Хелпикс

Главная

Контакты

Случайная статья





ДЫККАГ ХАЙ 14 страница



Иумæйаг ныхас æнцондæрæй ардтон, карæй мæм хæстæгдæр чи уыд, уыдонимæ, уæлдайдæр Мæхæмæтты Ахуырбегимæ. Уыимæ институты иу рæстæджы ахуыр кодтам. Йе ’мкурсонтæ æмæ йе ’мкъордонтæ уыдысты Гаджиты Илья, Хъодзаты Æхсар, Хъуылаты Хъазыбег, Цъебойты Сергей æмæ иннæтæ. Кæд иу курс дæлдæр уыд, уæддæр Ахуырбег кусын мæнæй раздæр райдыдта. Мæнмæ гæсгæ йын «Рæстдзинад»-мæ куыстмæ райсынæй зæрдæ куы бавæрдтой, уæд фæсаууонмæ ахуырмæ раивта æмæ йæ журналистон фæндаг афтæмæй райдыдта.

Мæ фылдæр — цас фылдæр уыдысты, фæлæ уæддæр — уацхъуыдтæ арæхдæр Ахуырбегмæ хастон æмæ-иу мын сæ, зæгъæн ис, æмæ иууылдæр рауагъта. Уыимæ-иу дзы алы хатт дæр фехъуыстон ныфсæвæрæн ныхæстæ. Уыдон мын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты разæнгарды хос. Иу хатт та мын уæды редактор Хъаныхъуаты Валодяйы ныхæстæ рафæзмыдта. Цæвиттон, цавæрдæр бæрæгбон æрбацæйхæццæ кодта æмæ фыццаг фарсæн æмдзæвгæйыл стыхстысты. Æрæджиау Валодяйы зæрдыл æрбалæууыдысты де ’мдзæвгæтæ æмæ, дам, афтæ фæкодта: «Уæртæ ма Музаферы ’мдзæвгæтæ раттут, уыдон сфидаудзысты фыццаг фарсыл!»

Куыннæ мын уыдаид æхсызгон ахæм ныхæстæ фехъусын! Ноджы æхсызгондæр та мын уыд, цалдæр боны фæстæ ме ’мдзæвгæтæ дыууæ дæр бæрæгбоны номыры мыхуыргондæй фенын. Æргом дзургæйæ, æмдзæвгæтæ сæ тыхджынтæй рахонæн нæ уыдис, бæрæгбон куыд иумæйаг уыд, афтæ уыдон дæр рауадысты иумæйаг ныхæстæй фыст, фæлæ хуыздæртæ кæм нæ уыд, уымæ гæсгæ æппын нæйы бæсты чызгхуыздæрæн бабæззыдысты.

Мæ ахуыр кæронмæ куыд хæстæгдæр кодта, афтæ мæ катайыл æфтыди. Ахуыргæнæджы куыстмæ мæ зæрдæ нæ ради. Æрвæсгæ та йыл куыннæ кодтон, фæлæ мæ ныфс нæ хастон, мæ тыхтыл не ’ууæндыдтæн, скъоладзаутæн, цы ’мбæлы, уый сын куы нæ раттон, уымæй тарстæн. Иу ныхасæй, мæхимæ ахуыргæнæджы курдиат не ’нкъардтон æмæ мæ нæ фæндыди мæхи дæр æмæ скъоладзауты дæр фыдæнхъæл кæнын.

Мæ сагъæстæ кæмæн ракодтаин, ахæм адæймаг цасфæнды куы фæцагуырдтаин, уæддæр дзы Хлойты Гуыбейæ (Агуыбе хуынди, фæлæ йæ хиуæттæ фырбуцæй Гуыбе хуыдтой) хуыздæр исчи разындаид, уый æнхъæл нæ уыдтæн, уымæн æмæ уымæй сыгъдæгдæр зæрдæ, хæлардæр æмæ цæстуарзондæр адæймаг мæ царды мидæг бирæ нæ федтон. Гуыбейы фыд мæ мадымады ’фсымæр уыди æмæ мæм кæддæриддæр хорз цæстæй каст. Æнахъомæй æнæ мад æнæ фыдæй баззадыстæм, æмæ ныл æппæты тынгдæр чи аудыдта, уыдонæй иу уыд Гуыбе.

Мæ хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мæ дыккаг бон партийы Цæгат Ирыстоны обкомы балæууын кодта. Уыцы рæстæджы уым пропагандæ æмæ агитацийы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй куыста Æгъуызарты Æхсар. Гуыбе уыди Æгъуызарты хæрæфырт, стæй дыууæйæ дæр уыдысты алагирæгтæ æмæ кæрæдзийы хорз зыдтой. Æхсар ныл зæрдиагæй сæмбæлд. Уайтагъд редакцитæм дзурыныл фæци. Раздæр ныхас кодта «Молодой коммунист»-ы редакторимæ æмæ дзы ницы райгондæй баззад. Хъаныхъуаты Валодяимæ цыдæр иумæйаг хъуыдымæ кæй æрцыд, уый æнцонæй бамбæрстон. Хæтæл куы ’рæвæрдта, уæд мын загъта: «Газет „Рæстдзинад“-ы редактор Хъаныхъуаты Валодямæ мæ номæй бацу æмæ дын цы зæгъа, уымæ байхъус. Цæуыл баныхас кæнат, уый-иу мын фехъусын кæн. Мæнæ дын мæ телефон».

Зæрдæхъæлдзæгæй куыннæ хъуамæ раздæхтаиккам. Ноджы фылдæр ныфс мæ бацыд, Валодяимæ куы фембæлдтæн, уæд. Уæлдæр ма йæ куы загътон: редактор мæ иуцасдæр зыдта. Кæм мæ уацхъуыдтæм, кæм та ме ’мдзæвгæтæм гæсгæ. Иуцалдæр хатты мæ Ахуырбеджы кусæн уаты дæр баййæфта. Куы йæм бацыдтæн, уæд цыма рагæй зонгæ уыдыстæм, ахæм цæстæй мæм ракаст. Нæ кусджытæй, дам, иу æндæр ранмæ цæуы, ныртæккæ отпусчы ис, мæйы фæстæ ’рбаздæхдзæн, æмæ дæ уæд райсдзынæн.

Уæд культурæйы хайады сæргълæууæгæй куыста Цырыхаты Михал æмæ мæ уымæ бахуыдта, загъта йын, исты хæслæвæрдтæ уал ын дæтт, зæгъгæ. Фæстæдæр ын, æвæццæгæн, Валодя бамбарын кодта, куыстмæ мæ кæй исы, уый, æмæ мæм Михал, цыма хайады æцæгæй кусын райдыдтон, уыйау лæвæрдта уацхæсджыты писмотæ мыхуырмæ бацæттæ кæныны тыххæй. Æз уый мæхицæн нымадтон стыр кадыл. Цас арæхстæн, фæлæ мæхиуыл нæ ауæрстон, архайдтон, цы мæ бон уыд, уымæй. Уæлдай стырдæр циндзинад та мын æрхаста, æрмæджы паспортыл-иу Михал, мыхуырмæ йæ Дзасохты Музафер бацæттæ кодта, зæгъгæ, куы ныффыста, уæд. Бонтæ мæм афтæ даргъ кастысты, æмæ-иу сын баизæры хъомыс нал уыд. Редакцийы кусæджы отпуск кæд фæуыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ мæ цæстыты сурсмæ бирæ нал хъуыд, фæлæ æнхъæлмæ кæсынæй хуыздæр хос нæ уыд. Михал мын-иу мæ бæрны цы хæс бакодта, уый сæххæст кæнынæй истон стыр æхсызгондзинад. Афтæ разæнгардæй архайдтон, æмæ-иу хаттæй-хатт хуымæтæджы уацхъуыдтæ бæлвырд ритмикæйыл дæр равæрдтон. Уый Михал æнæбафиппайгæ нæ фæци æмæ мын бамбарын кодта, афтæ кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ.

Хъуыды ма йæ кæнын: уæд æнæхъæн Ирыстон дæр цæттæ кодта Мæскуыйы ирон литературæ æмæ аивады декадæмæ. Рагацау снысангонд пъланмæ гæсгæ сæрмагонд æрмæджытæ мыхуыр кодтой декадæйы архайджыты тыххæй. Уыдон та уыдысты фысджытæ, артисттæ, музыканттæ, нывгæнджытæ... Фысджытæй дæр цалдæрæн ныффыссын хъуыд се сфæлдыстадон сурæттæ. Ардасенты Хадзыбатыры тыххæй ныффыссын мын Михал куы бабар кодта, уæд дзы хуымæтæджы бузныг фæдæн. Бузныг фæуын иу хъуыддаг уыд, фæлæ дыл сæ зæрдæ цæмæй дардтой, уыцы æууæнчы аккаг разынын хъуыд. Хадзыбатыримæ фембæлынмæ мæ ныфс нæ бахастон, стæй дзы уый сæр, чи зоны, хъæугæ дæр нæ кодта, фæлæ, цыдæриддæр æрмæгыл фæхæст дæн, уымæй спайда кæныныл бацархайдтон æмæ мæ куыст афоныл хайады сæргълæууæгмæ раттон. Абоны хуызæн ма йын хъуыды кæнын йæ сæргонд дæр: «Поэт — литературовед». Михал æй куы бакаст, уæд дзы, зæгъæн ис, æмæ ницæмæ бавнæлдта, афтæмæй мыхуыры рацыд.

Кæд мыл æнхъæлмæ кæсынæй бонтæ цыфæнды даргъ ныйисты, уæддæр, цы мæймæ æнхъæлмæ кастæн, уый кæрон ралæууыд, æмæ Валодя йæ ныхасæн хицау разынд: 1960 азы 2 августы бардзырд ныффыста мæн литературон кусæгæй райсыны тыххæй.

Диссаджы коллективы æхсæнмæ бахаудтæн кусынмæ. Кæд алы кæмттæ æмæ хъæутæй рацыдысты æмæ алы кары адæм уыдысты, уæддæр сæ иу кодта зæрдæхæлардзинад, цæстуарзондзинад, хæлардзинад. Æмæ уацхæсджытимæ куыд æнгом баст уыдысты, уый та! Хъæуæй-иу уазæг æрбацыд, зæгъгæ, уæд сыл-иу хур æрбакаст. Кæд алы хайæдты уацхæсджытыл нымад уыдысты æмæ дзы алчидæр бæлвырд темæтыл фыста, уæддæр сыл редакцийы æппæт кусджытæ дæр æмхуызонæй цин кодтой, алкæй дæр фæндыди, уый хайадæн дæр сæ хъæуæй кæнæ горæтæй исты куы ныффыстаид.

Редакцийы кусгæ кæй баййæфтон, уыдонæн æз уыдтæн сæ тæккæ кæстæр, стæй иу æмæ дыууæ азы нæ, фæлæ дзæвгар азтæ. Æппæты хистæр та дзы, мæнмæ гæсгæ, уыди Хуымарты Хъамболат, уый фæстæ, æвæццæгæн, Хацъæты Валодя, хæсты размæ журнал «Пионер»-ы (ныры «Ногдзау»-ы) редактор. Фæлæ уый дæр афтæ зæронд нæма уыди. Куыд дзырдтой, афтæмæй райгуырди 1906 азы, ома йыл, æз кусын куы райдыдтон, уæд цыди æдæппæт 56 азы. Иу дзырдæй, пенсийы карæй æрыгондæр.

Кæд мæ фыццаг фæлварæнтæ культурæйы хайады райдыдтон, уæддæр мæ кусынмæ барвыстой хъæууонхæдзарадон хайадмæ. Йæ сæргълæууæг уыди Джыккайты Федя, литературон кусæг — Хуытъинаты Махарбег. Бадтыстæм къуындæг уаты. Уыдис дзы æртæ стъолы æмæ иу зæронд диван. Йæ сæрмæ Федяйы пъалтойы хæррæгъ ауыгъд. Диван æмæ мын зæронд пъалто тыхст уавæры æххуысгæнджытæ басгуыхтысты. Цалынмæ фатер агуырдтон, уæдмæ-иу мын уым æхсæвиуатгæнгæ æрцыди. Раст зæгъын хъæуы, хъæдысыстытæ-иу мæ батыхсын кодтой, фæлæ хуыздæр гæнæн нæ уыд æмæ фæрæзтон.

Федя тыхджын журналист уыд. Хорз зыдта хъæууон хæдзарад. Цы хъуыддаджы фæдыл-иу ацыд, уый-иу æнæ бæлвырд равзаргæ никуы фæци, арæхст фельетонтæ фыссынмæ, æлхынцъ хъуыддæгтæ равзарынмæ. Нæ хъуыды кæнын, йæ фыст искуы фæмæнг, искуы искæй æнæхъуаджы бафхæрдта кæнæ дзы раппæлыд.

Газеты кусæг хъуамæ алцæмæ дæр арæхса. Хуымæтæджы уацхъуыдæй райдай æмæ раздзырды статьяйæ фæу. Раздзырды статья, куыд дæлджинæг кодтой, афтæ дæлджинæггæнинаг нæ уыди. Журналистты ныры фæлтæр, газеты ахæм жанр уыдис нæ, уый зонгæ дæр нæ кæны, фæлæ уыдис ахæм жанр, стæй, чи зоны, хъæугæ дæр кодта. Уымæй базонæн уыдис, иу кæнæ иннæ цыбыр рæстæджы ахсджиагдæр фарстатæ цавæр сты, æргом тынгдæр цæмæ аздахын хъæуы, разæй чи цæуы æмæ фæсте чи зайы æмæ бирæ æндæр хъуыддæгтæ. Раздзырды статьятæ алкæуыл не ’ууæндыдысты, стæй алчи сæ фыссынмæ н’ арæхст. Сæйрагдæр сæ фыста редактор, йæ хæдивæг æмæ хайады сæргълæуджытæ, бынтон стæм хатт — литературон кусджытæ. Джыккайты Федя дæсны уыд ахæм æрмæг фыссынмæ дæр. Йæ иу къах-иу иннæуыл баппæрста, тамако-иу сдымдта æмæ-иу нæ сыстад, цалынмæ йе статья кæронмæ фæуыдаид, уæдмæ.

Æнцон кусæн уыд йемæ. Мæнæй иуæндæс азы хистæр уæвгæйæ мæм æмгары цæстæй каст, мæ хицау кæй уыд, уый никуы банкъардтон. Иумæ цас акуыстаиккам, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ хъуыддаг куы кодта, уæд Малиты Васо æмæ æз йæ фидæны бинойнаджы хæдзармæ сиахсы цыд иумæ бакодтам. Йæ дарддæры царды хабæрттæ бынтон лæгъз нæ рауадысты æмæ йæ фарсмæ æрбалæууын куы хъуыд, уæд дзы мæхи иуварс нæ аластон: «Молодой коммунист»-мæ (уæд æз йæ редактор уыдтæн) йæ кусынмæ райстон.

Хъыгагæн, уый фæстæ бирæ нал ацард: уæззау низ æй æрцахста æмæ 1974 азы амард. Рацыд ын хорз цот. Йæ чызг Заремæ кусы телерадиокомитеты. Йæ чындзæхсæвмæ мæ æрбахуыдта. Рæзы йын фырыхъулы хуызæн лæппу. Йæ фырт Таймураз каст фæци нæхи университеты историон факультет æмæ Мæскуыйы социалон-гуманитарон институты экономикон факультет. Кусгæ та кæны «Регионы рæзты банчы» кредитон хайады специалистæй.

Кæд кусгæ хъæууон хæдзарады хайады кодтон, уæддæр мæ зæрдæ культурæйы хайады уыд. Уым та куыстой Уырымты Петя (сæргълæууæг), Мæхæмæтты Ахуырбег æмæ Цæрукъаты Валодя. Фæлæ уырдæм мæ фæндаг фондз азы дæргъæн уыд. Иу заман редакцийы разамындмæ фæзынд информацийы хайад саразыны хъуыды. Æххæст хайад нæ уыд, фæлæ, дæлхайад, зæгъгæ, рахонæн кæмæн ис, ахæм æмæ мæ уымæн бæрнонæй сæвæрдтой. Уымæ канд информацийы хабæрттæ нæ хаудысты, фæлæ ма цæттæ кодта «Фæлладуадзæн боны фарс» дæр. Уыцы рæстæджы фæзындысты иумæйаг ног сæргæндтæ: «Къуырисæрæй хуыцаубонмæ», «Хуссар Ирыстоны» æмæ æндæртæ.

Газеты кусæг — æцæг газеты кусæг — æдзухдæр куысты уавæры ис. Кæмфæнды куы уа, уæддæр газетæн исты хорз фæуыныл архайы. Искуы исчи фесгуыхт, уæд æй фæфæнды йæ хабæрттимæ йын иннæты дæр базонгæ кæнын. Искуы исты диссаджы цау æрцыд, уæд дæр — афтæ: хъуамæ йæ иннæтæн дæр радзура, хъуамæ йыл, цас гæнæн ис, уыйбæрц фылдæр адæм бацин кæной. Фæлæ йыл хатгай йæ къæрцхъусдзинад комдзог рацæуы, цæсты кæронæй дæр фенæн цæмæн вæййы, уый дыууæ цæстæй дæр нал бафиппайы. Фæлтæрдджын кусджытæй-иу арæх афтæ фехъуыстон: фыццаг чи фæрæдийы, аххос тынгдæр уымæ хауы, уымæн æмæ иннæтæн йæ сæрты ахизын æнцондæр вæййы. Ацы ныхæсты рæстдзинад мæхиуыл бирæ хæттыты бавзæрстон. Æмæ, цас фылдæр рæстæг куыстон, уыйбæрц, цы кастæн, ууыл дызæрдыг тынгдæр кодтон, уымæн та «джигул» кæнынæй хуыздæр хос нæ уыд, цæмæй рæдыд ма ацыдаид, уый тыххæй хъуынайы бын дур агурын хъуыд æмæ-иу иннæты хуызæн мæнæн дæр «шпионтæ» (бирæ азты газеттæ, журналтæ æмæ рауагъдады техникон редактор æмæ корректорæй чи фæкуыста, Гуытъиаты уыцы Симæ рæдыдтыты афтæ хоны) æрцахсын мæ къухы бафтыд. Уыцы рæдыдтытæй ракæндзынæн æрмæстдæр иуы кой.

Цæвиттон, «Рæстдзинад» цæуын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ къамтæ кæнæ хуызистыты бын фыста: «Нывы ахæм кæнæ ахæмтæ» æмæ-иу сæ кæнæ галиуæрдыгæй (кæд-иу къорд уыдысты, уæд) рахизæрдæм ранымадта, кæнæ рахизæрдыгæй галиуæрдæм. Афтæ уыдис 1970 азы 23 июлы онг. Æз уæдмæ редакцийы дæс азæй фылдæр бакуыстон, фæлæ «нывы» бæсты «къам» кæнæ «хуызист» фыссын кæй хъæуы, уымæ мæ хъус никуы ’рдардтон. Фæлæ, украинаг æмбисонды загъдау, «хорошая мысля приходит опосля». Мæхинымæр хъуыдытæ кодтон: «Ныв у, нывгæнæг ахорæнтæй кæнæ æндæр æрмæгæй цы саразы, уый, йæ хуыз кæмæн кæнæ цæмæн сисынц, уый та у къам кæнæ хуызист». Мæхи мæхиуыл куы баууæндын кодтон, уæд редактормæ бацыдтæн æмæ йын мæ хъуыдытæ загътон.

Валодя мæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уайтæккæ дæр бамбæрста æмæ дыккаг бонæй, ома 1970 азы 24 июлæй фæстæмæ «Рæстдзинад» «нывы» бæсты фыссын райдыдта «къамы» кæнæ «хуызисты». Куы зæгъын, Валодяимæ кусын тынг æнцон уыд. Ногдзинадæй фылдæр ницы уарзта, æмæ йæм исчи исты хъæппæрисимæ бацыд, зæгъгæ, фæстæмæ-иу кæддæриддæр разæнгардæй раздæхт. Кæннод искæмæн баххуыс кæныныл куыд зæрдиаг уыди, уый та?! Æвзонг лæппуйæ райдыдта æхсæнадон куыст кæнын, æмæ йæ адæм зыдтой, зыдта сæ йæхæдæг дæр. Уæлдайдæр — хицауады. Дæс æмæ ссæдз азы бæрц та «Рæстдзинад»-ы редактор фæци æмæ йын фылдæр хицæуттимæ æнцон дзурæн уыди. Цæйфæнды æмæ йæм кæйфæнды тыххæй куы бацыдаис, уæддæр дæ æнæдзуаппæй нæ раздæхтаид, бадзырдтаид, кæмæ æмбæлд æмæ хъуыддаг чи сарæзтаид, уымæ æмæ дын æнæмæнг баххуыс кодтаид. Уал азы иумæ фæкуыстам æмæ йæ иунæг хъуыддагмæ дæр базивæггæнгæ никуы бафиппайдтон, уыимæ йын уæлдай нæ уыд, æфснайæг æм бацыдаид æви хайады хицау — алкæмæ дæр-иу дзы иухуызон аудаг цæстæй ракаст.

Уæдæ кусынæй дæр æфсис нæ зыдта. Йæ разы-иу ын рагъамадæй æрмæджытæ авæрдтаис æмæ-иу сæ цыбыр рæстæгмæ бакастаид. Уыимæ уæлæнгай кæстытæ нæ, фæлæ — бæстон, рæдыды сæрты нæ хизгæйæ, бæлвырд редакцигæнгæйæ. Йе стъолыл ын æнæкаст æрмæг никуы баййæфтаис. Цасфæнды бирæ æрмæг-иу æм куы бахастаис, уæддæр сæ, цалынмæ бакастаид, уæдмæ йæ бынатæй нæ фезмæлыдаид. Йæ уыцы миниуæгыл æз дæр сахуыр дæн æмæ абоны онг цæттæ æрмæг æнæкастæй никуы ныууагътон. Мæ цыфæнды фæлладдæр ницæмæуал æрдарын æмæ, кæд ссæдз азы бæрц журналы кусын æмæ тагъд никуыдæмуал кæнын, уæддæр кæсинаг æрмæг фæстæдæрмæ аргъæвын мæ зæрды кæрон дæр никуы ’рæфтыд. Валодяйæ дæр æмæ иннæ кусджытæй дæр бирæ хорз миниуджытæ райстон, бирæ цæуылдæртыл сыл сахуыр дæн æмæ сæ, цалынмæ цæрон, уæдмæ бузныг уыдзынæн, сæ ном сын æхсызгонæн мысдзынæн.

Валодяйы тыххæй дзургæйæ ма æнæзæгъгæ нæй йæ ахæм миниуæджы тыххæй: рæдыд ссарынмæ йæ разæй никæй ауагътаид. Кусгæ бон-иу фæуыдаид, стыр фæсахсæвæртæ-иу сси, газет-иу мыхуыр кæнынмæ раттынмæ срæвдз уыдаид, афтæ-иу Валодя кæцæйдæр фæзынд, æмæ-иу дæ уæлхъус алæууыдаид. Кæмдæр Чермены цæссыгæй кæй фæхъæстæ, уый дæр ыл зындаид, уæддæр-иу æваст йæ цæстытæ, фæстагмæ цы фарс кастаис — уыцы афонмæ-иу иннæтæ мыхуыргæнæгмæ лæвæрд æрцыдысты — уым фæцавтаид æмæ-иу дзы æнæмæнг рæдыд ссардтаид. Чи зоны, æнæхъæн фарсы иунæг рæдыд йеддæмæ нæ уыдаид, фæлæ-иу æй Валодя «уæлбæхæй» дæр райардта.

Къаддæр диссаг нæ уыд йæ хæдивæг Дзугаты Барис. Куырой дæр куырой æмæ уый дæр — куырой. Цасфæнды дзы кал æмæ йæ сдзæн æмæ сдзæн. Уæлдайдæр-иу редактор уым куы нæ уыд — ахæм рæстæджытæ та-иу арæх скодта: обкомы бюротæ æмæ алыхуызон æндæр æмбырдтæй йæ хъуырмæ уыд — уæд-иу йæ уæлхъус цалдæрæй дæр æрлæууыдысты, мæн æрмæг дæр акæс, мæн æрмæг дæр акæс, зæгъгæ. Æмæ сæ касти, йæ пъеройы фындзыл цæст нæ хæцыди, афтæмæй.

Бирæ йæ уарзтой иууылдæр. Кусынмæ дæсны кæй уыд, канд уый тыххæй нæ, стæй бирæ кæй зыдта, уый тыххæй дæр нæ: тынг цæстуарзон, æнæ уæлдай ми, хуымæтæг æмæ фæлмæнзæрдæ кæй уыди, уый тыххæй дæр. Кæимæфæнды дæр зыдта иумæйаг æвзаг ссарын, уымæн царди алкæимæ дæр хæларæй.

Информацийы хабæрттæ кæнын куы райдыдтон, уæд мæ фæндыди газеты фæрстæм исты ногдзинæдтæ бахæссын. Иуахæмы кæцыдæр газеты бакастæн, иу мидбылты бахудт, дам, адæймаджы цардыл фондз минуты бафтауы, зæгъгæ. Цæмæдæр гæсгæ мæ бафæндыд уый æндæр хуызы зæгъын æмæ йæ загътон: «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай...» Ныффыстон æй æмæ йæ бæрнон секретары хæдивæгмæ бахастон. Уый гæххæтт райста, бакаст æй, стæй ма йæм чъылдымæрдыгæй дæр æркаст — ахæм миниуæг æм уыд: æнæмæнг-иу хъуамæ, цы йæм бахастаис, уый иннæрдæм фæфæлдæхтаид — æмæ йæ цæсгом æнæрвæссонхуыз райста. Цыбыр дзырдæй, йæ зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ æз дæр ныхкъуырдæй фæстæмæ раздæхтæн. Мæхи зæрдæмæ та цыди. Иуцасдæр мæ къух кусынмæ нал батасыд: афтæ цин цы хъуыддагыл бакодтон, уымæй фыдæнхъæл фæуын мæ нæ фæндыд æмæ хъуыдыты ацыдтæн. Æппынфæстаг Дзугаты Барис мæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йæ уымæ бахастон. Цы дзы зæгъынмæ хъавыдтæн, уый уайтæккæ дæр бамбæрста æмæ æваст афтæ фæкодта: «Æмæ цы кæны, тынг хорз у!» Редакторы хæдивæджы ныхмæ ма секретариаты кусæг дæр цы загътаид! Æз æрмæг бацæттæ кодтон, Зыгъуытаты Руслан иумæйаг сæргонд аив ныффыста, æмæ цалдæр боны фæстæ фæзынд, газеты фæрстæй дæсгай азты дæргъы чи нæ цух кæны, уыцы рубрикæ «Ахуд æмæ фылдæр фæцæрай». Йæ фæстæ æрхъуыды кодтон æндæр сæргæндтæ дæр: «Алцы зонын дæр хорз у», «Адæймаг цы нæ фехъусдзæн!», «Лæджы кой дардмæ хъуысы», «Афтæ цæмæн дзурæм» æмæ афтæ дарддæр. Уыдон дæр зæронд кæнын нæ комынц æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц «Рæстдзинад»-ы.

Барисы тыххæй мæ ныхас фæуыны размæ ма мæ зæгъын фæнды, йемæ кусынæй кæй нæ бафсæстæн — уæвгæ кусынæй кæимæ нæ бафсæстæн, уыдоны нымæц дзæвгар фылдæр у — уый дæр. Къорд азты фæстæ Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиохъусынады комитеты сæрдары хæдивæгæй кусын куы райдыдтон, уæдмæ Барис ацыдис пенсийы, фæлæ ма йæ хъарутæ йæхимæ уыдысты. Мæн фæндыди, мæ фарсмæ куы уыдаид, уый æмæ йын мæ хъуыды бамбарын кодтон. Æхсызгонæй сразы, уымæн æмæ йын уыцы куысты амонын ницы хъуыд: уый размæ дзы бæрнон бынаты куыста. Æмæ иуцасдæры фæстæ æххæст кæнын райдыдта сæйраг редакторы хæстæ. Дзæвгар мын фенцондæр. Барисы къух кæдæм хæццæ кодта, уырдæм мæ зæрдæ не ’хсайдта. Иумæ ма цы бонтæ акуыстам, уыдон æхсызгонæн мысын, фæлæ уыцы рæстæг бирæ нæ ахаста. 1985 азы мæн снысан кодтой журнал «Ногдзау»-ы редакторæй æмæ нæ фæхицæн кæнын бахъуыд. Хъыгагæн, Барис мæ фæстæ комитеты бирæ нал бафæстиат. Цæуылнæуал дзы акуыстай, зæгъгæ йæ куы бафарстон, уæд мын зæхмæ улæфæгау загъта: «Ды фæстæ чи схицау, уыимæ кусын мæ нæ бафæндыд...»

Информацийы хайады фæстæ иуцасдæр акуыстон сæрмагонд уацхæссæгæй, фæлæ фыццагау мæ хъуыдытæ баст уыдысты культурæйы хайадимæ. 1965 азы Уырымты Петяйы снысан кодтой газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй, æмæ Хæблиаты Сафар Хъаныхъуаты Валодяйæн мæ фæндон бамбарын кодта, æмæ йæ зæрдæмæ фæцыди, æндæр мын мæ гæххæттытæ партийы обкомы бюромæ нæ бацæттæ кæнын кодтаид. Иу цыбыр ныхасæй, уыцы аз декабры мæй æз нысангонд æрцыдтæн хайады сæргълæууæгæй, æмæ сæххæст мæ рагон бæллиц. Райдыдтон, мæ зæрдæмæ хæстæг чи уыд, аивад æмæ литературæйы уыцы фарстатыл кусын. Куыстам Хъуылаты Черменимæ, курдиатджын журналист æмæ æвæджиауы хæларзæрдæ адæймагимæ. Йæхицæй æнæмастдæр лæг зын ссарæн уыд. Авд азы бæрц иу уаты фæбадтыстæм æмæ дзы тызмæг ныхас нæ, фæлæ йæ хъæрæй дзургæ дæр никуы фехъуыстон. Уый æмæ кусын куыд уарзта, уый та! Уыцы рæсугъд ставд дамгъæтæй фыст сыфтæ куыд дзаггæнгæ цыд æмæ сæ кæрæдзийы фæстæ иуварс куыд æвæрдта, уый ма абон дæр мæ цæстытыл уайы. Раст зæгъын хъæуы, ануазын уарзта, фæлæ йын бæрц зыдта. Йæ зæрдæ-иу куы ницæмæуал æхсайдта, уæд-иу сбадти æмæ ма фыссыс æмæ нал! Цыфæнды зын тæлмацгæнæн æрмæг дæр-иу афтæ «æртасын» кодта, æмæ уырыссагау фыст уыд, уый ничиуал раиртæстаид.



  

© helpiks.su При использовании или копировании материалов прямая ссылка на сайт обязательна.