Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 6 страница



 

Иу фæлтæр иннæуыл чи бæтты, уыдон

Адджын, зынаргъ ысты зæрдæйæн, удæн.

 

Намыс кæмæ у уæлдæр æвæрд цардæй,

Уый ном ыскъахын нæ бакомдзæн сартæй.

 

Адæмы низтæй цы лæг сæйы, уымæн

Тас нæу ысхъамыл уæвынæй йæ хуымæн.

 

Чи уа йæ кæстæртæй буц æмæ райгонд,

Уымæн цæудзæни йæ разæй йæ амонд.

 

Галиуæй рахиз кæмæ у хæстæгдæр,

Уый цыт цæрдзæни цыфæнды рæстæг дæр.

 

Чи уыд йæ заманы адæмæн уарзон,

Алкæцы дуг дæр уый хондзæн йæ фаззон.

 

Йæ сины саст фæрæстмæ и, зæгъгæ, дæр, æвæццæгæн, ахæм рæстæг фæзæгъынц. «Все что не случается, случается к лучшему», — уырысмæ та ахæм уадзæн ис.

***

Иу хатт Хуыдæлты Тепсыр Бæрæгъуыны уынгты æрцæйцыд æмæ лæппутæ иу рæгъы лæугæ куы ауыдта, уæд сæм дзуры:

— Фæрсæй-фæрстæм ма лæуут, исчи уыл кау абидзæн!

***

Иу лæппуйæн йæ цæст фæсахъат. Йæхи зонынхъом куы фæци, уæд йæ мады фæрсы:

— Мæ цæст цы кодта?

— Хæсгардимæ фæцæйтахтæ, размæ бахаудтæ æмæ йæ иу цыргъ кæрон дæ цæсты бауад.

— Æмæ мæм хæсгард цæмæн раттай?

— Бæргæ дын æй нæ лæвæрдтон, фæлæ кæугæ кодтай...

— Æмæ ма нырмæ дæр куыдтаин?

***

Иу лæппу иннæйы бæсты диктантæй фæлварæн дæттынмæ бацыд. Цæугæ бæргæ бакодта, фæлæ йæ балц нæ фæрæстмæ: «иу» райста.

Кæй бæсты бацыд, уый йын алывыд акалдта, мæхæдæг куы бацыдаин, уæд «дыууæ» уæддæр райстаин, зæгъгæ.

***

Фысджыты сфæлдыстадон хæдзары базонгæ дæн уырыссаг поэт Владимир Приходькоимæ. Сывæллæттæн бирæ чингуытæ ныффыста. Сфæнд кодта, Къоста сывæллæттæн цы ’мдзæвгæтæ ныффыста, уыдон уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæнын æмæ сæ хицæн чиныгæй рауадзын. Æхсызгон мын уыди, Къостайæн ма ноджыдæр иу тæлмацгæнæг кæй фæзынди, уый. Æхсызгон ма мын уый тыххæй дæр уыди, æмæ мын фадат фæци, йæ «дзывылдар» ын уырыссагау дæр «дзывылдар» схонынæн.

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ «дзывылдар» уырыссагау у «трясогузка», тæлмацгæнгæнджытæ та йæ раивтой æмæ схуыдтой «синица». Дзывылдар, хуссармæ чи атæхы æмæ йæ зымæг уым чи арвиты, ахæм маргъ у, синицæ — мит-митгæнаг (?) та ам баззайы. Уыцы хабæрттæ радзырдтон Владимирæн, «Дзывылдар» ын дæлрæнхъон тæлмац скодтон, æмæ фыццаг хатт Къостайы «Дзывылдар» уырыссагау «Трясогузка»-йæ рацыд. Приходько Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд схуыдта «А-ло-лай!». 1984 азы йæ мыхуыры рауагъта Мæскуыйы чиныгуадзæн «Малыш».

***

«Рæстдзинад»-ы дзырдбыдтæ ивгъуыд æнусы 60-æм азты фæзындысты. Фыццæгты уал сæ нæхи кусджытæ арæзтой. Йæ хъус сæм уæлдай тынгдæр дардта Хъуылаты Чермен. Радон номырмæ цы дзырдбыд бацæттæ кодта, уый бахаста редакторы хæдивæг Дзугаты Барисмæ. Уый йæм кæсы æмæ дзырд «кагор»-мæ бахæццæ. Ныр Чермен йæ уæлхъус лæууы. Фæрсы йæ:

— Ай цы у?

— «Кагор».

— Æмæ «Кагор» цы у?

— Ау, уый дын мæн амонын хъæуы? Зындгонд индиаг фыссæг.

— Дæуæн дæ сæры кагор йеддæмæ ницы и, — сбуста йыл кодта Барис, — æндæр индиаг фыссæг Тагор у, кагор нæ, фæлæ!

***

Ирон театры сæйраг режиссер Хуыгаты Геор мын йæ чиныг «Æрдхорд æфсымæртæ» балæвар кодта æмæ дзы ныффыста ахæм ныхæстæ: «Музафер, мæ хæлар! Мæ пьесæты чиныг дын лæвар кæнын, кæд смæсты уаис æмæ ды дæр пьесæтæ фыссын райдаис. Ахæм поэт, прозаик, театруарзаг æмæ иу пьесæ ма ныффысс! Хуыцау дæр дын æй нæ ныббардзæн æмæ æз дæр! Дæхи Хуыгаты Геор. 1998 азы 31 август, Дзæуджыхъæу».

Ахæм ныхæстæ-иу мын фембæлгæйæ дæр арæх дзырдта, фæлæ йын йæ фæндон, зæгъæн ис, æмæ нæ сæххæст кодтон. Уыйхыгъд пьесæтæ бирæ стæлмац кодтон, дæсæй дзы фылдæр æвæрд æрцыд ирон театры сценæйы.

Уæлдæр, «зæгъæн ис», зæгъгæ, хуымæтæджы нæ загътон. Цалдæр пьесæйы ныффыстон: дыууæ Дауыраты Харитонимæ — «Йæ фыды фырт» æмæ «Мæ цъæхдзыкку уалдзæг», иу — Кцойты Любæимæ — «Хорз кæрон», иу та — иунæгæй. Мæхæдæг кæй ныффыстон, уый хуыйны «Цæрæн бынат». Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ радиойæ фæдæттынц.

О, хæдæгай, ныффыстон ма иуактон пьесæ «Æвронггæнæн хос». А.П. Чеховы æмномон радзырдмæ гæсгæ. Чи зоны, Хуыцауы раз дæр æмæ Георы раз дæр бынтон аххосджынæй нæ баззадтæн.

***

Чехойты Сæрæби мæ хъæуккаг поэт уыд, фæлæ йæ чи зыдта, уыдонæй йæ бирæ сæхи хъæуккаг рахоныныл дæр нæ бафæстиат уыдаид, уымæн æмæ йæм иууылдæр хионы цæстæй кастысты. Бирæ фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ дæр уыцы зæрдæхæларæй баззад. Лымæнтæ йеддæмæ йын знаг нæ уыди, фæлæ, куы зæгъын, цардæй ницы федта. Аст азы бынтон æнаххосæй ахсты ном фæхаста. Куы суæгъд, уæддæр йæ бонтæ тыхст æмæ уырыдæй æрвыста, раздæр кæйдæр къуымты, стæй та, йæ хидвæллойæ цы иунæг уат бакуыста, уым.

Йæ бинойнаг Ленæ дæр уыдис йæхи хуызæн хæдæфсарм, зындзинæдтæн быхсон æмæ фæразон. Сæрæби, зæгъæн ис, æмæ æрыгонæй амард. Дыууадæс æмæ дыууиссæдз азы нæлгоймагæн бирæ рахонæн нæй, фæлæ, цардæй домд адæймаджы низтæ карæй нæ фæрсынц. Ленæ иунæгæй куы баззад, уæд йæ уавæртæ дзæвгар февзæрдæр сты. Фæцудыдта йе ’нæниздзинад дæр.

Хъысмæты афтæ бафæндыд, æмæ Сæрæбийы амардыл цалдæр азы куы рацыд, уæд мæнæн фатер раттой, Сæрæби кæм цард, уыцы хæдзары, æмæ Ленæйы, зæгъæн ис, æмæ алы бон дæр уыдтон. Йæ царды хабæрттæ-иу мын кодта. Хæстæг-хионæй йæм æввахс ничи цард æмæ тыхсти, низтæ йæ сæ быны куы скæной, уæд цы фæуыдзæн, ууыл. Сæрæбимæ хъæздыг библиотекæ уыд, æмæ мын-иу Ленæ афтæ бакодта, рацу æмæ дæм цавæр чингуытæ нæй, ахæмтæ равзар æмæ сæ рахæсс. Мæ зæрдæ никуы бакуымдта уырдæм бацæуын.

Сылгоймаг куы никæцырдæмуал æххæст — иуæй йæ цæрын хъуыд, иннæ ахæм ыл низтæ сагъуыд сты æмæ йæ хостæ фылдæр æлхæнын хъуыд — уæд чингуытæ уæй кæнын райдыдта æмæ, цы ’хца иста, уымæй-иу йæ кæцыдæр скъуыдтæ бампъызта. Иу заман та мын афтæ зæгъы, фæндаггаг мæм куы уаид, уæд, мæ хæстæджытæ Мæскуыйы бынмæ цæрынц æмæ уырдæм ацæуин. Æз чингуыты рауагъдады уæды директор Икъоты Юрийæн хабæрттæ радзырдтон æмæ сылгоймагæн баххуыс кæныныл сразы. Зæрдæ бавæрдтон Сæрæбийы æмдзæвгæтæ бацæттæ кæнынæй, Юрий та сæ рауадзынæй, æмæ къухфыстыл редактор Дзуццаты Зæлинæимæ кусын райдыдтам. Сæрæбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй ныффыстон, иу мыхуырон сыфæй фылдæр уыд, ахæм статья æмæ уыцы æрмæгимæ цыбыр рæстæгмæ чиныг дунейы рухс федта. Цы ’хцайы капеччытæ дзы райста, уыдоныл Ленæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бацин кодта, уымæн, æмæ уыдоны фæрцы йæ бон баци йæ хæстæджытæм ацæуын. Фатер ам дуарæхгæдæй баззад.

Цас рæстæг рацыдаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу бон Хæблиаты Сафармæ — фысджыты Цæдисы сæрдары уæды хæдивæгмæ — Ленæ телефонæй сдзырдта æмæ йын йæ хъæстытæ фæкодта. Цавæр хъæстытæ уыдысты, уый тыххæй Сафар бæлвырдæй ницы загъта, фæлæ мын бамбарын кодта, зæрæдты хæдзары мын бынат куы ссариккат, уæд уырдæм ацæуин, мæ фатер та фысджытæй искæмæн раттин, зæгъгæ. Сафар зæрæдты хæдзары директор Закаты Иринæимæ баныхас кодта, фæлæ Ленæ телефонæй нал сдзырдта...

***

Тар хъæды бæлас калын нæ комы,

Куы кæла, уæддæр хъæды кæронмæ...

 

Зарæджы ацы ныхæстыл никуы ахъуыды кодтон, ахъуыды кæнын та сыл цыма æмбæлди, афтæ мæм кæсы. Æцæгæйдæр, тар хъæды бæлас калын цæуылнæ хъуамæ кома? Тар чи нæу, уыцы хъæды бæлæстæй цы уæлдай у? У, æвæццæгæн. Тар хъæды бæлæстæ кæрæдзимæ хæстæг фæлæууынц, æмæ дзы иу куы акалай, уæд æй иннæтæ хауын нæ бауадздзысты. Хъæды кæрон цы бæлас акалай, уый та æрфæлдæхдзæн, уымæн æмæ, цæуыл банцой кæна, уый нæ уыдзæн. Зарæгæн ныхæстæ чи фыста, уый дæр канд рифмæйы мæт нæ кодта: йæ сæйраг сагъæс хъуыдыйыл уыд æмæ йын йæ равдисын, хуыздæр нæй, афтæ бантыст.

***

Иуæй-иу фысджыты адæм зонынц, Сталины ныхмæ кæй дзурынц, уымæй, иннæты та — сæ фыстытæй.

***

Плиты Грисы райгуырдыл дæс æмæ дыууиссæдз азы куы сæххæст, уæд ын ирон театры стыр литературон изæр сарæзтой. «Рæстдзинад»-ы номæй дзы ныхас кодтон æз. Бакастæн, мæхæдæг æмдзæвгæйы хуызы кæй ныффыстон, уыцы арфæ. Арфæйы ныхæстæ дзы уыди бирæ. Уыди дзы зарджытæ, æмдзæвгæтæ, спектакльтæй скъуыддзæгтæ, фæлæ дзы мæ зæрдыл бадардтон ахæм номыр: «Плиты Иссæйы зарæг». Ныхæстæ йын ныффыста Плиты Грис, музыкæ — Плиты Христофор, зарыди йæ Плиты Грис — поэт Грис нæ, фæлæ зарæггæнæг Грис...

***

Мызиков Володяимæ Мæскуыйы дыууæ азы иумæ фæцахуыр кодтам, цæргæ дæр иу уаты кодтам. Йæхицæй уæздандæр, æмгарджындæр, курдиатджындæр, зæрдæхæлардæр адæймæгтæ бирæ нæ федтон. Ирæттимæ афтæ балымæн, æмæ йыл иууылдæр не ’мзæххонау æнувыд уыдысты. Тынг лымæнæй царди се ’ппæтимæ дæр, уæлдайдæр — Фардзинты Савелий æмæ Созанаты Эльбрусимæ. Æмдзæрæны дæр не ’хсæн иу уат йеддæмæ нæ уыди.

Къостайы райгуырдыл авдыссæдз азы куы сæххæст, уæд юбилейы кадæн Мæскуыйы рауагъдад «Современник»-ы цыдис йе ’мдзæвгæты чиныг. Мыхуыр та йæ кодтой Волгограды типографийы. Володя та уыцырдыгон уыд. Цæмæй чиныг бæрæгбоны агъоммæ рацыдаид, уый тыххæй Ходы Камал — уæд куыста мыхуыры æмæ рауагъдæдты комитеты сæрдарæй — æмæ мæн арвыстой Волгæйы был горæтмæ. Уым Камал базонгæ Володяимæ æмæ уыимæ дæр бахæлар. Фæстæдæр — кæд раздæр уыди, уæддæр нæ зонын — Володяйы уазæгуаты схуыдтон нæхимæ. Иу къуырийы бæрц фæци Ирыстоны. Тынг ыл бацин кодтам иууылдæр, уæлдайдæр Фардзинты Савелий — хæхтæ йын фенын кодтам, базонгæ нæ зæрдылдарæн бынæттимæ.

Уæд æз куыстон Цæгат Ирыстоны радиохъусынад æмæ телеуынынады комитеты. Володяимæ партион скъолайы ахуыр кодтам журналистикæйы хайады. Ахуыры размæ уый куыста Волгограды облæсты фæсивæды газеты редакторæй, æз та — «Молодой коммунист»-ы редакторæй. Хъазгæйæ ма-иу афтæ дæр дзырдтам: «Иу уаты дыууæ редакторæн иу литературон кусæг дæр нæй».

Володя ма журналисты куыстæй уæлдай фыста æмдзæвгæтæ дæр, рацыдис ын чингуытæ. Гъе æмæ йæ нæ радиомæ æрбахуыдтон, йе ’мдзæвгæтæ бакаст æмæ сын гонорар куы райста — цас гонорар уыд, фæлæ уæддæр — уæд мын æхсызгон уыд. Æрмæст мæ цин бирæ нæ ахаста...

Володя ацыд æмæ дзы мæ кæстæр лæппу Ацæмæзæн велосипед балхæдта...

***

Мамсыраты Мурат рынчындонмæ бахауд. Машинæ йæ скъуырдта æмæ йæ сæры магъз сæнкъуыст. Куы сдзæбæх, уæд ма йæ æз мæстæй дæр мардтон:

— Раст диагноз дын нæ сæвæрдтой.

— Цæуылнæ?

— Куыд рабæрæг, афтæмæй дæ сæры магъз нæй, цы дзы сæнкъуыстаид, уый дæр нæ уыд, æмæ уый тыххæй æрлæууыдысты ахæм диагнозыл: сæнкъуысти йæ сæры кæхц.

Мурат цы дзуапп раттаид, уый нæ зыдта, æрмæст ма, Тæрхъус, зæгъгæ фæкодта.

Цыфæнды кæд уыди, уæддæр иуцасдæр рынчындоны фæхуыссыд. Фæлмæцын райдыдта, фæлæ йæ дохтыртæ хæдзармæ нæ уагътой, афон, дам дын нæма у. Мурат, афон ын у æви нæма, уый сбæрæг кæныны тыххæй бавдæлд, æмæ изæрæй иу авг водкæ банызта æмæ райсомæй куы ницы æндæрхуызон фæци, уæд уыцы бон йæхи рафыссын кодта...

***

Иу сихорафон нæхимæ бацыдтæн æмæ фынг æнæхсад къусæй йæ тæккæ дзагæй баййæфтон. Уæвгæ дзы къус йеддæмæ ницы уыди?! Æвæдза, уыцы фынг алыгъди, зæгъгæ, уæд нæ хæдзары дзаумайы мыггагæй ницыуал баззадаид. Марадз-зæгъай, кæд мæ хæрын нæ ферох! Уæдæ ныр бынтон æгадæй куыд аздæхон, зæгъгæ, гæххæтт æмæ ручкæ райстон æмæ ныффыстон: «Базон-базон, ацы мæгуыр лæгæн йæ ус цал азы размæ амард?»

Гæххæтт, къусæй-къоппæй рагъамадæй кæм лæууыдысты, уым сæвæрдтон æмæ æххормагæй фæстæмæ раздæхтæн...

Фæскуыст куы ’рбацыдтæн, уæд Фатимæйы — мæ бинойнаджы нæхимæ ’рбаййæфтон. Куы мæ ауыдта, уæд фырхудæгæй цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Цæуыл худыс, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд, сыгъдæг æфснайд стъолыл, абон цы гæххæтт ныууагътон, уымæ ацамыдта...

***

Цæмæй дзыкка тагъддæр равдыла, уый тыххæй, дам-иу афтæ дзырдтой:

 

Къæвда ’рбацæуы, къæвда,

Къæвда ’рбацæуы, къæвда...

***

Рæтæнæгъдтæ цыбыр сты, фæлæ гуыффæ йæ бынаты ис.

***

Æдылы дзурæгмæ зондджын хъусæг кæй хъæуы, уый зонын, фæлæ цымæ зондджын дзурæгмæ дæр æдылы хъусæг хъæуы?

***

Кæд адæймагæн йæхи райгуырын кæнын йæ бон нæу, уæд хъуамæ йæхи амарын дæр йæ бон ма уа.

***

Ацы хабар мын Хъуппеты Дзандар дзырдта. Æрхойнаг калмæн æрæгвæззæджы йæ тыхтæ æрлæмæгъ сты. Иу лæг æм фæцахуыр æмæ та-иу мæстæймарæгау йе ’нгуылдз йæ хуынчъы атъыста, фæлæ йын лæмæгъ калмы хæст ницы тых кодта. Куы дзы сфæлмæцыд, уæд бавдæлд, æмæ йæ хъаст бачъиттаг калммæ бахаста, афтæ ’мæ афтæ, иу лæг мæм фæцахуыр æмæ мæ цæрын нал уадзы, зæгъгæ. Хæцгæ йыл бæргæ фæкæнын, фæлæ, æвæццæгæн, мæ марджы тых нал и, æмæ йæ хъуыды дæр не ’ркæны.

— Мæ бар-ма йæ бауадз! — æртхъирæнгæнæгау загъта бачъиттаг калм. — Æрмæст мæ доны фаллаг фарсмæ де ’ккой бахæсс: æз ленк кæнын нæ зонын.

Æрбахаста йæ фаллаг фарсмæ æмæ йын йæ хуынкъ бацамыдта. Бады бачъиггаг калм æрхойнаг калмы хуынчъы æмæ æнхъæлмæ кæсы, лæг та йæ къух кæд æрбадардзæн, уымæ. Уæдмæ фæзынди уый дæр æмæ та йе ’нгуылдз калмы хуынчъы фæцавта.

— Æллæх! — фæхъæр ма кодта лæг æмæ йæ уд фелвæста.

Бачъиттаг калм хуынкъæй ралæст æмæ æрхойнагæн афтæ:

— Æрдæбон мæ доны сæрты де ’ккой куы ’рбацæйхастай, уæд мæ къæдзилы кæрон ахуылыдз, æндæр «æллæх» зæгъын дæр йæ бон нал бауыдаид...

Хуымæтæджы нæ баззад ныхас: «Бачъиттаг калм æмæ хъыхъхъаг куыдзæй фæхæцынæй куыд тæрсай, афтæ тæрсын хъæуы фыдсылæй дæр».

***

А. С. Пушкины райгуырды 200 азы бонмæ фысджыты Цæдис æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон чингуыты рауагъдад «Ир» бауынаффæ кодтой поэты æмдзæвгæтæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл рауадзын. Чиныг бацæттæ кæнын хæсгонд æрцыд мæнæн. Рацыди æмбырдгонд аив фæлгонцгондæй.

Мæскуыйæ нæм поэты бæрæгбоны фæдыл ссыди уазджытæ, сæ сæргъы Анатолий Парпара, афтæмæй. Йемæ сласта хæрзиуджытæ — Пушкины майдантæ, æмæ дзы ахæмтæм æрхауд, Пушкины уацмыстæй иу рæнхъ дæр чи никуы ратæлмац кодта, стæй юбилейон чиныгмæ хæстæг дæр чи нæ бацыди. Уыцы хабар мын мæ зæрдыл рагон анекдот æрлæууын кодта.

Дыууæ гуырдзиаджы Мæскуыйы стыр уынджы фæцæйцыдысты æмæ, Гоголы цыртдзæвæнмæ куы бахæццæ сты, уæд дзы иу иннæйы фæрсы:

— Ацы цыртдзæвæн кæмæн сæвæрдтой?

— Гоголæн.

— А, «Муму» чи ныффыста, уымæн?

— Нæ-а, «Муму» Тургенев ныффыста.

— Диссагæй цы кæныс! «Муму» Тургенев ныффыста, цыртдзæвæн та Гоголæн сæвæрдтой.

***

«Рæстдзинад»-ы цыппарыссæдз азы юбилей куы бæрæг кодтой, уæд иу поэт рацыд æмæ йæ ныхас райдыдта афтæ:

— Цæмæй мæ ныхас цыбырдæр рауайа, уый тыххæй æмдзæвгæ бакæсдзынæн, — æмæ, раныхасæй даргъдæр чи уыд, ахæм æмдзæвгæ бакаст.

***

«Мæ бары хай», — афтæ дзырдта не заманты сылгоймаг йæ лæгмæ.

***

— Пуй — йаллаурсинаг! — мæстыйæ-иу мæ мад афтæ арæх загъта. Фæстæдæр уыцы дзырдтæ никæмæйуал фехъуыстон, фысты дæр сыл никуы фембæлдтæн.

***

Къæзæнæг заргæ куы фæкæны, уæд къæзæнæг нал вæййы. Иу къæзæнæгæн, дам, йæ сыхаг афтæ зæгъы, æдзухдæр-ма заргæ кæн, цæмæй дæ къæзæнæг ма зына. Уый, дам ын афтæ:

— Æмæ дæ бинонты хуыздæр куы амæла, уæддæр-иу заргæ бацæуон?

***

Нæ кусджытæй иуæн йæ цонгыл уайæгой абадт, атыдта йæ, æмæ къух ныррæсыд. Рынчындоны йæ æвæрын бахъуыд. Дыккаг бон æй цалдæрæй бабæрæг кодтам. Бадæм йæ цуры, ныхæстæ кæнæм, куыд вæййы, афтæ йын зæрдæтæ æвæрæм. Уæд нæ хистæр йæхи фæзондджындæр кодта æмæ йын афтæ:

— Æгонгæй, ма сæм хъус. Уый хуымæтæджы цъутхал нæу. Фарон мæ сыхаг дæр ахæмæй амард...

***

Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми мын куы раттой, уæд радиойæ Хæблиаты Сафармæ уацхæссæг æрбацыд æмæ дзы ракуырдта, цæмæй уыцы цауы фæдыл йæ хъуыдытæ зæгъа. Радзырдта, цы йæ зæрды уыдис, уый. Ралæвæрдтой йæ радиойæ. Бирæтæ йæ фехъуыстой, бирæтæ та — нæ. Уыдонимæ æз дæр. Сафар мын ницы загъта, радиойы кусджытæй дæр мæм ничи фæхабар кодта, Сафар дæу тыххæй дзурдзæн æмæ-иу уæд æмæ уæд байхъус, зæгъгæ.

Дыккаг бон æнæнхъæлæджы радиомæ хъусын æмæ та Сафары интервью ногæй дæттынц. Байхъуыстон æм. Йæ ныхæстæ иууылдæр зæрдыл æмбæлдысты. Æхсызгон ын уыди, кæдæй-уæдæй, дам ма уыцы кадджын преми литературæйы тыххæй лæвæрд æрцыд æмæ афтæ дарддæр.

Куыстмæ куы ’рбацыдтæн, уæд мæ фæндаг Сафарыл акодтон (иу агъуысты куыстам, уый — дыккаг уæладзыджы, æз — цыппæрæмы) æмæ йын афтæ зæгъын:

— Нæ фæлæ цы фыд-зæрдæ дæ!

— Фыд-зæрдæйæ хъуаг нæ дæн, — мæ хъазæн ныхасæн мын хъазæн дзуапп ратта Сафар, — фæлæ уæддæр цы кодтон?

— Куыд цы кодтай, радиойæн интервью раттай æмæ мын æй зæгъгæ дæр нæ кодтай, фæлæ йæ æз уæддæр фехъуыстон.

— Дзеудзæлæй! — цыма йын хъыг уыди, уый хуызæн фæкодта Сафар, — мауал æй ныууадзæнт. Ныр мæм цалæй æрбадзырдтой, Музаферы тыххæй ахæм ныхæстæ цæмæн загътай, зæгъгæ!..

Æмæ ма радиоимæ баст иу ахæм хабар. Мæнæн преми куы раттой, уыцы Ног азы хæдразмæ мæм Чеджемты Æхсар телефонæй æрбадзырдта, нæ Ногбоны радиобакастмæ-ма-иу байхъус, дæу тыххæй дзы цалдæр ныхасы уыдзæн, зæгъгæ. Æмæ мыл Сарæйы æмбисонд æрцыди. Афтæ йын зæгъынц: «Дæ бæрзæй ныхс, уазджытæ нæм æрбацæудзæн!» Уый сын бустæхуызæй загъта: «Æмæ куы нæ ’рбацæуой, уæд та? Æдылыйы хуызæн æхсад бæрзæимæ баддзынæн?» Уыйау æз дæр радиобакастмæ фæхъуыстон, фæлæ дзы мæ кой иу ран дæр нæ уыди.

Фæстæдæр мын Æхсар куыд радзырдта, афтæмæй йæ аппæрста, кæимæ йæ цæттæ кодта (бакаст дыууæйæ ныффыстой), уый. Æгæр даргъ, дам, уыди. Æвæццæгæн, равдысты ныхас кæй тыххæй цыд, уым Къостайы премийæ æнæахадгæдæр цау нæ уыд. Æппаргæ йæ чи акодта, уый та уымæй размæ уыцы премимæ æвдыст уыд, фæлæ йыл къамисы уæнгты фылдæр хай не схъæлæс кодтой...

Цард, æвæццæгæн, ныхмæвæрд хабæрттæй арæзт у. Радиойы мæ кой куы уыдис, уæд мын æй зæгъгæ нæ кодтой, зæгъгæ мын æй куы кодтой, уæд та дзы мæ кой нæ уыди.

***

Мæ рагон гæххæттытимæ разынд ахæм фыст:

«Бицьоты Гришæ, Тотраты Руслан æмæ мæнæн фембæлд уыдис завод „Электроцинчы“ кусджытимæ. Автобусы сбадтыстæм æмæ дзы Абайты Саламыл амбæлдыстæм. Æнамонд хабар нын фехъусын кодта, Жорж Дюмезиль, дам, амард. Мæ цæссыгтæ бауромын нал бафæрæзтон... Цыфæндыйæ дæр æгæр лæмæгъ дæн. Уайтагъд мæ цæстытæ бауымæл вæййынц. Цымæ Дюмезиль мæнæй хæстæгдæр никæмæ уыд? Цыма йæ мæлæтæй мæнæй тынгдæр ничи фæрыст, афтæ мæм цæмæн кæсы? Æви мæн Ирыстон йеддæмæ хæрзты никæмæн бацыд?



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.