæ, уæд загътаин, хъазгæ мæ кæны, зæгъгæ. Афтæмæй та сыл æцæгæй фембæлдтæн. Æрмæст алы рæстæджыты.

Мæ фыццаг фембæлд уыди Павел Кадочниковимæ. Уыцы аз, æнхъæлдæн, 1972 аз, Ирыстоны цыдысты Ленинграды аивад æмæ литературæйы бонтæ. Цæгатаг Пальмирæйы делегацийы минæвæрттимæ уыди ССР Цæдисы адæмон артист Павел Кадочников дæр. Иумæ ма нæ хуыз дæр систам.

Фæстæдæр фембæлдтæн Борис Полевойимæ дæр. Уæд фыссæг куыста журнал «Юность»-ы сæйраг редакторæй. Уымæй размæ ацы журналы ме ’мдзæвгæтæ цалдæр хатты рацыдысты мыхуырæй. Æмæ та иуахæмы бафтыдтæн редакцимæ. Баййæфтон дзы ирон нывгæнæг Дзиуаты Батырадзы куыстыты равдыст. Æхсызгон мын куыннæ уыдаид, ме ’мбæстагæн ахæм аргъ кæй скодтой, уый. Равдысты тыххæй фæндæтты чиныджы цалдæр хъарм ныхасы загъта Борис Полевой дæр. Æз, кæй зæгъын æй хъæуы, зилгæ ацыдтæн равдысты нывтыл. Сабыргай-сабыргай бахæццæ дæн сæйраг редакторы кусæн уаты цурмæ. Уалынмæ дуар байгом, æмæ дзы Борис Полевой куы рахизид. Базыдтон æй, уымæн æмæ йын йæ къамтæ чингуытæ, газеттæ æмæ журналты бирæ хæттыты федтон...

Алексей Маресьевы федтон бынтон æндæр уавæрты. Уæд ахуыр кодтон Мæскуыйы æмæ йæ уазæгуаты æрбахуыдтой Уæлдæр партион скъоламæ.

Цалдæр фондзыссæдз адæймаджы кæм бадт, уыцы залы иу дæр ахæм нал баззад, чи нæ сыстад. Адæмы армьпъæпæнтæ ссырх сты, уæддæр се ’мдзæгъд кæнынæй не ’нцадысты. Æппынфæстаг, парткомы секретарь фембæлдмæ æрбацæуджытæм æрхатыди, уæ хорзæхæй сбадут æмæ не ’мбырд райдайæм, зæгъгæ. Сбадтысты æрæджиау, уæдæ цы уыдаид, æмæ Маресьев дзурын райдыдта... лæугæйæ. Ныр, зындгонд куыд у, афтæмæй йæ дыууæ къахыл дæр протезтæ уыд. Æрхатыдысты йæм, бадгæ скæн, афтæмæй дзур, зæгъгæ. Марадз-зæгъай, кæд сæм байхъуыста: дыууæ сахатæй фылдæр цы æмбырд ахаста, уым лæугæйæ фæдзырдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæрстытæн ныккæнæн нæ уыд. Йæ алы ныхас дæр зæрдæмæ хъардта, йæ алы дзырдыл дæр ын адæймаг æууæндыди. Лæг кæмфæнды дæр лæг кæй у, уый ма мæ ноджыдæр иу хатт бауырныдта. Алексей Маресьевы хуызæн лæгтæ цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр кæй ахиздзысты, ууыл иу минут дæр фæгуырысхо уæвæн нæй, уымæн æмæ уыдон хæсты арты дæр æмæ, адæмы улæфт кæм хъуысы, уыцы агъуысты дæр сæхи иухуызон дарынц, дзургæ куыд кæнынц, кæнгæ дæр афтæ кæнынц.

Ныр иуæй-иу æмбырдты чидæртæ, бадгæйæ дзурут, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, æмæ æцæгæйдæр, бадгæйæ дзурын куы райдайынц, уæд мæ цæстытыл Маресьевы сурæт ауайы, мæ зæрдыл та æрлæууынц, лæугæйæ дзурæджы ныхас ахадгæдæр у, зæгъгæ, чи загъта, уыцы зондджын лæджы ныхæстæ...

***

Сергей Михалковимæ иу фынджы уæлхъус баддзынæн, уый æнхъæл дæр никуы уыдтæн, фæлæ бадтæн. Майкъоппы. Уым къорд азы размæ уыди Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы секретариаты æмбырд. Æрцыдысты йæм Уæрæсейы Фысджыты Цæдисы æппæт хайæдты минæвæрттæ дæр. Ирыстонæй дзы уыдысты Хæблиаты Сафар, Малиты Васо, Тотраты Руслан æмæ æз. Кæд ма дзы æндæр исчи уыди, уæддæр нæ зонын, фæлæ дзы æз æндæр никæй хъуыды кæнын. Гъе, æмæ сихор кæныны рæстæг куы ’рхæццæ, уæд Михалковимæ æз æмæ Васо иу фынгыл бадт фестæм. Коньяк райстам, Михалковы дзы суазæг кæнын нæ зæрды уыд, фæлæ нын нæ бакуымдта, æз, дам, цæрæнбоны сæдæ граммæй уæззаудæр агуывзæйыл никуыма схæцыдтæн, афтæмæй нын ахæм агуывзæ сисынмæ дæр фæзивæг кодта.

Фæссихор æмбырд райдыдта. Сæрдариуæг дзы кодта Михалков йæхæдæг, куыд Уæрæсейы фысджыты Цæдисы сæрдар.

— Дарддæр нæ куыст кæнæм, — загъта Михалков. — Ныхасы бар ис Лейли Бекизовайæн (Кæсæг-Балхъар).

Залы бадджыты сусу-бусу мæнмæ дæр æрбахæццæ. Мæ фарсмæ бадæг, ныхасы бар кæмæн раттой, уый зыдта æмæ мын афтæ зæгъы, Лейли Бекизова, дам, Хъæрæсе-Черкесæй у. Президиумы бадджытæ уыцы хабар Михалковы хъусы дæр бацагътой. Сылгоймаг ныхасгонд куы фæци, уæд Михалков загъта:

— Мæ зæрдыл, Брежневыл цы анекдоттæ уыд, уыдонæй иу æрлæууыд. Индирæ Ганди нæ бæстæмæ уазæгуаты куы ’рбацыд, уæд Брежнев йæ раныхас афтæ райдыдта: «Госпожа Маргарет Тетчер!» Дзурынц æм, уый Индирæ Ганди у, зæгъгæ. Лæг йæ кæсынæй банцад, иучысыл алæууыд æмæ та йæ гæххæтт кæсын райдыдта: «Госпожа Маргарет Тетчер!» Дзурынц та йæм, уый Маргарет Тетчер нæу, зæгъгæ. Брежнев рамæсты æмæ сыл сбустæ кодта: «Æз дæр æй уынын, фæлæ мæнæ ам афтæ фыст у!» Уыйау мæнæн дæр мæ гæххæтты цы фыст уыд, уый бакастæн.

Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, худæгæй бакъæцæл сты. Сергей Владимиры фырт, куыд дзурынц, афтæмæй тынг худæджы адæймаг у, уымæн мæхæдæг дæр цалдæр хатты æвдисæн уыдтæн. Фысджыты Цæдисмæ куы цыдтæн, уæд мæм цы цæстæй ракаст, уый тыххæй фыстон. Фæлæ ма йыл уый фæстæ дæр фембæлдтæн. Уый дæр Мæскуыйы уыди, Цæгат Ирыстоны аивад æмæ литературæйы бонты рæстæджы. Литераторты центрон хæдзары нын фембæлд уыди Мæскуыйы фысджытимæ, сæ сæргъы Сергей Михалков, афтæмæй. Раныхас дзы кодтон æз дæр. Мæхицæн хæсыл нымадтон Михалковæн арфæйы ныхас зæгъын. Æмæ йын загътон. Чи зоны, цæй тыххæй йын арфæ кодтон, уый ма дзы рох дæр фæци, чи зоны, йæ зæрдыл лæууыди. Цыфæндыйæ дæр ын æхсызгон кæй уыд, уый бамбæрстон.

Ацы ран æндæр арфæйы ныхæстæ æрымысыдтæн. Хæрз æрæджы куысты фæдыл телефонæй ныдздзырдтон мыхуыры æмæ рауагъдæдты хъуыддæгты комитеты сæрдар Сæлбиты Валеримæ, æмæ мын афтæ куы фæкæнид, æз, дам ма дæм мæхæдæг дзуринаг уыдтæн. Фæстæдæр, куы фембæлдыстæм, уæд мын радзырдта æнæнхъæлæджы хабар. Цалдæр боны размæ Ростовы Хуссайраг Федералон зылды мыхуыры кусджыты разамонджытæн уыдис æмбырд æмæ, дам мæм уым раттой Уæрæсейы Федерацийы мыхуыры хъуыддæгты, телерадиохъусынады æмæ дзыллон коммуникацийы фæрæзты министр М. Ю. Лесины арфæ. Уым фыст уыдис: «Дзасохову Музаферу Созырикоевичу, главному редактору журнала „Ногдзау“ („Пионер“), Республика Северная Осетия — Алания, за личный вклад в развитие средств массовой информации в Южном федеральном округе и в связи с Днем российской печати». Цæгат Ирыстонæй ахæм арфæйы гæххæттытæ раттой мæнæн æмæ Пелиты Василийæн. Фыццаджыдæр, Лесин, гæххæтт куы бафыста, ууыл æртæ азæй фылдæр рацыд, уымæй бирæ къаддæр нæ цæуы, куынæуал кусы, ууыл дæр, æртыккагæй та Пелиты Василий æнафоны цардæй куы ахицæн (рухсаг уæд!), ууыл дæр дзæвгар рæстæг рацыд. Гæххæттытæ кæй бафæстиат сты, уый тыххæй, дам, хатыр куырдтой, фæлæ, куы зæгъын, арфæйы ныхас фехъусын кæдфæнды дæр адæймагæн æхсызгон у. Æхсызгон уыдысты мæ ныхæстæ, кæддæр мын хорзы чи бацыд, уыцы Сергей Михалковæн дæр.

Мæ ныхæстæ мын фехъуыстой, аивад æмæ литературæйы бонтæ куыд цæудзысты, уый равдисын кæмæн хæсгонд уыд, телеуынынады уыцы кусджытæ. Фæндыди сæ Михалковы хицæнæй сисын. Фембæлды архайджытæ иучысыл аулæфынмæ куы рахæлиу сты, уæд мæм телеуынынады кусджытæ — читæ уыдысты, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын — æрхатыдысты, Михалковæн-ма зæгъ, ды, дам æй зоныс æмæ нæм тыргъмæ рацæуа æмæ йæ пленкæмæ сисæм. Чидæр мын дзы афтæ, уæртæ, дам, буфеты ис. Æз æм банхъæлмæ кастæн. Хæрд куы фæци, уæд æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

— Сергей Владимиры фырт!

— Хъусын дæм! — цыма мæм рагæй æнхъæлмæ каст æмæ мæ кæцыфæнды ныхасмæ байхъусынмæ дæр цæттæ у, уый хуызæн фæкодта Сергей Владимиры фырт.

— Нæ телеуынынады кусджыты фæнды, пленкæмæ дæ куы сисиккой, уый.

— Табуафси, кæм сты?

— Тыргъы дæм æнхъæлмæ кæсынц.

Йæ дæлармы бацыдтæн — раст зæгъын хъæуы, тыххæйты йæм æххæссыдтæн — æмæ дæларм-уæларм хæцгæ рацыдыстæм. Нæ размæ лæуд фесты, Дзанайты Оля разамынд кæмæн лæвæрдта, лицейы зарæггæнджыты къорды уыцы уæнгтæ. Хъуамæ цалдæр минуты фæстæ фембæлды архайджытæн сæ арæхстдзинæдтæ равдыстаиккой. Оля Михалковы куы ауыдта, уæд йæ зарæггæнджыты махæрдæм раздæхын кодта, æмæ æмхъæлæсæй ныззарыдысты: «Бирæ, бирæ нын цæрай!»

Мæн дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыди: Михалковæн загътон, дæуæн арфæ кæнынц, зæгъгæ. Æмæ мæ ныхæсты мæнгæй ницы уыд: къорды архайджытæ сæ зарæгæй Михалковæн æцæгæй арфæ кодтой. Оляйæ хуымæтæджы бузныг фæдæн. Диссаджы æрхъуыдыдзинад равдыста. Ныр уыцы хабæрттæ телеоператор иууылдæр пленкæмæ исы. Уый дын не ’мзæххонтæй иу ауыдта, цы! — уайтагъд Михалковы размæ ’рбалæууыд — йемæ ма, æз кæй нæ зыдтон, иу ахæм чидæр уыди — æмæ йæ цалынмæ систой, уæдмæ нæ цурæй нал ацыди. Æнаддæр адæймагæн йæхицæй скæнæн нæй. Кæддæр пединституты иу курсы ахуыр кодтам, стæй цыдæр æрбаци. Фæстæдæр мæ хъустыл æрцыд, мединститут, дам, каст фæци. Ам нæхимæ стыр бынæтты дæр акуыста, стæй хæдзæрттæ-йедтæ куы ацарæзта, стыр пенси йæ къухы куы бафтыд, уæд та фæстæмæ Мæскуымæ ацыди...

Михалковимæ диваныл æрбадтыстæм æмæ ныхæстæ кæнæм. Æз, уымæй цалдæр мæйы размæ уыдаид, афтæ радиостанцæ «Маяк»-æй фехъуыстон, Сергей Михалков автоаварийы бахауд, зæгъгæ, æмæ йын уый йæ зæрдыл æрлæууын кодтон. Æхсызгон мын, зæгъын, уыд, æнæфыдбылызæй кæй баззадтæ, уый.

— О, æнæфыдбылызæй! Уæдæ ма мæнæ ардæм æрбакæс, — æмæ мын йæ къæмисæны носмæ ацамыдта. — Мæ фарс дæр тынг цæфтæ уыди. Хуыцау хорз æмæ «Вольвæ»-йыл бадтæн, æндæр мæ хъуыддаг æвзæрдæр уыдаид. Æвддæс æмæ дыууиссæдз азы скъæрын хæдтулгæ, æмæ мыл ахæм цау никуы ’рцыди: машинæ скъæргæйæ афынæй дæн.

***

«Рæстдзинад»-ы кусгæйæ, цæмæй нæ газет фæхуыздæр уа, адæм æй æхсызгондæрæй кæсой, ууыл, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр зæрдиагæй архайдтам. Искуы ирон лæг — стæй канд ирон нæ — не ’мбæстаг фесгуыхти, уæд æй хъуамæ адæм фыццагдæр махмæ бакæсой. Кæмдæр цыдæр хорздзинад æрцыд, уæд дæр хъуамæ «Рæстдзинад» фæраздæр уа.

Кæцы аз уыд, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ, дзæвгар рæстæг педагогон институты ахуыргæнæгæй чи фæкуыста, Сиукъаты уыцы Никъала ныффыста кандидатон диссертаци æмæ йæ хъахъхъæдта Тбилисийы паддзахадон университеты. Йæ куыстимæ йын куы базонгæ сты, уæд ын ахуырадон советы уæнгтæ скодтой тынг стыр аргъ æмæ йын æмхъæлæсæй раттой физикон-математикон наукæты докторы ном. Ахæм хабæрттæ, уæлдайдæр, бæлвырд наукæтæ кæй хонынц, уым арæх нæ вæййы. Хабары бæлвырддзинæдтæ базыдтон æмæ йæ дыккаг бон нæ газеткæсджытæ æхсызгонæн бакастысты. Диссертацийы темæ мæ абон дæр нæма ферох: «Получение фосфида индия». Афтæ къæрцхъус уыдысты ногдзинадмæ нæ кусджытæн сæ фылдæр. Уыцы къæрцхъусдзинад мæ — æви йæ ногдзинадмæ тырнындзинад рахонын растдæр уыдзæн, уæддæр нæ зонын — иу хатт фыдбылызы дæр фæцæйæппæрста...

Уæдæй нырмæ дыууиссæдз азæй фылдæр рацыд. Иу сæрд мæ фæллад уагътон Сочийы. Уыцы рæстæг уым цыди — чи зоны, ныр дæр ма цæуы — газет «Черноморская здравница». Кастæн æй, цалынмæ уым уыдтæн, уæдмæ. Иу хатт дзы фæкомкоммæ дæн цыбыр уацхъуыдмæ — «Ешьте побольше лука». Куыд фыстой, афтæмæй хъæдындз, уæлдайдæр цъæх хъæдындз, канд хæрынæн бæзгæ халсар нæу, фæлæ ма у хос дæр. Йæ зæрдæ хъыгдард кæмæн у, уыдон, дам æй арæх куы хæрой, уæд сын пайда у.

Кæд искæмæн исты æххуыс фæуид, зæгъгæ, газет мемæ схастон, уацхъуыд ратæлмац кодтон æмæ йæ «Рæстдзинад»-ы ныммыхуыр кодтон. Дыккаг бон мæм мæ хорз зонгæ Вадим телефонæй дзуры — æрмæг цæттæгæнæг æз кæй уыдтæн, уый йын, æвæццæгæн, исчи загъта — æнæбайрайгæ фæкæнут уæ хъæдындзæй, дысон, дам, сымах тыххæй мæ зæрдæйæ фæцæймардтæн.

Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ фæзæгъынц. Стæй ма фыдæлтæй ахæм ныхас дæр баззад: хæрзгæнæг хорз никуы ссардта. Цас хæрзгæнæг уыдтæн, фæлæ искæй марынмæ кæй нæ хъавыдтæн, уый бæлвырд уыди. «Черноморская здравница»-йы уацхъуыд ма ноджыдæр иу хатт бакастæн. Ницы аипп æм æрхастон. Цъæх хъæдындз хæрын зæрдæйы куыстæн æххуыс кæны, зæгъгæ дзы тынг бæлвырдæй фыст уыд. Æппынфæстаг æрцыдтæн ахæм хъуыдымæ: уацхъуыдæн æндæрхуызон сæргонд раттын хъуыд. Иу рæстæджы мæм, «Ешьте побольше лука»-йы бæсты «Ешьте почаще лук» куы уыдаид, уæд цыма алцыдæр йæ бынаты абадтаид, афтæ фæкаст. Уæвгæ, хъæдындз арæхдæр, Вадим дзы иу хаттæн цас бахордта, уыйбæрц куы хæрай, уæддæр цас хуыздæр уыдаид, уый дæр дзæбæх не ’мбæрстон...

***

Раздæр-иу райдайгæ авторты æмбырдтæ арæх арæзтой. Уым нæ абоны фысджыты астæуккаг фæлтæрæй чи нæ архайдта, ахæм куы разына, уæддæр, бирæ уой, уый æнхъæл нæ дæн. Цас æххуыс уыдысты, уымæн мæхи аргъгæнæг нæ кæнын, фæлæ, фидæны сфæлдыстадон кусджытæ лæгæй-лæгмæ кæй базонгæ сты, æрмæст уый тыххæй дæр-иу сæ æмбырд кæнын хъуыди. Уæвгæ-иу зонгæ уымæй размæ дæр уыдысты, æрмæст фæсаууонмæ, сæ фыстытæм гæсгæ.

Гъе, æмæ та иу ахæм æмбырдмæ æрцыдысты Ирыстоны алы кæрæттæй. Цы ныхæстæ дзы уыди, уыдон мæ иууылдæр ферох сты, æрмæст, Дзугаты Хаджумар цы дзырдта, уыдон мæ зæрдыл бадардтон. Дзургæ та кодта Къостайы тыххæй. Ома кæд сымах уæ кæрæдзийæ æппæлут, кæйдæрты та дæлджинæгæй скæсын нæ уадзут, уæддæр ис ахæм бæрзонд, хæхтæй дæлдæр чи нæ лæууы, нæ алкæмæн дæр фæзминаг чи у, уый — Хетæгкаты Къоста. Куыд стыр аргъ ын кæны æмæ йын йæ цæсты цы кад ис, уый равдыста ахæм ныхæстæй:

— Æз уыйбæрц æмдзæвгæтæ æмæ кадджытæ ныффыстон, æмæ сæ нымæцæн банымайæн дæр нæй. Фæлæ æз уыдоны рагъамадыл сбадын æмæ «Ирон фæндыр» фæкæсын...

***

Искæй хъуыддæгтæ хорз куы фæцæуынц, уæд ын, хæлæг æм чи фæкæны, уыдон арæх афтæ фæзæгъынц: «Дæуæн дæ амонд хæрæгыл бады!» Нæ зонын, хæрæгыл цы амонд фæбады, уый æнæуи амондæй цæмæй хуыздæр у, уый, фæлæ-иу хæрæгыл кæй сбадын кодтой, уыцы сылгоймæгтæй искæй амондджын рахуыдтаиккой, уый мæ нæ уырны...

Нæ фыдæлтæм алцæмæн дæр æгъдау уыди. Æгъдауæн — кад кæмæн уыд, хуыздæр адæм цæй аккаг уæвынмæ бæллыдысты, ахæм æгъдау. Æнæгъдауæн та — тæккæ карздæр æфхæрд-иу цæй тыххæй баййæфта, йæхи нæ, фæлæ-иу ын йæ тъымы-тъымайы дæр худинаджы уавæры чи æвæрдта, фидиссаджы гакк ыл-иу чи бафтыдта, ахæм æгъдау. Æндæрхуызон зæгъгæйæ та — закъон.

Зондджын лæг афтæ загъта: ахæм æнæфыст закъонтæ ис, æмæ фыст закъонтæ сæ цуры рыг дæр нæ калынц. Æмæ нæ рæдыди. Афтæ кæй уыд, уымæн æвдисæн нæ рагфыдæлты æгъдæуттæй бирæтæ. Сæ иуы тыххæй — чысыл бæлвырддæр...

Æддæдзаст сылгоймæгтæ кæцыфæнды дуджы дæр уыди, æвæццæгæн. Йæ хал, йæ бæндæн-иу кæмæн фæхауд, ахæмтæ ирон адæмæн дæр æнæзонгæ нæ уыдысты. Мæгуыры бон-иу ууыл акодта, йæ худинаг-иу кæмæн рахъæр, сайраг-иу уыцы бинонты сæр фæци, ахæм сылгоймаг кæй къæсæрæй рахызтаид. Хуыздæр уавæры нæ уыдысты йæ мыггаджы минæвæрттæ хистæрæй, кæстæрæй. Фидиссагæй-иу баззадысты, былысчъилтæ-иу сыл кодтой, дæлджинæджы бынаты-иу сæ æвæрдтой. Зарджытæ сыл мысыдысты, фæндырты сæ цагътой.

Ирон лæг худинагæй тынгдæр ницæмæй тарст. Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр у — уый æмбисондæн баззад. Фæлæ иударон нæ уыди, райст-бавæрдæн æй дардтой, уымæн æмæ йæ сæр арæх нæ хъуыди. Ирон лæгæн йæ сæрмæ худинаг хæссын фыдæй нæ баззад. Æрмæстдæр-иу искуы-иу адæймаг бахауд худинаджы уавæры æмæ-иу æй æппæт адæмы цæсты дæр уымæн бафтыдтой. Уадз æмæ иннæтæ стъæлфой, тæрсой лæджы ном æгад кæнынæй. Фидис сын-иу кодтой, сæ сæртæ гуыбырæй хæссыныл кæй сразы сты, уый тыххæй, худинаджы гакк сыл-иу бафтыдтой, уайдзæфæй сæ-иу рæхуыстой.

Уыцы хъуыды «Нарты кадджыты» дæр бæлвырд-бæрæг дары. Быцентæ, дам, уайдзæфæй мæлгæ кодтой, фидисæй — рынчын. Марыны тæрхон куыннæ уыди нæ фыдæлтæм! Уæдæ куыдзæппарæн былæй кæй æппæрстой?! Бæхы къæдзилыл-иу кæй бабастой?! Фæлæ марыны тæрхонæн уыди æндæр хуызтæ дæр: уайдзæф, фидис, худинаджы гакк æмæ... зарæг. Хæстмæ цæугæйæ-иу, амардзысты мæ, зæгъгæ, никуы ничи загъта, фæлæ мыл, къуыппæн зарæг скæндзысты, зæгъгæ, бирæтæ загътой, уымæн æмæ худинаджы тас мæлæты тасæй тыхджындæр уыд, уымæн æмæ алы бон мæлынæй иу хатт амæлын æнцондæр уыди.

Худинаджы зарджыты кой кæд нæ фысджытæй искæмæ ис, уæддæр дзы сæ ныхæстыл нæ фембæлдзынæ. Дæсгай æмæ, чи зоны, сæдæгай азтæ кæуыл рацыди, уыцы зарджытæ ма мæрдтæм дæр сæ цæвыны куыст кæнынц, хицæн мыггæгтæ æмæ хъæуты цæсты æфтауыныл нæ ауæрдынц. Хорз мæм фæкастысты — поэзийы барæнтæй сæ куы барай, уæд — Мамсыраты Дæбейы «Хъæбатырты кадæджы» цы зарæг ис, уый ныхæстæ. Æрхæсдзынæн дзы цалдæр рæнхъы:

 

Уой, сусхъæдæй сыфтæрджын, гъей,

Уой, халоны бадæн, гъей! Уой,

Нинокка бадзуры, гъей!

Уой, абон мыл цы худут, гъей,

Уой, æз сусæг сывæрджын, гъей,



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.