Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 39 страница



— Цы хынджылæг скъæрут, лæджы кусын цæуылнæ уадзут?

Цы гæнæн ма нын уыд, хицау хицау у æмæ йын йæ ныхасæн аргъ кæнын хъуыд, стæй нын, æргом дзургæйæ, ахæм митæ кæныны бар дæр ничи лæвæрдта. Быдыгойы дуарæхгæды хабар Барисмæ куыд бахæццæ, уый нын фæстæдæр йæхæдæг радзырдта: телефонæй, дам мæм æрбадзæнгæрæг кодта.

Мурат æмæ Быдыго иу районæй уыдысты, стæй хæларæй цардысты — уæвгæ зулдзых ныр дæр не сты. Йæ ус курыны хабæртты зæрдиаг архайæг уыд, йæ фæдыл-иу зианмæ дæр арæх ацыд, фæлæ йыл иу хатт йæ зæрдæ тынг фæхудти, æмæ дзы йæ мæстытæ исын уый фæстæ райдыдта. Уæвгæ йæм канд иу хъуыддаджы тыххæй афтæ тынг не смæсты уыдаид. Цæвиттон, Быдыгойæн се ’рвадæлты чызг амард æмæ та, уымæй размæ бирæ хæттыты куыд уыди, афтæ Муратыл йæ тъæпп фæцыди:

— Елхоты не ’рвадæлтæм зиан и æмæ мемæ нæ ацæудзынæ?

Ацæудзынæн, зæгъгæ йын загъта.

— Фæлæуу уæдæ, æз редакторæй мæхи ракурон.

Уыцы рæстæг Мурат та бухгалтеримæ ацыд, æхца йæм нæ уыд æмæ æфстау курынмæ.

Быдыго хицауы кусæн уатæй куыддæр рахызт, афтæ Муратыл хæрхæмбæлд фæци æмæ йын афтæ:

— Йед у, гъер хицау афтæ зæгъы, алы бон зиантæм куы цæуæм, уæд, дам ма кусгæ та чи кæндзæн... Уæд та дæхæдæг ацæуис?..

Куыд хъуамæ ацыдаид йæхæдæг, йæ кой дæр кæмæн никуы фехъуыста, уый зианмæ? Хорз. Ацыди Быдыго йæхæдæг дæр, фæлæ та уым дæр йæ чъындыдзинад рабæрæг: сабæттаг куы лæвæрдта, уæд æй Мурат йæ разæй фæкодта æмæ фондз сомы йеддæмæ куы нæ ныффыссын кодта, уæд, дам, æз дæр фылдæр нал раттон. Уæвгæ та, дам, туман дæттинаг уыдтæн.

Ус дæр афоныл, æвæццæгæн, йæ фырчъындыйы тыххæй нæ ракуырдта. Уæвгæ ма Муратæн йæхимæ байхъусæм. Уый дзы цалдæр раны зæрдиаг архайæг уыди:

— Æцæгæйдæр, æнæ усæй зæрондмæ йæ фырчъындыйы тыххæй баззад, уымæн æмæ йæ рæсугъд чызг дæр хъуыди, ахуыргонд дæр, хъæздыг хæдзарæй дæр куыд уыдаид, йæ мад æмæ йæ фыд тагъд кæмæн амардаиккой, сæ бынтæ та уымæн куыд баззадаиккой. Ныр йæхæдæг та мæнау маймулийæ фыдынддæр у æмæ ахæмæн йе ’нæаипп чызджы цавæр хъæздыг бинонтæ хъуамæ раттаиккой?! Уæддæр ын тæригъæд кодтон æмæ-иу йæ фæдыл ацыдтæн. Иу рæстæджы та ногбæтæхъойыхъæуккаг чызджы бауарзта. Дзæбæх чызг уыди, раст зæгъгæйæ, фæлæ дзæбæх чызджыты дæр дзæбæх лæппутæ хъæуы. Мединституты фæндзæм курсмæ бахызт æмæ-иу практикæ Беслæныхъæуы рынчындоны кодта. Зонгæ уыдыстæм æмæ мын иу хатт афтæ:

— Де ’рдхордæн-ма зæгъ æмæ мæ фæдыл мауал разил-базил кæна, кæннод ын смаст кæндзынæн...

Уæддæр æм ницы хъардта. Иу хатт та мын афтæ зæгъы, мæ хойыл амбæлдис æмæ, дам ын фæхъæбыстæ кодта. Омæ, зæгъын æй дæ хо куры æви ды. Нæ йæ хъæуыс æмæ дæхи мауал æгад кæн.

Нæй, нæ мæм хъуыста. Фæстаг хатт ма йемæ ацыдтæн. Иунæгæй йæ ныфс ницæмæ хаста æмæ-иу ын æз та къæссайы комыл хæцæг уыдтæн. Иу изæр та рынчындонæй рацæуæны йæ размæ бабадтыстæм, фæлæ иунæг нæ уыди. Йе ’мбал чызгимæ дæларм-уæларм хæцгæ рацæйцыд. Усгур æнхъæлдта, искуы хицæн кæндзысты, зæгъгæ, æмæ сæ фæдыл хъуызæгау цыдыстæм. Суанг Бæтæхъойыхъæумæ нæ фæхицæн сты. Æнæзонгæ чызг æй сæ тæккæ хæдзары дуармæ бахæццæ кодта, йæхæдæг дарддæр ацыд. Æвæццæгæн, уым кæмдæр хæстæг цард.

Уæдмæ æрталынг æмæ мын Быдыго афтæ:

— Бæлæсты аууон алæууæм.

— Цæмæ ма дзы лæууыс? — дзурын æм. — Ардæм æм фæдзурынмæ хъавыс? Цы ’фсонæй? Стæй ныр цафон у?

Уалынмæ дын сæ ус куы ракæсид æмæ уынгмæ куы рахъæр кæнид: «Чус, чус, чус!» Æвæццæгæн, сæ хуытæ нæма ’рбацыдысты æмæ уыдонмæ сидти. Мæхимæ дæр мæсты куыннæ уыдтæн, ахæм усгуры фæдыл кæй разил-базил кæнын, уый тыххæй, мæсты уыдтæн Быдыгомæ дæр æмæ уыцы «чус, чус» куы айхъуыстон, уæд æй бæласы аууонæй расхуыстон, марадз, дæумæ дзуры, зæгъгæ. Мæ ныхæстæ, æвæццæгæн, æгæр хъæрæй загъд фесты, æмæ дын ус куы радзурид: «Чи стут, чи?»

«Ничи» стæм, зæгъгæ, мæхинымæр загътон æмæ сфæнд кодтон Быдыгойæн ус æндæр хуызы ракурын...

Куыдæй, ууыл бирæ фæхъуыды кодтон æмæ æппынфæстаг мæ фæндон сцæттæ.

— Быдыго, диссаджы хъуыды мæм сæвзæрд, — загътон ын цалдæр боны фæстæ.

Цавæр, зæгъгæ, мæ куы бафарста, уæд ын радзырдтон:

— Мæ сæр куыннæ ’рцахста ныронг, Габодтийы рагæй кæй зонын, уый?!

— Габодти та чи у? — уыцы цымыдисхуызæй мæ афарста Быдыго.

— Кæй фæдыл ратæх-батæх кæнæм, уымæн йæ мады хæрз æфсымæр. Нæ сиахс у æмæ мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзæн. Уый та йæ хойы дæр æмæ йæ хойы чызджы дæр кæй æрсæтдзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын.

Быдыгойы хъустæ схъил сты.

— Иумæ бирæ фынгты уæлхъус фæбадтыстæм æмæ нозтджынæй тынг фæлмæнзæрдæ вæййы. Уыимæ ныхас куы зæгъа, уæд ын аивыны мыггаг ницы хуызы ис.

Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ.

— Ресторанмæ йæ бахонæм æмæ уым хъуыддæгтæ иунæг бонмæ ацъыкк ласдзыстæм...

Рестораны кой йын куы скодтон, уæд иуцасдæр фæоцанигомау ис, фæлæ уарзондзинады тыххæй адæймаг цы нæ бакæндзæн! Цы æнæсразы уæвгæ ма йын уыди!..

Ссарын ма мæ хъуыди, Габодтийы ролы чи ахъазыдаид, ахæмы, фæлæ-иу кæмæн загътон, уый-иу мын афтæ фæкодта, мæ худын, дам, нæ бауромдзынæн. Оу, цæуыл, зæгъын, худыс, уыцы чъындыгоппы хардзæй баназын йæхæдæг удыбæстæ куы у! Баназæм æмæ уал бахæрæм, стæй уæд худдзыстæм. Нæй, ничи мын сразы æмæ уæд ресторанмæ нæхæдæг бацыдыстæм. Мемæ ма, æнæхудгæйæ хæрын æмæ нуазын чи базыдтаид, иу ахæм мæ зонгæйы ракодтон. Быдыгойæн загътон, Габодтийы уый дæр зоны, зæгъгæ. Сфæнд кодтон хъуыддаг æнæ Габодтийæ саразын. Быдыгойæн та загътон, Габодти мын æрбацæуынæй зæрдæ бавæрдта æмæ йæм рестораны дуармæ æнхъæлмæ кæс, зæгъгæ. Бæрзондных къепкæ, сæрак курткæ, галифе хæлаф æмæ йыл, зæгъын, æдзухдæр цырыхъхъытæ вæййы æмæ йæ йæ дарæсæй æнцонæй базондзынæ. Йæ размæ куы рацæуай, уæд ын æхсызгон уыдзæн, мæ фидæны сиахс мын уæздан митæ кæны, зæгъгæ. Ацыди Быдыго, уæдæ цы уыдаид. Фидæны амонды сæрвæлтау адæймаг цæмæн нæ бафæраздзæн!

Уæд «Интурист»-ы официантæй иу ацæргæ гуырдзиаг, Валодя, зæгъгæ, куыста æмæ йæ хорз зыдтон. Куы нæм æрбацыд, уæд ын загътон, зынаргъдæр æмæ уæм хуыздæр хæринагæй цы ис, уыдон нын, куыд гæнæн æмæ амал ис, афтæ тагъддæр рахæсс, тынг æнæвдæлон, зæгъын, стæм.

Цалынмæ нын уазал хæринæгтæ æмæ нозт хаста, уæдмæ нæ бакомкоммæ беседкæйы — сæрдыгон уыдис æмæ рестораны цæхæрадоны бадтыстæм — мæ зонгæтæ æрбацыдысты æмæ Валодяйæн загътон, уыцы фынгмæ, зæгъын, мах номæй иу коньячы авг бахæсс.

Хæрæм, нуазæм. Уырыссаг арахъхъ иу авг фæдæле кодтам æмæ йæ хæмпæлты æрæмбæхстон. Дыккаг авг дæр нын рахаста. Уый дæр банызтам æмæ нæ хъуыртты дæр нæ фæзынд. Хæринаджы дзæбæхæй ахуыйæн куы кæнай, стæй дæ фидыны сагъæс куы нæ уа, уæд нозт лæгæн хорз тайы. Нæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд Быдыго дæр фæзынди.

— Нæй, иу къурткæджыны дæр дзы уынгæй æрбахизгæ нæ федтон. Галифе хæлаф дæр дзы никæуыл уыд...

Цавæр лæг хъуамæ скæна уыцы араугæйы сæрак къурткæ, науæд галифе хæлаф æмæ цырыхъхъытæ! Фæлæ йын йæ фыртыхстæй уыдæттыл ахъуыды кæныны фадат дæр нæ фæци. Ноджы ма йын, дынджыр фындз и, зæгъгæ дæр загътон. Афтæмæй йæхи фындзæй дынджырдæр та зын ссарæн у, фæлæ уыцы æлхыскъмæ дæр ницы хъус æрдардта.

— Æвæццæгæн ыл исчи фæндагыл амбæлд æмæ йæ æндæр фынгмæ баласта, — зæрдæтæ йын æвæрын.

Уый тагъд-тагъд ахæрдтытæ кодта, нозтæй аходгæ дæр не скодта: йæ фидæны каисы цур йæ арахъхъы тæф куы кæла, уымæй тарст.

Фидын афон æрхæццæ æмæ катайы бацыд, утæппæт хæринæгтæ æмæ нозтæн фидын хъæудзæн, зæгъгæ. Æрнымадта нын Валодя æмæ, цас фидын хъæуы, уый хъæрæй куы загъта, уæд, æвæццæгæн, Быдыгойы сæрыхъуынтæй иу дæр ахæм нал баззад, уырдыг дзы кæцы не слæууыд, фæлæ ахæм ран бахаудта, æмæ дзы чъынды дзыпмæ æнæнывналгæ нал уыд. Бафыста, уæдæ цы уыдаид. Æвæццæгæн, æз уыдтæн, Быдыгойæн ахæм ми чи бакодта, фыццаг ахæм адæймаг.

Куы рацæйцыдыстæм, уæд ресторанмæ бацæуæны къуымы оркестрантты бадгæйæ раййæфтам. Сæ цагъд беседкæмæ дæр хъуысти, фæлæ сæ рæзты цæугæйæ кæрæдзийы ныхас хорз нал æмбæрстам. Иу заман фæхъус сты æмæ Быдыгомæ дзурын:

— Кæдæй-уæдæй дæм лæгдзинад разынд æмæ де ’мбæлтты фæхуыдтай. Дæ хорз хорз у æмæ ма уæртæ оркестранттæн иу туман, — туман уæд хорз æхца уыди, — баппар, æмæ къахфындзтыл скафон. Кафын нæ зонын, фæлæ ахæм минасы фæстæ арс дæр æнæкафгæ нæ фæлæудзæн.

— Цæй-ма, хынджылæг ма кæн, цом уыцы лæджы ссарæм, науæд куы ныххырха, уæд мæ дзы цы пайда ис?..

— Гъер дæу зондæй бафæрс?! Цавæр пайдаты кой кæныс! Нарты Сырдоны карæн куы дæ, уæд рестораны устытæ кургæ кæй федтай? Æви дæ дынджыр фындзæй хъуыды кæныс?!

— Уыцы цæф ыл йæ мæрддзæсты тыххæй æруад, — хъусын дарддæр Быдыгойы хабæрттæм, — фæлæ ма давгæ дæр кодта. Уæвгæ, уый дæр йæ чъындыдзинадимæ баст уыд. Цæвиттон, тамако дымдта, фæлæ йæ æлхæнын нæ уарзта. Уæд ма æз дæр уыцы æвзæр ахуырыл хæст уыдтæн, ома тамако дымдтон. Тамакодымæг та уыцыиухуызон бапъирозтæ кæнæ сигареттæ фæдымы, кæннод ыл хуыфæг бахæцы. А Быдыгойæн та уæлдай нæ уыди: алцыдæр ын тади, æрмæст лæвар уæд, æндæр хъолойы сыфты карст дæр «Герцеговина Флор»-ы хуызæн æхсызгонæн бадымдтаид. Мæ дыминæгтæй мын кæй давта, уый бынтон æрæджиау базыдтон.

Иузаман мæ сигаретты къопп фæцæйфæуд кодта. Æркастæн æм, æмæ дзы цалдæр йеддæмæ нал уыд. Мæхинымæр скарстон, сихормæ фаг мын суыдзысты, стæй ног балхæндзынæн, зæгъгæ. Сихормæ ма сахаты бæрц куы баззад, уæд тамако дымынмæ рацыдтæн æмæ иудзæвгар лæппутимæ ныхасгæнгæйæ, афæстиат дæн. Фæстæмæ куы ’рбацæйздæхтæн, уæд Быдыгойы мæ уатæй рацæйцæугæ ауыдтон. Уый мæ нæ федта, афтæмæй Бутаты Тотырбеджы уаты фæмидæг. Сихоры улæфты рæстæг ралæууыд, æмæ ме стъолы асыккæй мæ сигаретты къопп систон. Кæсын, æмæ дзы иу йеддæмæ нал, афтæмæй чысыл раздæр тамако дымынмæ куы рацæйцыдтæн, уæд ма дзы дыууæ кæй уыд, уый бæлвырдæй хъуыды кодтон. Мæ зæрдæ Быдыгомæ фехсайдта. Тынг рамæсты дæн. Хъыг мын уыди, ме стьолы лагъзмæ кæй нывнæлдта, уый. Ахæм ми суанг ме ’фсымæрæн дæр нæ ныххатыр кодтаин. Æнæфæрсгæйæ цæмæн хъуамæ джигул кæна мæ къуымты! Иннæмæй та ахæм æгад хъуыддаг кæнын сæрмæ хæссинаг макæмæн хъуамæ уаид, фæлæ Быдыготæ, æвæццæгæн, æндæр зондыл хæст вæййынц. Кад æмæ æгъдау уымæн нæ зонынц, сæ сæр сæрмæ уымæн нæ хæссынц. Мæхинымæр афтæ тынг смæсты дæн æмæ сфæнд кодтон уый тыххæй дæр та йæ æрцахуыр кæнын. Фæлæ мæ уымæй размæ сбæлвырд кæнын хъуыди, лыстæг къæрных Быдыго уыди æви нæ, уый. Уæд та фæрæдыдтæн? Фæлæ нæ фæрæдыдтæн. Мæ тамакотæ Быдыго кæй давта, ууыл дызæрдыг нал кодтон, фæлæ давгæ-давын зын æрцахсæн уыди. Нæ мын басастаид, джигул та йæм куыд кодтаин! Мæхицæй цалдæр азы хистæр уæддæр уыд. Æмæ ацыдтæн æндæр фæндагыл...

Лыстæгхæтæлджыны гилдз уынджы ссардтон æмæ йæ ме стьолы лагъзы æфснайдæй дардтон, цыма йæ зонгæ кодтон, кæддæр мæ йæ сæр бахъæудзæн, зæгъгæ.

Иу изæр фæскуыст мæхиуыл дуар æрæхгæдтон — уыцы заман ма-иу æхсæз сахаты фæстæ дæр редакцийы бирæ змæлджытæ уыди — цæмæй мæ æнæнхъæлæджы мачи ’рбаййæфтаид, æмæ гилдзы нæмыг рафтыдтон, йæ топпыхос ын рауагътон, стæй сигаретæн æмбисæй чысыл фылдæр йæ тамако арæхстгай ракалдтон æмæ дзы астæуæй топпыхос ауагътон, цы уæгъд бынат ма дзы баззад, уым фæстæмæ тамако ныннадтон. Афтæ ма «сифтыгътон» ноджыдæр дыууæ сигареты æмæ сæ фæстæмæ къоппы нывæрдтон. Дыккаг бон, мæ тамакотæ-иу кæм уыдысты, къопп уым нывæрдтон, мæхæдæг, Быдыго дæр мæ куыд фена, афтæ асинтыл мæхи бынмæ цæуæг акодтон. Бынмæ цæуæг, зæгъгæ, проспектмæ рацыдтæн — уæддæр ма «Рæстдзинад»-ы куыстон — фæстæмæ нал схызтæн, мæ нымадмæ гæсгæ, цалынмæ Быдыгомæ тамако дымын æрцыдаид, уæдмæ. Ныр хабæрттæ Тотырбег йеддæмæ ничи зыдта. Фæстæмæ куы ’рбаздæхтæн, уæд лæппуты пыррыччытæгæнгæ æрбаййæфтон.

— Цы ’рцыди, цæуыл худут? — фæрсын сæ.

Быдыгойæн, дам, цы бакуыстай. Цы йын, зæгъын, бакуыстон. Уæртæ, дам-ма йæ кусæн уатмæ бауай.

Бацыдтæн æмæ дын йæ рихитæ арыдæй куы баййафин. Уый фæстæ мын куыд радзырдтой, афтæмæй лæппутæ тыргъы тамако дымдтой. Быдыго, дам, фæстæдæр фæзынди. Æвæццæгæн ын уымæй размæ давыны фадат нæ фæци, фæлæ йæ къухы куы бафтыди, уæд дымджытæм йæхи байста. Тотырбег бæсты иблис кæм нæ уыд, æмæ, дам, æз аивæй æнхъæлмæ кастæн, минæ йæ куыст кæд бакæндзæн, уымæ. Иу заман та Быдыго сигарет æрбацъырдта. Топпыхосмæ куыддæр зынг бахæццæ, афтæ уыциу фу ныккодта æмæ арт рихитæ æмæ æрфгуытæ ацарыдта, сигареты æмбис та фæйнæрдæм фæтахт. Быдыго, дам, йæхи иуварс аппæрста, фу, фу, ай циу, ай циу, дам ма кодта.

Бацыдтæн йæ кусæн уатмæ, æмæ йæхи цыдæртæ кусæг скодта. Йæ арыд рихитæм ын куы бакастæн, уæд æм мидбылты худгæйæ, бартхъирæн кодтон:

— Иннæ хатт ма куы ’рбацæуай, уæд та дын дзы динамит сæвæрдзынæн!

О, æмæ ма Быдыгойы тыххæй ноджыдæр иу хабар. Цæвиттон, уыцы аз стыр горæты ахуыр фæци æмæ хуымæтæджы идеологæй агæпп ласта! Ленин йæ цуры ницыуал уыд. Уымæй фæбольшевикдæр. Уыцы бонты йæ хæстæджытæй кæй къæсæрæй нæ бакаст, ахæм, æвæццæгæн, бирæ нал баззад. Алы ран дæр ыл цин кодтой, мæнæ нæ мæскуыйаг бæлццон ссыди, зæгъгæ. Кæд ыл алы ран æмхуызон нæ цин кодтой, уæддæр йæхимæ афтæ каст æмæ дзы алкæмæ дæр иу æхсидавыл дыууæ уады кодта. Иу ран дзы æз дæр бахаудтæн æмæ, куыд бамбæрстон, афтæмæй нæм фысымтæй ничи ’нхъæлмæ каст. Цыбыр дзырдæй, хæдзары никæй баййæфтам. Йæ мадырвадæлтæ уыдысты. Хæрæфырт тыхджын кæм нæу, æмæ йæхæдæг æфсиниуæг кæнынмæ февнæлдта. Йæхи хæдзары бæркад куы нæ кайдта, мыййаг, — ницæуыл ауæрста. Уайтагъд фынг ацæттæ. Хистæрæн не ’ртыккаг æмбал сбадти æмæ, æгъдау куыд амыдта, афтæ фыццаг сидтæй Стыр Хуыцауы ном ссардта. Æрбакъуырцц нæм кодта æмæ йæ анызта. Быдыго сидты кой нæ кодта, фæлæ дунейы фарнтæ-йедгæ æрымысыд. Иу дзырдæй, Хуыцауы ном йæ дзыхæй не ссыд. Æз æй уайтæккæ дæр бамбæрстон, фæлæ йæм ницы сдзырдтон. Куыддæр æй анызта æмæ фынгмæ æрæвналынмæ хъавыд, афтæ йын йæ къухыл фæхæцыдтæн, ардæм хæрынмæ нæ, фæлæ æгъдауы фæдыл æрцыдтæ, зæгъгæ.

Хистæр мæм фæрсæджы каст куы кодта, уæд ын загътон:

— Сидт мæнмæ не ’рхæццæ.

— Банызтон æй, — йæхи раст кæны Быдыго.

— Банызтай йæ, уый æз дæр федтон, фæлæ хистæр Стыр Хуыцауы тыххæй фæсидт, ды та æндæр цæйдæр тыххæй банызтай. «Дунейы фарны» кой скодтай æмæ Мæскуыйæ дарддæр куы никуы уыдтæ, уæд дунетæм цы ахæццæ дæ?

Хистæр мæ фарс фæци, æмæ йын йæ агуывзæ фыццагæй ноджы дзагдæр бакодтон. Ацы хатт, Хуыцауы хорзæх уæд, зæгъгæ, загъта æмæ йæ анызта. Фынгмæ та йæ æвналын нæ бауагътон, уый дын кады нуазæн нæ, фæлæ ивар уыди, зæгъгæ. Гæнæн нал уыд, æмæ та æртыккаг дæр банызта. Цыбыр дзырдæй, бадты кæронмæ лæг къæзæнæгæй дзурын райдыдта. Уынгмæ куы рацыдыстæм, уæд ын афтæ зæгъын: «Дæ сызгъæрин хъæлæсæй ма ныйилæлæй кæн, заргæйæ, дам, лæгыл йæ къæзæнæг нал фæзыны».

Æз дзы хъазгæ кодтон, уый дын æцæгæлон хъæуы æнафон уынджы астæу куы ныммехъ ласид. Мæнæ сæгъæн йæ сыкъатæ кауы куы ныссæдзой æмæ йын рафтауын куынæуал комой, уый хуызæн ныууасыди.

— Банцай! — дзурын æм. — Хъæуы цуанæттæ нæ бирæгъты бал фæхондзысты, æмæ ма мах дæр бын кæныс.

Иу ныхасæй, Быдыгойæн уыйас фæдæн, афтæ стъæлфын мæ байдыдта, æмæ йын, зæгъæм, куыннæ йæ базона, афтæ мæ къам йæ нывæрзæны сæвæр, уæд æхсæвы фыдфынтæ уынид, йæ сынтæджы хæрдмæ хауид.

— Ныр Быдыготæ æмæ Быдыгойы хуызæтты кой кæнын, зæгъгæ, уæд, зæгъыс, æмæ мæхæдæг бынтон æвыдæй баззадтæн? Æрцыдысты-иу мын мæхиуыл дæр, — загъта Мурат, Быдыгойы диссæгтæ конд куы фæци, уæд...

Уæд æфсады уыдтæн. Денджызон флотмæ бахаудтæн, фондз азы ма дзы службæ кæнын куы хъуыд, уæд. Фыццаг дыууæ азы сæрыхъуын дарын нæ уагътой: машинкæйæ бындзарæй æлвыдтой. Стæй-иу былгæронмæ дæр хистæртимæ, ома æртæ æмæ уымæй фылдæр азтæ чи баслужбæ кодта, уыдонимæ йеддæмæ иунæгæй нæ уагътой.

Иу хатт нæ нау Ленинградмæ æрбацыд цалцæг кæнынмæ, æмæ мæ хистæртæй цалдæримæ увольненийы ауагътой. Уыдоны та былгæроны цы хъуыди? Сылгоймæгтæ æмæ нозт. Мæн та æрмæстдæр горæт фенын фæндыди æмæ, къæбыла йæ мады фæдыл куыд сæпп кæна, æз дæр сæ фæдыл афтæ уадтæн.

Фыццагдæр кæдæм бацыдысты, уый уыди хойрæгты дукани. Хæрд, нозт балхæдтой. Мæнæн дæр мæ цинелы дзыппыты дыууæ авджы водкæ нывæрын кодтой. Иуцасдæр уынджы куы бауадыстæм, уæд дыууæуæладзыгон хæдзары цур æрлæууыдысты æмæ мын уæллаг уæладзыгмæ амонынц, уæлæ, дам, уырдæм схиз, дзæнгæрæгыл бахæц, æмæ дæм иу дзæбæх зæронд ус ракæсдзæн. Англисаг æвзаджы ахуыргæнæг у, æмæ йæм уыцы ’взагыл чи сдзуры, уымæ хорз цæстæй ракæсы. Чи зоны, мидæмæ дæр дæ бахона, хорз дæ фена. Мыййаг дын мидæмæ куы зæгъа, уæд ын-иу мах кой дæр скæн æмæ нæ кæд бауадзид. Уæдæ нæ хæрд æмæ нозт кæм æрæвæрæм? Куы дæм ракæса, уæд, дам, ын-иу салам æнæмæнг англисагау ратт.

Ныр æз та скъолайы немыцаг æвзаг ахуыр кодтон æмæ англисагау «дæ бон хорз» куыд у, уый нæ зыдтон æмæ сын уый бамбарын кодтон. «Ай лав ю», зæгъгæ, дам ын зæгъдзынæ.

Уыцы дзырдтæ цалдæр хатты мæхинымæр сфæлхат кодтон, цæмæй мæ ма ферох уыдаиккой, уый тыххæй æмæ мын, куыд загътой, афтæ бакодтон. Схызтæн дыккаг уæладзыгмæ, дзæнгæрæгыл бахæцыдтæн, æмæ мæм æцæгæйдæр кæсæнцæстджын къæсхуыр зæронд ус ракаст æмæ йын, уæздандæр уæвæн нæй, ахæм хъæлæсыуагæй загътон:

— Ай лав ю!

— Цы! — фæтъæлланг мыл ласта ус. — Арв уæ ныццæвæд, цъаммартæ!..

Лæппутæ сæ хъæлæсыдзаг ныххудтысты æмæ лидзæг фесты, æз дæр сæ фæдыл дзæлæпп-дзæлæпгæнгæ фæцагайдтон. Ноджы, ме ’вгтæн схауынæй тæрсгæйæ мæ дзыппытыл хæцыдтæн æмæ мын афтæмæй згъорын ноджы зындæр уыд.

Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй денджызонтæн зæронд усы фатеры фарсмæ сылгоймæгты æмдзæрæны зонгæ чызджытæ уыди, æмæ сыл хицауадмæ бахъаст кодта, ардæм æфсæддонтæ цæуынц æмæ мæ æхсæв фынæй кæнын нæ уадзынц, зæгъгæ. Зæронд усмæ уый тыххæй мæсты уыдысты æмæ дзы ахæм хуызы сæ маст райстой.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.