Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 20 страница



Дыккаг бон доны былмæ куы рацыдтæн, уæд Горькийы уынджы кæрон Терчы сæрты къаххиды уæллаг фарс мæ хорз зонгæ Самбегаты Гæвдийы, йæ къæбылайы алы райсом дæр йемæ чи рахоны, ахæм бæрзондгомау сырхцæсгом лæгимæ донмæ цæмæдæр æдзынæг кæсгæ сæййæфтон. Цы у, зæгъгæ, сæ цуры æрлæууыдтæн æмæ, уыдон кæдæм кастысты, уырдæм нымдзаст дæн. Доны тæнæг былгæрæгты ленкгæнгæ ауыдтон бабызы. Чысыл фæстæдæр мæ цæст æрхæцыд бабызæнгæс цыдæрыл. Уый доны былгæрон дуртыл æнæзмæлгæйæ лæууыд, æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй Гавдиитæ дæр уымæ кастысты. Схъæр ыл-иу кодтой, бавзыстой-иу æм, фæлæ, марадз-зæгъай, йæ бынатæй фезмæла. Мæхинымæр ахъуыды кодтон: «Æвæццæгæн, уазалæн нæ бафæрæзта æмæ ныссалд».

Йæ цуры цы бабыз уыд, уый æнæмæтæй ленк кодта. Уæвгæ уый хуымæтæджы ленк нæ уыди. Æваст-иу доны фæсæрбынмæ æмæ-иу дзæвгар рæстæг нал фæзынд. Куы-иу фæзынд, уæд та, æз æм æнхъæлмæ кæцы ранæй кастæн, уырдыгæй нæ, фæлæ бынтон æндæр ранæй. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дæлдоны йæхицæн холлагамал кодта.

Мæ хъуыдытæ мæ знон райсоммæ ахастой, кæд, зæгъын, знон дæр уыцы бабызыл фембæлдтæн.

Ныр мах Гæвди æмæ йе ’мбалимæ, æгас бабыз æмæ бабызæнгæс æндæргæй нæ цæст нæ исæм. Æз тæригъæд кодтон сæ дыууæйæн дæр. Иуæн, кæй басыд, — кæд æцæгæй басыд, уæд — уый тыххæй, иннæмæн — æнæ къайæ кæй баззад, уый тыххæй. Æрмæст æгасыл кæмдæр мæ зæрдæ худгæ дæр кодта: де ’мбалы ахæм уавæры уын æмæ дыл макæцырдыгæй зынæд! Дæ гуыбыны мæтæй дæ дæ уарзоны цур иуцъус абадынмæ дæр ма равдæлæд!

Уалынмæ Гæвди куы сдзурид:

— Уæртæ йæ базыр фезмæлыд.

Уыцы рæстæг æз бабызæнгæс æндæргмæ тынг æдзынæгæй кастæн, фæлæ дзы ницы базмæлгæ федтон. Æвæццæгæн, зæгъын, Гæвдимæ кæнæ кæсгæ афтæ фæкодта, кæнæ та æцæгдæр куы базмæлыдаид, уый йæ тынг фæндыд æмæ афтæ уымæн загъта. Ноджы мæ фарс рахæцыд къæбылайы хицау дæр:

— Уый къодах цыдæр у, цы дзы фезмæлыди?!

Мæ цымыдисдзинад фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ кодта. Ноджы Гæвди йæ хъуыды аивинаг куы нæ уыди, уæд сфæнд кодтон æцæгдзинад сбæлвырд кæнын. Гæвдиитæ, æвæццæгæн, дæлæрдæм цыдысты æмæ дарддæр сæ фæндаг дардтой, æз та хидыл фаллаг фарсмæ бахызтæн.

Доны стырдæр къабаз фаллаг фæрсты калд. Бабызы хуызæн æндæрг цы сакъадахыл уыд, уый дæр фаллаг былгæронæй хуыздæр зынд æмæ йæм уыцырдыгæй æрбакæсын сфæнд кодтон. Бабызæнгæсы цæмæй фæтæрсын кæнон, ахæм лæдзæггонд кæнæ дур агурынмæ фæдæн. Бæласы æмбыд къалиуыл фæхæст дæн. Доны былмæ бацыдтæн, мæ къухæй ма йæм иу хатт февзыстон, кæд фæтæрсид, зæгъгæ, фæлæ Къойы дурау æнæзмæлгæйæ лæууыд. Бæласы къалиуыл мæ зæрдæ ницы уыйас дардтон, уымæн æмæ æмбыд уыд, фæлæ йæ уæддæр фехстон. Доны астæумæ дæр нæ бахæццæ, афтæ дыууæ дихæй уылæнты аныгъуылд.

Æндæр тæрсæн агурынмæ фæдæн. Ацы хатт дзæбæх лæдзæгыл фæхæст дæн. Иудзæвгар фæхъавыны фæстæ йæ мæ тых-мæ бонæй ныддыввытт ластон. Лæдзæг бабыз-къодахыл чысыл ма бахъæуа ма суайа. Йæ цурмæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ салд — мард — къодах æнхъæл кæмæн уыдтæн, уый йæ базыртæ фæпака кодта æмæ иуварс стахт. Цыма мыл стыр хорздзинад æрцыд, афтæ бацин кодтон. Æртæ хъуыддаджы тыххæй.

Фыццаджыдæр, бабыз æгас кæй разынд, уый тыххæй.

Иннæмæй, Гæвдийы ныхас раст кæй рауад æмæ йыл мæнг дзурынæй кæй нæ фæдызæрдыг дæн, уый тыххæй.

Æртыккаджы та — æгас бабызыл мæ зæрдæ цæмæй худт, уымæй рæдигæ кæй кодтон.

***

Ме ’рдхорд, зындгонд нывгæнæг Челæхсаты Магрез мын йæ фын радзырдта:

— Дон раивылди. Мах æртæ ’мбалæй фаллаг фарсмæ бахизын хъуыд, фæлæ абухгæ уылæнтæм хæстæг цæуын дæр нæ уæндыдыстæм. Былгæронæй дæрддзæфгомау лæууыдыстæм æмæ хъуыдытæ кодтам, фаллаг фарсмæ цы хуызы баирвæзтæуа, зæгъгæ. Уалынмæ нæ размæ февзæрди æртæ хиды. Уылæнтæ-иу хаттæй-хатт сæ сæрты дæр акалдысты. Æз ме ’мбæлттæм дзурын: «Цалынмæ хидтæ не ’рбайсæфтысты, уæдмæ фæфале уæм!» Ничи мæм дзы байхъуыста. Ныр мæнæн та цыма фаллаг фарсмæ æнæбахизгæ нæ уыди. Æмæ, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, фæраст дæн. Хиды фæйнæфæрсты телтæ уагъд уыд æмæ уыдоныл мæ дыууæ къухæй хæцгæ, мæ уд мæ къухы хæсгæ фæфале дæн. Куыддæр мæ къах зæххыл æрæвæрдтон, афтæ фехъал дæн.

Дыккаг бон мæ фын ме ’мбæлттæн дзырдтон, æмæ мын дзы иу афтæ зæгъы, мах, дам, æртæйæ Ленинграды аивæдты академимæ цæудзыстæм, ды бахаудзынæ, мах — нæ. Йæ ныхæстæ æцæг рауадысты, афтæмæй ме ’мбæлттæ дыууæйæ дæр училище сырх дипломтимæ каст фесты...

***

Æвæдза, ацы чызджытæ диссаг сты...

Бинонты хъуыддаг æрæгмæ бакодтон. Æхсæрдæс æмæ мыл ссæдз азы куы рацыд, уæддæр ма равзар... Чысыл ма бахъæуа, «равзар-бавзар кодтон», зæгъгæ ма зæгъон. Нæ, уыди Калачы Пухоны аккаг къабайаг, фæлæ ахæм дзаума дарынмæ мæ ныфс нæма хастон. Уæвгæ та мæхи цæттæ кодтон. Иу хатт, йæ хистæр хоимæ иу агъуысты кæимæ куыстон, ахæм чызгимæ хæлар ныхас кодтон. Цæмæдæр гæсгæ йæм хионы цæстæй кастæн, æндæр йемæ мæхи афтæ дардтаин?!

О, æмæ та уæд дæр йæ хойы абæрæг кодта. Йæ хоимæ та, куы зæгъын, кæд нæ кусæндæттæ алыхуызæттæ уыдысты, уæддæр кусгæ иу ран кодтам æмæ хæларæй цардыстæм. Цыма мæ хæстæг уыди, уыйау мыл тыхсти, дæ амонд бацагурын афон дын у, зæгъгæ-иу мын арæх загъта. Уымæ гæсгæ йæ хомæ дæр фæныфсджындæр дæн æмæ йын афтæ зæгъын:

— Уæ институты (уæд ма йæхæдæг дæр студенткæ уыди) чызджытæй ма мын искæй бацамон.

Уый, цыма уыцы ныхæстæ фехъусынмæ рагæй æнхъæлмæ каст, уыйау æваст куы фæкæнид:

— Мæнæ мæхæдæг цы кæнын?..

Уæдæй фæстæмæ дзы мæхи дæрдты ласын райдыдтон. Йæ хоимæ дæр мын фыццаджы хуызæн ахастдзинæдтæ нал уыд...

Æвæдза, ацы устытæ диссаг сты...

Бинонтæ æрхастон, уæдæ цы уыдаид. Чидæр цы загъта, уыцы рæдыд, раджы уа, æрæджы, алкæмæн дæр æнæфæкæнгæ нæй. Уæ фарн бирæ уæд — мæ цот дæр конд уыдысты, афтæ дын мæ куыстмæ иу сылгоймаг йæ гыццыл чызгимæ йе ’мбалмæ куы ’рбацæуид. Сылгоймаджы æз дæр зыдтон, фæлæ йæ сывæллонимæ никуы федтон æмæ сæ дыууæйыл дæр бацин кодтон. Уæлдай фылдæр æргом аздæхтон сывæллонмæ. Цыдаид ыл иу æртæ-цыппар азы, æргуыбыр æм кодтон æмæ йæ рæвдауæн ныхæстæй буц кæнын:

— Мæнæ цы рæсугъд чызг и!..

Сылгоймаг уый айхъуыста, цы! Йæхи фæмæстыхуыз кодта — кæй зæгъын æй хъæуы, кæнгæ мæстыхуыз — æмæ йæ рахиз къахæй зæхцæвæгау февзидгæйæ сдзырдта:

— Æмæ йæ мадмæ цы фау æрхæсдзынæ?..

Æргом дзургæйæ, йæ мадмæ ницы фау æрхæссæн уыд...

Ацы нæлгоймæгтæ къаддæр диссаг не сты...

Æрыгон рæсугъд сылгоймаг йæ гыццыл чызгимæ дуканимæ бацыдысты. Рады æрлæууыдысты æмæ æнхъæлмæ кæсынц. Сæ разæй цы лæппулæг лæууыд, уый чызгыл цинтæ кæны:

— Ахæм ма дзы рæсугъд чызг уыдзæн! Ахæм зæрдæмæдзæугæ у, æмæ мæ йæ мадæн аба кæнын æрфæндыд...

***

Колхозы хосы цъына ссыгъд. Хадо йæ рæзты ’рцæйцыд, фæлæ йæм кæсгæ дæр нæ фæкодта. Уырыссаг сылгоймаг, зынг сирвæзт, уый куы ауыдта, уæд Хадойы фæстæ хъæр кæны, уæлæ колхозы хосыл чидæр арт бандзæрста, зæгъгæ. Хадо æрлæууыд æмæ йæм дзуры:

— Хадо сена не косил! Хадо сена не горит! Хадо сердце не болит!..

***

Раздæр куыд фыстон, афтæмæй нæ номдзыд ахуыргонд Абайты Васоимæ къорд хатты фембæлдтæн. Иу ахæм фембæлды рæстæг æй бафарстон, дæ уарзондæр литературон уацмыс цавæр у, зæгъгæ, æмæ мын æнæахъуыдыгæнгæйæ загъта:

— Достоевскийы роман «Идиот».

Цæмæн, уымæй йæ нал бафарстон, фæлæ йын фæстæдæр йæ фыстытæй иуы дзуапп ссардтон: «В истории русской словесности дважды был создан абсолютно убедительный и покоряющий образ положительного героя. Первый раз народом в лице Ильи Муромца, второй раз Достоевским в лице князя Мышкина в „Идиоте“. Казалось бы — ничего общего. Но это только по видимости. Сущность у них одна, истинно русская. Оба они — рыцари добра. Оба они олицетворяют одну идею: стойкость и неуничтожимость добра на нашей земле».

Не ’взагыл хъуыды кæнгæйæ, хаттæй-хатт тынг æнкъард сагъæстæм æрцæуын. Ахæм цæстæй йæм куы кæсæм, уæд бирæйы фаг нал суыдзæн. Æвзаг дæр кусæнгарзæй уæлдай нæу. Цæвæгæй хос куынæуал кæрдай, уæд æй згæ бахæрдзæн, æмæ æппынфæстаг зæххы хай бауыдзæн. Æвзагыл дзурæг куынæуал уа, уæд фесæфдзæн. Æвзагимæ та фесæфдзысты, чи йыл дзырдта, уыцы адæм. Æвгъау сты ахæм адæм (уæвгæ кæцыфæнды адæм дæр) фесæфынæн. Хуыцау нын цы диссаджы æвзаг ратта, ууыл сфæлдыстæуыд, дунейы æмбал кæмæн нæй, ахæм Нарты кадджытæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, хъарджытæ...

Не ’взаджы хъысмæт искæмæй аразгæ куы уаид, уæд иууылдæр хæцæнгæрзтæ райсиккам æмæ йемæ карз тохы бацæуиккам, ды нæ сафæг дæ, зæгъгæ. Фæлæ мардæрцыд уыциу рæстæг дыууæ хъуыддаджы у: не ’взаг бынгæнджытæ нæхæдæг стæм, нæхи ныхмæ сдзурынвæнд та, куыд кæсын, афтæмæй ничи кæны.

Æрæджы та ногæй бакастæн Баграт Шинкубайы роман «Последний из ушедших». Мæнæй кæнгæ куы уаид, уæд æз æппæтдæр саразин, цæмæй абхазаг фыссæджы уыцы диссаджы уацмыс бакæса алы ирон дæр — стæй канд ирон нæ, фæлæ, йе ’взагæн фесæфынæй тас кæцыдæриддæр чысыл адæмыхаттæн у, уыдонæй алкæй минæвар дæр — цæмæй йæ цæстытыл ауайа, æвзаджы фесæфтимæ сæм цы фидæн æнхъæлмæ кæсы, растдæр зæгъгæйæ та сын фидæн уæвгæ дæр кæй нæй, уый.

Æмæ куы зæгъын, не ’взагыл хъуыды кæнгæйæ тынг æнкъард сагъæсты ахæсты бахауын. Æмæ кæдæмыты нæ ахæццæ вæййын! Мæ тæккæ фæстагдæр ныфс ма кæд вæййы... халон...

Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, дзурын сахуыргæнæн ис канд тутиты нæ, фæлæ халæтты дæр. Гъемæ ма зæххыл цы фæстаг ирон баззайдзæн, уымæн афтæ ныффæдзæхсин, кæнæ ахæм ныстуан ныууадзин: «Иронау дзурын иу нæ, фæлæ цалдæр халоны дæр сахуыр кæн æмæ, ды куынæуал уай, уæд ма, æртæсæдæ азы цы маргъ цæры, уый фæрцы кæд не ’взагыл къорд рæстæджыты дзурæг уаид».

***

«Лæг амалæн конд у», — афтæ-иу загътой фыдæлтæ. Ноджы ма-иу афтæ дæр загътой: «Цæфхадæй сæфтæджы ’хсæн цæрын мæлæтæй хуыздæр у». Зынæй æрмæст мæ фæлтæр цы бавзæрстой, уый дæр чингуыты ныффыссынмæ бæззы. Нæ размæйы фæлтæрты кой нал кæнын. Уыдонæй бирæтæ сæ зындон уæлæуыл арвыстой. Фæлæ махæн дæр хъыцъыдон фагæй фылдæр нуазгæ ’рцыди. Нæ фæлæ ма æгæр фидар дæр стæм. Хуыскъæл æмæ дзындзалæгæй схъомыл у, лæджирттæг æмæ пысырайы æууæрцъыйæ де ’ххормæг саф, сабатизæры къæбæртæ æмæ чындзæхсæвы уæлдæйттæ дæ бæллиц уæнт! Кæцæй хъуамæ æрцæуа ахæм фæлтæрмæ зæнджы магъз!

Ныртæккæйы адæмæй ма цæхæрайы фых æмæ къæлуайы кой хъусгæ дæр исчи фæкодта?! Æмæ нын уыдон дæр фаг куы уыдаиккой! Æрæгвæззæгæй рагуалдзæгмæ цæхæрайы фых кæмæй кодтой, ахæм кæрдæг кæм ссардтаис?! Йæ хоры бæркадыл-иу афæдзы астæу былар кæмæн бафтыдæуыд, уый дын къæлуа цæмæй хъуамæ скодтаид?! Фæлæ амæлттæ кодтам. Ирвæзтыстæм. Сыдæй рæсыдыстæм, фæлæ, хæрзыстæмтæй фæстæмæ, нæхи мæлын нæ уагътам.

Æрмгуыройы тыххæй мæ цалдæр ныхасы зæгъын фæнды. Хистæртæ йæ зонынц, фæлæ мæ кæстæртæн, дзырд куыдæй равзæрд, уый бацамонын фæнды. Арæзт у дыууæ хайæ: «арм» æмæ «куыройæ», ома армæй зилгæ куырой.

О, уыдис ахæм куырой дæр, уымæн æмæ æцæг куырæйттæ нæ фаг кодта. Растдæр зæгъгæйæ та, кæм хор куыройæн нæ фаг кодта — дыууæ-æртæ килограммы куыройы фыдты ’хсæн баззадаид, кæм хорæн — куырой. Ахæм заман-иу мæгуыр лæджы хуыздæр æххуысгæнæг уыди æрмгуырой. Нартхоры цалдæр æфсиры дæр-иу дзы æрзил æмæ-иу дæ бинонты тыхст ацарæзтаис: йе ставдæй-иу ын хæдзары æфсин кас скодта, йæ лыстæгдæрæй — сир, бынтон лыстæгæй та — кæрдзын.

***

Сидзæрæн йæ къухтæ цыбыр сты: фыды ус æй æвналын нæ уадзы.

***

Ацы хабар мын Есенаты Женя радзырдта. Мæ мад, дам-иу афтæ сомы кодта: «Мæ тугæйдзаг æфсымæрты стæн!..»

«Тугæйдзаг» цæмæн, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын загъта: «Йæ дыууæ ’фсымæры революцийы рæстæджы фæмард сты æмæ сæ уымæ гæсгæ „тугæйдзаг“ хуыдта».

***

Мæ зонгæ музейы директор уыди, музей та — проспекты æмæ йын уынгæй мидæмæ бацæуæн нæ уыди. Йæ хæлæрттимæ бандоныл бадти кæнæ проспекты зылди æмæ йæ зæрдæйы дзæбæхæн рæстæг æрвыста.

Æрмæст æй иу сæрд къæвда æддæмæ ракæсын нæ бауагъта æмæ йын ахсты хуызæн йæ куысты бадгæ æрцыди...

***

Нæ мыггаджы сиахсы — замманай уæздан лæджы — не ’рвадæлтæй кæимæдæр зонгæ кодтон. Сиахс æй зыдта, каис — нæ. Хардзау æм æркаст, æз дæ куы зонын, уæд мæ ды цæуылнæ зоныс, зæгъгæ, æмæ йын афтæ:

— Мæ цæфхæдтæ уæ фæдыл цæуынæй куы баихсыдысты, уæд мæ куыннæ зоныс?!

***

Ме ’рдхорды мады хойы лæг нозтджынæй дзабырхуыйæн æрмадзмæ бацыд æмæ сын сæ къулыл, бындзытæ сæ фæд кæуыл ныууагътой, Сталины ахæм къам куы федта, уæд сæм загъд самадта, ахæм уавæрмæ йæ цæмæн æруагътат, зæгъгæ, æмæ йæ раскъуыдта.

Цырыхъхуыйджытæ сæхицæн фæтарстысты, паддзахадон æдасдзинады комитетмæ фæхабар кодтой. Уыдон æм æхсæвы бацыдысты æмæ йæ диваныл хуысгæ баййæфтой. Йæ дзыппы йын Сталины къам куы ссардтой, уæд лæджы семæ раластой. Фæстæдæр ын фондз æмæ ссæдз азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастой.

***

— Кæй дæ стыхсын кодтон, уый æмбарын, фæлæ мæ кæй стыхстæ, уый кæй не ’мбарыс, уымæ гæсгæ та дæм æххуысмæ дзурын.

***

Тыджыты Юриимæ телефонæй ныхас кодтон, æмæ мæм дзуры:

«Фæлæуу, мæнæ мæ рудзынг байгом, æмæ мæ дуар сæхгæнон».

***

Нæ фыдæлтæ хæрæг чъизи цæрæгойыл нымадтой. Æлгъыст дæр баззад: «Хæрæгæй хуым бакæн!» Кувинаг цы хорæй кодтой, уый дæр ыл не ’вæрдтой.

***

Мæ бинойнаг чындзæхсæвæй æрбацыд æмæ мын йæхицæй æппæлы:

— Ды мæ скаст нæ уадзыс, фæлæ мыл абон уазæг устытæ сæ цæст æрæвæрдтой. Билаонты Долоресимæ чындзы уатмæ куы бацыдыстæм, уæд дзы иу ус иннæмæн, æз дæр æй хъусын, афтæмæй, дзуры:

— Уæртæ Долоресимæ цы чызг æрбацыд, уый ма дæ лæппуйæн ракур. Мæ бинойнаг дзырд куы фæци, уæд ын загътон:

— Уыцы ус кæнæ цæстæй хъуаг уыд, кæнæ — сæрæй, кæна та — дыууæйæ дæр...

***

1999 азы 11 февралы мæ фыны федтон, цыма мын мæ раныхас мæн нæ бафæрсгæйæ телеуынынады программæмæ бахастой. Аив мæм нæ фæкаст, мæхæдæг æгас, афтæмæй мын «æнæ мæхи ус кæй ракуырдтой», уый. Куы райхъал дæн, уæддæр ма уыцы равджы уыдтæн. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ мæ æрбайрох, фæлæ та сихормæ ’ввахс мæ куысты мæ зæрдыл æрлæууыд. Лæугæ та ’ркодта, нæ куыстмæ бахизæны, постхæссæг газеттæ æмæ писмотæ кæм ныууадзы — дуаргæсмæ — уырдæм куы ’рхызтæн æмæ почтæ куы сцæйхастон, уæд.

Цæвиттон, асинтыл хæрдмæ хизгæйæ газеттыл мæ цæст ахæссын мæ зæрды уыд, фæлæ уыцы уысм фын мæ зæрдыл æрбалæууыд æмæ писмо (почтæимæ писмо дæр уыд) нæма райхæлдтон, суанг ма кæцæй уыд, уымæ дæр не ’ркастæн (цæмæндæр, фыны æцæгдзинад куы фехала, уымæй фæтарстæн), афтæмæй программæмæ кæсыныл фæдæн. 12 февралы майрæмбон уыд, уыцы бон та бынæттон газетты Ирыстоны радио æмæ телеуынынады программæ мыхуыргонд вæййы, æмæ диссагæй цы кæныс! — радиойы программæйы (УКВ) 15 февралы мæ цæст ахæм фыст куы ацахсид: «Дзасохты М. „Зымæгон радзырдтæ“».

Радиойы цыппæрдæс азы размæ куыстон. Уыцы радзырдтæ та эфиры уыдысты, уым ма куы куыстон, уæд. Уæдæй фæстæмæ сæ иу хатт дæр никуыуал раттой. Программæмæ сæ, фын кæй федтон, уый тыххæй бахастой æви, программæмæ хаст кæй æрцыдысты, фын уымæн федтон? Уыцы фарстæн дзуапп раттын мæ бон нæу, фæлæ мæ фын æцæгмæ дыккаг хатт кæй рацыд, уый бæлвырд у. Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ, мæ зынаргъ хъусджын худ куы фесæфт, уый размæ æхсæв мæ фыны федтон, цыма мын æй æмдзæрæнæй адавдæуыд. Уыцы хабары кой мæ чингуытæй кæцыдæры ис.

***

Мамсыраты Мурат йæ куыстæй цæуынвæнд куы скодта, уæд æй фарстой, цæмæн цæуыс, зæгъгæ.

— Нал кусын газеты. Фельетонтæ æз фыссын, мыхуыры куы рацæуой, уымæй та мæ хицæуттæ тæрсынц.

***

Хæтæгты Чермен тынг уæздан лæг уыди. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сахъатæй ссыди. Иу рæстæджы республикæйы прокуратурæ æмæ «Рæстдзинад»-ы редакци иу уæладзыджы куыстой. Раздæр ма йæ куы загътон: иу агъуысты мын кæимæ кусгæ ’рцыд, уыдонимæ хæларæй цардыстæм. Уæлдайдæр юристтимæ. Хаттæй-хатт-иу сæ не ’ххуыс дæр бахъуыди. «Понятой» ирон æвзагмæ куыд ратæлмац кæнон, уый нæ зонын, фæлæ-иу нæм æвдисæнты хуызы фæдзырдтой.

Прокуратурæйы чи куыста, уыдонæй бирæты нæмттæ æхсызгонæн æрымысын: Фидараты Дзантемыр, Лæгкуты Мæхæмæт, Джериаты Мухтар, Алексей Щелочинин, чи зоны, æппæты фыццаг та — Хæтæгты Чермены. Уый куыста прокуроры хæдивæгæй. Уыди æцæг ирон лæг. Æгъдауылхæст уæздан хистæр. Йæ ныхæстæм хъусынæй йын адæймаг не ’фсæст. Иу хатт та мын ахæм хабар радзырдта:

— Хæсты рæстæг мæ дæндаг срыст. Æфсæддон дохтырмæ бацыдтæн. Уый та уыди, иу-дыууæ æмæ ссæдз азмæ æввахс кæуыл цыдаид, ахæм нарæгастæу бурдзалыг рæсугъд чызг. Федта мæ æмæ загъта: «Ласын æй хъæуы, хъизæмарæй дæ мардзæни, пайда та дзы уæвгæ нал и». Слас æй, зæгъгæ йын загътон, уæдæ ма йын цы загътаин.

Мæхи ныхъхъæддых кодтон: ахæм зæды хуызæн чызджы раз мæхи лæмæгъæй куыд хъуамæ равдыстаин, кæд мын укол не скодта, уæддæр! Кæй зæгъын æй хъæуы, рисгæ тынг кодта, фæлæ уæддæр ныффæрæзтон. Дæндаг чызджы къухы куы ауыдтон, уæд загътон, мæхи йæ разы ницæмæй цæсты бафтыдтон, зæгъгæ, фæлæ кæсын, æмæ чызджы къухыл зыр-зыр бахæцыд, йæхæдæг ныффæлурс. Йæ зæрдæ куы фæцæйхъарм кодта, уæд ын йæ астæуыл фæхæцыдтæн, бауыгътон æй, цы кæныс, зæгъгæ. Уый йæ цæстытæ байгом кодта æмæ уыцы тарстхуызæй загъта:

— Дзæбæх дæндаг сластон...

Цы ма йын загътаин! Ноджыдæр ма йæ иу хатт бауыгътон, цæмæй йæ уд йе ’муд æрцыдаид, уый тыххæй, æмæ йæм дзурын:

— Ныр та сахъат дæндаг слас!

***

Зæнджиаты Бæбу ирон адæмæн бирæ хæрзты бацыд. Ракæндзынæн дзы ахæм хабары кой. Скæсæнмæ кусынмæ ацыди, цыдæр æхцатæ бамбырд кодта æмæ дзы Цъæйы комы, таргъæнджын рынчынтæ сæхи кæм дзæбæх кодтой, ахæм хæдзар сарæзта. Уый æхсызгондзинад канд рынчынтæн не ’рхаста, фæлæ, ирон адæмы хъысмæт æцæгæлон кæмæн нæ уыд, нæ дзыллæйы фидæныл чи мæт кодта, уыдонæн се ’ппæтæн дæр. Уыцы хабар Дзасохты Гигомæ куы бахæццæ, уæд æй газеты ныффыста, бафæзмын кæй хъæуы, ахæм цæвиттон у, зæгъгæ.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.