Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 8 страница



Ясон, Яковы фыд, дзырддзæугæ лæг, бирæфенæг, бирæзонæг, йæ сыхæгтæм ныццыд æмæ адæммæ æрхатыди, уæ чындзæхсæвы кой кæнут, зæгъгæ. Нæ уыди сæ бон, судзаджы мард цы хæдзарыл æрцыд, уый фарсмæ фæндырæй цæгъдын, кафын æмæ зарын. Уæд Ясон фæндырдзæгъдæгмæ дзуры, æрцæгъд-ма, зæгъгæ. Нæ йæ ныууадздзæн, уый, куы базыдта, уæд чызг фæндыр райста. Ясон йæхæдæг æркафыди æмæ адæммæ дзуры, уæ чындзæхсæвы кой кæнут, зæгъгæ, æмæ рацыди.

***

Уыцы райсом дæр та нæ куысты дуармæ бæлæсты бын æрæмбырд стæм æмæ, чи цы ног хабар фехъуыста, уый дзырдта. Кусгæ боны райдайынмæ бирæ нал уыд, афтæ Бексолтан дæр фæзынди æмæ уыцы тыхстхуызæй нæ разы æрлæууыд. Тæригъæд ын куы кодтой, уæд-иу æм уымæй хуыздæр ницы каст æмæ ацы хатт уыцы хъуыддагмæ Дзугаты Барис фæраздæр:

— Цыдæр фæлурс мæм кæсыс, Бексолтан. Мацы дæ рисса, уый гæнæн нæй.

Бексолтаны тыхст хуызыл ноджыдæр бафтыд, афтæмæй загъта:

— Дысон-бонмæ нæ бафынæй дæн. Мæ дуртæ цæуын райдыдтой æмæ арвмæ асинтæ амадтон.

Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, Барис, лæгæн батæригъæд кæныны бæсты, уайдзæфгæнæгау сдзырдта:

— Хуыцауы тыххæй, змис фæхæрыс æви дын уыдон æдзух цавæр дуртæ вæййынц?..

***

1999 азы Кæхцгæнæн уыди 18 июлы. Мæ хъæуккæгтæ мын куыд радзырдтой, афтæмæй уыцы аз Бæрæгъуыны уыди цыппар кæхцы. Сæ лæппутæн куывдтæ кодтой Цæллагтæ, Баситæ, Алæджыхъотæ æмæ Цогойтæ. Æнæхъæн хъæуы афæдз цыппар лæппуйы йеддæмæ нæ райгуырд...

Ахæм рæстæджытæ уыди, æмæ нæ хъæуы иунæг æхсæв дунемæ фондз лæппуйы куы фæзынд. 1937 азы 10 январы райгуырдысты Хъуппеты Хъазыбег, Нартыхъты Савел, Икъаты Юрий, Бæцойты Гатæгъæз æмæ ацы рæнхъыты автор...

Хъыгагæн, уыдонæй абон æгас æз æмæ Хъазыбег йеддæмæ æгас ничиуал у.

***

Хъодзаты Æхсар йæ гыццыл хæрæфыртимæ сырддоны цытæ федтой, уыцы хабæрттæ кæны:

— Маймулиты къалатийы цур æрæмбырд уæлдай фылдæр адæм. Иу афон гыццыл лæппу бæгæныйы авг кæцæйдæр æрбадавта æмæ йæ маймулийы «къухты» фæсагъта. Уый йæ йæ хъуырыл сдардта æмæ йын уыцы æхсызгонæй йе ’мбис анызта. Цæмæдæр гæсгæ йæ батылдта æмæ йæ йе ’мбалмæ авæрдта. Уый дзы иу цъыртт дæр нал фæуагъта...

Æхсар дзырд куы фæци, уæд æй бафарстон:

— Маймулитæ адæмы хуызæн нæ систы? Адæймаг йæхимæ нозтæй куы фæкæсы, уæд маймулийы хуызæн куы свæййы?..

***

Ахæм заман ирон адæмæй алкæуыл дæр скæны: зиан зианы æййафын байдайы. Цыбыр рæстæгмæ кæм йæ хæстæг амæлы, кæм — йæ сыхаг, кæм — йæ зонгæ... Ахæм уавæр æрсырдта Алисолтаны дæр. Фæд-фæдыл йæ каистæй цалдæр амард. Уый нæ фæдыл куыд цыд, афтæ мах дæр йæ фæдыл алы ранмæ дæр цыдыстæм. Фæстаг зианы йæм Тотырбег (мæнæ Дзантемырæн йæ дыккаг ус куы амард, уæд афтæ чи загъта, уæлæ-ма мæ усы ракур, уый дын æппындæр никуы амæлдзæн, зæгъгæ, уыцы Тотырбег) йæхи хæстæг баласта æмæ йын йæ хъусы бадзырдта:

— Хуыцауы тыххæй, Алисолтан, дæ каисты цы маргæй марыс, уый ма мæнæн дæр бацамон...

***

Къостайы проспекты машинæйы сцæйтахтæн. Цъындадзаумайы фабричы цурмæ куы схæццæ дæн, уæд зындгонд артист Бирæгъты Къостайы лæугæ ауыдтон. Машинæмæ ’нхъæлмæ каст, уый бамбæрстон æмæ йæм фæурæдтон. Куы мæ базыдта, уæд бацин кодта, бацин ыл кодтон æз дæр, мæ фарсмæ æрбабадт, æмæ ныхæстæгæнгæ цæуæм.

— Знон мæ Тыджыты Эдик куыд ахъазыд, уый дын радзурон? — йæ рæмбыныкъæдзæй мæ æрбасхуыста Къоста. — Репетицийы нын цалдæр минуты уæгъд рæстæг уыд æмæ дын мæ уыцы хъуыддагхуызæй куы афæрсид:

— Банан зылын цæмæн у, уый нæ зоныс?

Йæ фарсты цыдæр хæйрæг æмбæхст уыди, уый бамбæрстон æмæ мæхиуыл сайд не ’руадзыны тыххæй хуыздæрæн афтæ куы бакæнин:

— Нæ зонын.

— Уæдæ дзы æз æндæр маймулийы бафæрсдзынæн!

***

Цы ныссыгъдæг кодтай, уый ма счъизи кæн, фæлæ, цы счъизи кодтай, уый ныссыгъдæг кæн.

***

— Уый хъæуы йаргъ лæг у... Цæрæг кæм нал и, ахæм хъæуы йаргъ.

***

— Уый мæн тыххæй йæхи доны дæр баппардзæн.

— Астæумæ йеддæмæ кæм нæ уа, ахæм доны?

***

Иу хæдзары уазæг æрфысым кодта, уæ хæстæг дæн, зæгъгæ. Бинонтæ дзы куы стыхстысты, уæд ын æрæвæрдтой, дыууæ уидыджы дзаг басы фæстæ дон кæуыл ауагътой, ахæм хъæрмхуыпп. Уазæг дзы куы сахуыста, уæд сæм дзуры:

— Ай цавæр хъæрмхуыпп у?

— Дæ хорзæхæй, ды та нын цы бавæййыс?

— Æз дæн уæ хæстæджы хæстæджы хойы лæппу.

— Уæдæ, ды цы хæрыс, уый та у нæ хъæрмхуыппы хъæрмхуыппы хъæрмхуыпп.

***

— Кæдæм рараст дæ?

— Мæ цæгатмæ.

— Уый дæуæн цæгат нæ, фæлæ хуссар у, хъарм дæм уырдыгæй куы цæуы...

***

Кæддæр цы зарæг уыди, уымæй ма мæм ахæм дыууæ рæнхъы æрхæццæ:

 

Хъазтмæ цæуон — чызджытæй нал дæн,

Мардмæ цæуон — ус та нæма дæн.

***

Цыма картофы иу губаккæй рахаудысты, уый хуызæн æнгæс сты.

***

Лолаты Лубæйæ ахæм ныхæстæ фехъуыстон: «Кæуын æмæ мит мæрзынæй æнæпайдадæр куыст нæй».

***

Чысылæй-иу римфæтæй афтæ хъазыдыстæм:

— Иу!

— Куыдзау ниу!

— Сасир!

— Мæрдтæм басир!

— Уæлæ та хур фæныгуылы!

— Топпы нæмыг — дæ гуыбыны!

— Æртындæс!

— Дæ фыд æнтыдгæс!

— Нудæс!

— Цъымарайы ныуудæс!..

***

Æфсæрæгты Петр йæ иу зонгæйæ афтæ загъта: «Йæ цæстæй цы фена, уый йæ къухæй сараздзæн».

***

Сывæллæттæн сæ хæссæн бон — къæвда бон, се ссивæн бон — хур бон.

***

Хъæрджынты Солтанæн нæхи Венерæ, йæ цæсгом хæбуздзыхъхъытæ кæмæн уыд, ахæм чызджы амыдта. Уый йын афтæ: «Дзасохон, асфальтæй мæ бар куы уа, уæд къуыппытæ фæндаг цæмæн равзарон?»

***

— Дæу куы фенын, уæд мæм бæгæны нуазын æрцæуы: воблæйы хуызæн дæ.

***

Нæ кæрдо бæласы сæр нæ сыхæгты чызджы куы раййæфтон, уæд æй фæрсын:

— Уым цы кусыс?

— Знон мæ сæрбæттæн уæ бæласы къалиуыл баззад...

— Æмæ дын уый дæр мах аххос у?

Ацы хабар мын мæ хæрæфырт Цæллагты Таймураз радзырдта. Нæ хъæуккаг Даргъ Хуымты хос карста. Сихор хæрын афон куы ’рцæйхæццæ кодта, уæд йæхинымæр тыхсын райдыдта, иу æмбал мын уæддæр куы уаид, науæд къæбæр кæимæ бахæрдзынæн, зæгъгæ. Ноджы йын йе ’фсин авджы дзаг арахъхъ дæр нывæрдта, мыййаг, дам, дыл исчи куы амбæла, уæд хус къæбæртæ цæй æфсон бахæрдзыстут.

Хур арвы астæумæ схæццæ, уæддæр змæлæг никуыцæй зынд. Уалынмæ Арыхъхъы рæгъты ’рдыгæй райхъуыст тыхджын уасын. Лæг уыцырдæм акаст, æмæ — уæзæгтæласæн поезд фæздæгкалгæ сцæйцыд. Хосдзау айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæ дзыппæй дынджыр сырх къухмæрзæн фелвæста æмæ — æфсæйнаг фæндагмæ тæхгæ. Рельсыты цур æрлæууыд æмæ къухмæрзæн йæ сæрмæ тилы. Машинист æй ауыдта æмæ поезды цыд сабырæй-сабырдæр кодта. Лæджы цурмæ куы схæццæ, уæд æрлæууыд æмæ йæм хъæр кæны!

— Что случилось?

— Випил надо, — дзуры йæм бынæй лæг. — Один штидно...

***

Иу рæстæджы журнал «Мах дуджы» фæзынд ног иумæйаг сæргонд «Фысджытæ худынц». Мæ бинойнаг Фатимæ йæ иу номырæй иннæмæ касти, стæй мын уæд иуахæмы афтæ:

— Нæ фæлæ ’мæ ацы фысджытæ цы хиуарзон сты! Уыдон йеддæмæ цыма худын ничи зоны, стæй цыма, уыдонæн сæхиуыл худæн нæй, зæгъгæ, сæм афтæ цæмæн кæсы?

Иннæтæн нæ зонын, фæлæ мæныл Фатимæ иуæй-иу хатт нымæтын ехсæй кæй æрцæуы, уый бæлвырд у. Иуцалдæр хабары уын дзы ракæндзынæн...

Нæ цæлгæнæны цырагъ сæрфинаг уыд, фæлæ йæм хæдзары æфсины къух не ’ххæст. Мæ бон æм кæсын куынæуал уыд, стæй, агъуыст талынгæй-талынгдæр кæнын куы байдыдта, уæд æй разылдтон, ныхсадтон æй æмæ йæ фæстæмæ бакодтон. Цæлгæнæн афтæ ныррухс, æмæ æваст мæ цæстытæй ницыуал ауыдтон. Куы ракастæн, уæд мæм мæ бинойнаг дзуры:

— Гъер уымæн бирæ хъуыди?!

Иуæй-иу хатт зиантæ сарæх вæййынц. Уыимæ — иууылдæр кæнæ хæстæджытæ, кæнæ — хорз зонгæтæ æмæ æрдхæрдтæ. Цыбыр дзырдæй, алкæцымæ дæр дзы цæуын фæхъæуы. Ахæм заман алчидæр батыхсы, се ’ппæтмæ дæр цæуын хъæуы æмæ сыл куыд аххæстæуа, зæгъгæ. Фæстаг хатт ма ахæм уавæры куы бахаудтæн, уæд мæхицæн дзурæгау загътон:

— Алы зианмæ цæуыныл дæр архайын, фæлæ, мæхæдæг куы амæлон, уæд мæм, чи зоны, цæугæ дæр мачи ’ркæна.

— Тыхсгæ ма кæн, — зæрдæтæ мын авæрдта Фатимæ, — мæн тыххæй дæм уæддæр цæудзысты...

Фатимæ дæндæгтæ скодта æмæ мæм телефонæй дзуры:

— Мæ дæндæгтæ мын сæвæрдтой, срæсугъд дæн, фæлæ дзурын нал зонын.

— Уымæй ма хуыздæр цы фехъусдзæн нæлгоймаг! Йæ ус рæсугъд кæмæн у, афтæмæй дзурын чи нал зоны...

Дзæуджыхъæуы фысымуат «Владикавказ»-ы хæдфарсмæ цы хæдзар ис, уым цæрæм. Ахæм сабат кæнæ хуыцаубон нæ вæййы, рестораны чындзæхсæв кæнæ чызгæрвыст ма уа. Хаттæй-хатт дзы æз дæр бахауын, куы мæ бинойнагимæ, куы иунæгæй. Иуахæмы та мæ зонгæ йæ фыртæн ус хаста. Йæ чындзæхсæв уымæн дæр «Владикавказ»-ы уыди. Æз дæр хуынд адæмимæ бахаудтæн. Мæхи рæвдз кæнынмæ куы бавнæлдтон, уæд мæм Фатимæ дзуры:

— Мæн дæр фæнды чындзæхсæвмæ.

— Бæргæ ацæуис, фæлæ дæумæ хонæг уыди?

— Æмæ мæн ардыгæй ардæм хонæг хъæуы?!

 

Иннæ хатт та мæ ирон театрмæ спектаклы премьерæмæ хуыдтой. Уæд дæр та йæ мемæ цæуын фæндыд, фæлæ хуынды гæххæтты иу бынат амынд йеддæмæ нæ уыд æмæ йын æй куы бамбарын кодтон, уæд мын æнкъардхуызæй афтæ:

— Гъер ды Нарты Хæмыц куы уаис, æз та — Быценон, уæд мæ дæ дзыппы нæ ахæссис?!

 

Нæ сыхæгтæ сæ чызджы æрвыстой, æмæ мын йæ фыд цалдæр боны размæ загъта:

— Стыр курдиат мæм ис дæумæ, æрмæст мын мацы ’фсон скæн: чызгæрвысты хистæрæн куы сбадис, уый мæ тынг фæнды.

Цы ’фсон ын хъуамæ скодтаин! Сыхаг сыхаг у æмæ йæ иугæр дæ сæр бахъуыди, уæд хъуамæ йæ фарсмæ æрбалæууай, дæ бон кæм уа, уым ын балæггад кæнай. Сразы дæн, уæдæ цы уыдаид!

Хистæрæн мæ агурынц, уый нæхимæ куы загътон, уæд мын Фатимæ афтæ:

— Æз дæр цæудзынæн.

— Дæу тыххæй мын ницы загътой.

— Уæдæ æнæ мæн ацæудзынæ? Уæд та фынджы хистæры бинойнаджы бацагуырдтой?..

Фæстæдæр нæм хæдзармæ сæрмагонд хонæг дæр уыдис æмæ ма Фатимæйæн нæ ацæуынæн цы ’фсон уыд!..

 

Нæ цард куы баиу кодтам, ууыл фондз æмæ ссæдз азы куы рацыд, уæд ын афтæ зæгъын:

— Нæ сызгъæрин чындзæхсæв сбæрæг кæнæм.

— Сызгъæрин нæ, фæлæ æвзист. Сызгъæрин чындзæхсæв дæс æмæ дыууиссæдз азы фæстæ фæкæнынц.

— Мæнæн дæуимæ цæргæйæ афæдз дыууæмæ нымад цæуы, — дзуапп ын раттон æз, мæхинымæр та ахъуыды кодтон: «Иу хатт дын æз дæр, цы ’мбæлы, хъуамæ уый зæгъон!»

***

Чысылæй-иу арæх фехъуыстон: «Дæ фæнык фесаф!» Хистæртæ-иу æй кæстæртæн загътой, дзырдтам-иу æй нæ кæрæдзийæн дæр.

Мæнмæ гæсгæ хуымæтæджы фæныкыл нæ цыди ныхас, фæлæ, къонайы фæныкыл. Уый та, кадджын кæй уыд, ууыл дзурын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ йæ сæрмæ Сафайы рæхыс ауыгъд уыди. Уыцы рæхыс та хъахъхъæнын хъуыд. Æгаддзинад æм чи ’рхастаид, уый æгады бынаты æппæт хæдзарвæндаджы дæр æвæрдта æмæ-иу уайдзæфгæнæг дæр фæныкмæ уымæн ныхъхъавыд.

***

Немыцаг фашисттæ фæстæмæ цæуын куы райдыдтой, уæд сыл махонтæ нæмыг згъалынæй нал ауæрстой. Сырдтой йæ æмæ сырдтой. Иу афон нæхиуæттæ æрулæфын сфæнд кодтой. Тыгъд быдыры æрфистæг сты. Хъуамæ къæбæр дæр бахордтаиккой, сæ фæллад дæр суагътаиккой.

Салдæттæй иу суг сæттынмæ февнæлдта. Фæрæты бынæй схъис фесхъиудта æмæ спъиртæй дзаг балоны фарсыл сæмбæлд. Авг, кæй зæгъын æй хъæуы, ныппырх, нозт зæххы хай баци. Æфсæддонтæ уый ауыдтой, цы! — лæппумæ февнæлдтой æмæ йæ — нæмыс ма — нал!

Мамсыраты Ибрагим дæр уыцы æфсæддон хайы службæ кодта æмæ сæм дзуры:

— Гитлеры ныхмæ афтæ куы тох кодтаиккат, уæд уын дыууæ къуырийы фаг дæр не суыдаид!

***

Æрæджиауы хосдзау дæр хосдзау кæм у, уым хъуамæ æрæджиауы хорзæх дæр хорзæх уа. Уыцы æрæджиауы хорзæхтæй раздæр цалдæры кой ракодтон. Мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» «Уæрæсейы Федерацийы адæмты литературæ»-йы ахуыргæнæн чиныгмæ хаст кæй æрцыд, уый базыдтон цыппар азы фæстæ, Уæрæсейы Федерацийы мыхуыры æмæ дзыллон фæрæзты министры Лесины арфæ мыл сæмбæлд æртæ азы фæстæ. Æхсæрдæс азы фæстæ базыдтон, 50 азы мыл куы сæххæст, уæд æй мæскуыйаг журнал «Детская литература» кæй сбæрæг кодта, уый. Æнæнхъæлæджы йæ базыдтон, мæхи фыстытæй цыдæр республикон библиотекæйы картотекæйы куы агуырдтон, уæд.

1987 азы журнал «Детская литература» йæ 1-æм номыры фыста: «10 января исполняется 50 лет Музаферу Созырикоевичу Дзасохову, писателю Северной Осетии. Начало литературной деятельности М. Дзасохова относится к 1954 г. Рассказы, сказки и повести М. Дзасохова обращены к детям разных возрастов: младшим школьникам, подросткам, старшеклассникам. Юный читатель знаком с его творчеством по книжкам „Гости медведя“ (1971), „Весенние звезды“ (1973), „Беканская мушмула“ (1978) и др. В Москве в 1982 г. увидела свет повесть „На берегу Уршдона“. Книга посвящена жизни осетинского села в трудные послевоенные годы».

Знон, ома æвдæм июны, ныртæккæ ацы рæнхъытæ кæм фыссын, уыцы санаторийы («Кавказ») клубы уыд лекци ахæм темæйыл: «Кавказы адæмты легендæтæ æмæ Цæгат Кавказы адæмты нырыккон поэзи». Кастис æй Раисæ Симоненко. Поэзийы тыххæй дзургæйæ Ирыстонæй ракодта æртæйы кой, æмæ та Ходы Камалы амонд ам дæр хæрæгыл абадт. Лектор ын йæ ном дæр æмæ йæ мыггаг дæр раст загъта, стæй йæ ирон фыссæг рахуыдта, Хъайтыхъты Георы ирон поэт схуыдта, фæлæ йын ратта ног ном: Сергей. Мæнæн мæ ном дзургæйæ чысыл фæкъуыхцы, фæлæ йæ уæддæр мæ мыггаджы хуызæн раст загъта, æрмæст мæ рахуыдта кæсгон фыссæг.

Куы зæгъын, Камалæн та ам дæр йæ хъуыддаг ацыди. «Та» уымæн зæгъын, æмæ йын айфыццаг раттой майдан Хуссар Ирыстоны 15 азы юбилейы фæдыл æмæ йын хæрзиуæг куыд лæвæрдтой, уый Мæскуыйæ дæр равдыстой. Мæнæн та мæскуыйаг хæрзиуæг — майдан «Профцæдисты 100 азы юбилей» раттой æмæ йæ Ирыстоны дæр ничи базыдта.

***

Иу гыццыл куыдз алы бон дæр райсомæй раджы Терчы былмæ рацæуы тезгъо кæнынмæ. Лæугæ дæр никæмæ ’ркæны, кæсгæ дæр. Фæратæх-батæх кæны æмæ та фæцыдæр вæййы. Куыд базыдтон, афтæмæй йæ хицау базæронд, куыдзимæ цæуын йæ бон нал у æмæ йын алы бон дæр йæхи рауадзы. Атезгъо кæны æмæ та фæстæмæ хæдзар бацагуры.

Нæ сыхæгты куыдзимæ фæлымæн æмæ иу бон йæ фæдыл сæ хæдзары дуармæ фæцыд. Хæдзар дынджыр хæдзар у, стæй дзы хъæздыг адæм цæры. Фæлæ, æвæццæгæн, куыдзмæ уыдæттæ нымад нæ уыдысты. Уый йæ ног зонгæйы сæхимæ æрбахæццæ кодта, йæ хицау æй мидæмæ бауагъта, «уазæгыл» та дуар рассыдта. Афтæмæй сæм уый, тыххæй йæ куы хуыдтаиккой, уæддæр нæ бацыдаид. Фæлæ, ахæм æнæуæздан кæй разындысты, уый йын фæхъыг: йæ галиу къах фæхъил кодта æмæ æрвхуызцъæх кулдуарыл уымæл фæд ныууадзыны фæстæ сæхимæ фæцагайдта.

***

Ирон иронæн цы нæ бафидис кæндзæн, ахæм нæй...

Кæддæр мын иу мæ зонгæ Плиты Иссæйы кой кодта. Уæвгæ, уый цытæ дзырдта, уыдон фыдгойтæ рахонын растдæр уыдзæн. Цы, дам æй сдиссаг кодтой, уый, дам, цыппæрæм къласы мемæ иу партæйыл куы бадти. Ау, уæдæ иу партæйыл дæр макæимæ бадтаид, иу къласы дæр макæимæ ахуыр кодтаид, иу аз дæр макæимæ райгуырдаид, иу хъæуы дæр макæимæ цардаид, иу уæлдæфæй дæр макæимæ улæфыдаид?!

Мæ иннæ зонгæ та мын нæ фысджыты хуыздæртæй иумæ ахæм аипп æрхаста, сывæллæтты цæхæрадонмæ иумæ цыдыстæм æмæ, дам, иу хатт йæ фындз æрлæсти. Уæд цымæ йæ фындз кæмæн никуы ’рбырыд, ахæм сывæллон кæм федта?! Фæлæ кæддæр йæ фындз кæмæн æрлæсти, уый зындгонд адæймаг цæмæн сси, йæ фыстытæ йын скъолаты цæмæн ахуыр кæнынц, йæ ныхас адæмы ’хсæн нымад цæмæн у?

Мæ хъæуккаг, ме ’мхæрæфырт, ме ’мкъласон Кобесты Азæмæт Цæгат Ирыстоны мелиораци æмæ доны хæдзарады министрæй куы куыста, уæд йæ фыд Хадзырæты хъомтæй кæцыдæр совхозы хуымтæм баирвæзт æмæ йæ æрцахстой. Хъуджы ивар дæр нæ кодтой, уадзгæ дæр. Хадзырæт йæ хъаст районы милицæйы хайады хицаумæ бахаста, фæлæ йын уый дæр ницæмæй зæрдæ бавæрдта. Зæрдæ нæ, фæлæ йыл гуымиры хъæртæ фæкодта. Хадзырæт дæр ын, æвæццæгæн, мæ фырт министр у, зæгъгæ, бакой кодта. Милицæйы хицау уый айхъуыста, цы! — уыциу тъæлланг ыл фæласта:

— Цавæр министр? Цъымараты министр?..

***

Чи цæмæ тынгдæр арæхсы, уый рабæрæг кæнынмæ рæстæгæй дæсныдæр ничи у. Коммунистæй йæ царды фылдæр æмæ уыциу рæстæг хуыздæр бонтæ чи батыдта, уыдонæн сæ фылдæр алы партитыл ныппырх сты. Æппындæр иу партийы дæр чи нæ уыди, уыдон та, сыгъдæгдæр зæрдæ нæй, ахæм коммунисттæй равдыстой сæхи. Комкоммæ дзургæйæ та дзы алкæмæн дæр йе ’цæг цæсгом разынд.

Мæ иу зонгæ коммунистты раззагдæр рæнхъыты цыди, рæстдзинадыл тохгæнæгæй йæхи æвдыста. Æнхъæлдтон, йæ зондахастæн аивæн нæй, куыд дзырдта, хъуыддаджы дæр йæхи афтæмæй æвдисдзæн, зæгъгæ, фæлæ адæймаг цыфæнды бирæ куы фæцæра, уæддæр ын æнæрæдигæ нæй. Фæрæдыдтæн æз дæр...

Нæ горæты «цъæх базар» кæй хонынц, уырдæм куыд фæцæйхæццæ кодтон, афтæ уынджы ныллæггомау сисыл ауыдтон чингуытæ уæйгæнгæ. Се ’хсæнæй бæрæг дардта Хъуыран. Уæйгæнæджы фæрсын, цас у, зæгъгæ. Загъта мын æй. Сабырдзинады проспекты та ахæм чиныджы хæдхал дзæвгар асламдæр уыди.

Уæйгæнæгмæ цымыдисхуызæй бакастæн, æмæ дын мæ кæддæры коммунист-зонгæ куы разынид. Фæуыргъуыйау дæн. Ахæм ран ыл фембæлдзынæн, уымæ æнхъæлмæ нæ кастæн. Уый уæлдайхуызон нæ фæци, афтæмæй мæ афарста:

— Æмæ Хуыцауыл æууæндыс?

«Ау, уæдæ дæуыл æууæндон, йæ ныхæстæн йæ хъуыддæгтимæ иумæйагæй кæмæн ницы ис æмæ чингуытæ зынаргъдæрыл чи уæй кæны?!» — ахъуыды кодтон мæхинымæры, фæлæ дзургæ ницы скодтон.

***

Уыцы сæрд мæ бинонтимæ Мæскуыйы уыдыстæм. Тынг тæвд бон скодта æмæ ГУМ-ы дуармæ сæлдæгмæ рады æрлæууыдыстæм. Мæ разæй цалдæр адæймаджы йеддæмæ нал уыд, афтæ сæлдæг фæци. Уæйгæнæг, ныртæккæ, дам, æрбадавдзынæн, зæгъгæ, мах уым лæугæ фæуагъта. Æппынæрæджиау фæзынд æмæ, хурмæ цы адæм къæй кодта, уыдон ыл амбырд сты. Мæ разæй лæуджытыл ма ноджыдæр иу ахæм бафтыд. Æз сæ цурмæ бауадтæн æмæ æгъдауы сæрыл цыдæртæ сдзырдтон. Мæ разæй цы сылгоймаг февзæрд, уымæн дæр бауайдзæф кодтон, мæ фæстæ куы ’рбацыдтæ, уæд мæ разæй цæмæн æрлæууыдтæ, зæгъгæ. Уый мæм разылд æмæ уыцы уæзданхуызæй бафиппайдта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.