Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ЦЫППÆРÆМ ХАЙ 1 страница



... Когда человек пишет о самом себе,

он пишет и о нас, и о других.

Виктор Шкловский

 

Зондджын адæмæй чидæр афтæ загъта, цыфæнды æвзæр чиныгæй дæр, дам, исты хорздзинад базондзынæ. Æз та афтæ зæгъин: «Цыфæнды æвзæр адæймагмæ дæр исты хорз миниуæгæн æнæуæвгæ нæй, уымæн æмæ æнæаипп куыд ничи у, афтæ æнæхорз дæр ничи у, фæлæ фыццæгтæн сæ хорздзинæдтæ фылдæр вæййынц, дыккæгтæн — се ’взæрдзинæдтæ, æмæ хæрзтæн сæ аиппытæ нал фæзынынц, æвзæртæн — сæ хорздзинæдтæ».

«Рæстдзинад»-ы куы куыстон, уæд нæм иу ницæйаг уыди. Асæй — дынджыр, хæрзконд, фæлæ дзы зæрдæ ницæмæй рухс кодта. Алы ран дæр пъæнæзау йæхирдæм ссывта. Уый сæрвæлтау та алцыдæр йæ сæрмæ хаста. Йе ’взæр миниуджытæн сæ фылдæр баст уыдысты козбаудзинадимæ. Кæйфæнды зæвæттæ дæр басдæрдтаид, æрмæст ын дзы исты пайда уæд. Цал æмæ цал стыр æмæ гыццыл хицауы бын атылди, цал æмæ дзы цалы йæхимæ бынмæ æркæсын кодта! Йæ сæрмæ æгаддзинадæй цы нæ хаста, ахæм нæ уыди. Æгады уавæрты йæ бирæ хæттыты федтон, фæлæ мæ дзы иу никуы ферох уыдзæн...

Уыцы рæстæджы фæсчъылдымæй бирæ цыдæртæ хастой. Зонгæ кæмæн уыдис, исты æнхъæлмæ кæмæ кастысты, æхца кæмæ уыдис, уыдон. Уæлдæр бынæтты бадджытæн та, хастой, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд бынтон раст нæ уыдзынæн, уымæн æмæ уыдонæн ласгæ кодтой. Æмæ-иу дефицит цæмæй нæ ацарæзтой! Суанг ма чъылдымсæрфæн гæххæтт дæр æнцонтæй ссарæн нæ уыдис. Куы-иу фæзындис, уæд-иу æй дуканигæстæ сæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттыл айуæрстой. Цы ма-иу дзы аззад, уыдонмæ та дæргъæй-дæргъмæ рады лæууын хъуыд.

О, æмæ та иу ахæм рæстæг скодта, ома гæххæтт дуканимæ куы ’рбаластой, ахæм рæстæг. А Теуа — Мурат æй фæсномыгæй афтæ хуыдта — йæ цæсгомы руаджы кæдæмфæнды дæр бафсæрстаид, адæмы сæрты-иу йæ дынджыр къухтæй бацамыдта, уæртæ ма мын уый æмæ уый радæтт, мæн не ’вдæлы, зæгъгæ, æмæ та-иу дуканигæс дæр йæ коммæ бакаст. Йæ уындмæ гæсгæ йын исты ’нхъæл уыдысты, æмæ-иу æлхæнджытæ дæр фылдæр хатт йæ ныхмæ сдзурын ницыуал бафæрæзтой.

Гъе, æмæ нæ куысты бакомкоммæ цы дукани уыд, уырдæм уыцы агургæ æмæ æнæаргæ гæххæтт æрбаластой. Теуайæн йе смудæнтæ афтæ куыстой, æмæ гæххæтты тæф дæр дардмæ æмбæрстой. Уайтагъд хицаумæ смидæг, гæххæтт æй хъæуы æви нæ хъæуы, уый базоныны тыххæй. Хъуыдис æй, уый куы бамбæрста, уæд тагъд-тагъд асинтыл фæдæлæмæ кодта. Редактормæ куы бауад, уæд æз дæр уым уыдтæн æмæ сын сæ ныхæстæ фехъуыстон.

Цыппæрæм уæладзыджы балкъонæй йæм мæ цæст дарын. Бирæ ’нхъæлмæ кæсын мæ нæ бахъуыд: уайтагъд йе ’ккой хъæбæр гæххæтты дынджыр асыкк, афтæмæй дуканийы къæсæрыл фæзынд æмæ уынджы æрбацæхгæрмæ кодта. Уыцы рæстæг трамвайы уынæр мæ хъустыл ауад. Теуайæн, æвæццæгæн, хицау дзы куыд фæбузныг уыдзæн, уыцы нывтæ йæ цæстытыл уадысты æмæ трамвай, иуæй, уынгæ нæ фæкодта, иннæмæй йын йæ хъæр нæ фехъуыста æмæ уыцы æнæмæтæй æрбацæйлæгæрста. Уæдмæ йæм трамвай дæр æрæввахс æмæ, Теуайы рæзты цы лæппутæ сцæйцыд, уыдонæй йæм иу фæхъæр кодта, «трамвай», зæгъгæ, æмæ уый дæр йæхи иуварс аппæрста, æндæр æмбисонд фæцæйкодта. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн: «Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ йыл, зæгъын, ныр исты æрцыд, æмæ, цы уавæрты фæмард, уый адæм куы базыдтаиккой, уæд дзы цымæ цытæ дзырдтаиккой!»

Цыппæрæм уæладзыгмæ куы схызт, уæд йæ хид йæ фындзы хъæлæй калд, афтæмæй редакторы кусæн уаты фæмидæг.

Æмæ йæ кой цæмæн ракодтон, уый, уæлдæр цы хъуыды загътон, уыимæ баст у. Цыфæнды æвзæр адæймагæй дæр исты хорздзинад базонæн ис. Æз Теуайæ цы хорздзинад (уæвгæ уымæн хорздзинад рахонæн дæр зынæй ис, фæлæ уæддæр) базыдтон, уый зæгъын ис мæ зæрды.

«Рæстдзинад»-ы кусын куы райдыдтон, уæд Теуаимæ иу уаты бадт фестæм. Фыццаг бонтæй мын иуы афтæ зæгъы:

— Гæххæттæн «цæсгом» кæй ис, уый зоныс?

Нæ йæ зыдтон, кæй зæгъын æй хъæуы.

— Ардæм-ма рауай, — æмæ мæ йæ цурмæ бахуыдта.

Гæххæтты сыфæн мын мæ уырзтæ раздæр йæ иу фарсыл ахафта, стæй та йе ’ннæ фарсыл. Йæ иу фарс æцæгæйдæр лæгъздæр уыд, æмæ мын афтæ зæгъы:

— Уый йæ «цæсгом» у, иннæ та — йæ чъылдым. Фыссын дæр лæгъздæр фарсыл хъæуы.

Фæстæдæр-иу æм истæуыл куы смæсты дæн, уæд ын-иу афтæ зæгъынмæ хъавыдтæн, цæсгом ма гæххæттæн дæр куы ис, уæд дæуыл цæуылнæ ис, зæгъгæ, фæлæ мæ хистæры ахæм æгады бынаты сæвæрынмæ мæ ныфс никуы бахастон. Æнæуи та гæххæттæн «цæсгом» кæй ис, уый Теуа йеддæмæ никуы никæмæйуал фехъуыстон æмæ йæ абоны онг дæр нæ зыдтаин.

Уый дын æвзæр чиныг æмæ æвзæр адæймаг!

Æппындæр ницæмæн бæззоныл кæй фæнымайынц, уымæй хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Ау, къæппæджы холлагæн дæр нæ бæззы?!» Стæй æвзæр адæймаг дæр цæмæндæр æххуыс у: уый цытæ кæны, уыдæттæ ма кæн æмæ дæуæй хуыздæр нæ уыдзæн.

Хæсты архайджытæ дæр алыхуызæттæ сты. Иуæй-иутæ, хæсты уыдысты, нæ, уый бирæтæ зонгæ дæр нæ фæкæнынц, уымæн æмæ сæхи уæзданæй февдисынц. Иннæтæм та афтæ кæсы, цыма уыдон куы нæ уыдаиккой, уæд Гитлер йæ гæрзтæ иу-дæс азы фæстæдæр æрæвæрдтаид. Æцæг хæстон лæг йæхицæй никуы раппæлдзæн, йæхицæй чи феппæлы, уый та æцæгæй никуы хæцыд.

Уæ фарн бирæ уæд, мæ бинойнаджы фыд Фыдыбæстæйы хæсты архайæг уыд, фæлæ дзы хæсты кой никуы фехъуыстон, афтæмæй хорзæхтимæ ссыди. Æрмæст ордентæ йæм уыди цыппар. Уыдонимæ цас майдантæ вæййы, уый та алчидæр зоны. Хæсты фæстæ, ома тохы бонтыл дзæвгар азтæ куы рацыд, уæд ма йæ хæрзиуджытыл Фыдыбæстæйы Хæсты орден бафтыд. Уый, мæнмæ гæсгæ, ордентæ кæмæ уыд, уыдонæй алкæмæн дæр лæвæрдтой, фæлæ йæ Зæнджиаты Хъауырбег йæ риуыл никуы бакодта, уый, дам, иннæты хуызæн хæсты нæ райстон. Ацы хабæрттæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодта иу цау.

Иу-цыппæрдæс азы размæ мын ног фатер раттой. Мæ зæронд фатер дæр — мæхи тæрныхæй куы равдыстаин æмæ иннæтæ куыдтæтæ кодтой, ахæм митæ мæ сæрмæ куы хастаин, уæд мæхицæн баззадаид, фæлæ мæн афтæмæй фатер нæ, фæлæ галуантæ дæр нæ хъæуы. Ныууагътон мæ хæдзар æмæ йæ фæзуат иучысыл къаддæр кæмæн уыд, фæлæ йæ ран мæ зæрдæмæ тынгдæр кæмæн цыд, уырдæм æрбалыгъдтæн (раст зæгъын хъæуы, горæххæсткомы уæды сæрдар Михаил Шаталов йæ дзырдæн хицау разынд æмæ мын, бинонты нымæцмæ гæсгæ цы фæзуат цух уыдтæн, уый баххæст кодта).

Мæ ног фатеры цалдæр боны ацардтæн, афтæ дын мын иу райсом мæ кусæн уаты дуар куы ’рбахостæуаид.

Мидæмæ, зæгъгæ, загътон, æмæ мæ къæсæрæй иу æнæзонгæ лæг æрбахызт.

Кæрæдзийæн салам раттам. Йæ мыггаг мын загъта, æз, дам, дæ зæронд фатер кæмæн раттой, уыцы бинонты хистæр дæн.

Мæ зæрдæ алырдæмыты ахсайдта. Кæд фатеры мызд нæ бафыстам, йе электрон рухс кæнæ газы тыххæй исты хæсджынæй баззадыстæм. Ахæм заман алцæмæн дæр уæвæн вæййы.

— Æмæ дзы цы дæ зæрдæмæ нæ цæуы? Мыййаг дзы исты зæрдæхсаинагæй ныууагътам?

— Алцыдæр йæ бынаты ис, æз дæм æндæр хъуыддаджы тыххæй æрбацыдтæн: дæ телефон мын куы ныууадзис... Æз хæсты архайæг дæн...

Мæ тъæнгтæ мын ацагътой йæ ныхæстæ. Хæсты архайджытæ мын зынаргъ сты. Æцæг хæсты æцæг архайджытæ, фæлæ хæсты архайæджы номæй йæхицæн царды хостæ чи домы, уыдон, мæнмæ гæсгæ, æгад кæнынц канд сæхи нæ, фæлæ, тохы быдыры цы милуангай хъæбатыртæ баззад, уыдоны нæмттæ дæр. Стæй мæм диссаг уый кæсы, йæ дарæг Фыдыбæсты сæрвæлтау кæмæн фæмард, уыдоны бинонты иу æрхъуыдыгæнæг куынникуы фæци? Æгасæй чи баззад, уыдонæн цы кад æмæ æгъдау кæнынц, уый раппæлинаг куыннæ у — кæд ын фаг рахонæн нæй, уæддæр, фæлæ, æнусмæ æцæгæлон зæххыл (нæхи зæххыл дæр уæд) хуысгæйæ чи баззад, уыдоны нæмттæ куынникуы ницæмæй æрхъуыды кодтой, сæ фæстæ кæй ныууагътой, уыцы кæстæртæн фæлмæн ныхасæй уæддæр сæ зæрдæтæ куыд никуы балхæдтой? Нæ уæлахизæн уал æмæ уал юбилейы уыди æмæ цымæ, сидзæрæй чи баззад, уыдонæн сæ намысджын фыдæлты тыххæй «бузныг» иуæн уæддæр цæуылнæ искуы загътой?

Мæ уазæджы ныхæстæ мын хъыг уый тыххæй уыдысты. Тызмæг ныхас скæнын æм ме ’взаг нæ батасыд, фæлæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон:

— Мæнæн та мæ фыд хæстæй нал ссыди...

Лæг цыдæрхуызон фæци. Куыд бамбæрстон, афтæмæй, ахæм дзуапп фехъусын æнхъæлмæ нæ каст, æндæр къахдзæф дæр не ’рбакодтаид. Хъыпп-сыпп йæ дзыхæй нал ссыд. Сыстад, «хæрзбон» дæр мын нал загъта, афтæмæй ацыд...

Дзæвгар рæстæг мæ куыст райдайын мæ бон нал баци. Хъуыдытæ кæрæдзийы ивгæ цыдысты. Мæ фатеры æрцæрæг хæсты куы фæмард уыдаид, мæ фыд та сæрæгасæй куы сыздæхтаид æмæ хæсты фæудæй дæсгай азты фæстæ йæ фыртмæ куы бацыдаид æмæ йын, мæнæн цы ныхæстæ загъта, уыдон куы загътаид æмæ йæм уыцы ныхæстæ мæрдтæм куы байхъуыстаиккой, уæд æм цымæ куыд фæкастаид?

Ахæм æмæ æндæр хъуыдыты ахæстæй раирвæзын дзæвгар рæстæг нал бафæрæзтон. Фæстагмæ æрсабыр дæн, кæд æм, зæгъын, мыййаг, йе ’рбацыдыл фæсмон æрцыд æмæ уымæн ницыуал загъта...

***

Терчы был куы ’рцардтæн, уæд мæ зонгæтыл дзæвгар бафтыд. Алы бон дæр йæ былгæронмæ тезгъо кæнынмæ чи рацæуы, уыдон кæрæдзийы раздæр хуызмæ гæсгæ базонынц, фæлæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ æнæмæнг хæстæгдæр базонгæ вæййынц. Афтæ базонгæ дæн Калоты Валодяимæ. Уæздан, хæдæфсарм ирон лæг. Цæрæнбонты таксийыл фæкуыста. Йæ бинойнагимæ иу чызг схъомыл кодтой, æмæ Грецимæ мой скодта. Йæ цардæй ницæмæй хъаст кæны. Йе схæсджыты йæ мой æмæ сæ кæстæртимæ нæ рох кæны. Валодя дæр, кæд ыл азтæ рацыд, уæддæр йæ кæстæрты йæ бинойнагимæ абæрæг кæны.

Иу райсом та Калойы-фыртимæ Терчы был амбæлдыстæм. Цæуæм, ныхæстæ кæнæм. Уалынмæ нæ иу бæрзондгомау цъæхдзаст, Валодяйæ кæстæр чи уыдаид, ахæм лæппу æрбаййæфта æмæ йын цæугæ-цæуын, дæ райсом хорз, Алик, зæгъгæ, салам ратта.

Лæппу куы ацыди, уæд Валодяйы фæрсын.

— Алик-номæй та дæм цæмæн дзурынц?

Йæ мыдбылты бахудгæйæ мын афтæ:

— Дыууæ номы мын ис...

— Цæмæн? — дисхуызæй йæ бафарстон æз.

— Уый дардыл хабар у, фæлæ дын æй цыбыртæй радзурдзынæн. Цæвиттон, æз Чъребайы райгуырдтæн, мæ мадырвадæлтæм. Нæхæдæг Къостайыхъæуы цардыстæм, æмæ уырдæм хабар куы ныхъхъуысти, уæд мæ фыдымад Беслехъонмæ цалдæрæй хæрзæггурæггаг фесты. Зæронд ус фырцинæй цы акодтаид, уый нал зыдта æмæ цуайнаджы фысы цæхджын фæхсынтæ фыцынмæ бавæрдта. Цалынмæ уыдон фыхтысты, уæдмæ æртæкъахыг фынг нозт æмæ хæрдæй айдзаг кодта.

Хабархæсджытæ æртæйæ рабадтысты æмæ гаджидæуттæ уадзынц. Иу заман сæ кæстæр зæронд усмæ дзуры:

— Ном ыл цы сæвæрдтой, уый зоныс, Беслехъон?

— Мæнæн бындар фæзынди, æмæ йыл цыфæнды сæвæрæнт. Нæмттæй та цы уæлдай и?

— Ис дзы, ис, Беслехъон. Иуæй-иу нæмттæ, номдзыд адæм сæ кæй фæхæссынц, уый тыххæй кадджындæр вæййынц. Дæуæн дæр дæ лæппуйыл ахæм ном сæвæрдтой: Валодя.

— Омæ цы кæны, Валодя дæр хорз ном у, цæргæ мын кæнæд æмæ, Валодятæй амондджындæр чи уыд, уый æмбал æй Лæгтыдзуар фæкæнæд!

— Æмæ йыл Валодя цæмæн сæвæрдтой, уый зоныс? Уый стыр лæджы ном у, стыр, паддзахы йæ къæлæтджынæй раппæрста.

Зæронд ус уый айхъуыста, цы! Цыма калмæн йæ сæрыл цæхх ачынд, уыйау фæци:

— Æмæ уый Ленин куы хуыйны.

— О, о, Ленин, фæлæ йæ ном та Владимир хуыйны, Валодя.

— Мæнæ мын мæ лæппуйыл кæй ном сæвæрдтой?! Мæ фыды фос мын чи байста, мæ фыдыфыды мын Сыбыры бинаг къæй чи балæууын кодта, уый ном ыл сæвæрдтой? Дыууæ мин фысы аргъ нын куы раттаиккой æмæ сын сæ хицæутты фыййæуттæй куы сæвæрдтаиккой, уæд дæр ма йын лæг ныххатыр кодтаид, фæлæ...

Зæронд ус айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ рауад æмæ, цуайнаджы цы фæхсынтæ фыхт, уый фæфæлдæхта. Куыйтæ уый ауыдтой, цы! Æрбатахтысты æмæ дзидзатыл сæхи андзæрстой, фæлæ, судзгæ кæнынц, уый куы базыдтой, уæд фыдызгъæлмæ сæ комыдæттæ уадысты, фæлæ сæм хæстæг цæуын нал уæндыдысты. Ус хæдзармæ бацыд. Уазджытæн сæ фынг сæ разæй фелвæста æмæ сыл схъæр кодта:

— Цæугæут ардыгæй уæ Валодяимæ!..

Уыцы бон райгуырди мæ дыккаг ном дæр. Зæронд ус мыл сæвæрдта Алик. Мæ фыццаг номæй мæм йæ цуры дзурын ничиуал уæндыд. Чындзытæй-иу мæм исчи, Валодя, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд-иу æм Беслехъон йæ лæдзæджы кæронæй йæхимæ фæдзырдта. Куы-иу æм бацыд, уæд-иу æй лæдзæгæй ныддаудта:

— Уый та дын Валодя!

***

1975 азы фæуынмæ хъавыдтæн Уæлдæр партион скъола. Æртæ къуырийы нæ практикæйы арвыстой Ленинградмæ. Уым зонгæ кодтам бынæттон радиойы куыстимæ. Бирæ фембæлдтытæ нын уыди газеттæ æмæ журналты редакцитимæ. Мæ зæрдыл дзы æппæты тынгдæр цы бадардтон, уый уыди облæстон газет «Ленинградская правда»-йы редакторимæ фембæлд. Йæ мыггаг мæ ферох, фæлæ йæ ныхæстæй бирæ зондæн райсынмæ бæззыдысты. Раздæр, дам, обкомы пропагандæ æмæ агитацийы хайады куыстон. Газетмæ мæ куы ’рвыстой, уæд сын ахæм дзырдæй сразы дæн: обкомы ’рдыгæй мын иунæг хицау йеддæмæ куыннæ уа, афтæ. Чифæнды дæр уæд, мæнæн уæлдай нæу, фæнды фыццаг секретарь уæд, фæнды — æфснайæг.

Кусын куы райдыдтон, уæд сæ уыцы ныхæстæ ферох сты æмæ мын дзы алчидæр йæхицæй уынаффæгæнæг арæзта. Чи-иу загъта, уæртæ уыцы æмбырдмæ уацхæссæг арвит, чи — ахæм æмæ ахæм фарстайы фæдыл фарс бацæттæ кæн, чи цы. Мæ бон сæ куынæуал уыд, уæд мæ хъаст фыццаг секретармæ бахастон æмæ, ныхасгонд цы хъуыддагыл уыдыстæм, уый йын йæ зæрдыл æрлæууын кодтон...

Уæдæй фæстæмæ мæм обкомы уынаффæтæ хæццæ кодта иу адæймаг, æмæ мæ куыст, куыд æмбæлы, ахæм уагыл цæуын райдыдта.

Уыцы фембæлд мæ нæ рох кæны. Æвæццæгæн, зондджын лæг (цыма Наполеон Бонапарт уыди, афтæ мæм кæсы) хуымæтæджы нæ загъта:

«Бирæ хорз разамонджытæй иу æвзæр разамонæг хуыздæр у».

***

Рæстæджытæ куыд тагъд ивынц, уый диссаг у. Цыфæндыйæ дæр хæстæй æнамонддæр хъуыддагæн æрхъуыдыгæнæн нæй. Уæлдæр Наполеоны кой кодтон. Йæ ном айхъуысти æппæт дунейыл. Куыд дзурынц, афтæмæй уымæй фылдæр чингуытæ никæуыл ма ныффыстæуыд. Чи зоны, цы нæ уыд, ахæм дæр уыдоны руаджы сси. Джордж Гордон Байрон хуымæтæджы нæ фыста:

 

Но слава, слава даже Бонапарта

Есть детище газетного азарта.

 

Зондджын лæг кæй уыди, ууыл ныхас дæр нæй, фæлæ фæлтæрты цæсты уымæй не скадджын. Скадджын йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй. Лæбурдта алы бæстæтæм, хъавыди дуне басæттынмæ, æмæ цæмæ ’рцыд йæ кæрон? Байрон та йын йæ уыцы уавæрæн дæр раст аргъ скодта:

 

Так низко пасть и быть в живых!

 

Цас туг ныккалдта Бонапарт?! Цал горæты æмæ хъæуы ныппырх кодта?! Цалы ныууагъта сидзæрæй?! Йæ сен сен нæ уыд Гитлерæн. Уый дæр бавнæлдта дуне йæхи бакæнынмæ, фæлæ йæ кæрон ноджы фыддæр рауад. Уый ноджы фылдæр фыдбылызтæ ’рхаста, фылдæр адæмы тæригъæды бацыд æмæ йын, æвæццæгæн, фыддæр кæрон дæр уымæн уыд.

Фыдыбæстæйы стыр хæст куы фæци, уæд адæм Хуыцаумæ кувæгау дзырдтой ахæм ныхæстæ: «Æрмæстдæр хæст ма уæд, æндæр алцæмæн дæр бафæраздзыстæм». Уырыссæгтæм дæр уыд ахæм табуйаг дзырдтæ: «Лишь бы не было войны».

Ныр æртиссæдз азæй фылдæр, дуне чи базмæлын кæна, ахæм хæст нæма уыдис, стæй йæ дунескæнæг Хуыцау макуыуал рауадзæд. Бæстæйы, æмткæй райсгæйæ, сабырдзинад кæй ис, уый адæмы амонд у. Нæ сабитæ нæ зонынц бæгънæг-бæгъæввад, сыдæй дзы ничи рæсийы. Мæ фæлтæры дуг æндæрхуызон уыд. Мах бавзæрстам хæсты хъизæмæрттæ, æнæ мад, æнæ фыды бонтæ, æххормаг æмæ æнæхæдзар рæстæджытæ. Нæ зыдтам сывæллоны хъазæнтæ, æнæмпъызт дзаумæттæ. Мæ зæрдыл арæх æрлæууынц хиконд къахдзоныгътæ æмæ гæппæлын пуртитæ, гæххæттын къамтæ...

Уыцы къамтæ мæ никуы ферох уыдзысты. Гæххæтт дæр нын нæ уыди. Нæ тетрæдтæ-иу фыст куы фесты, уæд сын-иу сæ цъæрттæ рафтыдтам — уыдон чысыл бæзджындæр уыдысты — æмæ-иу дзы скодтам къамтæ. Хъазыдыстæм-иу «дуракæй». Нæ мæгуыр бонтæ-иу кæй фæрцы ферох кодтам, уыцы «дуракæй».

Ныр, уынгты цæугæйæ, арæх мæ размæ диссаджы æрттиваг атласон къамтæ зæххыл пырхытæй куы ауынын, уæд сæм джихæй кæсгæйæ баззайын. Сæ рæзты æцæгæлонæй ахизын мæ бон никуы бавæййы. Мæ цæстытыл ауайынц, мах цы къамтæй хъазыдыстæм, уыдон. Тæхуды, ныр, зæгъын, ацы æрттиваг къамтæй «тъуз» нæ, фæлæ «æхсæз» дæр кæддæры гæххæттын къамтимæ фæкæн, уæд уаргæйæ кæмæ бахаудаид, уый йыл куыд тынг цин кодтаид, æмбылды куы фæуыдаид, уæддæр йæхи цы амондджын хуыдтаид!

Цыфæндыйæ дæр хæст ма уæд, æндæр та истытæ кæндзыстæм.

***

Мæ повесть «Уалдзыгон стъалытæ» журнал «Юность»-мæ куы арвыстон, уæд ын цæмæдæр гæсгæ цалдæр рецензийы райстон. Иуы автор дзы уыди Вячеслав Иващенко. Уый 1972 азы 3 июлы фыста: «Это очень милая и добрая повесть, которую еще предстоит воплотить на русском языке. Сейчас же есть основа для этого, для работы вдумчивого и умного переводчика — писателя лирической, если можно так выразиться, школы. Таким опытным переводчиком мне представляется, например, В. Лукашевич или Г. Ковалевич, давние сотрудники журнала „Дружба народов“, работники многоопытные.

Итак, рукопись несомненно имеет право на существование на русском языке и должна найти достойного переводчика.

Но вот с издательским адресом ее дело обстоит, как мне кажется, сложнее.

За последние годы в „Юности“ побывал десяток повестей, посвященных военному и послевоенному детству, повестей неплохих. Лишь немногие из них нашли место на наших страницах: вытеснял день нынешний, сегодняшние, как говорится, заботы.

Дзасохов написал о мальчике, оставшемся без отца, живущем с матерью и двумя сестрами в селе, разоренном немцами. Жить трудно, но помогает надежда на возвращение отца, помогает просто детство, любопытство к жизни, пример жизненной стойкости матери. Это еще только-только начало пути, только первые шаги. Тут уже и первый труд и первые огорчения, разочарования в людях и первые о людях суждения. Самое начало.

Повесть добрая и написана добрым и внимательным человеком. Ее, думаю, с интересом встретит тот читатель, что обозначается как «средний школьный возраст». Это — для „Детгиза“. Наш же читатель старше. И лишь в исключительных случаях, как было с повестью Ф. Искандера, мы можем нарушить правило».

***

Хæсты коймæ мæ зæрдыл æндæр хабар æрлæууыд. Мæгуырдæр нæй, ахæм уавæрты цардыстæм. Веринкæ алцæмæ дæр арæхсти. Кæрдынмæ, хуыйынмæ, æмпъузынмæ, пирынмæ, æхснудынмæ, æлвисынмæ, цъында кæнынмæ. Уæвгæ сæ цы нымайын! Цыдæриддæр сылгоймаджы куыст уыди, уый кодта. Кодтой сæ иннæ сылгоймæгтæ дæр. Фæлæ сидзæргæстыл нæлгоймаджы хæстæ æвæрд дæр уыди. Æмæ сæ, сæ мæгуыры бон зонгæйæ, кодтой. Быдыры куыстæй сæ сæ сæр схъил кæныны бон нæ уыди, афтæмæй. Куыстой, фæлæ мызд нæ истой, хоры гагатæ æмæ халсары муртæ йеддæмæ. Æлхæд дзаумайы ад нæ зыдтам. Нæ бирæ æмпъызтытæ иу халыл хæцыдысты.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.