Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 21 страница



Цъæй ма йæ тæккæ нæргæйæ куы уыди æмæ дзы алы аз дæр йе ’нæниздзинад сæдæгай адæймæгтæ куы фидар кодта, уæд дæр Бæбуйы кой никуы никæцæй райхъуыст, афтæмæй та йæ ном æрымысыны аккаг уыд. Æппын ницы, фæлæ фæлладуадзæн хæдзары къулыл зæрдылдарæн къæй бакæнын уæддæр æмбæлд.

Искуы ма Цъæй йæ гаччы куы сбада, уæд мæм нæ фæстагæттæм иу курдиат ис. Къæйы кой дæр-иу бакæнут, стæй-иу фæлладуадзæн хæдзæрттæ кæнæ санаторитæй — ахæмтæ та дзы кæддæр цалдæр кæй уыдзæн, уый мæ уырны — искæцыйы Зæнджиаты Бæбуйы номыл рахонут...

Ныр та, Бæбуйы ном тынгдæр цæмæн æрымысыдтæн, уый тыххæй бæлвырддæр.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бæбуйы ном тынгдæр айхъуысти, ирон культурæмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уымæй. Диссаг мæм кæсы, ныронг фысджыты номхыгъдмæ хаст кæй не ’рцыд, уый. Стæй канд Бабу нæ: Æмбалты Цоцко, Цæлыккаты Ахмæт æмæ ма ноджыдæр чидæртæ.

Бæбу уыди дæсны тæлмацгæнæг. Ирон æвзагмæ раивта дзæвгар уацмыстæ, уыдонимæ Лев Толстойы «Хаджи-Мурат» дæр. Цалдæр касты йæ бакодтон. Фæстаг хатт ма йæ куы кастæн, уæд дзы сæмбæлдтæн ахæм хъуыдыйадыл: «Мæ гæрз мæцъæй баивтон». Диссаджы тыххæй уырыссаг тексты уыцы бынат ссардтон. Гæрзы кой дæр дзы нæ уыд æмæ мæцъы кой дæр. Уым ис гакк-гукк æмæ хъæрццыгъайы кой. Лев Толстой фыссы: «Нелады между отцом и сыном начались уже давно, почти со времени отдачи Петра в солдаты. Уже тогда отец почувствовал, что он променял кукушку на ястреба».

Ныхас та цæуыл цæуы? Цæвиттон, зæронд Авдеев хъуамæ æфсадмæ йæ фырттæй иуы арвыстаид. Хистæрæн уыдис бинонтæ, цот, кæстæр та хъуыддаг æрæджы бакодта, æмæ зæронд уый арвитын сфæнд кодта, хистæрæн йæ бинонты дарын хъæуы зæгъгæ, фæлæ фæрæдыди. Хистæр фырт нозтыл фæци æмæ дзы хæдзарæн ницы пайда уыди, зæронд лæг дæр æм уый тыххæй мæсты кодта.

Ахъуыдыгæнгæйæ, уырыссаг æмбисондæн ирон æвзаджы диссаджы ивæн ссардта. Ахæм бынæттæ та Бæбуйы тæлмацты бирæ ис. Иу æвзагæй иннæмæ ивгæйæ, цавæр бындурыл æнцой кæнын хъæуы, уый æрмæст ацы иу дæнцæгæй дæр бæрæг у.

***

Мæ хæдзармæ давæг куы ’рбацæуид, æмæ нæхимæ куы разынин, уæд мæ æнæамаргæ ницы хуызы фæуид, йемæ цы ахæсса, ахæмæй мæм кæй ницы ссарид, уый тыххæй.

***

Иу рæстæджы нæ хъæуы дзæгъæлзæдтæ сарæх сты. Уыимæ кæд иууылдæр уыдысты лæппутæ. Уæвгæ уыцы ныхас мæ гыццылæй нырмæ хъусын: «Ахæм хуызы чи райгуыры, уыдон лæппутæ вæййынц». Ныр Купæйæн та лæппу нæ гуырди. Кæс, æмæ та йын йæ бинойнаг чызг ныййардта, кæс, æмæ та хоты нымæцыл ноджыдæр бафтыд. Фæстаг хатт ма æнæ лæгæй кæмæндæр лæппу райгуырд, зæгъгæ, Купæмæ куы байхъуыст, уæд æртхъирæнгæнæгау фидарæй скарста:

— Ацы хатт ма мæ бинойнагимæ исты куы сфæнд кæнон, уæд æй кауы рæбынмæ хондзынæн!..

***

Абайты Васойы райгуырдыл 100 азы куы сæххæст, уæд Ирыстонæй Мæскуымæ делегаци цыди. Делегацийы уæнгтимæ, уымæй дæс азы размæйы хуызæн уыдтæн æз дæр, фæлæ мæ Бугаты Левæ ахахх кодта, президент æмæ, дам, Музафер иу мыггагæй сты. Афтæ мын иу хатт куы бачындæуыдаид, уæд йæ кой нæ ракодтаин, фæлæ мæм авд азæй фылдæры дæргъы ахæм цæстæй кастысты. Ноджы Левæйы уæнджы мигъ бадт, мæнæй уый хабар куы базона, уæд исты куы зæгъа, зæгъгæ. Фысджытæй Мæскуымæ чи цыд, уый йын зæрдæ бавæрдта, æз, дам, йемæ баныхас кæндзынæн.

Æмæ мемæ цы ныхас кæнын хъуыд? Æнæбаныхасгæнгæйæ сæм лæбурæг хъуамæ бацыдаин?! Иннæ хæттыты хуызæн та, цыма ницы фехъуыстон, уый хуызæн мæхи дардтон.

***

Кæд амæй уым хуыздæр уыди, уæд мæ ардæм цы рахуындæуыд? Кæд амæй уым æвзæрдæр уыдзæн, уæд мæ уырдæм цæмæн хуындæуы?

***

Æз цæрынæй нæма бафæлладтæн, ды мæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсынæй бафæлладтæ.

***

Уый цалдæр азы размæ уыди. Фæскуыст горæты сæрмæ нæ цæхæрадонмæ суадтæн, халсары хуымтыл дон акæнон, зæгъгæ. Мæ дзаумæттæ раивтон æмæ, кусынмæ бавналынмæ куыд хъавыдтæн, афтæ мæ хъустыл цавæрдæр маргъы æнахуыр цъипп-цъипп ауад. Æрæджиау хæдзары рудзынджы цæстытæй иумæ фæкомкоммæ дæн. Сырддонцъиуæй дынджырдæр нæ уыди, ахæм бурхъулон маргъ рудзынджы тæрхæгыл абадт, йæ базыртæ батылдта, йæ бырынкъæй авг бахойæгау кодта, зæхмæ æрцæйхауд, ратахт æмæ хæдзары сæр абадт. Уым дæр йæ тæригъæддаг уастæй нæ банцад.

Æз дарддæр мæ куыст кодтон. Уалынмæ та уыцы цъиу рудзынджы тæрхæгыл абадт, æрдæбоны хуызæн та йæ базырты пæр-пæр ссыд, мидæмæ батæхыныл архайы, фæлæ йæ рудзынджы авг нæ уадзы. Тæрхæгыл абадт, мæнæрдæм разылд — æмæ та йæ тæригъæддаг уаст райхъуыст. Æдзынæгдæр ныккастæн æмæ ауыдтон йæхи хæдхал æндæр цъиуы. Уый, æвæццæгæн, æрдæбонсарæй æнæзмæлгæйæ лæууыд, фæлæ мæн ауынгæйæ уый дæр йæ базыртæ батылдта. Хæстæгдæр бацыдтæн æмæ, æдде цы цъиу бадт, уымæн йæ хъæлæсыуаг фендæрхуызон, раздæрау тæригъæддаг нал уыд, цъыбыр-цъыбурæнгæс фæци. Цалынмæ йæм бынтон æввахс бацыдтæн, уæдмæ йæ базыртæ сæ тилынæй нæ банцадысты. Къухæй баххæссыны онг æм куы бахæццæ дæн, уæд фæткъуы бæласы ныллæгдæр къалиуыл абадт æмæ йæ цъыбар-цъыбур фæтынгдæр.

Мидæггаг цъиумæ куы ’ркастæн, уæд разынди ахст. Дывæрццыг рудзынджы уæллаг цæст дыууæрдæм гомгæнгæ уыд æмæ, маргъæн мидæмæ тæхын йæ зæрды цæмæн æрæфтыд — Хуыцау йæ зонæг! — фæлæ куыддæрæй фæрссаджы дыууæ хайы æхсæнмæ ныххауд. Чи зоны, фæстæмæ стæхыныл фæцархайдта, фæлæ фæндаг ссарын йæ бон нал баци.

Æддæрдыгæй маргъмæ бавналæн нæ уыд, асинтыл схызтæн æмæ, цалынмæ рудзынджы цурмæ цыдтæн, уæдмæ та сæрибар маргъ тæрхæгыл абадт æмæ йæ тæригъæддаг уаст райхъуыст, цыма афтæ зæгъынмæ хъавыд, ме ’мбалы мын ахæм уавæры куыд уадзыс, кæдæм цæуыс, зæгъгæ. Уæдмæ æз рудзынг байгом кодтон, фæлæ ахсты бахауæг йæ бынатæй змæлгæ дæр нæ фæкодта. Систон æй æмæ мæ армы йæ гыццыл зæрдæ йæ гуыпп-гуыппæй нал æнцад. Æддаг цъиуы уаст æмæ цъипп-цъипп баиу сты. Асинтыл æрхызтæн, арвмæ скастæн. Раздæр æй хæрдмæ фехсын мæ зæрды уыд, фæлæ мæхинымæр ахъуыды кодтон, кæд ахсты бирæ фæци æмæ йæ базыртæ фыццаджы хуызæн йæ коммæ нал кæсынц, уæд, зæгъын, мыййаг, бæрзондæй æрхаугæйæ йæхи зæххыл куы ныццæва æмæ йæ уæлдæфмæ рог æппæрст скодтон. Уый йæ базыртæ батылдта æмæ арвы тыгъдады сфардæг. Йæ фæдыл фæцагайдта иннæ дæр.

Цалынмæ сæ цæст ахста, уæдмæ сæм фæкастæн.

Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мæ хъус ацахста цъиуы зонгæ цъыбар-цъыбур. Бæлæстæм скастæн, фæлæ дзы маргъыл мæ цæст не ’рхæцыд. Куы ныззарыди — ацы хатт цъиу æцæгæй заргæ кодта — уæд æй уайтæккæ дæр ауыдтон: хæдзары сæр бадт, йе ’ргом мæнæрдæм здæхт, афтæмæй. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ фæкаст, цыма мын арфæ кодта, æрмæст цъиутæй кæцы уыд, уый базонын мæ бон нæ баци.

Уæвгæ арфæ кæнын дыууæйæ кæцыфæндыйæн дæр æмбæлди. Ахстæн, кæй йæ фервæзын кодтон, уый тыххæй, сæрибарæн, йе ’мбалы йын мæлæты дзæмбытæй кæй ратыдтон, уый тыххæй.

2006 аз, май-июнь, Кисловодск



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.