Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ÆРТЫККАГ ХАЙ 19 страница



Мæ ныхас кæронмæ куы фæдæн, уæд Эльбрус йæ мидбылты бахудт, иуцасдæр ницыуал сдзырдта, стæй загъта:

— Уæдæ æз дæр ахæм уавæры куы бахаудтæн, — æмæ мын хабар кæрæй-кæронмæ радзырдта.

Мæ зæрдыл æй куыд бадардтон, афтæ уын æй рафæзмдзынæн...

«Кæцы аз уыд, уый бæлвырд нал хъуыды кæнын, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма 1968 азæй фæстæдæр нæ уыдаид. Цалдæр боны Ригæйы фæуыны фæстæ здæхтæн нæхимæ. Купейы æртæ йеддæмæ нæ уыдыстæм: æз, æрыгон сылгоймаг æмæ уымæй ноджы æрыгондæр лейтенант, уæлдæфон флоты чи службæ кодта, ахæм. Сихорафон æфсæддон æмæ сылгоймаг ресторанмæ хæрынмæ ацыдысты, æз та купейы баззадтæн. Иу-дыууæ сахаты фæндагыл уыдаиккам, афтæ нæ купемæ æрбахызт рæстæмбис кары нæлгоймаг æфсæддон дарæсы. Æппæты фыццаг ын фæкомкоммæ дæр йæ риумæ: хуры тынтæ дзы сæрттывтой Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалыйыл. Уый фæстæ мæ цæст æрхæцыд æрбацæуæджы пъагæттыл: авиацийы инæлар-майор. Йæ дзаумæттæ тæрхæджы бын бафснайдта, йæ уæлæдарæс рагъæныл æрцауыгъта æмæ, цыма йе ’ккойæ уæззау уаргъ ахауд, уыйау арф ныуулæфыд æмæ мæ фарсмæ æрбадт. Иуцасдæры фæстæ сылгоймаг фæзынд æмæ инæларæн ныхасæмбал фæци, зæгъгæ, æз мæхи тамбурмæ райстон. Бирæ нæма алæууыдтæн, афтæ лейтенант дæр æрбаздæхт. Дзæвгар фæхъæлдзæгдæр, афтæмæй. Цыппæрæм æмбал ма ныл кæй бафтыд, уый йын куы загътон, стæй хуымæтæджы æмбæлццон нæ, фæлæ инæлар, уæд мæ уыцы дисхуызæй афарста: «Æцæг?»

Æцæг кæй дзырдтон, ууыл ма йын цы ’нæ баууæндгæ уыд, мидæмæ куы бацыд æмæ уазæджы куы федта, уæд. Ныхæстæгæнгæ ныл баизæр. Хуыссæн бацагурын афон ралæууыд. Мæнæн мæ бынат бинаг хатæны уыд, фæлæ инæлар хæрдмæ хизынмæ куы рахъавыд, уæд ын мæ бынатмæ ацамыдтон, мæнæ ам схуысс, æз уæлæмæ схиздзынæн, зæгъгæ. Лæг мын арфæ ракодта æмæ бынæй схуыссыд.

Райсомæй æз æмæ инæлар иннæтæй раздæр сыстадыстæм. Нæхи куы ныхсадтам, уæд тамбурмæ рацыдыстæм.

— Кæйонг цæуыс? — бафарста мæ инæлар.

— Ардыгæй уал Мæскуымæ, — дзуапп ын раттон æз.

— Уый фæстæ та?

— Дзæуджыхъæумæ.

— Æз уайтæккæ дæр базыдтон, Кавказæй кæй дæ.

— Цæмæй?

— Нæхиуæттæй ахæм уæздандзинад никæмæ разындаид...

Мæ бынат ын кæй раттон, уый кой кодта.

Ноджы ма йын, ирон дæн, зæгъгæ, куы загътон, уæд ыл цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн йæ цæстæнгас фæрухсдæр, йæ цæсгомыл цыдæр æхсызгондзинад ахъазыд, æмæ мæ æваст афарста:

— Æмæ уæд Дзусаты Ибрагимы куыннæ зондзынæ? Инæлар-майор, Советон Цæдисы Хъæбатыр?..

— Хъусын ын йæ хабæрттæ, фæлæ лæгæй-лæгмæ зонгæ не стæм...

— Иумæ службæ кодтам. Хæсты рæстæджы бирæ хæттыты фембæлдыстæм. Арæхстджын æфсæддон разамонæг, хъæбатыр адæймаг. Пенсийы мæнæй раздæр ацыд. Йæ цæстытæ йæ хъыгдарын райдыдтой, æмæ йæ службæ ныууадзын бахъуыд.

Цыма тохы фæндæгтæ йæ цæстыл ауадысты, афтæ мæм фæкаст. Иуцасдæр ницыуал сдзырдта.

— Ирыстонмæ мæ кæдæй нырмæ хоны, — цыма йæ хъуыдыты ахæстæй фервæзыныл бацархайдта, уыйау загъта инæлар, — фæлæ йæ абоны онг бабæрæг кæнын мæ къухы нæма бафтыд. Уæлдай æнæвдæлондæр та ныртæккæ дæн. Мысинæгты чиныг фыссын æмæ мæ мæ сæр схъил кæныны бон дæр нал ис. Ныр дæр Мæскуымæ уыцы хъуыддæгты фæдыл цæуын.

Инæлар бирæ хорз ныхæстæ загъта не ’мзæххоны тыххæй. Радзырдта мын Сталины фырт Василийы хабæрттæ дæр:

— Рæстдзинад æм тынг бæрзонд æвæрд уыд. Уый тыххæй йæ иуæй-иутæ тызмæг æмæ æнæхатыр хуыдтой. Ворошилов ын цæстмæмитæ кодта. Цы не ’мбæлд, ахæм уавæртæ йын арæзта. Уый Сталины хъустыл æрцыд æмæ маршæлæн бамбарын кодта, афтæ кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ. Иу заманы Кисловодскы санаторийы улæфыдтæн æмæ дзы баййæфтон Коммунистон партийы Центрон Комитеты уæды секретарь Суслов Михаилы æмæ Василийы. Сталины амарды фæстæ уыд уый. Суслов Василийæ йе сæфт кæй уыдта, уый санаторийы уæвджытæ æнæрахатгæ нæ фесты. Ууыл бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Василийы Фæсурал балæууын кодтой, æмæ уайтæккæ йæ марды хабар сыхъуыст.

Ныхæстæгæнгæ Мæскуымæ куыд æрбаввахс стæм, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам.

— Иу курдиат мæм ис, — æрхатыд мæм инæлар. — Кæд дын зын нæ уыдзæн, уæд ма, дæ хорзæхæй, мæ хæстон æмбал Дзусаты Ибрагимы бабæрæг кæн æмæ йын мæ номæй арфæйы ныхæстæ зæгъ.

Æз ын, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæ бавæрдтон. Уый гæххæтт æмæ ручкæ систа æмæ фыссынмæ фæци. Гæххæтт цыппар дыдагъы бакодта æмæ мæм æй æрбадардта:

— Мæнæ-иу æм ацы фыст дæр ратт. Стæй æппынфæстаг дæуимæ дæр базонгæ уæм, — æмæ мын йæ ном æмæ йæ мыггаг загъта: Сандалов Владимир.

Æз дæр ын мæхи бацамыдтон. Мæскуыйы кæрæдзийæн хæрзбон загътам.

Нæхимæ куы ссыдтæн, уæд базыдтон, нæ хъуыстгонд æмзæххоны хæстон æмбал дæр хъуыстгонд лæг кæй уыд. Райгуырди 1906 азы 28 январы Бетъырбухы службæгæнæджы бинонты æхсæн. Уыди 125-æм бомбæппарæг авиацион полчъы командир. 1941-æм азы ноябрæй фæстæмæ 47 хатты архайдта уæлдæфон тохты. Арæхстджын разамынд лæвæрдта полкъæн, знаджы æфсæдтæ æмæ аэродромтæ дæрæн кæнгæйæ. Советон Цæдисы Хъæбатыры ном райста 1942 азы 6-æм июны. Хæсты фæстæ каст фæци Генштабы хæстон академи. 1959 азæй фæстæмæ инæлар-майор Сандалов Владимир уыдис запасы. Лæвæрд ын æрцыд Ленины дыууæ ордены, Сырх Тырысайы æртæ ордены, Суворовы 2-æм æмæ 3-æм къæпхæны ордентæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1-æм къæпхæны, Сырх Стъалыйы ордентæ æмæ бирæ майдантæ.

Ибрагимимæ кæд зонгæ нæ уыдтæн, уæддæр æй æнцонæй ссардтон. Рагацау телефонæй фембæлыны тыххæй баныхас кодтам æмæ сын бæлвырд рæстæгыл сæ дуары дзæнгæрæгыл ныххæцыдтæн. Уайтагъд къæсæрыл ауыдтон бæзæрхыгтæ уæнгджын инæлары спортивон дарæсы. Дзусы-фырты лæгæй-лæгмæ никуы федтон, фæлæ йæ чингуытæ æмæ газеттæм гæсгæ зыдтон, федтон-иу æй телевизоры дæр æмæ мæ размæ йæхæдæг кæй рацыд, уый ма мын цы базонын хъуыд. Мидæмæ цæуинаг нæ уыдтæн, фæлæ мæ сдзырд дæр нæ бауагъта.

Бацыдтæн, уæдæ цы уыдаид. Хæдзары йæхи йеддæмæ ничи разынд, фæлæ æфсиниуæг кæнынмæ нæ фæзивæг кодта. Цыбыр рæстæгмæ фынг арæвдз. Коньяк гыццыл агуывзæты рауагъта æмæ мæм æрхатыд, фæйнæ баназæм, зæгъгæ. Нуазыны зонд мæм нæ уыд: иуæй, мæхицæй хистæр уыд æмæ дзы æфсæрмы кодтон, иннæмæй та, нозтимæ цас лымæн дæн, уый дæхæдæг зоныс, фæлæ мæ нæ ныууагъта, цалынмæ иу банызтон, уæдмæ.

Сандалов мæм цы гæххæтт ратта, уый кæсынмæ дæр уый фæстæ бавнæлдта. Йæ хæлары фыст бакæсын ын æхсызгон кæй уыдзæн, уый рагацау дæр зыдтон, æмæ йæ цæсгомы хуызтæ куыд ивгæ цыдысты, уымæ аивæй кастæн. Æвæццæгæн, иу æмæ дыууæ нывы нæ ауад йæ цæстыл, иу æмæ дыууæ хабары не ’рымысыд. Уый бæрæг уыд йæ цæсгомы нуæртты змæлдыл, йæ цæстыты æрттывдыл, йæ улæфтыл. Уый бæрæг уыд, уыцы чысыл фыстæг цалдæр хатты кæй бакаст, уымæй дæр. Æрæджиау æй йæ риуы дзыппы бафснайдта, мæ къух ма мын ноджыдæр иу хатт фидар нылхъывта, æмæ кæрæдзийæн хæрзбон загътам...».

Эльбрус фæци йæ ныхас. Дзусаты Ибрагимы æз дæр зыдтон. Æппæты фыццаг æй федтон 1955 азы. Уæд æз пединституты ахуыр кæнын райдыдтон. Фæззæджы нæ фыццаг курсæй колхозмæ акодтой. Мемæ иу курсы уыдис Ибрагимы чызг Тамарæ дæр. Цас акуыстаиккам, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иу бон быдыры фæзынд æфсæддон газик. Рахызтис дзы хæрзконд, хæрзæлвæст æфсæддон инæлар-майоры дарæсы. Уайтагъд хъус-хъус ахæлиу, уый Тамарæйы фыд у, зæгъгæ. Фæстæдæр дæр ма-иу ыл сæмбæлдтытæ кодтон. Уыйхыгъд нæ зыдтон инæлар-майор Сандалов Владимиры, фæлæ йын Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ йæ сурæт мæ хъуыдыты сныв кодтон. Цыма æддаг бакастæй дæр æмæ зондæй дæр Ибрагиммæ хæстæг уыд, афтæ мæм фæкаст. Стæй ма мæм ахæм хъуыды дæр æрцыди: уæздандзинадæн æмбал дзы нæй. Уый куы нæ уыдаид, уæд дыууæ хæстон æмбалы кæрæдзиуыл бæттæг нæ фæуыдаид, нæ райгуырдаиккой ацы рæнхъытæ дæр.

Мæ мадырвад Хосаты Тæтæрхъаны тыххæй ма уын цалдæр ныхасы зæгъынæй зæрдæ бавæрдтон. Сом мын балæвар кодта кæм фыстон, уым афтæ загътон, мæрдтæм дзы мæхи хæсджын æмæ аххосджыныл нымайын, зæгъгæ. Чи зоны, æгæр æй фæцæхджын кодтон: æвæццæгæн, «аххосджыны» бæсты «къæмдзæстыг» зæгъын растдæр уыдаид. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Тæтæрхъан карз адæймаг уыд, æгъдау æмæ йæм джелбетт бæрзонд æвæрд уыдысты. Йæхицæн куыд ницы барста, иннæтæн дæр — афтæ. Быцæу кæнын та йæ нæ фæндыди, йæ кæстæрты истæмæй бахъыгдара, уымæй тæрсгæйæ сыстад æмæ зæрæдты хæдзары æрцарди. Йæ фырт Чермен, йæ чындз Зойæйæ æппындæр ницæмæй хъæстаг уыд, афтæмæй. «Уыдонæй мæнимæ зындæр цæрæн уыди», — афтæ-иу загъта йæхæдæг.

Раст зæгъгæйæ, мæнæн уыцы хабар фехъусын хур бон арв ныннæрæгау уыди. Цыфæнды хъуыддагыл дæр сразы уыдаин, фæлæ Тæтæрхъаны хуызæн Тæтæрхъаны ахæм ран фенынмæ мæ ныфс нæ хастон. Куыд мын дзырдтой, афтæмæй та йæ фæндыди, куы йæ бабæрæг кодтаин, уый. Мæ иннæ мадырвадæлтæ-иу æм уыдысты. Уыдис-иу æм мæ мадыфсымæр Хæчъассæ дæр, фæлæ йæм æз никуы бацыдтæн. Иуæй, мæ Тæтæрхъаны ахæм ран фенын нæ фæндыд, иннæмæй та мын мæхи исчи куы федтаид, уымæй стъæлфыдтæн, цавæр хæрæфырт дæ, кæд дæ мадыфсымæр йæ фæстаг бонтæ æвæгæсæг адæмы ’хсæн æрвиты, уæд! Чи цæмæй зыдта, йæхицæн фырт кæй ис, бирæ йæ чи уарзы æмæ йæхæдæг дæр бирæ кæй уарзы, ахæм фырт. Фæлæ, куы зæгъын, Тæтæрхъан иуæхстон адæймаг уыд æмæ, иугæр ныхас загъта, уæд ын аивæн ницыуал хуызы уыди. Йæ ныхас та уыди йæ бинонты æхсæнæй сыстын æмæ æцæгæлон адæмы ’хсæн æрцæрын.

Тæтæрхъанæй, кæй никуы йæ бабæрæг кодтон, къæмдзæстыгæй уымæн баззадтæн.

Ныртæккæйы зонд мæм куы уыдаид, уæд, нæ бацæуынæн цы ’фсæнттæ ссардтон, уыдонæй иуы дæр ницæмæуал æрдарин. Тæтæрхъанмæ бацæуин, сæрыстырæй йын йæ къух райсин, зæрдæбын ныхæстæ фæкæниккам, стæй йын «хæрзбон» зæгъыны размæ ныллæг мæ сæрæй акувин: «Сæрибардзинад дæм æппæты бæрзонддæр ран æвæрд уыд, æмæ уыцы сæрибардзинадæн снывонд кодтай, цыдæриддæр дæм уыдис, уыдон!»

***

Цæргæ-цæрæнбонты иу бæстыхайы фæкуыстон. Æхсæз æмæ дыууиссæдз азы размæ кусыны номыл цы хæдзары къæсæрæй бахызтæн, абон дæр фæллой кæнын уым. Раст зæгъын хъæуы, æндæр бынæтты дæр куыстон, фæлæ-иу мын уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. Æмæ цы нæ кусæндон уыдис Сабырдзинады проспекты фондз æмæ ссæдзæм хæдзары! Партийы горком æмæ республикæйы прокуратурæ, арбитражы тæрхондон æмæ афтекты управлени, «Стыр ныхас» æмæ ма ноджыдæр бирæ æндæр кусæндæттæ. Иууылдæр лымæнæй цардыстæм... иуæй фæстæмæ.

Уый уыди фельдъегерты службæ. Йæ кусджытæ йæ хотыхтимæ хъахъхъæдтой. Æмæ дын мæ фæскуыст æмæ фæлладуадзæн бонты мидæмæ куынæуал уадзиккой. Ныр æз та, кæд исты ныффыстон, уæд — куыстæй уæгъд рæстæг. Никуы мæ ничи бахъыгдардта, кæд прокуратурæтæ æмæ тæрхондæттимæ иу хæдзары куыстам, уæддæр. Хъыгдаргæ нæ, фæлæ ма-иу сын æхсызгон дæр уыди, чидæр рæстæг дзæгъæлы кæй нæ сафы æмæ цыдæр хъуыддагыл хæст кæй у, уый. Фæлæ, куы зæгъын, ацы хотыхджынтæ куы фæзындысты, уæд мæ мидæмæ нал уагътой. Мæ цард мын ад нал кодта. Мæ хъуыдытимæ мын иунæгæй баззайыны фадат нал уыд. Цæрæнбонты цæуыл ахуыр уыдтæн, уымæй мæ иртасынвæнд скодтой, æмæ цы кодтаин, уый нал зыдтон. Чи мæ нæ уагъта, уыдонæн-иу мæ уавæр куы бамбарын кодтон, уæд мын-иу уыцы уæзданæй загътой, мах æппындæр ницы хъыгдарыс, фæлæ, æвæццæгæн, ды нæ хицауы нæ зоныс: бафхæрдзæн нæ æмæ дæ уый цæмæн хъæуы?

«Нæ хицауы нæ зоныс» мын кæй загътой, уымæй рæдигæ кодтой, уымæн æмæ йæ зыдтон. Институты иу рæстæджы ахуыр кодтам. Раст зæгъгæйæ, уый мæнæй дыууæ азы раздæр каст фæци, фæлæ зонгæ уыдыстæм. Институты фæстæ дæр арæх æмбæлдыстæм, зыдтон æй æмгаруарзон, хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ лæппуйæ.

Бацыдтæн æм æмæ йæ нал базыдтон. Фыццаджы хуызæнæй йæм ницыуал бафиппайдтон. Æфсæддон дарæс æм йæхи хуызæнæй ницыуал ныууагъта. Цыма бынтон æцæгæлæттæ уыдыстæм, мемæ кодта ахæм ныхас. Йæхи афтæ дардта, цыма мæ фыццаг хатт уыны.

Абон дæр ма дис кæнын. Фыццаджыдæр мæ кæй нæ уагъта, уый ахъуыдыйаг уыд. Журналы сæйраг редакторы йæ куыстмæ ма уадз æмæ æнæхъæн цыппаруæладзыгон хæдзарæн — йæ кусджытæ ахстой дыккæгæм уæладзыг, уый дæр æнæхъæнæй нæ — дæхи хицау скæн, уый кæцы закъоны фыст ис, уый-ма равдис, зæгъгæ йын куы загъдæуыдаид, уæд, закъоны кæцы статьямæ бацамыдтаид, уый зын зæгъæн уыд. Дыккагæй та, афтæ тынг цæмæн тарст, уыдон цымæ цытæ уыдысты?

Нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, адæймаг цас фылдæр цæра, уыйбæрц, цы диссæгтæ уыны, уыдоны нымæцыл дæр æфтгæ цæуы. Цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ дис кæнынæй нæ банцайдзынæн, хорз кæй зыдтон, лымæнæй кæимæ цардтæн æмæ æцæг ирон лæппу æнхъæл кæмæн уыдтæн, уымæ йæхи хуызæнæй куыд ницыуал баззад æмæ, адæймагæн афтæ аивæн куыд ис, ууыл.

***

Номайтæ, дам, Саккадонæй дарддæр фæдисы нæ цыдысты.

***

Зæнджиаты Эльбрусæй ма ахæм хабар фехъуыстон.

Иу туджджын зыдта, кæй йæ мардзысты, уый, фæлæ никæмæй тарст. Уымæ гæсгæ йæ адæм схуыдтой «мæлæты лæг». «Мæлæты лæг», зæгъгæ, ныхас дæр, дам, уæдæй фæстæмæ баззад.

***

Хъайттаты Сергей æмæ Лацойты Махарбег (æрæджы фæзиан, рухсаг уæд!) нæхи горæты иумæ службæ кодтой. Рæнхълæуды фæцæйцыдысты, æмæ Сергей Махарбегæй ахъазынмæ хъавыд. Командир æй куыд фехъуса, афтæмæй йæм дзуры:

— Лацойы-фырт, рæнхълæуды цæугæйæ ма ныхас кæн.

Махарбег æм æвзæр дзыхæй сдзырдта. Уый взводы командир кæстæр лейтенант айхъуыста, цы! — цæугæ-цæуын æй афхæрдта:

— Лацойы-фырт, æнæ радæй æртæ наряды!

— Æз иу ныхас дæр не скодтон, — йæхи раст кæнынмæ фæци Махарбег.

— Лацойы-фырт, фондз наряды æнæрадæй! — ноджы карздæр æфхæрд æй бакодта командир.

Уыцы ’хсæв æфсæддонты фæдисы сыстын кодтой æмæ фондз суткæйы, зæгъæн ис, æмæ хуыссæджы цъынд нæ федтой... Махарбегæй фæстæмæ.

Куы ’рбаздæхтысты, уæд Махарбег Сергейæн арфæтæ кодта, дæу руаджы, дам, хъизæмæрттæй фервæзтæн.

Ацы хабæрттæ мын Сергей йæхæдæг дзырдта.

***

Мамсыраты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй ма «Дзигойы зарæджы» уыди ахæм ныхæстæ дæр:

 

Елхоты хуымтæ нын кæсæгæн — кæрдинаг,

Мæ рæзгæ къабæзтæ кæсæгтæн — хæринаг!

 

Æрыгон ма куы уыдтæн, уæд, дам-иу æй зарыдысты.

***

Дуне иннæрдæм афæлдæхт, зæгъгæ, куы фæзæгъынц, уæд дзы, æвæццæгæн, фæлдæхгæ ницы акæны, фæлæ дзы æрцæуы бирæ ивддзинæдтæ...

1964 азы 5 ноябры мæм Плиты Грис сæрвыста писмо. Цы фыста, уый тыххæй — фæстæдæр, фæлæ уал фыццаг — йæ адрисы тыххæй. Кæсæм Грисы къухæй фыст: «гор. Орджоникидзе, проспект Мира, редакция газеты „Растдзинад“, Дзасохову Музаферу». Бындæр та æмбæлæм ахæм ныхæстыл: «гор. Ялта, Дом творчества Литфонда СССР».

Ныр ахъуыды кæнæм, ацы фыстытæй ма йæ раздæры нысаниуæгæн дзуапп чи дæтты, растдæр зæгъгæйæ та — дзуапп чи нал дæтты, уыдоныл. Фыццаджыдæр Орджоникидзейæ рауад дыууæ горæты: иронау Дзæуджыхъæу, уырыссагау — Владикавказ, Цæгат Ирыстонæй — Цæгат Ирыстоны — Аланы Республикæ, дыккаджы — Сабырдзинады проспект йæ бынаты баззад, фæлæ дзы «Рæстдзинад»-ы редакци нал ис. Æз дæр цы уыдтæн, уымæй баззадтæн, фæлæ «Рæстдзинад»-ы нал кусын. Ялтæ дæр Ялтæйæ баззад, æрмæст æндæр паддзахады балæууыд. Литературон фонд ма ис, æви нал, уый зын сбæлвырдгæнæн сси. Ялтæйы Сфæлдыстадон хæдзар кæй нал ис, уымæн та фондз азы размæ æвдисæн уыдтæн мæхæдæг. Уæдæ Советон Цæдис кæй нал ис, уый та дзурын никæмæн хъæуы.

Цымæ ма цыфæнды æндæр паддзахадæн дæр цыбыр рæстæгмæ ахæм митæ бачындæуыд? Стæй ма ахæм миты фæстæ йæ къахыл лæууынхъом бауид?

Цыфæндыйæ дæр Уæрæсейæн мæлæт нæй. Уый сæргъы цы адæймæгтæ æрлæууы — æз æрмæстсæ иуæй-иуты кой кæнын — уыдоны бæрны цавæрфæнды тыхджын паддзахад, азтæ нæ, фæлæ æрмæст афæдз куы фæуид, уæд йæ мæгуыры гæвз-гæвз фондзыссæдзгай азтæ фæцæуид. Фæлæ, куы зæгъын, Уæрæсе гæвз-гæвзæн куыд фæразы, афтæ фæразы бæгънæг æмæ æххормагæн, æфхæрд æмæ дæлджинæггондæн, тыхст æмæ уырыдæн, йæ аккаг чи нæу, ахæм хицæуттæн...

Ныр та, Грис мæм цы фыста, уый тыххæй. Цæвиттон, уæд, ома дыууæ æмæ дыууиссæдз азы размæ æз куыстон «Рæстдзинад»-ы редакцийы æмæ Плийы-фыртæн бахæс кодтон статья ныффыссын. Алы хатты хуызæн Грис мæ курдиат сæххæст кодта. Æрмæг бацæттæ кодтон, фæлæ дзы кæмдæрты цыдæртæ аппæрстой. Мæ хицауадæн бамбарын кодтон, цалынмæ йæ автор фена, уæдмæ йын мыхуыргæнæн нæй, зæгъгæ. Грисмæ Хъырыммæ писмо арвыстон, статьямæ бавнæлдтытæ кодтой, æмæ куыд кæнæм, зæгъгæ. Мæ писмойæн райстон ахæм дзуапп: «Здравствуй, дорогой Музафер! Статью мою, разумеется, ни при каких условиях нельзя печатать с теми сокращениями, о которых сказано в твоем письме. Очень прошу тебя сохранить ее к моему возвращению или передать моему сыну Лео на хранение. Я вернусь 8 ноября. Просить кого-либо о ее напечатании, убеждать редакцию о том, что эти положения статьи — правильны, я не намерен. Это переливание из пустого в порожнее. Пусть они закажут другую, более подходящую статью. Разве можно в одной газетной статье высказать все? О творчестве старших поэтов можно написать другую статью. Нет, эту статью печатать не будем. С приветом Гр. Плиев».

Æрмæст ацы писмо бакæсгæйæ дæр адæймаджы цæстыл ауайдзæн нæ номдзыд поэты фæлгонц.

***

Фарон тынг хъызтытæ фæкодта. Æртхъирæны мæйы астæу дæр зымæджы тых нæма асаст. Уыцы райсом дæр та ме ’ннæ ’мбæлтты хуызæн æхсæвдалынгæй Терчы былмæ рацыдтæн. Не ’ппæт иу рæстæгыл нæ фæзынæм, фæлæ боны срухсмæ иууылдæр æрæмбырд вæййæм. Чи иунæгæй цæуын ахуыр у, чи — дыууæйæ, чи та суанг — æртæйæ кæнæ цыппарæй дæр. Æз иунæгæй дæр вæййын, æмбæлттимæ дæр.

Уыцы бон æгæр раджы цыд фæдæн æмæ доны галиувæрсты дæлæмæ мæ ных сарæзтон. Кировы уынджы, Терчы сæрты цы дынджыр хид ис, уый бынты хæрдмæ ленк кæнгæ ауыдтон хъæддаг бабызы. Æнхъæлдтон, æмбал ма йын разындзæн, зæгъгæ, фæлæ, уыцы хъахъхъæд фæкодтон æмæ дзы дыккагыл мæ цæст нал æрхæцыд. Мæхинымæр хъуыдытыл фæдæн: «Кæцæй æрцыд горæты тæккæ астæумæ хъæддаг бабыз?» Мæ зæрдæ Бехъаны цадмæ ахсайдта. Ацафон сын уым ныккæнæн нал вæййы. Цæгатæрдыгæй куы схъызы, дæттæ куы ныссæлынц, уæд сын, æвæццæгæн, холлаг нал фæфаг кæны æмæ махæрдæм сæ ных саразынц. Бехъаны цадæн та цыфæнды уазалы дæр сæлæн нæй, уымæн æмæ йæ равзæрæн суадæттæй у. Тынг уазæлттæ куы скæны, уæд доны уæлцъарæй ницыуал фæзыны, иууылдæр вæййы бабызæй æмбæрзт. Æмæ, зæгъын, кæд уыцы бабыз дæр, уырдыгæй чи радзæгъæл, ахæм у.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.