Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 38 страница



— Ацы нозт ныхъхъуытты уадзын хъæуы, адæймаг дзы æгад цы кæны, æндæр дзы ницы пайда ис.

Цыма мæ уыцы дзырдтæм æнхъæлмæ каст, уый хуызæн ныхас йæхимæ айста:

— Æз дæм æрдæбонсарæй мæ цæст дарын, æмæ мæм дæ цæсгом цыдæр æнæитувæрд фæкаст. Æвæццæгæн дзы дысон кæмдæр ныххаудтæ.

— «Ныххаудтæ» цы хоныс? Дыууæ хатты ресторанмæ бацыдыстæм. Бæгæны нуазынмæ та ма цæмæ баздæхтæн... Бынтондæр мæ уый фесæфта... Арахъхъы фæстæ бæгæны куы баназын, уæд мын никуыма батад. Цы фæвæййын, уый нал базонын. Трамвайы ма куыддæртæй сбадтæн, стæй, цы фæдæн, уый нал бамбæрстон. Иу афон мæ кондуктор райхъал кодта, кæдæм цæуыс, ныр, дам, æртыккаг зылд кæныс. Райсомæй мæ хуыссæны райхъал дæн, фæлæ нæхимæ куыд æрбацыдтæн, уый нал хъуыды кæнын. Ныууадзынæй хуыздæр хос ын нал и...

Мидæмæ куы бацыдыстæм, уæд, цас абадтаин, Хуыцау йæ зонæг, афтæ мæм Хъаныхъуаты Валодя фæдзырдта æмæ мын афтæ:

— Уæ быны къæйтæ нуазут æви цы?

— Цæй тыххæй зæгъыс? — цыма ницы ’мбарын, уый хуызæн мæхи дарын.

— Абондæргъы мæм цалдæрæй æрбадзырдтой, уæ фельетонист фельетон йæхиуыл цæуылнæ фыссы, дысон-бонмæ, дам æй трамвай горæты цалдæр зылды куы ’ркодта æмæ йæм адæм дисмæ кæсæгау куы кастысты.

Цы базонын ма мын хъуыд, кæй дзыхæй дзырдта, уый. Æмæ йын хабæрттæ куыд уыдысты, уый кæрæй-кæронмæ радзырдтон. Валодя хорзау нал фæци.

— Зæгъыс, æмæ дæм дзырдтæ чи хæссы, уый дæ хæрзгæнæг у? Иуахæмы дын дæхиуыл дæр нæ бацауæрддзæн.

Æмæ йыл, æцæгæйдæр, фæстæдæр æнæном писмойы цъыфкалæн фæкодта. Фæлæ уæддæр нæ фылдæр, ома «Рæстдзинад»-ы кусджытæ, диссаджы хорз адæм уыдысты. Хорз адæм кæм вæййы, уым та хæлæггæнджытæ дæр разыны. Тæккайы ма хъуыды кæныс?

— Ау, куыннæ йæ хъуыды кæнын? Мæнæ йе ’фцæггот дæр тамакойы тæф кæмæн кодта, уый?

— О, о, фæсномыг дæр ма йын куы ’рхъуыды кодтам. Кæддæр Мæскуыйы КИЖ-ы (Коммунистический институт журналистики) ахуыр кодта æмæ-иу, кæм хъуыди æмæ кæм нæ хъуыди, уым йæ кой æнæракæнгæ нæ фæци: «Вот когда я учился в КИЖе». Ныр журналистикæйæн та æмбаргæ ницы кодта. Фыссын нæ зыдта, уый иу хабар уыд, фæлæ ма хæлæггæнаг æмæ æдзæстуарзон дæр уыди. Æмæ йын алы фыдмитæ кæныныл нæ ауæрстон. Йемæ бадын æй ничи уагъта æмæ-иу æй куы кæцы уатмæ барвыстой, куы кæцы. Иу заман та мемæ бадти. Уæд ма тамако дымдтон æмæ-иу сæрмагондæй райсомæй раздæр æрбацыдтæн æмæ-иу дуарæхгæдæй тамако фæдымдтон, цæмæй тагъддæр фæлидзæг уа, уый тыххæй. Дуарæй-иу куы ’рбакаст, уæд-иу афтæ фæкодта: «Фи-фи-фи, дæ фæздæг дæ сæрмæ куы сбадти! Куы фæхуыдуг уай, уымæй дæр нæ тæрсыс? Нæхимæ куы ныццæуын, уæд мæ мæ бинойнаг æнæбафæрсгæ нæ фæвæййы, тамако дымын, дам, райдыдтай? Де ’фцæггот дæр, дам, тамакойы тæф кæны».

Куы зæгъын, фыссынмæ нæ арæхсти, афтæмæй-иу кæй фыдгой нæ ракодтаид, ахæм нæ уыди. Мах-иу алы рæттæм фыстам: радио, телеуынынад æмæ нын-иу газеттæй æрмæг ныффыссын бахæс кодтой æмæ-иу нæм мæйы кæрон кæнæ йæ райдайæны гæххæттытæ æрбарвыстой гонорары тыххæй. Уый та-иу никæцæй ницæмæ ’нхъæлмæ каст æмæ йæ цæсты фиутæ тадысты. Æз-иу бухгалтерийæ, гонорар кæм æрвыстой, ахæм бланктæ райстон, профцæдисы мыхуыр-иу сыл æрæвæрдтон, чысыл-иу æй йæ бынатæй фезмæлын кодтон, цæмæй йæ фыстытæ бынтон хорз ма зындаиккой, уый тыххæй æмæ-иу сæ сусæгæй редакторы секретары стъолыл æрæвæрдтон. Уый-иу сæ адæмыл уаргæ рацыди. Ноджы сын-иу ахæм бирæ гонорар «рафыстон» — исты йæ мæ фыды хардзæй куы нæ лæвæрдтон æмæ-иу Тæккайæн йæ мастыл ноджы тынгдæр æфтыдтой. Уыдон уынгæйæ-иу Тегаты Сулейманæн — уæд иумæ бадтысты — йæ хъæстытæ кодта:

— Æрмæстдæр гонорары куыст кæнынц, кæм цы расыггæнаг и уыдон! Нæхицæн та ма кæд фæфыссынц?..

Уæвгæ йе ’рвад дæр хуыздæр нæ уыд. Кæцæй цы ратона, ууыл никуы бацауæрста.

— Æмæ уымæн дæр хорз куы фæдæ...

— Æмæ йын нæ хъуыди? Дæ фыртæн хъуыддаг кæныс, адæмы æрхуыдтай æмæ сын сæ разы мацы æрæвæр, уый кæцы æгъдауы фидауы? Мæгуыр куы уыдаид, уæд ма йын ныббарстаин, фæлæ йæ рæбынтæ ракæл-ракæл кодтой. Цæрæнбонты хъæууонхæдзарадон хайады фæкуыста æмæ колхозтæ æмæ совхозтæй цынæ емынæ фæласта, ахæм нал баззад. Уæдæ йæ ус дæр бæрнон бынæтты фæкуыста æмæ йæхи хъуаг ницæмæй уагъта. Куы зæгъын, дæ иунæг фыртæн ус хæссыс æмæ адæмæн æгъдау ратт, афтид фынджы уæлхъус сæ кæдæм бадын кæныс?!

Æз, Мурат цы чындзæхсæвы кой кæны, уым нæ уыдтæн, фæлæ мын дзырдтой, галы сæртæ, дам дзы дыууæ уыдис, æмæ йæ Муратæн куы бакой кодтон, уæд загъта:

— Йæ мардæрцыд дæр уый мидæг ис, æмæ дзы сæртæ йеддæмæ кæй ницы уыд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дзидзайы комбинатæй сæртæ сласта, уыимæ дынджыр сæртæ — уадз æмæ адæм æнхъæлой, фондзаздзыд галтæ акалдта, зæгъгæ, дзидза та, æвæццæгæн, хицæнæй лæварæмхасæнтæй балхæдта, æмæ нозты фæстæ адæймаг йæ дзыхы цы акодтаид, уый нæ уыди. Ноджы нозт дæр ницæмæн бæззыд: спъирт донимæ тæнæг хæццæйæ æмæ хъуыртæ арыдта. Кусæрттæ кæй нæ акодта, уый та уымæй бæрæг уыдис, æмæ фынгыл нæ игæр æрæвæрдтой, нæ уæцъæф кæнæ æндæр хуылфыдзаума. Ныр ын мах нæхæдæг редакцийы цы ’хца æрæмбырд кодтам, уый нын рестораны цалдæр бадты фаг дæр уыдаид.

Кæй æрбацыдтæн, ууыл фæсмон кæнын райдыдтон, фæлæ гæнæн нал уыд. Уырдыглæуджытæй иумæ фæдзырдтон æмæ йын афтæ зæгъын, ам фынгыл куы ницы ис, ацу æмæ ма, зæгъын, къæбицæй исты рахæсс. Уый ацыдис æмæ фæстæмæ афтидкъухæй æрбаздæхт, ницы, дам дзы ис. Фынгыл ма иу хатт мæ цæст ахастон æмæ, йæ бæрæгастæу цы галы сæр уыд, уый бакомкоммæ бадгæ ауыдтон газет «Социалистическая Осетия»-йы хуызисæг Николай Ботвинничы. Йæ фале та Бутаты Тотырбег бадт.

Дзуттаг ирон æгъдæуттæн цы ’мбары, зæгъгæ, ууыл зæрдæ даргæйæ, хистæртæ мæ куыд нæ фехъусой, афтæ Ботвинникмæ дзурын:

— Николай, дæ разы-ма мын галы сæрæн йæ хъус уæддæр радæтт, кæннод мæ дзыхы комыдзагæн цы акæнон, уый нæй.

Ныр фынг æрдæгбадт дæр нæма уыд, фæлæ, куы зæгъын, Ботвинник мах æгъдæуттæн цы ’мбæрста æмæ мæм рахъæр кодта:

— Табуафси, ныртæккæ дын æй æрлыг кæндзынæн.

Æмæ мын хъус, æцæгæйдæр, йæ тæккæ рæбыныл дзæвгар дзидзаимæ ралыг кодта. Сафар мæ фарсмæ бадт æмæ мын афтæ:

— Æри-ма дзы мæнæн дæр.

— Нæгъ! Дæхæдæг амал кæн! — æмæ йын дзы нæ раттон.

Хъус æнафоны æнæгъдауæй ралыг кæнын сæрмæ ’рхæссинаг хъуыддаг бæргæ нæ уыди, фæлæ мæрддзæст, æнæчетар, фыдномгæнæджы ахæм митæй æфхæрын хъæуы, кæннод æм ницы хъары.

Ботвинник мын галы рахиз хъус ралæвæрдта, уый Тотырбег ауыдта, цы! Николаймæ дзуры:

— Мæнæн та иннæ хъус!

— Табуафси, æгайтма дæ хъæуы, — сдзырдта Ботвинник æмæ уымæн та галиу хъус æрлыг кодта.

Диссаг цы уыди, мах уыцы митæ куы кодтам, уæд нæ иу уынæг дæр нæ фæци, æндæр, æвæццæгæн, æвыдæй нæ баззадаиккам. Æппын ницы, фæлæ нын уайдзæфгæнджытæ уæддæр фæуыдаид.

Уæдæ ма йын цы фыдбылыз ракæнон, зæгъгæ, мæ алыварс ахъахъхъæдтон æмæ мæ цæст æрхæцыд замманай рæсугъд открыткæйыл гæдыйы лæппыны ныв ыл, нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, ахæм. Йæ чъылдыммæ уыд немыцагау фыстытæ. Мæ зæрдæмæ фæцыди æмæ йæ мæ дзыппы сæвæрдтон. Нæ разы ма цы кадавар муртæ уыди, уыдон ахордтам æмæ анызтам æмæ дзæвгар раздæр фынгæй сыстадыстæм. Нæ фæстæ цы баисты, уый нал базыдтам, фæлæ мæ фæндыди, фынг йæ кæронмæ куы ’рхæстæг æмæ кæстæртæн хъусы нуазæн раттыны онг куы ’рхæццæ сты, уæд æнæхъус сæрæн цы кодтой, уый базонын.

— Уæдæ ма йын æххæст йæ мыды хабар дæр ракæн, — æрхатыдтон Муратмæ.

— Уый худæг уыди. Æвæдза, уæд рæстæджытæ хуыздæр уыдысты. Хуссар Ирыстоны республикон газет «Советон Ирыстон»-ы редактор Къуымæридтаты Але æмæ «Рæстдзинад»-ы редактор Хъаныхъуаты Валодя тынг лымæнæй цардысты. Афтæ лымæн æмæ хæлар ахастдзинæдтæ уыдис дыууæ редакцийы кусджыты æхсæн дæр. Кæрæдзимæ уазæгуаты дæр арæх цыдыстæм. Гъе æмæ та нæм иуахæмы рабалц кодтой нæ хуссайраг æфсымæртæ. Радиойы редактор Беккуызарты Дзамболатæн Гуысырайы дачæ уыди, æмæ-иу арæх нæ уазджыты уырдæм ахуыдтам. Æмæ та уæд дæр Куырттаты коммæ абалц кодтам.

Беккуызары-фырты хæдзары акомкоммæ уыди дынджыр тæгæр бæлас, æртæ лæджы йыл нæ аххæссыдаиккой, ахæм. Мах нæ дзаумæттæ уый бын æрæвæрдтам. Ацы хайлас чи у (йæ фыртæн фидиссаг чындзæхсæв чи скодта, уымæй зæгъын) — уый машинæйы абадт æмæ Дзуарыхъæуы колхозы сæрдар Парсиаты Хазбимæ балæууыд æмæ йын афтæ зæгъы, Хуссар Ирыстонæй нæм уазджытæ ис æмæ, дам сын сæ арахъхъыл мыд куы ныккæниккам, уæд нæхи тынг уазæгуарзон фысымтæй равдисиккам. Уым та мыдтæ дардтой: хайласæн амонын хъуыд, республикæйы кæм цы ис, уый?!

Хазби, диссаджы уæздан лæг, куыннæ хъуамæ рарвыстаид уазджыты номыл, цы курæг æм бацыдысты, уый. Æртæлитруат балон æмæ ма йын йемæ цытæ сæвæрдтаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дзы æддæмæ мыд йеддæмæ ницы разынд. Сусæгæй йæ, нæ дзаумæттæ кæм сæвæрдтам, уырдæм бахаста. Æнхъæлдта, ничи йæ фендзæн, зæгъгæ, фæлæ йын æз йæ алы къахдзæфмæ дæр кастæн. Мæхи ралгъыстон, уыцы мыд ын ахæссын куы бауадзон, зæгъгæ. Иннæтæ сæ фынджы кой кодтой, æз та мыды сагъæсы бацыдтæн. Адæм сæ тæккæ дзолгъо-молгъойæ куы уыдысты, уæд æнæуынæрæй сыстадтæн æмæ мыды балон, куыд ничи мæ фена, афтæ мæ дæларм бакодтон. Мæхи дыууæ капеккæн дæр нæ хъуыди — нæ йæ уарзын — фæлæ йæ ахæссын дæр нæ бауадзын мæхицæн хæсыл банымадтон.

Ныр шофыртæ æмæ нæ хуызисæг Хъазиты Геор чысыл дæлдæр доны был бадтысты сатæджы хицæн фынгыл. Сæ цурмæ ныццыдтæн æмæ сæм дзурын:

— Мыд уæ исчи хæры?

Уыдон мын хъазын æнхъæл уыдысты, фæлæ сæм балон куы равдыстон, уæд сæ цæстытæ цины ’рттывд фæкодтой. Цы бамбарын ма мын хъуыд, мыды кой сын æхсызгон кæй уыд.

— Æрмæст æй тагъд равдæлон кæнут, балон мæ хъæугæ кæны.

Лæппутæ фæлæбурдтой æмæ йæ, иу иннæйы дзыхæй исгæйæ, цыбыр рæстæгмæ фæдæле кодтой. Æз балон райстон, донæй йæ байдзаг кодтон, йæ сæр ын сæхгæдтон æмæ йæ фæстæмæ, кæцæй райстон, уым сæвæрдтон. Дыккаг бон хайлас мæстæлгъæдæй дзырдта, не ’хсæн, дам, ахæмтæ ис, æмæ фынгмæ уадзынмæ нæ бæззынц.

— Цы ма нæ уарзын — цымыдисдзинад, — бынтон æндæр ныхасмæ рахызт Мурат. — Уæд Ирыхъæуы иунæгæй фæндзæм уæладзыджы цардтæн.

Иу рæстæг мæ куысты фæдыл уыдтæн Тарскæйы. Мæ хъуыддæгтæ бакодтон æмæ фæстæмæ ’рбацæйздæхтæн. Нæ размæ чидæр хос ласта æмæ йæ машинæ, æвæццæгæн, цæхгæр фæзилæны тынгдæр базмæлыд æмæ замманай цъæх хосæй иу тъыфыл æрхауд. Цыдæр æхсызгондзинад мын æрхаста йæ фенд. Шофырмæ дзурын, фæуром-ма, зæгъгæ. Рахызтæн æмæ йæ багажничы сæвæрдтон. Нæхимæ йын шифанеры сæр бынат ссардтон.

Иу хатт нæм нæ сыхаг ус æрбацыд æмæ хосы тьыфылмæ фæкомкоммæ. Дзæвгар рæстæг дзы йæ цæст нал иста, фæлæ дзургæ ницы скодта. Иу мæйы фæстæ та нæм æрбацыдис æмæ ацы хатт йæ цымыдисдзинады ныхмæ æрлæууын йæ бон нал баци æмæ мæ бафарста:

— Уый дын цавæр ахстон у?

— Уым нæ гæды къуыртты ныббадти, — æцæгхуызæй йын загътон æз.

Бауырныдтой йæ мæ ныхæстæ, æмæ дыккаг бон æнæхъæн сыхыл айхъуыст, Мураты гæды, дам, æйчытыл къуыртты бады.

Ноджы ма мæ афтæ дæр бафарста, ныртæккæ, дам, гæды кæм и? Æмæ, зæгъын æй тезгъо кæнынмæ ауагътон.

Ахæм цымыдистæ дæр вæййы. Вæййы æндæрхуызæттæ дæр. Кæд дæ фæнды, уæд дын уыдоны тыххæй дæр радзурдзынæн.

Куыннæ мæ фæнды, зæгъгæ йын куы загътон, уæд дарддæр йæ ныхас кодта:

— Иу сæрдыгон бон ахæм тынг тæвд рæстæг скодта, æмæ адæймаг зынæй улæфыди. Сихор кæнын афон ралæууыди æмæ уынгмæ рахызтæн. Æххормаг уыдтæн, фæлæ æнуды зæрдæ ницы агуырдта. Бульвары дæлæмæ фæцæуын æмæ Сафарыл амбæлдтæн. Уый дæр мæн хуызæн тæвдæй тыхсти æмæ мын афтæ, хæрынтæ-йедтæ ныууадз, уый бæсты, дам, цом, æмæ кафе «Цъæй»-ы сæлдæгæй нæхи хорз фенæм. Æргом дзургæйæ, сæлдæджы хъæстæ рагæй нал фæдæн, мысгæ дæр æй кодтон, фæлæ сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты ’хсæнмæ цæуынмæ зивæг кодтон, стæй дзы ацы тæвды бирæ адæм куы уа, уымæй дæр тарстæн, фæлæ Сафары ныхасыл дыууæ зæгъын мæ бон нал баци, æмæ бацыдыстæм. Æз куыд æнхъæл уыдтæн, уымæй дзы къаддæр адæм разынд, æмæ мæхинымæр бацин кодтон. Уæгъд бынæттæ дзы уыди æмæ Сафарæн афтæ зæгъын: «Ды бандæттæ ’рцахс, æз рады æрлæудзынæн».

Æрлæууыдтæн, уæдæ цы уыдаид. Мæ разæй цал сылгоймаджы уыд, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ дзæвгар уыдысты. Æз сæм хæстæг цæуынæй мæхи хъахъхъæдтон, уымæн æмæ уый размæ бон нæ сыхы чындзæхсæв уыди æмæ нозтыл дæр нæ бацауæрстон, нурыдзæхдонæй дæр мæхимæ фæкастæн. Æз тæф не ’мбарын, фæлæ мæ алыварс чи уыди, уыдонæй æфсæрмы кодтон æмæ сæм мæ комытæф куыннæ калдаид, уымæй мæхи хъахъхъæдтон.

Иудзæвгар куы алæууыдтæн, уæд мæ рад æрбахæццæ. Кæсын, æмæ бæрзонд, къæсхуыртæ рæсугъд чызг чысыл къопгонд сæлдæджы хыссæйы фæцæвы æмæ йæ, лыстæг къах кæмæн уыд, ахæм æфсæн тæбæгъы дæлгоммæ фæфæлдахы. Афтид цолпыгонд доны атулы æмæ та йæ ногæй хыссæйы фæцæвы. Æз ын афтæ зæгъын, уыцы къоппайæ кæд бафсæддзыстæм, мæнæ ма нын, зæгъын дзы тæбæгъы цæстуарзон конд æркæн æмæ ныл искæцырдыгæй фæзына. Раздæр мæ коммæ кæсынмæ нæ хъавыди, фæлæ, мæ фæстæ цы сылгоймæгтæ лæууыд, уыдон дæр мæ фарс фесты æмæ мын уæд хуымæтæджы тæбæгъты кæнын райдыдта. Сылгоймæгты, мæнмæ гæсгæ, мах мæт нæ уыди, цæмæй сæ рад тагъддæр бахæццæ уыдаид, ууыл архайдтой æмæ ма цæмæй иучысыл фылдæр афæстиат уой, уый тыххæй сын афтæ бакодтон:

— Сымахмæ гæсгæ, мах ардæм нæ зæрдæйы дзæбæхæн æрбацыдыстæм? Кæд афтæ хъуыды кæнут, уæд рæдийут: сæлдæг хос у, æмæ дзы нæхи дзæбæх кæнæм.

Уыцы ныхæстæ айхъусгæйæ, сылгоймæгтæ мæнæрдæм ракастысты. Хæрд чи фæци, уыцы дыууæ сылгоймаджы мæ рæзты дуары ’рдæм рацæйцыдысты æмæ мæ, хистæр чи зынди, уый афарста:

— Цавæр низæй дзæбæх кæны сæлдæг?

— Далæ уыцы лæджы уынут? — æмæ, Сафар цы фынджы уæлхъус бадт, уырдæм ацамыдтон. Сылгоймæгтæ иууылдæр, кæдæм амыдтон, уыцырдæм акастысты. — Ме ’рдхордæн йæ сæр бынтон гæмæх уыд. Ныр уынут, йæ къæбут æмæ йæ къæмисæнты цæйбæрц хъуынтæ фæзынд, уый. Тагъд йæ сæры астæу дæр бамбæрздзæн.

— Куыдæй, куыдæй? — фæрсы та мæ æрдæбоны сылгоймаг.

— Уыцы хос канадæйаг ахуыргæндтæ æрхъуыды кодтой. Цæмæй дæ сæр, æрыгонæй куыд уыд, афтæ хъуынджын суа, уый тыххæй, кæм сгæмæх, уыцы бынæттæ дыууæ къуырийы сæрдын хъæуы нурыйæ, стæй уæд алы бон дæр сæлдæг хæр. Мæнæ йæ сымах куыд хæрут, афтæ нæ, фæлæ, куыд амал ис, афтæ фылдæр, ома, дæ бон цас у, уый бæрц...

Рахастон нæ сæлдæджы тæбæгътæ æмæ Сафары фарсмæ æрбадтæн. Ныр Сафар, мах цæуыл дзырдтам, уымæн ницы бамбæрста: газет кæсыныл фæци æмæ йæ уыдæттæм не ’вдæлд.

Хæрæм, уæдæ цы. Иуцалдæр комдзаджы куы скодтон, уæд æрцардтæн. Æнтæфæй дæр нал тыхстæн. Улæфын дæр мын фенцондæр. Сафарæн, сылгоймæгтимæ мæ ныхæсты тыххæй дæр ницыма загътон.

— Æрдæбон иу заман радыл мæ цæст ахастон æмæ сылгоймæгтæ иууылдæр мæнæрдæм кæсгæ ауыдтон. Цы мæ сæ цæстытæ ныццавтой, нæ зонын, — ныллæг хъæлæсæй мæм дзуры Сафар.

— Æвæццæгæн, сæ зæрдæмæ фæцыдтæ, æндæр сæм æз хæстæгдæр куы лæууыдтæн æмæ дзы мæнæрдæм куы ничи каст.

Уынгмæ куы рахызтыстæм, уæд ын хабæрттæ радзырдтон.

Ууыл цалдæр боны рацыд, афтæ мын Сафар йæ хъаст ракодта:

— Æнæбайрайгæ сæ скæн!

— Кæмæй?

Куыд рабæрæг, афтæмæй, сæлдæгмæ рады чи лæууыд, уыцы сылгоймæгтæй чидæр мæн зыдта, куыд газеты кусæг, афтæ æмæ мæм редакцимæ бацыд. Уым мæ куы нæ баййæфта, уæд æй чидæр Сафармæ сардыдта. Ссардта йæ æмæ йын афтæ: «Мæ лæг цæгæрсæр у æмæ ибон, Мурат цы хосы кой кодта, уый тыххæй æрбацыдтæн. Куыд кæнгæ у, уый ды дæр зондзынæ...»

Гъе ахæм æнцонсайæн цымыдистæ дæр вæййы.

Æндæрхуызон цымыдисимæ та нæ горæты, далæ æхгæд кæй хонынц, уыцы базары цур цы дукани ис, уым базонгæ дæн. Елхотаг дзул дзы вæййы, æмæ йæ арæх абæрæг кæнын. Бацыдтæн та иуахæмы уырдæм æмæ, мæ рад куы ’рхæццæ, уæд уырыссаг уæйгæнæгмæ дзурын:

— Два горелых хлеба.

Дзулæн йæ цъар хъæбæрфых куы вæййы, уæд æй афтæмæй уарзын.

Райстон мæ дзултæ æмæ дуканийы уæллаг фарс, халсартæ æмæ дыргътæ кæм уæй кæнынц, уырдæм бацыдтæн æмæ тæрхæджытæм кæсын. Уалынмæ дын иу фыдцъылыз ныллæггомау зæронд ус мæ разы алæууыд æмæ мæ фæрсы:

— Скажите, а зачем вы просили горелый хлеб?

Ахæм хъыг мын уыдысты йæ ныхæстæ, фæлæ мæхиуыл ныххæцыдтæн. Мæ зонгæ куы уыдаид, уæд ма гъа, фæлæ йæ мæ фыны дæр никуы федтон, уый дæр мæ нæ зоны, афтæмæй мæ фæдыл фæуади.

Гуымиры дзуапп ын нæ раттон, фæлæ йын загътон:

— Æмæ уый нæ зоныс?

— Нæ зонын.

— Хъæбæрфых дзул сом асламдæр у. Сом та пенсиисæгæн чысыл æхца нæу.

Ус уый айхъуыста, цы, сыртсыртгæнгæ дзулуæйгæнæнмæ ныццавта. Мæнæн ма мæ зæрды цыдæртæ æлхæнын уыд, фæлæ мæхи айстон...

Æргом дзургæйæ, ацы ран Мураты митæ мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Чи зоны, мæгуыр зæронд усы, фыдæнхъæлæй кæцæй раздæхтаид, ахæм фæндагыл сардауын нæ хъуыд, фæлæ цы ’рцыди, уый æрцыди, фæстæмæ раздахæн ницæмæнуал ис. Мураты иннæ хабæрттæн аргъ кæнгæйæ, чи зоны, ахæм чысыл рæдыдæн ныббарæн ис. Зæгъæм, æрмæст чъындытæн цы хъомыл бацис, уый дæр фаг у бузныг дзы уæвынæн.

«Рæстдзинад»-æн сæ тæккæ чъындыдæртæй иу уыди Быдыго. Зæгъæм, чъындыдзинадæй ерыстæ куы расидтæуыдаид, уæд дзы Быдыго фыццаг æртæ бынатæй макæцы æрцахстаид, уый уæвæн нæ уыд. Мурат æмæ йын-иу Сафаримæ цы нæ кодтам, дæ дзыппæй иу суари сис, зæгъгæ. Марадз-зæгъай, кæд нын искуы бантыст. Иу хатт та йæ Мураты кабинетмæ басайдтам æмæ йыл æдде дуар сæхгæдтам, цалынмæ дуары бын зыхъхъырæй водкæйы авджы аргъ æхца радæттай, уæдмæ дæ рауадздзыстæм, зæгъгæ. Цы нæ йын фæкодтам, нæ састи. Иуцасдæр проспекты фæтезгъо кодтам, фæстæмæ ’рбацыдыстæм æмæ та йæм дзурæм, цалынмæ æхца радæттай, уæдмæ дæ нæ рауадздзыстæм, зæгъгæ. Ныр йæ дзыппы æхца ис, уый зыдтам — мызд уыцы бон райстам. Нæхимæ дæр уыдис, фæлæ нæ Быдыгойы æхца цы ад кæны, уый базонын фæндыд. Раст зæгъын хъæуы, нæхæдæг дæр фæлмæцын райдыдтам, фæлæ нæм нæ хъуыддаг æрдæгыл ныууадзын худинаг каст, састы бынаты баззайын нæ нæ фæндыд. Уалынмæ дын редакторы хæдивæг Дзугаты Барис йæ кусæн уатæй рагæпп ласта æмæ нæ бусты бын фæкодта:



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.