Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 7 страница



Мæхимæ æваст бирæ мæгуырдæр кæсын райдыдтон. Цыма мæ фарсхæцджытæн сæ тæккæ тыхджындæр афæлдæхт... Уæвгæ, уый æцæгæйдæр афтæ у. Абонæй фæстæмæ цыдæр ныфсæй мæхи æнæхай хонын райдайдзынæн. Дард Францæй мæм цы егъау мæсыг æрттывта, уый рухсæй мын хай нал уыдзæн...

Фæлæ нырма Абайты Васо æгас у æмæ хъуамæ мæхи мæгуыр ма хонон. Цалдæр боны фæстæ йыл 86 азы сæххæст уыдзæн. Арфæйы тел æм арвитын хъæуы. Лæппутæн зæгъдзынæн æмæ йæ иумæ куы бафыссæм, уæд хуыздæр уыдзæн. Йæ зæрдæйы цы æхсызгондзинад равзæра, уымæй кæд йæ цардыл цалдæр уысмы уæддæр бафтид. 1986 азы 11 декабрь.

Р.S. Арвыстон Васомæ тел. Малиты Васо æмæ йæ Хъодзаты Æхсар дæр бафыстой. 1986 азы 20 декабрь».

***

Бæрæгъуыны цыдæр бæрæгбоны сæмбæлдтæн. Мæ хъæуккæгтимæ æмбырдæй лæууыдыстæм æмæ ныхæстæ кодтам. Уалынмæ иу лæппу æрбацыд — æз æй нæ зыдтон, æвæццæгæн, дæс æмæ дыууиссæдз азы размæ хъæуæй куы рацыдтæн, уæд мæ фæстæ чи рахъомыл, уыдонæй — йæ сау рихитæ бынмæ дзæвгар æркъæдз сты, афтæмæй. Ме ’рвад Барис ын афтæ:

— Уыдон дын цавæр рихитæ сты?

Йæ фарсмæ цы бурдзалыг лæппу лæууыд, уый йæ бæсты дзуапп дæттынмæ фæрæвдз:

— Зæбул рихитæ.

— Ирон лæгæй хъуамæ зæбул мацы уа, — йæ дзуапп ын фæбынæй кодта ме ’рвад.

***

1984 азы журнал «Мах дуджы» 7-æм номыры мыхуыргонд æрцыд филологон наукæты доктор, профессор Гуыриаты Тамерланы уацхъуыд «Нымæцонтæ не ’взаджы». Цы хъуыдытæ дзы загъта, уыдон, уæзданæй дзургæйæ, гуырысхойаг сты, мæнгæфсон бындурыл æнцайынц, комкоммæ дзургæйæ та — раст не сты.

Æз æвзагиртасæг нæ дæн, наукæмæ ницы бар дарын, фæлæ æнусы æмбисмæ ’ввахс ме ’рвылбоны архайд дæр дзырдтимæ у æмæ мæм цы фæлтæрддзинад æрæмбырд, ууыл æнцайгæйæ мæ бон зæгъын у: Гуырийы-фырт рæдийы, мыхуыры кусджыты раст фæндагыл нæ ардауы, не ’взаджы хъæздыгдзинæдтыл дзурæг иу фæзынд нын йæ мæгуырдзинад кæй хоны, уымæй. Цæмæн афтæ зæгъын, уый дарддæр бамбарын кæныныл бацархайдзынæн.

Алчидæр зоны, æвзаджы цас фылдæр дзырдтæ уа, уыимæ иу хъуыды æвдисæг дзырдтæ дæр, уыйас хъæздыгдæр кæй у, йæ авналæнтæ уæрæхдæр кæй сты. Тамерланы зæрдæмæ та уыцы хъуыддаг нæ цæуы. Не ’взаджы, нымайгæйæ, дыууæ хуызы нымæцтæй кæй пайда кæнæм, уый ныхмæ æрлæууыд. «Дыууын», дам, литературон у, «ссæдз» та, æппындæр кæмæн ницы бартæ ис, ахæм нымæц.

Цæмæй мæ ма ферох уа, уый тыххæй уал æрымысдзынæн, зæххыл цы ирæттæ цард, уыдонæй иронау, — дзурынæн нæ зонын, фæлæ, — фысгæ æппæты хуыздæр чи кодта, уыцы нæртон лæджы рæнхъытæ:

Ыссæдз азмæ азгай Æххуырсты цыдтæн... Цы нæ кодтон радгай, Цы нæ-иу уыдтæн?!

«Дыууын»-æй «ссæдз»-æй кæцы литературондæр у, уый нæ литературæйы бындурæвæрæг нæ зыдтаид, уый мæ зынтæй бауырндзæн. Иу дзырд иннæмæй баивын æмдзæвгæйы бæрцбарстыл дæр никæцырдыгæй фæзындаид. «Ссæдз» фелвас æмæ йын йæ бынаты «дыууын» авæр, æмæ æмдзæвгæйы рæнхъ «литературонæй» агæпп ластаид. Фæлæ Къоста афтæ нæ бакодта. Гуырийы-фырт куыд амоны, афтæ бакæнгæйæ, рæнхъæн йæ ахуырст ссыдаид, уды цъыртт дзы нал аззадаид.

Ныр та Тамерланæн йæхи рæнхъытæ æрымысæм: «Ацы æнусы дыууынæм азты ирон культурæйы кусджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй рагон дугтæй баззайгæ дæсгæйттæй нымады системæ фидаргонд æрцæуа. Уый, кæд æрмæст дыгурон диалекты ранæй-рæтты йеддæмæ нал баззад, уæддæр дзыллæты зæрдæмæ фæцыд...»

Ссæдзгæйттæй нымад ссæдзгай æнусты ирон æвзагæн фæлæггад кодта æнæзæрдæхудтæй. Дыууынтæй нымад æвзаг йæхæдæг фæсвæд æрæвæрдта, йæ сæр æй кæй нал хъуыд, уымæн. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд æрмæст иу диалекты нæ баззадаид, уый дæр æххæстбарджынæй нæ, фæлæ «ранæй-рæтты». Ссæдзгæйттæй нымадæн бузныг зæгъыны бæсты йын Тамерлан хъоды бакæнынмæ зиу расидти: «... иуæй-иутæ ныффидар сты ссæдзгæйттæй нымадыл, къуылымпы кæнынц литературон нормæты хъуыддаг æмæ уымæй не ’взагæн йæ уавæр лæмæгъдæр кæны». Æмæ ма ноджыдæр: «... нæ культурæйы иуæй-иу кусджытæ ссæдзгæйттæй нымад афтæ тынг цæмæн бауарзтой? Цæмæн ыл ныххæцыдысты афтæ æнувыдæй?»

Ам Тамерлан йæхи ныхмæ дзуры. Фыццаджыдæр, æнæхъæн нымад нæ, фæлæ иунæг дзырдыл дæр тыххæй ныххæцæн нæй: æвзаг денджызау йæхæдæг йæхи сыгъдæг кæны. Дыккагæй та, «ссæдзгæйттæй нымад афтæ тынг бауарзтой» иугæйттæ нæ, фæлæ адæм иууылдæр. Ууыл Тамерлан йæхæдæг дæр сæтты: «Хуымæтæджы ныхасы ссæдзгæйттæй нымад рæхджы нæ ахаудзæн, пайда дзы кæндзысты». Æмæ: «Нæ газеттæ, радио, телеуынынад ацы фарстамæ æппындæр нæ кæсынц».

Ай дын диссаг! Адæм ссæдзгæйттæй нымайынц, газеты йæ ныхмæ ничи у, радио æмæ телебакастыты «ссæдз» зæгъынæй ничи тæрсы, Гуырийы-фырт та къахсæттæгау ныллæууыд: «... литературон æвзаджы дæсгæйттæй нымад хъуамæ йæ бынат бацахса. Кæрон скæнын хъæуы, нымады хъуыддаджы абоны онг цы æмтъерыдзинад и, уымæн».

Цымæ ахæм домæнтæй цавæр хъуыддагæн ис кæрон скæнæн? Адæм æнусæй-æнусмæ цы нымад фæхастой æмæ ма йæ ноджыдæр бирæ рæстæг хæссынмæ цæттæ чи у, уыдоны дзыхыл цъутта сæвæрæн куыд ис?!

Тамерланимæ иу хъуыддаджы сразы уыдаин. Æцæгæйдæр, иронау дзургæйæ, æнæхъуаджы пайда кæнæм уырыссаг ныхæстæй, фæлæ та ам дæр дæнцæгæн æрмæст нымæцонтæ æрхаста: «тридцать седьмой аз», «седьмой конференцийы» æмæ афтæ дарддæр. Фыццаджыдæр, нæ ныхасы æндæр æвзагæй ист дзырдтæ канд нымæцонтæ нæ вæййынц. Дыккаджы та, ацы аипп Тамерланæн йæхимæ дæр хауы. Цымæ «литературон нормæтæ», «арифметикон операцитæ», «нымады системæ», «цæуыл дзурæг у ацы факт?», «ныхасы стил» æмæ æндæр дзырдбæстытæн иронау зæгъæн нæ уыд? Уыд. Стæй æнцонæй, фæлæ уæддæр Тамерланмæ цæмæдæр гæсгæ æндæр æвзаджы дзырдтæй пайда кæнын хуыздæр фæкаст.

Ссæдзгæйттæй нымадыл дзургæйæ, мæ зæрдыл æрлæууыд иу хабар. Кæддæр Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæг институты фембæлд уыдис Сирийæ æви Туркæй уазæгуаты æрбацæуæг иронимæ (йæ мыггаг мæ ферох). Уый йæ ныхасы пайда кодта æрмæстдæр «ссæдзгæйттæй», иунæг «дыууын» кæнæ дзы «æртын» дæр нæ фехъуыстон. Мæ зæрдæ фæкъæпп кодта æмæ йæ бафарстон. Куыд рабæрæг, афтæмæй, йæ райгуырæн зæххæй авдыссæдз азæй фылдæры размæ чи фæхицæн, уыцы ирæттæ ахæм нымады кой хъусгæ дæр никуы фæкодтой.

Тамерланы бынаты æз цы бакодтаин? Бæлвырддæр радзырдтаин дыууæ нымады равзæрды тыххæй, загътаин, кæмæн дзы цы нысаниуæг уыд, уый тыххæй, ныффыстаин, иу дзы фæсвæд цæмæн аззад, стæй та фæстæмæ цæмæн фæзынд, уый тыххæй дæр, æппынфæстаг, æрцыдаин ахæм хъуыдымæ: ссæдзгæйттæй нымад бирæ хæрзты бацыд ирон æвзагæн, стæй ма йын ноджыдæр бацæудзæн. Дæсгæйттæй нымады сæр дзæвгар рæстæг нал хъуыд æмæ йæ æвзаг иуварс æрæвæрдта, фæлæ та куы бахъуыд, уæд дзы ногæй пайда кæнын райдыдта. Ссæдзгæйттæй нымады кад уымæй нæ фæдæлдæр. Уый фыццагау аивдæр æмæ рæсугъддæр фидауы фондзыссæдзы онг нымайгæйæ, уырдыгæй уæлæмæ та æнцондæр архайд у дæсгæйттæй нымад. «Иу дзы литературон у, иннæ нæу» дзурынæн ницы бындур ис, сæ ныхмæ дзурынæн куыд ницы бындур ис, афтæ.

***

Кæддæр ахæм æмбисонд фехъуыстон: «Мæрдтæм фæндаг — мады рæзты». Цæмæйдæр мын мæ зæрдæ балхæдта, фæлæ, йæ мидис цæй мидæг ис, уый нæ бамбæрстон. Цы амоны, уымæй кæйдæрты фарстон, фæлæ мын йæ хъуыды бамбарын кæнын никæй бон баци.

***

Хæсты фæстæ цард алцæмæй дæр мæгуыр уыди. Чи зоны, æппæты тынгдæр та — нæлгоймæгтæй. Искæй-иу карк æргæвдын куы бахъуыд, уæд-иу сылгоймаджы йæ карк æмæ йæ кардимæ æнæхъæн сыхыл зилын бахъуыд. Мæ карæнтæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ дæс-иуæндæсаздзыдтæй кусартгæнджытæ басгуыхтысты...

Ныр, æвæццæгæн, каркæн йæ нывыл дæр кард сæвæрын мæ бон нал бауид...

***

Æвæдза, нæ фыдæлтæм цы диссаджы æгъдæуттæ уыди! Лæппуйæ сабийæ фæстæмæ домдтой хъæбатыр æмæ фæразон уæвын, хиуылхæст æмæ хистæрæн кад кæнын. Къаддæр хæстæ нæ лæууыд чызджыты размæ. Уый хъуамæ æппæты фыццаг хъуыды кодтаид йæ бинонты, йæ мыггаджы кад æмæ намысыл, хъуамæ сын сæ фарн хъахъхъæдтаид цæсты гагуыйау...

Гуытъиаты Замирæт мын ахæм хабар радзырдта: мæ мад, дам-иу мын афтæ загъта, нæлгоймагмæ хæстæг куы бацæуай æмæ дæм йæ комытæф куы ’рбакæла, уæд басывæрджын уыдзынæ. Уыцы ныхæстæ фехъусыны фæстæ мæ иунæг æфсымæрмæ æввахс цæуын нал уæндыдтæн: хæргæ-хæрын-иу дзы мæхи мæ армытъæпæнæй æмбæрзтон.

***

Ирон æвзаджы тыххæй мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Куыдфæндыйы цæстæй йæм кæсæм, йæ рæдыд ын рæдыд нæ хонæм, йæ аипп ын аиппыл нæ нымайæм. Хаттæй-хатт та мæм афтæ дæр фæкæсы, цыма, ирон æвзаг æнæ рæдыдæй нæ фидауы, зæгъгæ, чи хъуыды кæны, нæ фылдæр ахæмтæ сты. Æрзилут-ма нæ горæтыл, кусæндæттæ æмæ ма куыстуæтты къултыл уæ цæстæнгас æрхæссут, кæддæра дзы æнæрæдыд фыст цал раны ссариккат! Уыдоныл дзурынæй нæ иуæй-иуты æвзæгтæ цъиуы ’взагæй лыстæгдæр систы, фæлæ хъуыддаг нæ хуыздæр кæны. Рæдыд рæдыды æккой бады, афтæмæй бæрзондæй ныллæгмæ кæсы, ирон æвзаджы хъысмæт æцæгæлон кæмæн у, канд уыцы адæммæ нæ, фæлæ йæ къуыхцы маст кæмæн у, йæ алы аипп дæр йæ зæрдæмæ арф чи исы, уыдонмæ дæр.

Æз ахæм наукон кусæндæттæ зонын, æмæ дзы цы ахуыргæндтæ кусы, уыдон сæ институты ном ныффыссын дæр нæ зонынц, иуæй, раст, иннæмæй æнæрæдыдæй. Зæгъынæн æгъгъæд у ахæм хъуыддаг: фирменон бланк кæй хонынц, уыцы ран дыууæ хъуыдыйады банымадтон... сымахмæ гæсгæ, цал рæдыды? Ссæдз!!! Афтæмæй, цы кусæндоны кой кæнын, уый йæхæдæг æгъдауыл дзурæг у, ирон æвзаджы хъысмæт кæмæй аразгæ у, уыдоны фыццæгтæм хауы. Уæвгæ, дардыл дзурыны бæсты æрхæсдзынæн æндæр цау.

Бирæ азты размæ рацыд дзырдуат, разæй дзырдтæ иронау лæвæрд кæм цæуынц, фæсте та уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй, ахæм. Хъуамæ йе ’ддаг цъарыл фыст уыдаид «Ирон-уырыссаг дзырдуат», фæлæ йæ рауадзджытæ цæмæдæр гæсгæ ацыдысты æндæр фæндагыл æмæ дынджыр дамгъæтæй ныффыстой «Осетинско-русский словарь».

Æвзæрдзинад, аипп æмæ рæдыд хорзыл нымад никуы уыдысты, фæлæ уыдонæй алкæцыдæр дыууæ хатты стырдæр æвзæрдзинад, аипп æмæ рæдыд свæййы, æвзæрдзинад, аипп æмæ сæ рæдыд куынæуал фæхонынц, уæд. Цæмæй мæ фæстæдæр дзырдуаты кой кæнын мауал бахъæуа, уый тыххæй ма иу хъуыддаг зæгъын мæ зæрды ис.

Тынг уæлæнгай цæстæй кæсæм дзырдуæттæм. Адæймаджы иу кæнæ иннæ дзырды растфыссынад базонын куы бафæнды, уæд дзы растфыссынад нæ, фæлæ дзырд йæхæдæг дæр нæ разыны. Æмæ ахæм дзырдты нымæц чысыл куы уаид, уæд ын бабыхсиккам, уымæн æмæ æппæт лексикæйыл зын аххæссæн у, фæлæ дзырдуатæй рохуаты чи аззад, уыцы дзырдтæ ссæдзгæйттæ æмæ фондзыссæдзгæйттæ сты. Ирон фыссæг, не ’взаг йæ зæрдæмæ хæстæг кæмæн у, уый куыд зæгъы, афтæмæй уыцы дзырдтæ минæй бирæ фылдæр сты. Ахæм аиппытимæ уагъд кæцыфæнды æвзаджы дзырдуæттæ дæр мæгуыр уыдзысты.

Мæхи кой куы кæнон, уæд афтæ зæгъдзынæн. Мæ æрвылбоны архайды мæ цы дзырдтæ бахъæуы, уыдонæй бирæтыл дзырдуаты нæ сæмбæлын. Иуæй-иу рæтты йеддæмæ кæмæй нал пайда кæнынц, йæ дуг, зæгъæн ис, æмæ кæмæн аивгъуыдта, арæх нæ кæй æххуыс нал хъæуы, æз уыцы дзырдты кой нæ кæнын. Нæ дзырдуæтты нæй, æвзаг цæмæй фидауы, йæ рæсугъддзинад цæмæй сæрттивы, бирæ ахæм дзырдтæ.

Сæрмагондæй мæ зæгъын фæнды ирон мыггæгты тыххæй. Тынг æмтъеры сты. Иу фæтк бæрæг сын нæй. Кæй куыд фæнды, æмæ сыл кæй бон куыд цæуы, афтæ сæ зыгъуыммæ кæнынц. Æркæсут-ма нæ газеттæ æмæ журналтæм, байхъусут æмæ-ма бакæсут нæ радио æмæ телеуынынадмæ, кæддæра дзы бирæ мыггæгтæ адæмы мыггаг фыссæм æмæ дзурæм! Цæуылнæ? Уымæн æмæ дзы, чи куыд фысгæ у, уый, иуæй, зонгæ нæ кæнæм, иннæмæй йæ куы базониккам, уымæ нæ тырнæм. Теркæнфале мыггæгтæн сæ фылдæрмæ æфтыд цæуы дамгъæ а. Æрыдоны дзурын дæр æмæ фыссын дæр хъæуы Саламтæ, Хъахъхъæдуры — Саламатæ, Красногоры — Дзустæ, Зилгæйы — Дзусатæ, Алагиры — Токтæ, Дæргъæвсы — Токатæ, Дигорайы — Акъотæ, Хуымæллæджы — Акъуатæ æмæ афтæ дарддæр.

Ацы æгъдау дæр алы хатт йæ бынаты нæ вæййы. Елхот æмæ Зилгæ Терчы фаллаг фарс хъæутæ сты, фæлæ дзы уыциу мыггагыл фембæлæн ис дыууæ хуызы. Елхоты сты Карсанатæ, Зилгæйы — Карсантæ. Нартыхъæу æмæ Заманхъул нæ сæйраг доны фæйнæфарс æрæнцадысты, афтæмæй иу ран дæр æмæ иннæ ран дæр фыссынц Годжиатæ, Красногор æмæ Уыналы та Годжитæ. Раст афтæ зæгъæн ис Джызæл æмæ Заманхъулæй дæр. Дыууæ хъæуы дæр фыссынц Цæллаггатæ, Красногор æмæ Уыналы та — Цæллагтæ. Иннæ ахæм Æрыдон æмæ Хъахъхъæдур. Иутæ дæр æмæ иннæтæ дæр фыссынц Рæмонатæ, Дигорайы та — Рæмонтæ. Ахæм мыггæгтæ ис, æмæ уырыссагау фыст цæуынц æмхуызон, иронау та сын иумæйагæй ницы ис. Хицæн мыггæгтæ сты Абайтæ æмæ Æбатæ, Туатæ æмæ Туайтæ, Хъæлатæ æмæ Къалатæ, Мæхъитæ, Макотæ, Магкотæ, Магкæтæ, Магкатæ æмæ Махъотæ, Къадзтæ æмæ Къадзатæ, Хъодзатæ, Козатæ æмæ Къозатæ æмæ афтæ дарддæр.

Ацы æмтъерыдзинады дæр азымджын схонæн ис, куыд наукон-иртасæг институт, афтæ нæ иннæ ахуыргæнæндæтты кусджыты дæр. Ау, ацал-ауал азы ирон мыггæгты чиныгæн рауадзæн нæ уыди? Уыди, фæлæ йæм абоны онг йæ хъус ничима ’рдардта. Гæнæн æмæ амал нал ис, зæгъгæ, уæд мæхимæ уыцы хæс райсыныл нæ базивæг кæнин. Фæзилин Ирыстоны хъæутыл æмæ дзы иунæг мыггаг дæр æнæравзаргæ нал ныууадзин æмæ мыхуырмæ бацæттæ кæнин, кæцыфæнды рæстæджы дæр адæймаг йæ къухмæ æхсызгонæн кæй райсид, ахæм чиныг. Уый гæнæн æмæ амал куы нал уаид, уæд. Ныр та гæнæн æмæ амал ис. Уадз æмæ уыцы куыст йæхимæ райса нæ ахуыргæндтæй исчи æмæ дзы абоны æмæ фидæны фæлтæртæ бузныгæй баззайой.

***

Ус æмæ лæг ныхас кæнынц:

— Сидæмон йæ усы бирæ уарзы.

— Æцæг?

— Æмæ дæм уый цы диссаг кæсы? Ды йæ нæ уарзыс?

— Сидæмоны усы?

— Мæн.

***

Ацы хабарыл бирæ азтæ цæуы. Нæ хъæуккаг лæппу Уæрæсейæ ссыди æмæ йæ хойæн сахат балхæдта. Чызг йæ сахатæй афтæ хъал уыд, æмæ архайдта, цæмæй йын æй фылдæр адæм феной. Исчи-иу æй куы афарста, цал сахаты у, зæгъгæ, уæд-иу æм йæ цонг бадаргъгæнгæйæ сдзырдта:

— Гъа, дæхæдæг æм æркæс, мæн не ’вдæлы.

***

Фæстаг хатт ма Цæллагты Настяйы сæ дуармæ бадгæ федтон. Тынг мыл бацин кодта, стæй мын афтæ зæгъы, æз радио æдзухдæр мæ хуыссæны цур дарын, кæд дзы дæ кой ракæниккой, зæгъгæ.

***

Уынджы цалдæрæй лæууыдыстæм. Нæ рæзты æрбацæйцыд нæ кæддæры ахуыргæнæг æмæ нæм æрбаздæхт. Алкæй дæр нæ къахæй сæрмæ сбаргæйæ загъта:

— Сымах иууылдæр мæ рагон хæлæрттæ стут æмæ уе ’ппæтмæ дæр иу аипп хæссын: ме студенттæ уæвгæйæ, уæ сæртæ сурс сты.

— Мæнæ Батырбеджы сæр куы нæ сурс и, — загъта лæппутæй чидæр.

— Уый ме студент нæ уыд.

— Де студент куы уыдаид, уæд уый сæр дæр мах сæрты хуызæн урс адардтаид, — дзуапп дæттынмæ та фæрæвдз æрдæбоны лæппу.

Сæрмагонд уавæрты министрад дæр нæм фæзынди! Цымæ дзы сæрмагонд уавæрты министрад та кæцы нæу?!

***

Габола хæсты фæстæ зæхгæсæй куыста. Йæ кæддæры зонгæтæй йыл иу быдыры фембæлд æмæ йæ фæрсы:

— Ам цы кусыс?

— Зæхх хъахъхъæнын.

— Зæхх хъахъхъæнын куы хъуыд, уæд уæрмы куы бадтæ, ныр ма йæ кæмæй хъахъхъæныс?

***

Цыбырты Людвиг мын æй дзырдта. Иу лæг хуыйджытæм хъуымац бахаста костюм хуыйынмæ. Загъта сын:

— Кæд ма дзы баззайа, уæд мын-иу дзы худ дæр бахуыйут. Лæгæн уыдис тынг дынджыр сæр. Хуыйæг ыл йæ цæст æрхаста:

— Фæлтау уал раздæр худ бахуыйæм æмæ ма дæ хъуымацæй кæд баззайа, уæд дын костюм дæр бахуыйдзыстæм.

***

Уæд партийы обкомы куыстон. Амарди нæ хайады хицауы мад. Гыццыл автобус æнæхъæн хайадæн дæр сфаг, æмæ уым ацыдыстæм. Сабæттаг æмбырд кæнынмæ куы ’рцыдыстæм, уæд дзы æз архайæг нæ уыдтæн. Иуæй, мæ цæрæнбонты ахæм æгъдæутты ныхмæ тох кæныныл ахуыр кодта, иннæмæй та мæ марды лæвары тыххæй масты хай куы бакæна, уымæй тарстæн.

Мæнæй фæстæмæ иууылдæр сабæттаг раттой, фæлæ дзы иуы дæр, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ, фæрсæг нæ фæци.

***

Лæг æмæ ус æдзух фæрæты хъæдæй барст нæ вæййынц. Кусаг, амалджын лæгæн уæзбын, æппындæр чи ницæмæ арæхсы, ахæм ус дæр фæвæййы, сæрæн усæн та — магуса лæг. Мамсыраты Дæбейы Хъæндилы хуызæн лæг фæци, æз цы усы кой ракæнынмæ хъавын, уымæн дæр. Зæнджиаты Эльбрус мын æй куыд дзырдта, афтæмæй хъисфæндырæй дæсны цагъта, æмæ йæ лæджы куыстытæм не ’вдæлд. Ус йæ удæй арт цагъта, мæгуыр, уæдæ цы кодтаид! Иу бон йæхи хъæдмæ рарæвдз кодта, фæлæ сæ фæрæт зæххы скъуыды ныххауæгау фæцыдæр. Куы стыхсти, уæд йæ лæгмæ бауади æмæ йæ фæрсы:

— Нæ фæрæт кæм и, уый нæ зоныс?

— Æнæрай фæкæн дæ фæрæтæй, мæнæ цагъд фехæлдтай!.. — фæтъæлланг ыл кодта лæг.

Фыдæлты заман-иу кусарт куы акодтой, уæд ын-иу йæ хъæлхъæлагæй фæлыг кодтой, артмæ-иу æй бадардтой æмæ-иу дзы фыццаг сæхæдæг сахуыстой, цæмæй дзы раздæр гæдытæ æмæ куыйтæ ма фæхъæстæ уой.

***

Ленк кæнын чи нæ зоны, уыдон донæй сæхи дард ласынц. Фыссын чи нæ зоны, уыдон дæр ахæм зондыл хæст куы уаиккой, уæд, æвæдза, литературæмæ стыр æвæрæн бахæссиккой.

***

Антон Чеховмæ ахæм хъуыдыйад бакастæн: «Стихи хорошие, звучные, но холодные!»

Ирон литературæйы дæр ис ахæм поэттæ, хорз æмдзæвгæтæ фыссынц, сæ рæнхъытæ зæлланг кæнынц, фæлæ зæрдæйыл не ’мбæлынц: уазал сты.

***

Бæрæгъуынæй Фыдыбæсты Стыр хæстмæ ацыд 354 адæймаджы, фæстæмæ дзы нал раздæхт 140, уыдонимæ мæ фыд дæр.

***

Хозиты Яковæн, æнхъæлдæн, йæ дæс æмæ æртиссæдз азы юбилеймæ цыдыстæм, Кировыхъæумæ. Йæ хо Оля Дзæуджыхъæуы цард, æмæ нæ фæндаг уыдоныл акодтам. Фарстам æй йе ’фсымæры тыххæй, æмæ нын, мах кæй нæ зыдтам, ахæм хабæрттæ радзырдта...

Хозиты сыхæгтæ сæ фыртæн ус хастой. Цалынмæ чындзхæсджытæ хохæй фæстæмæ здæхтысты, уæдмæ горæтæй æрыхъуыст æвирхъау хабар: Яков Терчы фæдæлдон. Æнæхъæн хъæуæн дæр уый арвæй дур æрхауæгау уыди æмæ уаридзавдау фесты, уæлдайдæр, чындзæхсæвмæ чи ’рæмбырд, уыдон. Фæндырдзагъд æрдæгыл аскъуыд. Адæмы цæсгæмттыл циндзинадæн йæ кой дæр нал уыд.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.