Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 40 страница



Мæ уд ме ’муд куы ’рцыд, уæд мæ хистæртæм фæкъæйных дæн æмæ сын афтæ:

— Ныр мæ уæд та асинтæй фесхуыста æмæ мæ бæрзæй асаст, уæд, æвæццæгæн, хицауад нæхимæ ныффыстаиккой, йе ’фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, фæмард, зæгъгæ.

Уæд нын, англисаг æвзагыл мæ чи ахуыр кодта, уыцы денджызон ахæм хабар радзырдта:

— Нæ нау Латвийы былгæрон лæууыд. Уыцы фæззæг нæ картоф къахынмæ колхозмæ арвыстой. Уый та-иу нæм отпусчы хуызæн каст. Уым тыгъд быдыртæ нæй, фæлæ — хъæд, цъымаратæ, æхсæнмæ-æхсæнты зæххы гæбæзтæ, хъæутæ — хутортæ, мызæтæ, зæгъгæ сæ афтæ хонынц. Хъæутæ гыццылтæ сты, æмæ-иу цалдæр хъæуæй иу колхозы фаг систы. О, æмæ мах дæр иу ахæм колхозæн картоф къахынмæ æххуыс кодтам æмæ нын-иу уырдæм кино æрбаластой. Æз киноæвдисæг чызгимæ фæзонгæ дæн æмæ фембæлыны тыххæй йемæ баныхас кодтон. Кæуылты йæм цæугæ у, уыцы фæндæгтæ мын бацамыдта. Уым рагон хъæдтæ ис, йæ бæлæстæ арвыл æндзæвынц, ахæмтæ. Иу-дыууæ километры бæрц фæцыдаин, афтæ тыххæй-фыдæй ссардтон чызджы хæдзар. Фæстæмæ куы ’рбацæйздæхтæн, уæд бæласыл ауыдтон æхсæрсæттæджы. Уый иу дзæбæх уыди, иу дзæбæх, æмæ йæм адæймаг кæсынæй не ’фсæст. Æрлæууыдтæн æмæ, бæласыл уырдыгмæ-хæрдмæ куыд дугъ кодта, уымæй мæ цæст нал истон. Уыимæ фезмæлынæй дæр тæрсгæ кодтон, куы мæ ауына æмæ йæхи æмбæхсынмæ куы фæуа, зæгъгæ. Уалынмæ мæ хъустыл æфсæйнаг рæхысы дзыгъал-мыгъул ауад. Фæкастæн, æмæ — дынджыр богъ, йæ цæстытæ туджы зилгæйæ æрбассæнды. Хуыцау хорз, æмæ рæхысы дзыгъал-мыгъул айхъуыстон æмæ иуварс агæпп кодтон, æндæр дæ балгъитæг афтæ. Дæуæн зæронд усы схуыстæй ницы уыдаид, фæлæ мæн тыххæй æцæг бахъуыдаид ныффыссын: «Фæмард йе ’фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ...»

Муратимæ «Рæстдзинад»-ы куы куыстам, уæд ирон театр йæ тæккæ нæргæйæ уыди. Тæбæхсæуты Бало æмæ Цырыхаты Петя, Хъæрджынты Варя æмæ Цæрукъаты Алыксандр, Икъаты Серафин æмæ Мæхъиты Лавер, Цæлыккаты Мæирбег æмæ Баллаты Валодя... Цас æмæ цас уыдысты, сæ аивадæй адæмы уд хъæздыгдæр чи кодта, уыцы диссаджы артисттæ! Æрмæст сæ нæмттæ фехъусгæйæ дæр адæймаджы цæстыл ауайы æнæферохгæнгæ сурæттæ æмæ хъысмæттæ, уарзондзинад тырысайау бæрзæндты чи хаста, лæджы намыс цардæй зынаргъдæр кæмæ каст, æгаддзинад цæсты чи æфтыдта, ахæм фæлгонцтæ. Театры иу спектакль дæр ахæм нæ уыд, «Рæстдзинад»-иу йæ хъуыды кæй тыххæй нæ загъта, аккаг аргъ ын-иу кæд не скодта. Рох нæ уыди газет йæхæдæг дæр. Сæ ног спектакльмæ-иу нæ кæд не ’рбахуыдтой, ахæм рæстæг никуы скодта. Æз ивгъуыд æнусы 60-æм азты разамынд лæвæрдтон культурæйы хайадæн æмæ-иу мæ алы премьерæмæ дæр æрбахуыдтой. Цавæр спектакльмæ уыд, уый ма чи хъуыды кæны, фæлæ та мæм иу хатт хуынды гæххæтт æрбарвыстой. Иу лæджы ма мæ бон мемæ ахонын уыди. Муратæн загътон, æмæ мын ацæуынæй зæрдæ бавæрдта. Иуцасдæры фæстæ йæ йæ кусæн уаты абæрæг кодтон æмæ, уым куы разынд, уæд æй фæрсын:

— Изæрмæ дæхи цæттæ кæныс?

— Æмæ мæ цы цæттæ хъæуы?

— Ау, дæ бæрæгбоны дарæс дæр нæ кæныс?

— Цавæр бæрæгбоны дарæс? Мæнæн мæ дзаумæттæй бæрæгбоны скæнынмæ чи нæ бæззы, иу дæр ахæм нæй, фæлæ, æвæццæгæн, нæ ацæудзынæн.

— Цæуылнæ?

— Зивæг кæнын.

— Иу водкæйы авг æмæ, йемæ цы хъæуы, уый дæр ма дын балхæндзынæн.

— Омæ хорз, — фæхъæлдзæгдæр уæвгæйæ, загъта Мурат, æмæ ныфсæвæрдæй раздæхтæн.

Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ Мурат мæ фæстæ ’рбалæууыд æмæ мын уыцы тыхстхуызæй бамбарын кодта, театрмæ нæ ацæудзынæн, дæхицæн, дам, æмбал агур.

— Уыцы театры тыххæй иу хатт цы зилдухæнты бахаудтæн, уый дын никуы дзырдтон? — бафарста мæ Мурат.

Театры кой дæ никуы фехъуыстон, зæгъгæ йын куы загътон, уæд мын ракодта ахæм хабар...

— Службæйы рæстæджы мыл æрцыдысты уыцы бæллæхтæ. Октябры бæрæгбон-иу куы ’рбацæйхæццæ кодта, уæд-иу нæ нау цырæгътæй æмæ тырысатæй саив кæнгæйæ «иллюминацимæ» — афтæ йæ хуыдтой — Ленинградмæ æрбацыди. Мах æнхъæлдтам, увольнени нын ратдзысты, зæгъгæ, фæлæ нын æй культурон балцæй баивтой æмæ нæ Ленины фæскомцæдисы номыл театры спектакль «Кто смеется последним»-мæ акодтой. Нæ командир нын загъта, фæсспектакль иууылдæр наулæууæнмæ æрбацæудзыстут, æмæ нæ наумæ катерæй баласдзысты. Нау былмæ нæ бабастой, фæлæ якорыл Невайы астæу лæууыдис.

Бацыдыстæм театрмæ, уæдæ цы уыдаид. Нæ цинелтæ æмæ худтæ гардеробмæ раттам æмæ залы æрбадтыстæм. Спектакль куы райдыдта, уæд мæхинымæр хъуыды кæнын: «Гъер мæн ацы спектакль кæцырдæм хъæуы? Кæдæй-уæдæй ма зæхмæ ’рбаирвæзтæн æмæ дзы истытæ куы фенин — Ленинграды та, лæг цы фена, ахæмтæ, цасдæриддæр дæ фæнды, уыйбæрц уæд бирæ хуыздæр нæ уаид!..»

Къорды хистæр мæ куыннæ фена, афтæ рахъуызыдтæн, мæ дзаумæттæ скодтон æмæ горæтыл зилгæ ацыдтæн. Куы зæгъын, Ленинградыл цасфæнды куы фæзилай, уæддæр ын йæ зæрдылдарæн бынæтты уындæй нæ бафсæддзынæ, æмæ æз дæр мæхиуыл нæ ауæрстон: горæтыл зылдтæн æмæ зылдтæн. Иуахæмы уынджы сахæттæй иумæ скастæн, æмæ рæстæг, махæн наулæууæнмæ кæд загътой, уымæ æрбахæстæг. Цыфæнды тагъд куы кодтаин, уæддæр мын æнæбайрæджыгæнгæ нæ уыд, фæлæ уæддæр фæстæмæ тæхæгау ракодтон. Иу афон æрбахæццæ дæн иу нæлгоймаджы цурмæ. Кæсын, æмæ ныв кæны. Нæ науыл йæ цæст æрхæссы æмæ та мольбертыл æвæрд хъæбæр гæххæттыл цыдæртæ афыссæгау кæны. Йæ цурмæ бацыдтæн æмæ йын йæ мольбертыл нæ нау æрдæгкондæй ауыдтон.

— Цы кусыс? — бафарстон æй уыцы барджынæй.

— Мæнæ бæрæгбоны этюдтæ кæнын.

— Æмæ хæстон техникæйы нывтæ кæнæн нæй, уый нæ зоныс?

— Раст зæгъгæйæ, нæ зыдтон.

— Нæ зоныс, уый дæ бæрнондзинадæй нæ ирвæзын кæны. Бахатыр кæн, фæлæ дын мемæ цæугæ ’рцæудзæн.

— Цы, дам? Кæмдæр нынцъыхтай æмæ дæ фæндагыл куы ацæуай, уæд хуыздæр уыдзæн...

Æз, æргом дзургæйæ, иучысыл нуазгæ дæр акодтон.

— Хъус-ма, ныртæккæ дæ де ’фцæгготæй куы ахæр-хæр кæнон, уæд дæ мæ тæф нал фервæзын кæндзæн! Цæуыс æви дæм къухæй бавналон?

Гæнæн ын нал уыд æмæ мæ разæй араст. Былгæронмæ куы ныххæццæ стæм, уæд дæр ма нæм æнхъæлмæ кастыстысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрæджы канд æз нæ бакодтон... Командирæн хабæрттæ радзырдтон. Уый йын йæ ныв федта. Лæппуйы мыггаг æмæ ном куы базыдта, уæд нывгæнджыты Цæдисмæ бадзырдта, æмæ сæ бафарста, ахæм æмæ, дам, уæм ахæм нывгæнæг ис. Ис, зæгъгæ йын загътой. Йæ ныв ын байстой, стæй йæ науæй бæлæгъы былгæронмæ æрбаластой.

Афтæ цæмæн бакодтон, уый, мæнмæ гæсгæ, бамбæрстай: мæ байрæджыйы тыххæй мæ æфсон ссарын хъуыди æмæ цæугæ-цæуын мæ сæры уыцы хъуыды февзæрди. Æнæуи мæ бафхæрдтаиккой. Нырта «къæрцхъусдзинад» дæр равдыстон, мæхи дæр фервæзын кодтон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр бамбæрстой, цæстфæлдахæн ми кæй бакодтон, уый, фæлæ мын æй комкоммæ ничи загъта. Уый нæ, фæлæ ма мын командир, нæ цуры ничи уыд, афтæмæй загъта, дæхи хуымæтæджы æфхæрын кæй нæ бауадздзынæ, уый, дам, æз афтæмæй дæр зыдтон.

Иу мæй рацыди, афтæ та мыл химион службæйы хицау капитан-лейтенант Ходасевич амбæлд æмæ мын, хин мидбылты худгæйæ, афтæ: «Уæдæ, зæгъыс, шпионтæ ахстай, и?» Æз дæр ын хъазгæхуызæй дзуапп раттон: «Къæрцхъусдзинад равдыстон, патриотизм, æмæ мын уый дæр мæ цæстмæ дарынц».

— Мæнмæ гæсгæ, Мурат, ды канд нывгæнæджы тæригъæды нæ бацыдтæ. Де ’мкусджытыл дæр цыма нæ ауæрстай, афтæ мæм кæсы. Æппындæр-иу дын чи ницы кодта, уыдонæй дæр кæмæн хъыцъыдон баназын кодтай, кæмæн — компот.

— Уыдис ахæм хабæрттæ дæр. Уыдон та ахудыны тыххæй уыдысты. Демæ иу хайады чи куыста, уыцы Фидары дæр нымæтын ехсæй æрцæфтæ кодтон. Уыдон та рисгæ никæмæн кæнынц. Иу хатт æй «Букет Абхазии»-йы сæнæй куыд фæрасыг кодтон, уый ма хъуыды кæныс?

— Йæ бæлвырддзинæдтæ мæ ферох сты.

— Нозтыл куыд æнувыд уыди, уый зоныс?

— Зонын, куыннæ йæ зонын! Фæлæ йæ фæстаг дыууæ æви æртæ азы йæ дзыхмæ нал схаста. Æвæццæгæн, афтæ æваст уадзгæ нæ уыди, æндæр, чи зоны, абон дæр ма цæрид.

— Хуыцау йæ зонæг, куыд уыдаид, уый, фæлæ, æз цы рæстæджы кой кæнын, уым йæ тæккæ нуазгæйæ уыд. Иунæг бон дæр ыл æнæнуазгæйæ нæ ивгъуыдта. «Рæстдзинад» ма партийы горкомимæ проспекты иу хæдзары куы уыди, уæд дзы фыццæгæм уæладзыджы хорз буфет куыста. Гъемæ иу сихорафон цыппæрæм уæладзыгæй æрхызтæн æмæ дзы уыди хъæддаг фæткъуыты дон компоты бæсты. Иу агуывзæ дзы анызтон æмæ мæ зæрдæмæ фæцыди. Буфетгæсы фæрсын, афтид сæны авг дæм, зæгъын, никуы ис. Ис, дам. Рахæссын ын æй кодтон. Æрæджы кæй равдæлончынд, ахæм. Йæ фарсыл, «Букет Абхазии» фыст цы гæххæттыл уыд, уый дæр уыцы дзыхъхъынногæй лæууыд. Уæйгæнæгæн æй фæткъуыты донæй байдзаг кæнын кодтон æмæ йын загътон, ныртæккæ Фидаримæ æрбацæудзыстæм æмæ фынгыл куы ’рбадæм, уæд нын-иу æй нæ разы æрæвæр, нуазæн уын æрбарвыстæуыд, зæгъгæ.

Чысыл фæстæдæр Фидаримæ ’рбацыдыстæм æмæ иу фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Куыддæр хæрынмæ æрæвнæлдтам, афтæ нын сылгоймаг, авг нæ разы æрæвæргæйæ, загъта:

— Нуазæн уын æрбарвыстой.

Чи йæ ’рбарвыста, уымæй дæр æй нæ бафарста, афтæмæй йын Фидар йæ фыстытæм кæсыныл фæци. Æз мæхи нынцъылдтæ кодтон æмæ былысчъилхуызæй загътон:

— Ныр-иу ахæм сæнтæ куыд фæнуазут? Кæд нуазыс, уæд водкæ бануаз æмæ дын зæрдæмæ цæуа.

Фидар дзы цайцымæн агуывзæйы дзаг рауагъта æмæ йæ анызта. Йæ былтæ æхсызгон сæрфт акодта æмæ мæм дзуры:

— Дзæгъæлы йæ фауыс. Тынг хорз сæн у — «Букет Абхазии». Фен-ма йæ.

— Цытæ дзурыс! Æхсынцъыдоны ад фæкæнынц уыцы хус сæнтæ.

— Уый ахæм нæу.

— Цавæрфæнды уæд — нæ мæ хъæуы.

Ноджыдæр ма дзы иу банызта, иннæ йемæ цыппæрæм уæладзыгмæ схаста. Чысыл фæстæдæр æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

— Нозт дыл фæзынди æмæ та дæ цалынмæ хицау нæ федта, уæдмæ дæ гуыры конд айс.

— Раст зæгъыс. Мæхи зæрды дæр цæуын уыдис...

Иннæ хатт та йæм нæ цумагæнæджы телефонæй бадзурын кодтон. Раздæр-иу æндæр хъæу кæнæ горæтмæ телефонисткæты æххуысæй дзырдтой. Æрбадзырдтаиккой-иу дæм, дæ ном, дæ мыггагæй-иу дæ бафарстаиккой, стæй дын-иу загътаиккой, ахæм æмæ дæ ахæм горæтæй агуырдæуы, зæгъгæ. Цумагæнæгæй нæм куыста, Мара-Новик, зæгъгæ, иу уырыссаг чызг. Тынг дзæбæх адæймаг. Фæсаууонмæ институты ахуыр кодта, афтæмæй махмæ дæр куыста æмæ йын афтæ зæгъын, телефонисткæйы хуызы Фидармæ бадзур æмæ йын зæгъ, Мæскуыйæ дæ агуырдæуы, зæгъгæ. Æрмæст æй раздæр йæ ном æмæ йæ мыггагæй бафæрсдзынæ. Уый фæстæ хæтæл мæнмæ ратдзынæ.

Ныр Фидарыл та къæртайæ уæлдай хъустæ нæ уыд, æмæ ууыл мæ зæрдæ дардтон: цасфæнды мæм куы фæхъуса, уæддæр, чи дæн, уый нæ базондзæн. Чызг мæм хæтæл куы ратта, уæд æй мæ хъусыл сæвæрдтон, фæлæ барæй мæхи ныхъхъус кодтон. Уый «хъусын», «хъусын» кæны, хæтæлы дæр йæ фу райхъуысы. Æрæджиау æм сдзырдтон. Йæ ном æмæ йын йæ мыггаг загътон, уый, зæгъын, дæ. О, зæгъгæ мын куы загъта, уæд ын æз дæр мæхи бацамыдтон: Рудовский. Куы базонгæ стæм, уæд æм, цæмæ дзурын, уый схъæр кодтон: «Æз газет „Сельская жизнь“-ы редакцийы сæрмагонд уацхæссæг дæн. Чысыл раздæр ныхас кодтон партийы Цæгат Ирыстоны обкомимæ æмæ мын загътой, ды, дам, республикæйы хæдзарæдты уавæримæ хорз зонгæ дæ, мæн та Цæгат Ирыстоны тыххæй нæ газетæн фарс бацæттæ кæнын хъæуы æмæ йæ иумæ куы ныффыссиккам, уый дæ нæ фæнды?» Табуафси, зæгъгæ, куы загъта, уæд ын мæ дарддæры фæндтæ дæр бамбарын кодтон: «Уæдæ-иу сабаты Минводмæ — уæд Ирыстоны аэропорт нæма уыди — хæдтæхæгмæ мæ размæ рацу». «Хорз», зæгъгæ, куы загъта, уæд хæтæл æрæвæрдтон.

Диссаг уый уыди, æмæ мæ æппындæр кæй ницæмæй бафарста. Кæд æмæ цавæр рейсы стæхдзынæн, стæй мæ куыдæй базондзæн?

Æз тыргъмæ рацыдтæн æмæ æнхъæлмæ кæсын, дарддæр йæхи куыд дардзæн, уымæ. Иу-фондз минуты рацыдаид, афтæ йæ дуар фегом æмæ гуыртгуыртгæнгæ йæ ных редактормæ сарæзта. Уыцы рæстæг Валодя йæ кусæн уатæй рахызт. Фидар-иу искæмæй исты куры кæнæ, æфсæрмыйаг чи у, ахæм ныхас зæгъынмæ хъавы, уæд-иу йæ къæбут аныхæгау кодта, стæй-иу уæд дзурын райдыдта. Ныр дæр та йæ бæрзæй аныхгæйæ загъта:

— Гъед у, Валодя... Сабаты мæ Минводмæ машинæ хъæуы.

— Цы дын дзы баззад Минводы?

— «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг нæм ссæуы.

— Æмæ цæуæд! Мах дзы исты хæсджын стæм? Нæй нæм машинæ!..

Баздæхт фæстæмæ æмæ йæ зонгæтæм телефонæй дзурын райдыдта, хъуамæ дзы искæмæй машинæ ракуырдтаид. Фæтæригъæд ын кодтон æмæ йын афтæ: «Æз дæм дзырдтон, æз. Ам дæ куы ничи зоны, уæд дæ Мæскуыйы чи зоны?» Цытæ дзурыс, ныртæккæ, дам, мемæ «Сельская жизнь»-ы уацхæссæг ныхас кодта.

Афтæ ма, зæгъын, телефоны цур фæлæуу æмæ та дæм ныртæккæ Мæскуыйæ сдзурдзысты.

Ауадтæн æмæ та Мара-Новичы æрдæбоны хуызæн бадзурын кодтон. Хæтæл мæм авæрдта æмæ Фидармæ дзурын:

— Æдылы къоппа, гъер дæр та дæм Мæскуыйæ дзурынц?

Сволочь, зæгъгæ мын дзуапп ратта æмæ бахудæгау кодта.

— Зæгъгæ дын раст кодта, уымæн æмæ ауæрдгæ зонгæтæ нæ, фæлæ хиуæттыл дæр нæ кæныс.

— Уый ды, æвæццæгæн, мæ хæстæджыты лæппуйы кой кæныс?..

— Уый кой дæр кæнын, стæй ма, дæ мадырвадæлтæм минæвæрттæ куы ’рбацыд, уый кой дæр.

— Омæ уæдæ лæг ахæм митæ куы нæ кæна, уæд — раздæр ма йæ куы загътон — цард бынтон æнкъард у. Не ’рвадæлты лæппу ус куы куырдта, уæд йæ фыдмæ æфсæрмы кодта, фæлæ-иу мæн афарста. Гъемæ чындзы куы ’рбахастой, уæд æй æгъдаумæ гæсгæ сиахсы цыд бакæнын хъуыд. Æз уымæй размæ нуазгæ дæр акодтон æмæ мæ хъæлдзæг зæрдæйыл уыдтæн, афтæмæй мæм æрбацыд æмæ мæ фæрсы, сиахсы цыд куы бакæна, уæд æй йæхи куыд дарын хъæудзæн, уымæй.

— Зынæй дзы ницы ис, — зæрдæтæ йын æвæрын. Нæ сыхæгты лæппу æмæ ма мын ноджыдæр кæмæйдæр загъта, уыдонимæ, дам, цæуын. — Бацæудзыстут, сылгоймæгтæ кæм сты, уырдæм — чындзы мад дæр уым уыдзæн — æмæ уе ’ртæмæ дæр нуазæнтæ авæрдзысты æмæ-иу цыбыр арфæ ракæн æмæ-иу нуазæн бануаз — иу сыкъа бануазыны тыххæй дæ расыггæнаг ничи схондзæн — æмæ-иу афтид агуывзæйы æхца сæвæр.

— Цас?

— Дæ бынтæ дзы иууылдæр куы ’вæрай, уæддæр дын «нагъ» ничи зæгъдзæн, фæлæ, иугæр хъуыддаг кæныс, уæд æй хорз хъуамæ скæнай æмæ, иннæтæ цас февæрынц, уымæй дзы дыууæ хатты фылдæр сæвæр.

— Уый фæстæ та?

— Уый фæстæ-иу чындзы фыды бацагур. Аивæй-иу зонгæтæй искæй бафæрс æмæ-иу йæ цурмæ бацу.

— Уым та цы кæнын хъæуы?

— Ницы. Æнæдзургæйæ-иу йæ разы къахфындзтыл скаф, стæй уæд рацу.

Уый йæ былтæ акъуырдта æмæ уыцы фидарæй загъта:

— Æз никæй цур кафын!..

Мæхиуыл хæцын нал бафæрæзтон æмæ ныххудтæн. Цы бамбарын ма йæ хъуыд, хъазгæ дзы кæй кодтон, уый. Куы ацыд, уæддæр мæ худын нæ урæдтон. Йæ каисы цур куы скафыдаид — кафынмæ та дæсны у — уæд хæрзаг лæг йæхинымæр катайы бацыдаид, ай мæ чызджы куы байсæфтон, æррайæн æй куы раттон, зæгъгæ.

— Ныр мæ мадырвадæлты кой ракодтай, æмæ уый та афтæ уыди.

Цæвиттон, сæ чызгыл сын дзырдæуыд, æмæ сæм минæвæрттæ æрбарвыстой. Фынг сын æрæвæрдтой æмæ, куыд вæййы, афтæ хистæр Хуыцауы ном ссардта, фæстæдæр Уастырджийы тыххæй фæсидт. Æртыккаг сидтыл та хъуамæ, уазджытæн сæ цыды сæр цæй тыххæй уыди, уый раргом кодтаиккой. Загътой, цы зæгъинаг уыдысты, уый æмæ сын нæ хистæр — Камал — тынг уæздан дзуапп ратта:

— Иннæ хуыцауæхсæв æрбацæут æмæ уæд бæлвырд баныхас кæндзыстæм.

Хуыздæр дзуапп ма цы вæййы! Минæвæрттæн дæр æхсызгон уыд ахæм ныхæстæ фехъусын, фæлæ куы анызтытæ кодтой, уæд дзы дыууæйы бæлвырд дзуапп уыцы изæр райсын æрфæндыди. Сæ фæнд ацæуыны тыххæй та ахæм æфсон æрхъуыды кодтой, лæппуйы фыд тыхст рынчын у æмæ афтæ зæгъы, уыцы хъуыддаг, дам ма æз дæр куы федтаин. Камал ма сын ноджыдæр иу хатт бамбарын кодта:

— Куы бадзырдтам: абон — хуыцауæхсæв, иннæ хуыцауæхсæв бæлвырд дзуапп райсдзыстут. Ууыл нæ ныхас ахицæн, ныр нæ фынджы кой кæнæм.

Мæ зæрдæмæ дæр фæцыдысты хистæры ныхæстæ, фæлæ та-иу уæддæр уыцы дыууæйæ куы иу, куы иннæ йæхиуæттæ кæныныл афæлвæрдта.

Æз кæстæр уыдтæн, фæлæ сæм мæсты кæнын райдыдтон. Мæхиуыл хæцыдтæн, хæцыдтæн, стæй æппынфæстаг хистæрæй ныхасы бар ракуырдтон æмæ уазджыты фæрсын:

— Сымах ардæм минæвар æрбацыдыстут æви хъæргæнæг?

— Уæллæй, Мурат, ды лæгмæ куы фæкомкоммæ уай, уæд усгурæй хъæргæнæг сараздзынæ, прокурорæй та — фыдгæнæг.

Мурат йæ мидбылты бахудт:

— Уыдис ахæм хабар дæр. Уæд ма кусынмæ Беслæныхъæуæй цыдтæн. Æфсæнвæндаджы вагзалмæ фæцæйцыдтæн æмæ дын мæм иу газик куы фæуромид. Мæ зонгæтæ дзы бадти æмæ мæм дзы иу дзуры, нæхимæ, дам, цæуыс. О, зæгъгæ сын куы загътон, уæд мæ машинæйы сбадын кодтой. Мæ зонгæтæй иу районы прокуроры хæдивæг разынд æмæ мын афтæ зæгъы, искуы, дам, уал фæйнæ баназæм.

Уæртæ базары дæле, ирон хæринæгтæ кæм кодтой, уырдæм бацыдыстæм. Арахъхъ балхæдтам æмæ фынджы уæлхъус æрбадтыстæм. Къухтæ сæрфынæн дзы гæххæтт нæ разынди, æмæ прокурор йæ папкæйæ иу сыф систа æмæ йæ цыппар дихы акодта — шофыримæ цыппар уыдыстæм. Сыфыл цыдæр фыстытæ уыди. Æвæццæгæн, тæрхоны рæстæджы паддзахадон зылынгæнæджы хуызы дзырдта æмæ, цытæ дзурдзæн, уыдон гæххæттыл фæрстыты хуызы афыста. Стæй сæ уæд ныххæххытæ кодта, цæмæй дзы мацыуал бæрæг уыдаид, уый тыххæй. Мæнмæ дзы цы гæбаз æрхауд, уым ма бакæсæн уыди æрмæстдæр дыууæ дзырды: «Сельхозтехникæ» æмæ «домкрат». Æз не ’ртыккаг æмбалы рæмбыныкъæдзæй басхуыстон æмæ йæм дзурын:

— Гъер нозтыл фестæм, фæлæ мæм цы хъаст æрбацыд, уый мæ иу минут дæр рох нæу...

— Цавæр хъаст?

— Куыстæй рацæуыны хæдразмæ мын æй хицау мæ къухы фæсагъта, æвæстиатæй фельетон бацæттæ кæн, зæгъгæ. Тагъд-тагъд кодтон, æмæ йæм дзæбæх не ’ркастæн, фæлæ хъуыддæгтæ «Сельхозтехникæ»-имæ баст сты, цавæрдæр домкраттæ-йедты кой дзы уыди. Уый дын прокуроры хæдивæг айхъуыста, цы! — хæрдмæ фесхъиудта æмæ загъд-замана систа: «Уыдон дзырдхæсджыты фыстытæ сты! Уæдæ сæ ахæстоны сбадын кодтаин?!»

Æмæ тæрхондоны цы хъуыддаг æвзæрстой, уый дзурынмæ фæци. Куыд загъта, афтæмæй «Сельхозтехникæ»-йы уыди тракторты прицептæ æмæ сæ цæлхытæ цавæрдæр машинæйæн бæззыдысты. Къæрныхтæ домкрат бахастой æмæ уый æххуысæй цæлхытæ рафтыдтой. Æмæ, дам сын уый тыххæй марыны тæрхон рахастаин?!



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.